Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 ХАЙ

Библий цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны

Библий цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны

Библи нын ӕрмӕст ивгъуыд цауты тыххӕй нӕ дзуры, фӕлӕ ма фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй дӕр. Адӕймагӕн йӕ бон нӕу, райсом цы уыдзӕн, уый развӕлгъау зӕгъын. Уымӕ гӕсгӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый. Цы дзуры Библи фидӕны тыххӕй?

Уый дзуры, кӕй уыдзӕн Хуыцауы стыр хӕст. Уыцы хӕсты Хуыцау зӕхх ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕвзӕрдзинадӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмӕй дӕр, чи йын лӕггад кӕны, уыдоны та бахъахъхъӕндзӕн. Уыцы адӕмӕн Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕвӕрд паддзах – ӕрхӕсдзӕн фарн ӕмӕ амонд, уыдон нал дӕр рынчын кӕндзысты, нал дӕр мӕлгӕ.

Мах цин кӕнӕм, Хуыцау зӕххыл ногӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, ууыл, ӕццӕй нӕ? Фӕлӕ цӕмӕй уыцы дзӕнӕты цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Ацы чиныджы фӕстаг радзырдтӕй базондзыстӕм, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдон ссарыны тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм. Уӕдӕ бакӕс ӔСТӔМ ХАЙ ӕмӕ базон, Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый.

 

АЦЫ ХАЙЫ

114 РАДЗЫРД

Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн

Иегъовӕ йе ’фсад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй Армагеддоны хӕстмӕ цӕмӕн арвитдзӕн?

115 РАДЗЫРД

Зӕххыл – ногӕй дзӕнӕт

Кӕддӕр адӕм зӕххыл дзӕнӕты цардысты ӕмӕ та ногӕй цӕрдзысты.

116 РАДЗЫРД

Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы

Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй базонын фаг у? Кӕд нӕу, уӕд ма цы хъуамӕ аразӕм?