Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

86 РАДЗЫРД

Лӕгтӕ цӕуынц стъалыйы фӕдыл

Лӕгтӕ цӕуынц стъалыйы фӕдыл

УЫНЫС, лӕгтӕй иу цы ирд стъалымӕ амоны, уый? Стъалы фӕзынд, Иерусалимӕй куы рараст сты, уӕд. Ӕнӕуи та ацы лӕгтӕ Скӕсӕнӕй ӕрцыдысты. Уыдон ахуыр кӕнынц стъалытӕ сӕ ӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. Уырны сӕ, уыцы ног стъалы сӕ цавӕрдӕр номдзыд адӕймагмӕ кӕй ӕркӕндзӕн.

Иерусалиммӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бафарстой: «Кӕм ис, иудейты паддзах чи хъуамӕ суа, уыцы сывӕллон?» «Иудейтӕ» – израилӕгты ма афтӕ дӕр хонынц. «Скӕсӕны ма куы уыдыстӕм, уӕд федтам сывӕллонӕн йе стъалы,– загътой уыдон,– ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм».

Иерусалимы паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ бынат ӕндӕр исчи бацахса. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр сауджынтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ фӕрсы:

– Зӕрдӕвӕрд паддзах кӕм хъуамӕ райгуыра?

– Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Вифлеемы,– дзуапп ын радтой сауджынтӕ.

Уӕд Ирод фӕсидт, Скӕсӕнӕй цы лӕгтӕ ӕрцыдысты, уыдонмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, ссарут сывӕллоны. Куы йӕ ссарат, уӕд мӕнӕн дӕр фехъусын кӕнут. Ӕз дӕр ӕм ацӕуон ӕмӕ йын бакувон». Ӕцӕгӕй та Ирод сывӕллоны уый тыххӕй агуры, цӕмӕй йӕ амара!

Стъалы уыцы адӕмы ӕркодта Вифлееммӕ ӕмӕ сывӕллон кӕм уыд, уыцы хӕдзары сӕрмӕ ӕрлӕууыд. Лӕгтӕ мидӕмӕ бацыдысты ӕмӕ уым ссардтой Мариайы гыццыл Йесоимӕ. Семӕ цы лӕвӕрттӕ ӕрхастой, уыдон систой ӕмӕ сӕ Йесойы раз ӕрӕвӕрдтой. Фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр Иегъовӕ фыны бафӕдзӕхста, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иродмӕ ма ацыдаиккой. Уыйадыл сӕ райгуырӕн бӕстӕм аздӕхтысты ӕндӕр фӕндагыл.

Ирод уый куы базыдта, ӕмӕ скӕсӕйнаг лӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕм аздӕхтысты, уӕд фырмӕстӕй рафыхт. Бардзырд радта, цӕмӕй Вифлеемы амарой, дыууӕ азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы лӕппуты иууылдӕр. Фӕлӕ Иегъовӕ Иосифы рагацау фыны бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, сыст ӕмӕ дӕ бинонтимӕ Египетмӕ алидз. Фӕстӕдӕр Иосиф, Ироды мӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд Мариа ӕмӕ Йесоимӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ сӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт. Уым ӕрвыста Йесо йӕ сабибонтӕ.

Дӕумӕ гӕсгӕ уыцы ног стъалы чи ссыгъта? Хъуыды ма кӕныс, уыцы адӕмы стъалы фыццаг Иерусалиммӕ ӕркодта. Сайтан Хӕйрӕджы фӕндыд Хуыцауы Фырты амарын ӕмӕ зыдта, Иерусалимы паддзах Ирод дӕр кӕй архайдзӕн Йесойы амарыныл. Уӕдӕ уый Сайтан ссыгъта уыцы стъалы.