Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

102 РАДЗЫРД

Йесо райгас

Йесо райгас

АЦЫ сылгоймаг ӕмӕ дыууӕ нӕлгоймаджы чи сты, уый зоныс? Сылгоймаг у Магдалинаг Мариа, Йесоимӕ хорз зонгӕ чи уыд, уыдонӕй иу. Урс дарӕсты чи ис, уыдон та зӕдтӕ сты. Мариа кӕсы, Йесойы буар кӕм бавӕрдтой, уыцы ранмӕ. Уый у зӕппадз. Фӕлӕ Йесойы буар уым нал ис! Чи йӕ ахаста? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Йесо куы амард, уӕд сауджынтӕ Пилатӕн загътой: «Йесо ма удӕгас куы уыд, уӕд афтӕ дзырдта, ӕртӕ боны фӕстӕ, дам, райгас уыдзынӕн. Уымӕ гӕсгӕ бардзырд ратт, цӕмӕй зӕппадз хъахъхъӕной. Цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ буар ма адавой ӕмӕ стӕй ма зӕгъой, мӕрдтӕй райгас, зӕгъгӕ!» Уӕд Пилат сауджынтӕн загъта, цӕмӕй ӕфсӕддонты зӕппадз хъахъхъӕнынмӕ арвитой.

Фӕлӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ ӕртыккаг бон райсомӕй раджы ӕваст фӕзынд Иегъовӕйы зӕд. Ӕмӕ зӕппадзы бахизӕны цы дынджыр дур уыди ӕвӕрд, уый иуырдӕм афӕлдӕхта. Ӕфсӕддонтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ бынаты бандзыг сты. Ӕппынфӕстаг зӕппадзы мидӕмӕ куы бакастысты, уӕд уынынц диссаг: Йесойы буар уым нал ис! Ӕфсӕддонтӕй цалдӕр азгъордтой сахармӕ ӕмӕ хабар фехъусын кодтой сауджынтӕн. Ӕмӕ, зоныс, уыцы ӕвзӕр сауджынтӕ цы бакодтой? Уыдон ӕфсӕддонтӕн ӕхца радтой, цӕмӕй гӕдыныхас ракӕной. «Зӕгъут, ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын йӕ буар адавтой»,– загътой сын сауджынтӕ.

Уӕдмӕ, зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты, Йесойы хорз чи зыдта, уыцы сылгоймӕгтӕ цалдӕрӕй. Ахъуыды ма кӕн, зӕппадз афтидӕй куы ’рбаййӕфтой, уӕд куыд фесты! Фӕлӕ уыцы тӕккӕ сӕ цуры февзӕрд дыууӕ зӕды ӕрттивгӕ дарӕсты. «Йесойы ам цӕмӕн агурут,– фӕрсынц сӕ уыдон.– Йесо райгас. Тагъд ацӕут ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнут хабар». Куыд тагъд кӕнынц сылгоймӕгтӕ! Фӕлӕ сӕ фӕндагыл иу лӕг фӕурӕдта. Чи у, уый зоныс? Уый у Йесо! «Ацӕут ӕмӕ хабар фехъусын кӕнут мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн»,– загъта сын уый.

Сылгоймӕгтӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загътой, Йесо райгас ӕмӕ йӕ нӕхи цӕстӕй федтам, зӕгъгӕ, уӕд сӕ нӕ бауырныдта. Уымӕ гӕсгӕ Петр ӕмӕ Иоанн азгъордтой зӕппадзмӕ, нӕхӕдӕг ӕй фенӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ зӕппадз у афтид! Петр ӕмӕ Иоанн куы ацыдысты, уӕд Магдалинаг Мариа та уым баззади. Ногӕй та зӕппадзмӕ бакасти ӕмӕ дзы федта дыууӕ зӕды.

Йесойы буар цы фӕци, уый зоныс? Хуыцау ӕй айста. Йесо цы буары амард, уыцы буары йӕ нал райгас кодта Хуыцау. Уый Йесойӕн радта ӕндӕр ӕнӕуынгӕ буар, уӕларвыл зӕдтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, ахӕм. Фӕлӕ дарддӕр куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм йӕхи ӕвдисы, адӕймаджы бон фенын кӕй у, ахӕм буары, цӕмӕй сӕ бауырна, ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уый.