Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

56 РАДЗЫРД

Саул – Израилы фыццаг паддзах

Саул – Израилы фыццаг паддзах

ӔРКӔС МА, Самуил ацы лӕджы сӕрыл зети куыд уадзы. Афтӕ-иу рабӕрӕг, паддзахӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уый. Иегъовӕ загъта Самуилӕн, цӕмӕй Саулы сӕрыл ӕркодтаид зети. Уый у сӕрмагондӕй арӕзт хӕрздӕфгӕнаг зети.

Саулмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ паддзахӕн нӕ бӕззы. «Ӕз Израилы гыццылдӕр мыггагӕй, Вениамины мыггагӕй, куы дӕн,– дзуры уый Самуилӕн.– Уӕд куыд зӕгъыс, ӕмӕ ӕз паддзах уыдзынӕн?» Саул сӕрбӕрзонд кӕй нӕу, уый тыххӕй цӕуы Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ. Ӕмӕ йӕ паддзахӕй дӕр уымӕн равзӕрста.

Ӕцӕгӕй та Саул цыдӕр мӕгуыр адӕймаг нӕу. Уый у хъӕздыг бинонтӕй, бӕрзонд ӕмӕ хӕрзконд нӕлгоймаг. Израилы алы нӕлгоймагӕй дӕр ӕртын сантиметры бӕрц бӕрзонддӕр у! Стӕй Саул дӕсны у згъорынмӕ ӕмӕ у тынг фидар. Иегъовӕ паддзахӕй Саулы кӕй равзӕрста, ууыл израилӕгтӕ тынг цин кӕнынц ӕмӕ хъӕрӕй дзурынц: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

Израилӕн ис тыхджын знӕгтӕ. Уыдон сын раздӕрау бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц. Саул паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ ныхмӕ схӕцыдысты аммонитӕгтӕ. Фӕлӕ Саул ӕрӕмбырд кодта стыр ӕфсад ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз. Уымӕ гӕсгӕ Саул паддзах кӕй у, ууыл адӕм тынг цин кӕнынц.

Уыцы азты Саулы разамындӕй Израил фӕуӕлахиз бирӕ тохты. Саулӕн йӕ фырт Ионафан дӕр у тынг ӕхсарджын хӕстон. Израилӕгтӕ бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз сты уый фӕрцы. Израилы цыфыддӕр знӕгтӕ ныр дӕр сты филистимӕгтӕ. Иу хатт та цалдӕр мин филистимаджы рацыдысты Израилы ныхмӕ.

Самуил Саулӕн загъта, цӕмӕй йе ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса, цалынмӕ Иегъовӕйӕн нывонд, кӕнӕ лӕвар, не ’рхӕсса, уӕдмӕ. Фӕлӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Самуил нӕ зыны. Саул тӕрсы, филистимӕгтӕ куы схӕцой, уымӕй, ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕрхаста нывонд. Фӕстагмӕ Самуил куы ’рцыд, уӕд бафхӕрдта Саулы йӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Иегъовӕ Израилӕн равзардзӕн ӕндӕр паддзахы».

Фӕстӕдӕр та Саул ногӕй йӕхи фӕнд акодта. Ӕмӕ йын уӕд Самуил загъта: «Дӕ фыстӕн сӕ хуыздӕрты нывондӕн хӕссыны бӕсты хуыздӕр у Иегъовӕйы коммӕ кӕсын. Иегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстай, уымӕ гӕсгӕ дӕ уый дӕр Израилы паддзахӕй нӕ ныууадздзӕн».

Ацы цау нӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны. Фыццаджыдӕр нын ӕвдисы, алы хатт дӕр Иегъовӕмӕ хъусын кӕй хъӕуы, уый. Афтӕ ма уынӕм, Саулы хуызӕн хорз адӕймӕгтӕ дӕр кӕй фӕивынц ӕмӕ ӕвзӕр адӕймӕгтӕ кӕй свӕййынц, уый дӕр. Мах та нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕвзӕр адӕймӕгтӕ суӕм, афтӕ нӕу?