Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔХСӔРДӔСӔМ СӔР

Раст дин куыд амоны, афтӕ цӕр

Раст дин куыд амоны, афтӕ цӕр
  • Библийы иконӕтӕн ӕмӕ мӕрдтӕн табу кӕныны тыххӕй цы фыст ис?

  • Чырыстӕттӕ дины бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

  • Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн куыд ис фӕлмӕнӕй ӕмбарын кӕнӕн?

1, 2. Мӕнг дин куы ныууадзай, уый фӕстӕ дӕр ма дӕ цӕуыл хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

ЗӔГЪӔМ, базыдтай, дон уӕм кӕцӕй цӕуы, уым чидӕр цыдӕр ныккодта, ӕмӕ дзы дӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ фӕхъӕстӕ сты. Адӕмы цардӕн у тынг тӕссаг. Ахӕм уавӕры ды куыд бакӕндзынӕ? Уайтагъд сыгъдӕг дон нӕ бацагурдзынӕ? Ӕнӕмӕнг. Фӕлӕ дын уӕддӕр иу хъуыды ӕнцой нӕ дӕтдзӕн: «Цымӕ дзы ӕз дӕр нӕ фӕхъӕстӕ дӕн?»

2 Афтӕ у мӕнг дины хабар дӕр. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй мӕнг дин хъӕстӕ у чъизи, маргӕйдзаг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй (2 Коринфӕгтӕм 6:17). Ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй рацӕуын хъӕуы «Стыр Вавилонӕй», ома мӕнг динӕй (Раргомад 18:2, 4). Уыцы къахдзӕф сарӕзтай? Кӕд о, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ мӕнг дин ныууадзай кӕнӕ дзы дӕхи ахахх кӕнай, уый фаг нӕу. Уый фӕстӕ дӕр ма дӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын: «Цымӕ мӕнг дины маргӕй хъӕстӕ нал дӕн?» Ӕркӕсӕм, уый куыд ис базонӕн, уымӕ.

ИКОНӔТӔН ӔМӔ МӔРДТӔН ТАБУ КӔНЫН

3. а) Иконӕтӕн табу кӕныны тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ иуӕй-иутӕн ацы хъуыддагмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Мӕнг динимӕ баст дзауматӕй дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн цы бакӕнын хъӕуы?

3 Бирӕтӕм хӕдзары цӕрӕнбонты ис иконӕтӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм табуйаг дзауматӕ. Дӕумӕ дӕр ахӕмӕй исты ис? Кӕд о, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнӕ уыдонӕй кувӕн нӕй. Чи зоны дын уыцы дзауматӕ сты тынг зынаргъ. Фӕлӕ Хуыцауӕн кувын хъӕуы, йӕхӕдӕг нын куыд амоны, афтӕ. Ӕмӕ Библийы та фыст ис, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй иконӕтӕн табу кӕнӕм (Рацыд 20:4, 5; Псалом 115:4–8; Исай 42:8; 1 Иоанны 5:21). Уӕдӕ, раст диныл хӕст кӕй дӕ, уый уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ мӕнг динимӕ баст цы дзауматӕ сты, уыдон иууылдӕр куы фесафай. Ахӕм дзауматӕм дӕу кӕсын хъӕуы Йегъовӕйы цӕстӕй – хъуамӕ дӕуӕн дӕр уой «ӕнад» (Дыккаг закъон 27:15).

4. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, мӕрдтӕн табу кӕнын дзӕгъӕлы кӕй у? ӕ) Йегъовӕ йӕ адӕмы цӕмӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй дӕснытӕм ма цыдаиккой ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ ма кодтаиккой?

4 Дунейы алы рӕтты ма мӕнг динтыл хӕст адӕм табу кӕнынц мӕрдтӕн дӕр. Бирӕты, цалынмӕ Библи цы дзуры, уый нӕ базыдтой, уӕдмӕ уырныдта, мӕрдты цыдӕр кӕй ис. Ӕмӕ, дам, чи амард, уыдон удӕгӕстыл кӕнӕ хӕрзаудӕн фӕкӕнынц, кӕнӕ та – фыдаудӕн. Чи зоны-иу ды дӕр афӕдзӕй-афӕдзмӕ мӕрдты номыл цыдӕртӕ арӕзтай. Фӕлӕ ацы чиныджы 6-ӕм сӕр куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй мӕрдты ницы ис. Уӕдӕ мӕрдтимӕ ныхас кӕныныл архайай, уый дӕр дзӕгъӕлы у. Исчи дын афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ дӕм, дӕ хиуӕттӕй чи амард, уый ахӕм ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ ӕрвиты, уӕд ӕй зон, уыцы ныхӕстӕ хӕйрӕджытӕй кӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй мӕрдтимӕ ныхас кӕныныл ма архайдтаиккой ӕмӕ дӕснытӕм ма цыдаиккой, стӕй хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кодтаиккой (Дыккаг закъон 18:10–12).

