Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

82 РАДЗЫРД

Мардохей ӕмӕ Есфир

Мардохей ӕмӕ Есфир

ӔРКӔСӔМ, Ездрӕ Иерусалиммӕ куы ’рхӕццӕ, уымӕй фондз азы размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ. Персы паддзахады цы израилӕгтӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты номдзыддӕр сты Мардохей ӕмӕ Есфир. Есфир у паддзахы ус, йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Мардохей та – паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕг. Цӕй ӕмӕ базонӕм, афтӕ куыд рауад, уый.

Есфир ма хӕрз гыццыл куы уыд, уӕд йӕ ныййарджытӕ амардысты ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Персы паддзах Артаксерксы галуан ис сахар Сузӕйы, Мардохей та у йӕ лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу. Иу бон паддзахы ус Астин йӕ лӕджы коммӕ нӕ бакаст, ӕмӕ паддзах сфӕнд кодта йӕхицӕн ног ус равзарын. Ӕмӕ зоныс, кӕй равзӕрста? О, ӕрыгон рӕсугъд чызг Есфиры.

Уыныс, адӕм иууылдӕр сӕрӕй кӕмӕн кувынц, уыцы сӕрбӕрзонд адӕймаджы? Уый у Аман. Персы паддзахады тынг нымад лӕг у. Аманы фӕнды, цӕмӕй йын-иу Мардохей дӕр (нывы куыд уыныс, афтӕмӕй кӕны бадгӕ) йӕ сӕрӕй ныллӕг акува. Фӕлӕ Мардохейы нӕ фӕнды. Ахӕм ӕвзӕр адӕймагӕн табу кӕнын ӕм раст нӕ кӕсы. Ууыл Аман мӕстӕй тоны. Ӕмӕ мӕнӕ цы бакодта.

Аман паддзахӕн израилӕгты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдта: «Уыдон тынг ӕвзӕр адӕм сты, дӕ закъӕттӕм дын нӕ хъусынц. Ныццӕгъдын сӕ хъӕуы». Артаксеркс нӕ зоны, йӕ ус Есфир дӕр израилаг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ Аманы ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй иу бон израилӕгты иууылдӕр ныццӕгъдой.

Мардохей уыцы бардзырды тыххӕй куы базыдта, уӕд тынг ӕрӕнкъард. Ӕмӕ Есфирӕн фӕхабар кодта: «Ды хъуамӕ аныхас кӕнай паддзахимӕ ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кӕнай, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна». Персы закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, ӕмӕ исчи паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ бацӕуа. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр Есфир бацыд ӕнӕхонгӕйӕ. Паддзах ӕм йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта, цӕмӕй йӕ ма амарой. Есфир паддзахӕн ӕмӕ Аманӕн скодта куывд. Куывды паддзах бафарста Есфиры, цы хорздзинад дын саразон, зӕгъгӕ. Уӕд Есфир паддзах ӕмӕ Аманы дыккаг бон дӕр куывдмӕ фӕхуыдта.

Дыккаг бон фынгыл Есфир паддзахӕн дзуры: «Мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр марынвӕнд скодтой». «Чи бахаста йӕ ныфс ахӕм хъуыддаг бакӕнынмӕ?»– тызмӕгӕй бафарста паддзах.

– Мӕнӕ ацы ӕвзӕр лӕг – фыдызнаг Аман!– загъта Есфир.

Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд йӕ маст рафыхт. Уыцы тӕккӕ бардзырд радта, Аманы амарут, зӕгъгӕ. Мардохейы та сӕвӕрдта йӕ фӕстӕ дыккаг лӕгӕй. Уӕд Мардохейы руаджы рацыд ног закъон, ӕмӕ уый израилӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ марынвӕнд цы бон скодтой, уыцы бон сын сӕхи бахъахъхъӕныны бар уыдаид. Мардохей ныр ахӕм стыр бынат кӕй ахста, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ ӕххуыс кодтой израилӕгтӕн, ӕмӕ се знӕгтӕн сӕ бон ницы уыд сӕ ныхмӕ бакӕнын.