Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

63 РАДЗЫРД

Зондджын паддзах Соломон

Зондджын паддзах Соломон

СОЛОМОН хӕрз ӕрыгонӕй сси паддзах. Уый уарзы Иегъовӕйы ӕмӕ архайы, йӕ фыд Давид ын цы хорз зонд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ. Иегъовӕ райгонд у Соломонӕй ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ иу ӕхсӕв фыны дзуры: «Соломон, цы дын раттон?»

Соломон ын дзуапп радта: «Иегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз нырма хӕрз ӕрыгон дӕн ӕмӕ куыд хицауиуӕг кӕнон, уый нӕ зонын. Ратт мын зонд, цӕмӕй мӕ бон уа дӕ адӕмӕн раст разамынд дӕттын».

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд, Соломон дзы зонд кӕй ракуырдта, уый, ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн бирӕ цӕрӕнбонтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад нӕ, фӕлӕ зонд кӕй ракуырдтай, уымӕ гӕсгӕ дын ратдзынӕн, нырмӕ иу адӕймагмӕ дӕр цы зонд нӕ уыд, ахӕм зонд. Уымӕй уӕлдай ма дын ноджыдӕр ратдзынӕн, цы мӕ нӕ куырдтай, уый дӕр – хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад».

Иуцасдӕры фӕстӕ Соломонмӕ ӕрбацыд дыууӕ сылгоймаджы, тынг зын аскъуыддзаггӕнӕн чи у, ахӕм хъуыддагимӕ.

– Ацы сылгоймагимӕ цӕрӕм иу хӕдзары,– дзуры сӕ иу.– Мӕнӕн райгуырд лӕппу, ӕмӕ дыууӕ боны фӕстӕ уымӕн дӕр райгуырд лӕппу. Ӕхсӕвы йӕ сывӕллон амард. Ӕз фынӕй куы уыдтӕн, уӕд мын йӕ мард сывӕллоны мӕ фарсмӕ ӕрӕвӕрдта, мӕ сывӕллоны та мын йӕхи бакодта. Куы райхъал дӕн ӕмӕ мард сывӕллон куы федтон, уӕд ӕй базыдтон, мӕн кӕй нӕу.

– Нӕ!– йӕ разӕй фӕци иннӕ сылгоймаг.– Удӕгас сывӕллон мӕн у, мард та – уый!

– Нӕ! Мард сывӕллон дӕу у, удӕгас та – мӕн!– ныхмӕ йӕм ныллӕууыд фыццаг сылгоймаг. Афтӕ дыууӕ сылгоймаджы загъд кодтой. Куыд бакӕндзӕн Соломон?

Уый арвыста хъамамӕ ӕмӕ йӕ куы ӕрбахастой, уӕд сын загъта: «Сывӕллоны дыууӕйыл ахауын кӕнут ӕмӕ дзы иу хай иу сылгоймагӕн радтут, иннӕ та – иннӕмӕн».

– Нӕ, ма бакӕнут!– лӕгъстӕ кӕны, йӕ ӕцӕг мад чи уыд, уый.– Уӕ хорзӕхӕй, сывӕллоны маргӕ ма акӕнут. Уымӕн ӕй раттут!

– Уадз ӕмӕ нӕ иуы дӕр ма уа, ахауын ӕй кӕнут,– нӕ разы кӕны иннӕ сылгоймаг.

Ӕппынфӕстаг Соломон загъта: «Ма амарут сывӕллоны! Раттут ӕй фыццаг сылгоймагӕн. Уый у йӕ ӕцӕг мад». Соломон зоны, уыцы сылгоймаг кӕй у йӕ ӕцӕг мад, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбулы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йын ӕй ӕрмӕст маргӕ ма акӕнӕнт, ӕндӕр ӕй иннӕ усӕн раттынмӕ дӕр цӕттӕ у. Соломон уыцы хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уый адӕм куы базыдтой, уӕд тынг цин кӕнынц, ахӕм зондджын паддзах сын кӕй ис, ууыл.

Паддзах Соломоны рӕстӕджы Иегъовӕ адӕмӕн дӕтты тынг хорз тыллӕг мӕнӕуӕй, хъӕбӕрхорӕй, сӕнӕфсирӕй, легъуийӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дыргътӕй. Адӕмӕн сӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс дӕр сты хъӕздыг. Ничи ницы хъуаг у, алцыдӕр сӕм ис фагӕй фылдӕр.