Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

107 РАДЗЫРД

Стефаны дуртӕй марынц

Стефаны дуртӕй марынц

ЙӔ ЗОНГУЫТЫЛ чи лӕууы, уый у Стефан, Йесойы иузӕрдион ахуыргӕнинаг. Фӕлӕ йын уый цы ми кӕнынц?! Дуртӕй йӕ марынц. Цымӕ сын ахӕм ӕвзӕрдзинад цы ракодта, ӕмӕ йӕ афтӕ хъизӕмары мардӕй марой? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Хуыцауы ӕххуысӕй Стефан бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Уый нӕ цӕуы ацы лӕгты зӕрдӕмӕ, ӕмӕ йӕ аххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕмы ахуыр кӕны, раст цы нӕу, ууыл. Фӕлӕ Хуыцау Стефанӕн стыр зонд радта, ӕмӕ сын Стефан фенын кодта, уыдон сӕхӕдӕг кӕй нӕ кӕнынц адӕмы раст фӕндагыл. Уый тыххӕй йӕм тынг смӕсты сты ӕмӕ йӕ ӕрцахстой, фӕдзырдтой адӕммӕ, ӕмӕ уыдон гӕдыныхӕстӕ ӕрымысыдысты Стефаныл.

«Афтӕ у ӕцӕгдӕр?»– фӕрсы хистӕр сауджын Стефаны. Стефан сын диссаджы дзуапп радта Библийӕ. Йӕ ныхасы кӕрон уый радзырдта, рагзаманты дӕр ӕвзӕр адӕм Иегъовӕйы пехуымпартӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый тыххӕй. Уыдонӕн та загъта: «Сымах дӕр раст уыцы адӕмы хуызӕн стут. Сымах амардтат Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Йесойы, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм нӕ хъусут».

Куыд хъыг кӕсы уый дины разамонджытӕм! Фырмӕстӕй сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕуы. Стефан та йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Кӕсут ма! Ӕз уӕларвыл Хуыцауы рахиз фарс уынын Йесойы». Уый фехъусгӕйӕ, лӕгтӕ сӕ хъустӕ сӕхгӕдтой ӕмӕ йыл сӕхи ныццавтой. Ныххӕцыдысты йыл ӕмӕ йӕ сахарӕй ӕддӕмӕ сӕ фӕдыл аластой.

Уым сӕ дарӕс раластой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой иу лӕппулӕгӕн, Савл, зӕгъгӕ. Уыныс Савлы? Уый фӕстӕ лӕгтӕй иуӕй-иутӕ Стефаныл дуртӕ ӕхсын райдыдтой. Стефан та, куыд уыныс, афтӕ йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Хуыцаумӕ кувы: «Иегъовӕ, ацы ӕвзӕр хъуыддаджы тыххӕй сӕ ма бафхӕр». Стефан зыдта, иуӕй-иутӕн дзы дины разамонджытӕ сӕ зонд кӕй схӕццӕ кодтой, ӕмӕ цы арӕзтой, уый кӕй не ’мбӕрстой. Уый фӕстӕ Стефан амард.

Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ды та куыд бакӕныс,– ӕвзӕрӕй йын ӕй бафидыс кӕнӕ та Хуыцаумӕ фӕкувыс, цӕмӕй йӕ уый бафхӕра? Стефан ӕмӕ Йесо афтӕ нӕ кодтой. Уыдон хорз зӕрдӕ дардтой, чи сӕ нӕ уарзта, уыдонмӕ дӕр. Цӕй уӕдӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм.