Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

73 РАДЗЫРД

Израилы фӕстаг хорз паддзах

Израилы фӕстаг хорз паддзах

ИОСИ Израилы, дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы цӕгат паддзахады паддзах куы сси, уӕд ыл аст азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Паддзахӕн нырма ӕгӕр гыццыл уыд. Уымӕ гӕсгӕ йын фыццаг рӕстӕджы разамынд кӕнынӕн ӕххуыс кодтой хистӕртӕй чидӕртӕ.

Иоси паддзахӕй авд азы куы уыди, уӕд йе ’ргом аздӕхта Иегъовӕмӕ. Уый бафӕзмыдта ахӕм хорз паддзӕхты, куыд Давид, Иосафат ӕмӕ Езекийы. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд Иоси нырма ӕрыгон у, уӕддӕр аразы, стыр хъӕбатырдзинад кӕм хъуыди, ахӕм хъуыддаг.

Цасдӕр рӕстӕг израилӕгтӕн сӕ фылдӕр кӕнынц тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Уыдон кувынц мӕнг хуыцӕуттӕн. Гуымирыты раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууынц. Уымӕ гӕсгӕ Иоси йӕ адӕмимӕ ӕрӕвнӕлдта Израилы зӕххӕй мӕнг дин фесафынмӕ. Ахӕм хъуыддаг саразын ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ тынг бирӕ адӕм кувынц мӕнг хуыцӕуттӕн. Уыныс, Иоси йӕ адӕмимӕ куыд пырх кӕны гуымирыты?

Уый фӕстӕ Иоси ӕртӕ лӕджы сӕвӕрдта хистӕртӕй Иегъовӕйы кувӕндон цалцӕггӕнӕн куыстытыл. Адӕм цы ӕхца ӕмбырд кодтой, уый лӕвӕрдтой уыцы лӕгтӕм, цалцӕг кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уый амал кӕнынӕн. Цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы хистӕр сауджын Хелки кувӕндоны ссардта тынг зынаргъ цыдӕр. Уый у, раджы кӕддӕр Иегъовӕ Моисейӕн кӕй ныффыссын кодта, уыцы закъоны чиныг. Бирӕ азты дӕргъы уыди сӕфт.

Чиныг ӕрбахастой Иосимӕ ӕмӕ йӕ уый хъӕрӕй бакӕсын кодта. Иоси йӕм куы байхъуыста, уӕд бамбӕрста, адӕм Иегъовӕйы закъон кӕй не ’ххӕст кӕнынц. Йӕ зӕрдӕ тынг риссы ууыл, ӕмӕ нывы куыд уыныс, афтӕмӕй йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ ӕррӕдывта ӕмӕ дзуры: «Иегъовӕ нӕм тынг мӕсты у, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, ацы закъоны цы фыст ис, уый нӕ кодтой».

Уый фӕстӕ Иоси хистӕр сауджын Хелкийӕн загъта, цӕмӕй базона, Иегъовӕ сын цы кӕнинаг у, уый. Хелки ацыд ус-пехуымпар Олданӕмӕ ӕмӕ уый Иегъовӕйӕ ахӕм дзуапп радта Иосийӕн: «Адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй кувынц ӕмӕ бӕстӕ ӕвзӕрдзинадӕй кӕй байдзаг, уый тыххӕй Иерусалим ӕмӕ йӕ адӕм дӕр ӕфхӕрд баййафдзысты. Ӕрмӕст, Иоси, ды раст кӕй архайыс, уый тыххӕй уыцы ӕфхӕрд дӕ рӕстӕджы нӕ уыдзӕн».