Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 ХАЙ

Йесойы райгасӕй Павелы ӕрцахсыны онг

Йесойы райгасӕй Павелы ӕрцахсыны онг

Йесо куы амард, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ райгас. Ӕмӕ уыцы бон фондз хатты фӕзынд йӕ фӕдылдзӕуджытӕм. Афтӕ-иу сӕм фӕзынд дыууиссӕдз боны дӕргъы. Уый фӕстӕ уӕларвмӕ ссыд, ӕрмӕстдӕр ӕй цалдӕр ахуыргӕнинаджы уыдтой, афтӕмӕй. Дӕс боны фӕстӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сыл Хуыцау сыгъдӕг уд ӕруагъта.

Фӕстӕдӕр Хуыцауы знӕгтӕ апостолты ахӕстоны сбадын кодтой, фӕлӕ сӕ зӕд ссӕрибар кодта. Ахуыргӕнинаг Стефаны та амардтой дуртӕй. Фӕлӕ мах базондзыстӕм, Йесо уыцы ныхмӕлӕуджытӕй сӕ иуы йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕгӕй куыд равзардзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаг апостол Павел куыд суыдзӕн, уый. Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд Хуыцау апостол Петры арвыста, цӕмӕй цины хабар фехъусын кодтаид, иудей чи нӕ уыд, ахӕм лӕг Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕн.

Ӕртындӕс азы бӕрц куы рацыд, уӕд Павел фыццаг хатт ацыд хъусын кӕнынмӕ дард балцы. Йӕ дыккаг балцы йӕм ӕрбаиу Тимофей. Мах базондзыстӕм, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттыл, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, балцы цы бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон тыххӕй. Фӕстагмӕ Павелы Ромы ахӕстоны бакодтой. Дыууӕ азы фӕстӕ йӕ рауагътой, фӕлӕ та йӕ стӕй ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ амардтой. ӔВДӔМ ХАЙЫ дзырд цӕуы, ӕртын дыууӕ азы дӕргъы цы цаутӕ ’рцыд, уыдоныл.

 

АЦЫ ХАЙЫ

102 РАДЗЫРД

Йесо райгас

Зӕд Йесойы зӕппадзӕй дур куы афӕлдӕхта, уӕд ӕфсӕддонтӕ, мидӕгӕй цы федтой, уый тыххӕй дисы бафтыдысты.

103 РАДЗЫРД

Ӕхгӕд уаты

Йесо куы райгас, уӕд ӕй цымӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ базыдтой?

104 РАДЗЫРД

Йесо аздӕхт уӕларвмӕ

Цалынмӕ Йесо уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта фӕстаг фӕдзӕхст.

105 РАДЗЫРД

Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иерусалимы

Фӕндзайӕм бон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд цӕмӕн ӕруагъта?

106 РАДЗЫРД

Ссӕрибар сты ахӕстонӕй

Дзуттаг дины разамонджытӕ апостолты ахӕстоны баппӕрстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрды ӕндӕр цыдӕр уыд.

107 РАДЗЫРД

Стефаны дуртӕй марынц

Стефаны куы мардтой, уӕд цӕй тыххӕй куывта, уый дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса.

108 РАДЗЫРД

Дамаскмӕ фӕндагыл

Дамаскмӕ цӕугӕйӕ Савлӕн йӕ алыварс ныррухс ӕмӕ уӕларвӕй хъӕлӕс фехъуыста. Уый фӕстӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

109 РАДЗЫРД

Петр ӕрбацыд Корнилимӕ

Цымӕ Хуыцау иу адӕмыхатт иннӕйӕ хуыздӕрыл нымайы?

110 РАДЗЫРД

Тимофей – Павелы ног ӕххуысгӕнӕг

Тимофей йӕ хӕдзар ныууагъта, цӕмӕй Павелимӕ балцы ацыдаид ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтаид.

111 РАДЗЫРД

Лӕппу бафынӕй

Павелы фыццаг раныхасы рӕстӕг Евтих бафынӕй, фӕлӕ дыккаг раныхасы рӕстӕг та нӕ бафынӕй. Дыууӕ раныхасы ’хсӕн цы хабар ӕрцыд, уый ӕцӕгдӕр диссаг уыд.

112 РАДЗЫРД

Наусӕфт сакъадахмӕ ӕввахс

Павелӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд ӕй Хуыцау бафидар кодта.

113 РАДЗЫРД

Павел Ромы

Павел ахст куы уыди, уӕд апостолы хӕстӕ йӕ бон цӕй фӕрцы уыд ӕххӕст кӕнын?