Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

80 РАДЗЫРД

Хуыцауы адӕм рацыдысты Вавилонӕй

Хуыцауы адӕм рацыдысты Вавилонӕй

МИДИЙӔГТӔ ӕмӕ персӕгтӕ Вавилон куы басастой, уӕдӕй рацыд дыууӕ азы бӕрц. Ӕмӕ ма ӕркӕс, ай цы хабар у! Израилӕгтӕ Вавилонӕй ссӕрибар сты. Фӕлӕ куыд? Чи сын радта ацӕуыны бар?

Персы паддзах Кир. Уый гуырд дӕр нӕма уыд, афтӕ Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайӕн загъта, цӕмӕй ныффыстаид ахӕм ныхӕстӕ: «Ды бакӕндзынӕ, мӕн цы фӕнды, уый. Сахары дуӕрттӕ дӕ разы байгом уыдзысты». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Кир басаста Вавилон. Уыцы ӕхсӕв кулдуӕрттӕ гомӕй баззадысты, ӕмӕ мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕ сӕрибарӕй бацыдысты сахармӕ. Иегъовӕйы пехуымпар Исай ма ноджыдӕр загъта, Кир бардзырд кӕй ратдзӕн, цӕмӕй Иерусалим дӕр ӕмӕ дзы цы кувӕндон ис, уый дӕр фӕстӕмӕ саразой. Цымӕ Кир ӕцӕгдӕр радта ахӕм бардзырд? О, уый израилӕгтӕн загъта: «Ацӕут ныр Иерусалиммӕ ӕмӕ уӕ Хуыцау Иегъовӕйы кувӕндон саразут». Уӕдӕ израилӕгтӕ уырдӕм фӕцӕуынц ныр.

Фӕлӕ, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы израилӕгтӕй алкӕмӕн нӕу йӕ бон Иерусалиммӕ ацӕуын. Тынг дард у, 800 (астсӕдӕ) километры бӕрц, израилӕгтӕй та бирӕтӕ ахӕм дард фӕндагыл нӕ бафӕраздзысты, уымӕн ӕмӕ ӕгӕр зӕронд ӕмӕ ӕнӕбон сты. Се ’ппӕт кӕй нӕ рацыдысты Вавилонӕй, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ чи нӕ цӕуы, уыдонӕн дӕр Кир загъта: «Иерусалим ӕмӕ кувӕндон аразынмӕ чи цӕуы, уыдонӕн семӕ ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕндӕр лӕвӕрттӕ раттут».

Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ Иерусалиммӕ афтид къухӕй не здӕхынц. Кир сын йӕхӕдӕг та радта, Навуходоносор Иерусалим куы ныппырх кодта, уӕд Иегъовӕйы кувӕндонӕй цы къустӕ ӕмӕ кӕхцытӕ рахаста, уыдон. Адӕм сӕ райгуырӕн зӕхмӕ здӕхынц стыр хъӕздыгдзинадимӕ.

Израилӕгтӕ фӕндагыл бахъуыдысты цыппар мӕйы, ӕмӕ растдӕр афоныл ӕрхӕццӕ сты Иерусалиммӕ: сахар куы ныппырх кодтой ӕмӕ ӕдзӕрӕгӕй куы баззад, уӕдӕй рацыд 70 (ӕвдай) азы. Ныр израилӕгтӕ сты сӕ райгуырӕн зӕххыл. Фӕлӕ куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй сӕ цард цасдӕр рӕстӕг уыдзӕн тынг уӕззау.