Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

114 РАДЗЫРД

Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн

Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн

ЦЫ УЫНЫС ацы нывы? Раст зӕгъыс – ӕфсад урс бӕхтыл. Фӕлӕ ма лӕмбынӕг ӕркӕс, кӕцӕй дугъ кӕнынц. Уӕларвӕй, мигътыл у сӕ фӕндаг! Ӕмӕ исты уӕларвыл бӕхтӕ ис?

Нӕй, уыдон ӕцӕг бӕхтӕ не сты. Ӕндӕр, ӕцӕг бӕхтӕ мигътыл куыд хъуамӕ уайой? Фӕлӕ Библи уӕларвон бӕхты кой кӕны. Цӕмӕн, уый зоныс?

Уымӕн ӕмӕ раджы заманты адӕм бӕхтыл цыдысты хӕстмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Библи афтӕ кӕй дзуры, зӕгъгӕ, барджытӕ бӕхтыл уӕларвӕй рафсӕрынц, уымӕй нын ӕвдисы, Хуыцау зӕххыл адӕмимӕ кӕй тох кӕндзӕн. Уыцы хӕст кӕм цӕудзӕн, уый, зоныс, куыд хуыйны? Армагеддон. Уый кӕрон скӕндзӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр ӕвзӕрӕй ис, уымӕн.

Армагеддоны хӕстыл разамынд кӕндзӕн Йесо. Ӕрхъуыды ма кӕн, Иегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта йӕ уӕларвон хицауады сӕргъы. Йесойы сӕрыл паддзахы худ дӕр уымӕн ис. Йӕ къухы цирхъ кӕй ис, уый та дзурӕг у, Хуыцауы знӕгтӕй иуы дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Хуыцау ӕвзӕргӕнджыты бындзагъд кӕй фӕкӕндзӕн, уый нӕм диссаг хъуамӕ кӕса?

Рафӕлдах ма 10-ӕм радзырд. Цы дзы уыныс? Раст у – ӕвзӕр адӕм фӕцагъды сты ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕты. Чи рауагъта уыцы Хъаймӕт? Иегъовӕ Хуыцау. Ныр та ӕркӕс 15-ӕм радзырдмӕ. Цы уыныс уым та? Иегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморры арты хай фӕкодта.

Ныр та ссар 33-ӕм радзырд. Уыныс, египетӕгты бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттыл цы ’рцыд, уый? Чи сӕ фӕкодта доны бын? Иегъовӕ. Хуыцау афтӕ кӕй бакодта, уымӕй бахъахъхъӕдта йӕ адӕмы. Ӕркӕс ма 76-ӕм радзырдмӕ дӕр. Уым та уынӕм, Иегъовӕ суанг йе ’взӕрст Израилы адӕмы дӕр се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ныццӕгъдын куыд бауагъта, уый.

Уӕдӕ нӕм диссаг хъуамӕ ма кӕса, Иегъовӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдты кӕй рарвитдзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт ӕвзӕрдзинадӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, уый цы нысан кӕны! Иу сыф дарддӕр афӕлдах ӕмӕ йӕ базонӕм.