Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

77 РАДЗЫРД

Нӕ йын бакуывтой

Нӕ йын бакуывтой

АЦЫ ӕртӕ лӕппуйы ма хъуыды кӕныс? О, адон сты Данелы ӕмбӕлттӕ – чи сын не ’мбӕлд, уыцы хӕринагӕй хӕрын чи нӕ бакуымдта, уыдон. Вавилоны сӕ хонынц Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго. Фӕлӕ ма ӕркӕс, ныртӕккӕ та цы уавӕры сты, уымӕ. Ацы стыр гуымирыцырты раз иннӕтау цӕуылнӕ ӕрхаудысты сӕ зонгуытыл? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Хъуыды ма кӕныс, Иегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, уыцы закъӕттӕ, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты? Уыцы фӕдзӕхстытӕй фыццаг у ахӕм: «Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут». Кӕд ӕвзонг лӕппутӕн ӕнцон нӕу, уӕддӕр хъусынц уыцы закъонмӕ.

Вавилоны паддзах Навуходоносор йӕ бӕстӕйы дзырдзӕугӕ адӕмы ӕрхуыдта, цы гуымирыцырт сӕвӕрдта, уымӕн бакувынмӕ. Ацы тӕккӕ фӕци йӕ ныхас адӕммӕ: «Куыддӕр сыкъатӕй, дыууадӕстӕнон фӕндыртӕй ӕмӕ иннӕ цӕгъдӕнтӕй ныццӕгъдой, афтӕ хъуамӕ уӕ зонгуытыл ӕрхауат ӕмӕ ацы сыгъзӕрин гуымирыцыртӕн бакуват. Чи не ’рзоныг кӕна ӕмӕ йын чи нӕ бакува, уый та уыцы тӕккӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн зынгкалгӕ пецы».

Навуходоносор уый куы фехъуыста, ӕмӕ Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго не ’рхаудтой сӕ зонгуытыл, уӕд тынг смӕсты. Йӕхимӕ сӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ сын загъта, гуымирыцыртӕн бакувынӕн ма уын иу фадат дӕттын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ лӕппутӕ сӕ ныфс дардтой Иегъовӕйыл, ӕмӕ паддзахӕн загътой: «Цы Хуыцауӕн кувӕм, уый нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Стӕй нӕ куы нӕ фервӕзын кӕна, уӕддӕр дӕ сыгъзӕрин гуымирыцыртӕн нӕ бакувдзыстӕм».

Ныр Навуходоносорӕн йӕ маст бынтондӕр рафыхт. Йӕ къӕлӕтджынӕй гыццыл фалдӕр ис пец, ӕмӕ бардзырд дӕтты: «Пец авд хатты тынгдӕр стӕвд кӕнут!» Уый фӕстӕ ӕппӕты тыхджындӕр лӕгтӕн Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы сбӕттын кодта ӕмӕ сӕ пецы баппарын кодта. Пец афтӕ тынг ӕндавы, ӕмӕ йӕ тӕвдӕй уыцы тыхджын лӕгтӕ фӕмард сты. Цы баисты ӕртӕ лӕппуйы та?

Паддзах пецмӕ бакаст, ӕмӕ тынг фӕтарст.

– Ӕртӕ лӕджы не сбастам ӕмӕ нӕ баппӕрстам пецы?– фӕрсы уый.

– Раст афтӕ, паддзах,– дзуапп ын радтой йӕ лӕггадгӕнджытӕ.

– Ӕз та уынын, уӕртӕ арты астӕу рацу-бацу кӕны цыппар лӕджы. Стӕй сӕ иу дӕр баст нӕу, ӕмӕ сын арт дӕр тых нӕ кӕны. Лӕгтӕй цыппӕрӕм у хуыцауы хуызӕн,– дис кӕны паддзах. Уый фӕстӕ пецы дзыхмӕ бацыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго! Уӕларвон Хуыцауы цагъартӕ, рахизут ӕддӕмӕ!»

Лӕппутӕ пецӕй куы рахызтысты, уӕд алчидӕр федта, арт сын бынтондӕр кӕй нӕ разиан кодта, уый. Уӕд паддзах загъта: «Табу Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы Хуыцауӕн! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта, уымӕн ӕмӕ нӕ бакуымдтой сӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцауы раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууын ӕмӕ йын бакувын».

Цымӕ мах дӕр афтӕ иузӕрдион хъуамӕ ма уӕм Иегъовӕйыл?