Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

110 РАДЗЫРД

Тимофей – Павелы ног ӕххуысгӕнӕг

Тимофей – Павелы ног ӕххуысгӕнӕг

АПОСТОЛ Павелы фарсмӕ цы лӕппу лӕууы, уый у Тимофей. Уый йӕ ныййарджытимӕ цӕры Листрӕйы. Йӕ мад хуыйны Евникӕ, йӕ мадымад та – Лоидӕ.

Ныр Павел Листрӕйы ис ӕртыккаг хатт. Иу афӕдзы размӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ уацамындон балцы куы ацыдысты, уӕд ам уыдысты фыццаг хатт. Ацы хатт та Павел ардӕм ӕрцыд йе ’мбал Силӕимӕ.

Ӕмӕ Тимофейӕн цы дзуры, уый зоныс? Фӕрсы йӕ: «Фӕнды дӕ мемӕ ӕмӕ Силӕимӕ ацӕуын? Ӕххуыс нын кӕнис дард рӕтты цӕрӕг адӕмӕн хъусын кӕнынӕн».

«О,– дзуапп ын радта Тимофей.– Фӕнды мӕ». Уыйадыл иу цасдӕры фӕстӕ Тимофей йӕ ныййарджыты ныууагъта ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕимӕ ацыд. Фӕлӕ сын цалынмӕ сӕ балцы хабӕрттӕ базонӕм, уӕдмӕ уал ӕркӕсӕм, Павелыл уымӕй размӕ цы ’рцыд, уымӕ. Дамаскы фӕндагыл Павелмӕ Йесо куы фӕзынд, уӕдӕй рацыд ӕвддӕс азы бӕрц.

Ахъуыды ма кӕн, уӕд Павел Дамаскмӕ цыди Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафхӕрынмӕ, ныр та йӕхӕдӕг дӕр уыдонӕй у! Фӕстӕдӕр ӕй йе знӕгтӕ амарынвӕнд скодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди, адӕмӕн Йесойы тыххӕй кӕй дзырдта, уый. Фӕлӕ уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Павелӕн баххуыс кодтой алидзынӕн. Чыргъӕды йӕ сбадын кодтой ӕмӕ йӕ сахары сисыл ӕруагътой.

Уый фӕстӕ Павел хъусын кӕнынмӕ ацыд Антиохимӕ. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ фыццаг хатт уым райдыдтой хуыйнын чырыстӕттӕ. Антиохийӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы хъусын кӕнынмӕ арвыстой дард бӕстӕтӕм. Кӕм хъусын кодтой, уыцы бынӕттӕй иу у Тимофейы райгуырӕн сахар Листрӕ.

Ӕмӕ иу азы бӕрц куы рацыд, уӕд та Павел ногӕй ӕрцыд Листрӕмӕ йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕджы. Павел ӕмӕ Силӕ Тимофейы семӕ куы акодтой, уӕд кӕдӕм ацыдысты, уый зоныс? Цӕй, картӕмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ дзы фенӕм иуӕй-иу бынӕттӕ.

Фыццаг уал уыдон ацыдысты, Листрӕйы тӕккӕ фарсмӕ цы сахар ис, уырдӕм – Иконимӕ. Уырдыгӕй та – Антиохимӕ. Дарддӕр ацыдысты Троадӕмӕ, уый фӕстӕ ӕрзылдысты Филипптӕ, Фессалоникӕ ӕмӕ Верийы сахартыл. Картӕйы Афинты сахар уыныс? Уым дӕр хъусын кодта Павел. Уый фӕстӕ та афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы хъусын кодта Коринфы. Сӕ балцы кӕрон цыбыр рӕстӕгмӕ ӕрлӕууыдысты Ефесы дӕр. Стӕй науыл фӕстӕмӕ Кесаримӕ ӕрыздӕхтысты, уырдыгӕй та ацыдысты Антиохимӕ, ӕмӕ Павел уым ӕрлӕууыд.

Афтӕ Тимофей Павелимӕ цыди бирӕ сӕдӕгай километртӕ, ӕххуыс ын кодта цины хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ бирӕ ног чырыстон ӕмбырдтӕ аразынӕн. Ды дӕр куы байрӕзай, уӕд Тимофейау иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзынӕ Хуыцауӕн?