5. Кӕд раздӕр иконӕтӕн кӕнӕ мӕрдтӕн табу кодтай, уӕд дӕ ныр цы кӕнын хъӕуы?

5 Кӕд ды дӕр раздӕр иконӕтӕн кӕнӕ мӕрдтӕн табу кодтай, уӕд дӕ ныр цы кӕнын хъӕуы? Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, ахӕм хъуыддӕгтӕм Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Уыцы бынӕттӕ кӕс ӕмӕ сыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Алы бон дӕр кув Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын дзур, кӕй дӕ фӕнды, раст дин куыд амоны, афтӕ цӕрын. Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй, уый куыд хъуыды кӕны, ды дӕр афтӕ хъуыды кӕнай (Исай 55:9).

ФЫЦЦАГ ЧЫРЫСТӔТТӔ РОЖДЕСТВО НӔ БӔРӔГ КОДТОЙ

6, 7. а) Рождество кӕй номыл бӕрӕг кӕнынц ӕмӕ йӕ Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ бӕрӕг кодтой? ӕ) Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгты заман гуырӕнбон кӕныны ӕгъдау цӕимӕ уыд баст?

6 Мӕнг дины маргӕй хъӕстӕ сты зындгонд бӕрӕгбӕттӕ дӕр. Зӕгъӕм, Рождество бӕрӕг кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕ иууылдӕр. Афтӕ фӕзӕгъынц, Йесо Чырысти, дам, уыцы бон райгуырд. Фӕлӕ ахӕм бӕрӕгбон фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй никуы ницы ис фыст. Иу чиныджы дзырд цӕуы: «Чырысти цы бон райгуырд, уый йӕ райгуырдӕй дыууӕ сӕдӕ азы фӕстӕ дӕр бӕлвырдӕй ничи зыдта ӕмӕ йӕ базонын иуӕй-иуты йеддӕмӕ фӕндгӕ дӕр никӕй кодта» (Sacred Origins of Profound Things).

7 Стӕй, Йесо цы бон райгуырд, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы зыдтаиккой, уӕддӕр ӕй нӕ бӕрӕг кодтаиккой. Цӕуылнӕ? Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фыццаг чырыстӕттӕ «гуырӕнбонтӕ кӕнын нымадтой мӕнг дины ӕгъдауыл» (The World Book Encyclopedia). Библийы дзырд цӕуы ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы гуырӕнбоны тыххӕй. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр уыдысты, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, ахӕм хицӕуттӕ (Райдиан 40:20; Марчы 6:21). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ-иу раджы заманты гуырӕнбонтӕ кодтой мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр. Зӕгъӕм, 24 майы ромӕгтӕ бӕрӕг кодтой ус-хуыцау Дианӕйы гуырӕнбон. 25 майы та бӕрӕг кодтой хуры бардуаг Аполлоны гуырӕнбон. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй гуырӕнбон кӕныны ӕгъдау баст уыди мӕнг динимӕ, чырыстон динимӕ нӕ, фӕлӕ.

8. Бамбарын кӕн, гуырӕнбон кӕныны ӕгъдау мӕнг уырнындзинадимӕ куыд баст у, уый.

8 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ ма Йесойы гуырӕнбон ноджыдӕр уымӕн нӕ бӕрӕг кодтаиккой, ӕмӕ уыцы ӕгъдау баст уыди мӕнг уырнындзинадимӕ. Уӕды заман грекъӕгтӕй ӕмӕ ромӕгтӕй бирӕты уырныдта, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы райгуыры, уӕд йӕ фарсмӕ вӕййы йӕ зӕды хай ӕмӕ йӕ уый йӕ райгуырдӕй суанг йӕ мӕлӕты онг фыдбылызӕй фӕхъахъхъӕны. Иу чиныджы фыст ис: «Уыцы зӕд цавӕрдӕр диссаджы хуызы баст уыд, адӕймаг дунемӕ кӕй гуырӕнбоны фӕзынд, уыцы хуыцауимӕ» (The Lore of Birthdays). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдаид, Йесойы ном мӕнг уырнындзинадимӕ чи баста, ахӕм бӕрӕгбон (Исай 65:11, 12). Уӕдӕ уӕд Рождество уыйбӕрц адӕм цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?

