Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

91 РАДЗЫРД

Йесо хохыл адӕмы ахуыр кӕны

Йесо хохыл адӕмы ахуыр кӕны

УЫНЫС, Йесо бады Галилейы хохы фахсыл ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕны. Йӕ фарсмӕ бадынц йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдонӕй дыууадӕсы Йесо равзӕрста апостолтӕй. Апостолтӕ сты Йесойы ӕввахсдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ. Сӕ нӕмттӕ сын зоныс?

Симон Петр ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей. Дыууӕ ӕфсымӕры Иаков ӕмӕ Иоанн. Ноджы ма дыууӕ апостолы нӕмттӕ хуыйнынц Симон ӕмӕ Иаков. Апостолтӕй дыууӕйӕ та хуыйнынц Иудӕ. Уыдонӕй иу у Иудӕ Искариотаг, иннӕ та Иудӕ Фаддей. Иннӕтӕ та хуыйнынц: Филипп, Нафанаил (хонынц ма йӕ Варфоломей дӕр), Матфей ӕмӕ Фома.

Йесо Самарийӕ куы ’рцыд, уӕд фыццаг хатт райдыдта хъусын кӕнын: «Хӕстӕг у уӕларвон паддзахад». Уыцы паддзахад цы у, уый зоныс? Уый у ӕцӕг хицауад – Хуыцауы хицауад. Йӕ паддзах у Йесо. Уый уынаффӕ кӕндзӕн уӕларвӕй ӕмӕ зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Хуыцауы паддзахад ӕгас зӕххӕй дӕр скӕндзӕн диссаджы дзӕнӕт.

Йесо адӕмӕн дзуры уыцы паддзахады тыххӕй. «Кувут афтӕ,– амоны сын.– Нӕ уӕларвон Фыд, кад уӕд дӕ номӕн. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕларвыл куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр». Уыцы куывд бирӕтӕ хонынц «Хицауы куывд». Иннӕтӕ та йӕ хонынц «Мах Фыд». Уыцы куывд ӕнӕхъӕнӕй дӕ бон радзурын у?

Йесо ма адӕмӕн амоны, кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый дӕр. «Адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр»,– загъта уый. Иннӕтӕ дӕм хорз цӕстӕй куы фӕкӕсынц, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Уымӕн загъта Йесо, цӕмӕй адӕммӕ хӕларзӕрдӕ уӕм. Зӕгъ ма, хорз нӕ уыдзӕн дзӕнӕты зӕххыл ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕрын?