Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

101 РАДЗЫРД

Йесойы мӕлӕт

Йесойы мӕлӕт

ӔРКӔС МА, цӕй ӕвирхъау хъуыддаг у уый! Йесойы марынц. Цӕджындзыл ӕй байтыгътой. Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сты зӕгӕлтӕй хуыд. Фӕлӕ Йесойӕн ахӕм ми цӕмӕн бакодтой?

Йесойы алчи нӕ уарзы. Чи йӕ нӕ уарзы, уый зоныс? Сӕ иу у ӕвзӕр зӕд Сайтан Хӕйрӕг. Уый сардыдта Адам ӕмӕ Евӕйы, цӕмӕй Иегъовӕйы коммӕ ма бакастаиккой. Ӕмӕ Йесойы знӕгты дӕр уый сардыдта ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнд саразыныл.

Йесойы уайтагъд не ’рцауыгътой, фыццаг уал дзы фӕхынджылӕг кодтой. Хъуыды ма кӕныс, Гефсиманы дыргъдоны йӕ куыд ӕрцахстой? Чи уыдысты уыцы знӕгтӕ? Раст зӕгъыс – дины разамонджытӕ. Цӕй уӕдӕ базонӕм, дарддӕр цы ’рцыди, уый.

Дины разамонджытӕ Йесойы куы ӕрцахстой, уӕд апостолтӕ алырдӕмты ныппырхытӕ сты. Афтӕ тынг фӕтарстысты, ӕмӕ Йесойы йе знӕгтимӕ иунӕгӕй ныууагътой. Фӕлӕ апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанн тынг дард нӕ алыгъдысты. Сӕ фӕдыл дӕрддзӕфгомау цӕуынц, цӕмӕй йӕ феной, Йесойыл дарддӕр цы ’рцӕудзӕн, уый.

Сауджынтӕ Йесойы акодтой зӕронд лӕг Аннӕмӕ,– раздӕр хистӕр сауджын уыди. Фӕлӕ йӕ Аннӕмӕ бирӕ нӕ фӕдардтой. Уырдыгӕй йӕ акодтой Каиафӕйы хӕдзармӕ,– ныртӕккӕ уый у хистӕр сауджын. Уым ӕрӕмбырд сты дины разамонджытӕ.

Каиафӕйы хӕдзары Йесойыл тӕрхон кӕнынц. Адӕм гӕдыныхӕстӕ мысынц Йесойыл. Дины разамонджытӕ та ӕмдзыхӕй дзурынц: «Йесо хъуамӕ амӕла». Уый фӕстӕ йын райдыдтой йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цӕвын.

Уыцы рӕстӕджы Петр та лӕууы ӕддейӕ кӕрты. Ӕхсӕв кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕм суазал сты ӕмӕ арт скодтой. Арты фарсмӕ сӕхи куы тавтой, уӕд Петрмӕ иу ӕххуырст чызг фӕкомкоммӕ ӕмӕ дзуры:

– Ацы лӕг дӕр Йесоимӕ уыд.

– Нӕ, ӕз йемӕ нӕ уыдтӕн!– нӕ басаст Петр.

Адӕм ӕртӕ хатты загътой Петрӕн, Йесоимӕ кӕй уыди, уый. Фӕлӕ ӕртӕ хатты дӕр загъта, уый афтӕ кӕй нӕу. Ӕртыккаг хатт куы загъта, уӕд ӕм Йесо разылд ӕмӕ йӕм бакаст. Петр уый куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕддӕмӕ ацыд ӕмӕ ныккуыдта.

Куыддӕр майрӕмбоны райсомӕй ӕрбабон, афтӕ сауджынтӕ Йесойы акодтой, сӕ фембӕлдтӕ кӕм фӕуадзынц, уыцы стыр галуанмӕ, синедрионмӕ. Ам уыдон уынаффӕ кӕнынц, Йесойӕн дарддӕр цы бакӕной, ууыл. Уый фӕстӕ йӕ акодтой Иудейы хицау Понти Пилатмӕ.

– Ацы адӕймаг ӕвзӕр адӕймаг у,– хахуыр кӕнынц сауджынтӕ Йесойыл.– Амарын ӕй хъӕуы.

Фӕлӕ Пилат Йесомӕ цалдӕр фарсты куы радта, уӕд загъта: «Ацы адӕймагмӕ ӕз ӕвзӕрӕй ницы уынын». Ӕмӕ йӕ Ирод Антипӕмӕ арвыста. Ирод Галилейы хицауиуӕг кӕны, фӕлӕ ныртӕккӕ Иерусалимы ис. Уый дӕр та ницы аххос ссардта Йесомӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.

Пилаты фӕнды Йесойы ауадзын. Фӕлӕ йе знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй йӕ бӕсты ӕндӕр ахст лӕджы ссӕрибар кӕной. Уый у абырӕг Вараввӕ. Сихорафон Пилат Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ адӕмӕн загъта:

– Мӕнӕ уӕ паддзах!

– Акӕн ӕй! Амар ӕй! Амар ӕй!– хъӕр кӕнынц сауджынтӕ.

Ӕмӕ Пилат Вараввӕйы ссӕрибар кодта, Йесойы та марынмӕ акодтой.

Майрӕмбоны бонӕй Йесойы зӕгӕлтӕй цӕджындзмӕ ныххуыдтой. Йӕ дыууӕ фарсы дӕр ын цӕджындзтыл ӕрцауыгътой дыууӕ фыдгӕнӕджы, ӕрмӕст уыдон нывы нӕ зынынц. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Йесойӕн фыдгӕнджытӕй сӕ иу лӕгъстӕ кӕны:

– Дӕ паддзахадмӕ куы ӕрцӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн.

– Дзырд дын дӕттын, мемӕ Дзӕнӕты уыдзынӕ,– загъта йын Йесо.

Диссаджы ныфс нӕу? Зоныс, Йесо цавӕр дзӕнӕты кой кӕны? Хъуыды ма кӕныс, Хуыцау иууыл райдианы дзӕнӕт кӕм сарӕзта? Иттӕг раст – зӕххыл. Уӕдӕ Йесо уӕларвӕй куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд уыцы лӕджы райгас кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл Дзӕнӕты амондджынӕй цӕра. Уыцы хабар кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл нӕ цин кӕнӕм?