РОЖДЕСТВОЙЫ РАВЗӔРД

9. Чырыстийы гуырӕнбон 25 декабры цӕмӕн райдыдтой бӕрӕг кӕнын?

9 Йесо Чырысти зӕххыл куы цард, уымӕй 300 азы бӕрц куы рацыд, ӕрмӕстдӕр ын уӕд райдыдтой йӕ гуырӕнбон 25 декабры бӕрӕг кӕнын (ныртӕккӕ йӕ кӕмдӕрты кӕнынц 7 январы дӕр). Фӕлӕ Йесо уыцы бон нӕ райгуырд. Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ Йесо райгуырд октябры мӕйы *. Уӕдӕ уӕд 25 декабрь цӕмӕн равзӕрстой? Куыд зыны, афтӕмӕй, фӕстӕдӕр йӕхи чырыстон чи схуыдта, уыдонӕй иуӕй-иуты «фӕндыд уыцы бон мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг ромӕгты бӕрӕгбонимӕ, „ӕнӕбасӕтгӕ Хуры гуырӕнбонимӕ“, баиу кӕнын» (The New Encyclopædia Britannica). Зымӕгон хур тынг кӕй нӕ фендавы, уымӕ гӕсгӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕ уыцы бӕрӕгбон кодтой, цӕмӕй та рухсдӕттӕг ӕмӕ хъармдӕттӕг хур йӕ дард балцӕй фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид. Дзырдтой, хур, дам, фӕстӕмӕ йӕ балц 25 декабры райдайы. Гъемӕ цӕмӕй, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмтӕ чырыстон дин райстаиккой, уый тыххӕй дины разамонджытӕ ацы бонӕй «чырыстон» бӕрӕгбон сарӕзтой *.

10. Кӕддӕр иуӕй-иу бӕстӕты Рождество цӕуылнӕуал бӕрӕг кодтой?

10 Рождество мӕнг динӕй кӕй равзӕрд, уый рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зындгонд у. Рождество бӕрӕг кӕнын Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, уый тыххӕй йӕ 17 ӕнусы бӕрӕг кӕнын нал уагътой Английы, стӕй, Америкӕйы дӕлбар цы бӕстӕтӕ уыд, уыдонӕй дӕр иуӕй-иуты. Уыцы бон-иу куыстмӕ чи нӕ рацыд, уымӕн-иу штраф бафидын кодтой. Фӕлӕ афтӕ бирӕ нӕ ахаста. Кӕддӕры ӕгъдӕуттӕ та сӕ сӕрыл схӕцыдысты, ӕмӕ ма сӕм ног ӕгъдӕуттӕ дӕр бафтыдтой. Рождество та ногӕй сси стыр бӕрӕгбон, ӕмӕ йӕ абоны онг дӕр бирӕ бӕстӕты бӕрӕг кӕнынц. Фӕлӕ, Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон нӕ бӕрӕг кӕнынц Рождество ӕмӕ, мӕнг динӕй ноджыдӕр цы бӕрӕгбӕттӕ равзӕрд, уыдон дӕр *.

БӔРӔГБӔТТӔН СӔ РАВЗӔРДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫН ХЪӔУЫ?

11. Адӕм бӕрӕгбӕттӕ цӕмӕн кӕнынц, фӕлӕ махӕн сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа?

11 Рождество ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕрӕгбӕттӕ мӕнг динӕй кӕй ӕрбафтыдысты, ууыл бирӕтӕ сты разы. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр ӕвзӕр нӕ кӕсынц. Уыцы бӕрӕгбӕттӕ мӕнг динимӕ баст сты ӕви нӕ, ууыл адӕмӕн сӕ фылдӕр хъуыды дӕр нӕ фӕкӕнынц. Ахӕм бонты бинонтӕ иумӕ ӕрбамбырд вӕййынц ӕмӕ кӕрӕдзийыл фӕцин кӕнынц. Ды дӕр бӕрӕгбӕттӕм уый тыххӕй фенхъӕлмӕ кӕсыс? Кӕд о, уӕд дӕм, ӕвӕццӕгӕн, раст дин куыд амоны, афтӕ кӕнын зын кӕсы бӕрӕгбӕтты тыххӕй нӕ, фӕлӕ дӕ дӕ бинонты фӕхъыг кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ хиуӕттимӕ адджынӕй цӕрай (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Фӕлӕ цӕмӕй дӕ хӕстӕджытимӕ ӕнгом уай, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы сӕрты хизын нӕ хъӕуы. Сӕйрагдӕр нын цы хъуамӕ уа, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» (Ефесӕгтӕм 5:10).

Цъыфӕй къафетт сисдзынӕ ӕмӕ йӕ бахӕрдзынӕ?

12. Бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕн сӕ равзӕрд хъуыдыйаг кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?

12 Чи зоны, зӕгъыс, зӕгъгӕ, бӕрӕгбӕттӕ кӕддӕр цӕй номыл кодтой, уый ныртӕккӕ хъуыды дӕр ничиуал кӕны. Цымӕ, бӕрӕгбӕттӕ кӕцӕй равзӕрдысты, ууыл хъуыды кӕнын хъӕуы? Куыннӕ хъӕуы. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, фӕцӕуыс ӕмӕ цъыфы федтай къафетт. Сисдзынӕ йӕ ӕмӕ йӕ бахӕрдзынӕ? Нӕ йӕ бахӕрдзынӕ, уымӕн ӕмӕ чъизи у. Раст афтӕ бӕрӕгбӕттӕ дӕр адӕймагмӕ, чи зоны, къафеттау адджын кӕсынц, фӕлӕ сӕ ӕцӕгӕй та «цъыфӕй» систой. Уӕдӕ цӕмӕй, раст дин куыд амоны, афтӕ цӕрӕм, уый тыххӕй ацы хъуыддагмӕ мах дӕр хъуамӕ кӕсӕм пехуымпар Исайы цӕстӕй. Исай Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналут» (Исай 52:11).

ИННӔТИМӔ ӔМБАРГӔЙӔ АРХАЙ

13. Бӕрӕгбӕттӕ куы нал кӕнай, уӕд дӕ цӕуыл хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын?

13 Бӕрӕгбӕттӕ куы нал кӕнай, уӕд дӕ хъӕудзӕн бирӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, де ’мкусджытӕ не ’мбарынц, семӕ бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕныс, уый. Цы сын ис зӕгъӕн? Кӕнӕ дын бӕрӕгбонмӕ исчи исты куы лӕвар кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Куы йӕ райсай, уӕд уымӕй исты фӕрӕдийдзынӕ? Йе та кӕд дӕ цардӕмбал ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст у, уӕд йемӕ дӕхи куыд дардзынӕ? Науӕд цы ис саразӕн, цӕмӕй, бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал кӕныс, уый тыххӕй дӕ сывӕллӕттӕ иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕной?

14, 15. Бӕрӕгбоны рӕстӕг дын куы раарфӕ кӕной кӕнӕ дын исты куы лӕвар кӕной, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

14 Алы уавӕры дӕр хъӕуы ӕмбаргӕдзинад. Бӕрӕгбоны рӕстӕг искӕуыл куы амбӕлай ӕмӕ дын куы раарфӕ кӕна, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ йын бузныг зӕгъай. Фӕлӕ дӕ дӕ сыхӕгтӕн, дӕ зонгӕтӕн кӕнӕ де ’мкусджытӕн та, ӕвӕццӕгӕн, бамбарын кӕнын хъӕудзӕн, бӕрӕгбӕтты тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый. Алкӕимӕ дӕр уӕзданӕй ныхас кӕн. Библийы ахӕм уынаффӕ ис: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Колоссӕгтӕм 4:6). Хъуыды кӕн, цӕмӕй дӕ ныхӕстӕй адӕймаджы ма фӕхъыг кӕнай. Уӕзданӕй-иу бамбарын кӕн, лӕвӕрттӕ ӕмӕ бадтыты ныхмӕ кӕй нӕ дӕ, фӕлӕ уыцы бӕрӕгбон кӕй нӕ бӕрӕг кӕныс.

15 Исчи дын исты куы лӕвар кӕна, уӕд та? Алцыдӕр, уавӕр куыд амона, уымӕй аразгӕ у. Зӕгъӕм, уыцы адӕймаг дын загъта: «Зонын ӕй, бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ кӕныс. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй ацы лӕвар мӕ номӕй айсай». Чи зоны, дӕхицӕн зӕгъай, зӕгъгӕ, ацы уавӕры лӕвар куы райсон, уӕд уый афтӕ нымад нӕ уыдзӕн, ӕмӕ ӕз дӕр бӕрӕгбоны архайын. Ӕцӕг, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй адӕймаг куы ницы зона, уӕд хорз уаид, бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ кӕныс, уый йын куы зӕгъис. Бамбарын ын кӕн, йӕ лӕвар ын цӕмӕн исыс, фӕлӕ йын дӕхӕдӕг цӕуылнӕ исты лӕвар кӕныс, уый. Ӕрмӕст ӕй куы зонай, ӕмӕ дӕ адӕймаг фӕлваргӕ кӕны кӕнӕ та йӕ уый фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕвары тыххӕй Хуыцауы Ныхасы сӕрты ахизай, уӕд хуыздӕр уаид, ӕмӕ йын йӕ лӕвар куы нӕ райсис.

БИНОНТЫ ’ХСӔН ДӔХИ КУЫД ДАРДЗЫНӔ?

16. Бӕрӕгбӕтты рӕстӕг хӕдзары де ’мбаргӕдзинад цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16 Дӕ бинонтӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст куы уой, уӕд та дын куыд кӕнгӕ у? Ам дӕр та хъӕуы ӕмбаргӕдзинад. Алы бӕрӕгбоны рӕстӕг семӕ быцӕу ма кӕн ӕмӕ сын ма дзур, раст нӕ кӕнут, зӕгъгӕ. Уый бар сын ис, цӕмӕй сӕм раст куыд кӕсы, афтӕ кӕной. Ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕхи дӕр фӕнды, цӕмӕй дын дӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕной (Матфейы 7:12). Фӕлӕ, бӕрӕгбонимӕ комкоммӕ баст чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл дзырд куы цӕуа, уӕд та хъӕуы ӕмбаргӕдзинад. Сӕйраг у, цӕмӕй алкӕддӕр дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа (1 Тимофеймӕ 1:18, 19).

17. Цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕной, уый тыххӕй цы ис саразӕн?

17 Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, уыцы бӕрӕгбӕттӕ куы нал кӕнай, уӕд дӕ сывӕллӕттӕ, чи зоны, ӕмӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕной. Цы ис уый тыххӕй саразӕн? Ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд барӕвдауыс, уымӕй бирӕ аразгӕ у. Иуӕй-иу ныййарджытӕ ӕндӕр бонтӕ равзарынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн лӕвӕрттӕ скӕной. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ аразын. Дӕ хуыздӕр лӕвар та сын уыдзӕн, дӕ рӕстӕг сын куы не ’вгъау кӕнай ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдӕйы хъармӕй куы тавай, уый.

РАСТ ДИНЫ ФӔНДАГЫЛ ЦУ

Раст дин куыд амоны, афтӕ куы цӕрай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын

18. Ӕмбырдтӕ дын куыд ӕххуыс кӕндзысты, раст дин куыд амоны, афтӕ цӕрынӕн?

18 Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы мӕнг дин ныууадзын ӕмӕ, раст дин куыд амоны, афтӕ цӕрын. Уымӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? Библийы фыст ис: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ӕмбырдтӕ дын стыр циндзинад хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ уым Хуыцауы кадджын кӕндзынӕ, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ (Псалом 22:22; 122:1). Ӕмбырдты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынц (Ромӕгтӕм 1:12).

19. Библийӕ цы базыдтай, уый иннӕтӕн дӕр цӕмӕн хъӕуы дзурын?

19 Цӕмӕй, раст дин куыд амоны, афтӕ цӕрай, уый тыххӕй ма дӕ ноджыдӕр хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базыдтай, уый иннӕтӕн дӕр дзурын. Абон дунейы цытӕ цӕуы, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ бирӕтӕ «маст кӕнынц ӕмӕ дзыназынц» (Йезекил 9:4). Ахӕм адӕймӕгты дӕхӕдӕг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, зоныс. Хорз нӕ уаид, Библи нын цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй сын куы радзурис? Дӕхи Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытыл куы бӕттай ӕмӕ, Библийӕ цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдӕтты тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд дӕ сабыргай мӕнг динимӕ баст ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ кӕнын фӕндгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Раст дин куыд амоны, афтӕ куы цӕрай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ (Малахи 3:10).

^ 9 абз. Кӕс Уӕлӕмхасӕн, статья «Йесо Чырысти декабры райгуырд?».

^ 9 абз. Чырыстийы гуырӕнбонӕн 25 декабрь кӕй равзӕрстой, уый ма баст у ӕндӕр бӕрӕгбонимӕ дӕр, Сатурнали, зӕгъгӕ. Уыцы бӕрӕгбон-иу уыди 17–24 декабры. Адӕм-иу уыцы бонты тыллӕджы бардуаджы номыл куывдтӕ скодтой, фӕминас-иу кодтой ӕмӕ-иу сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой, стӕй-иу кӕрӕдзийӕн лӕвӕрттӕ дӕр кодтой.

^ 10 абз. Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ иннӕ зындгонд бӕрӕгбӕтты тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уый тыххӕй дзырд цӕуы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?».