УӔЛӔМХАСӔН
Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр – ацы ахсджиаг бон у Хуыцауы кадӕн
БИБЛИ куыд зӕгъы, афтӕмӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕной Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Библийы ма хуыйны «Хицауы ӕхсӕвӕр» дӕр (1 Коринфӕгтӕм 11:20). Цӕмӕн ӕй хъӕуы бӕрӕг кӕнын? Стӕй кӕд ӕмӕ куыд?
Ацы бонӕн Йесо Чырысти бындур ӕрӕвӕрдта н. э. 33 азы Куадзӕны ӕхсӕв. Дзуттӕгтӕ-иу Куадзӕн бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт, дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ нисаны мӕйы 14-ӕм бон. Уыцы бон кӕд уыдзӕн, уый-иу куыд базыдтой? Ӕвӕццӕгӕн-иу ӕнхъӕлмӕ кастысты, уалдзӕджы бон ӕмӕ ӕхсӕв ӕмиӕстӕ куы свӕййынц, ома 12 сахаты рухс куы вӕййы, 12 сахаты та – талынг, уыцы бонмӕ. Уыцы боны фӕстӕ-иу ног мӕй фыццаг хатт арвыл куы фӕзынд, уый-иу нымадтой нисаны райдианыл. Ӕмӕ-иу мӕйӕн йӕ 14-ӕм бон хурныгуылды фӕстӕ та уыди Куадзӕн.
Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕн куы скодта ӕмӕ Иудӕ Искариоты куы арвыста, уӕд бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ
дзуттаг Куадзӕны бӕсты чырыстӕттӕ бӕрӕг кӕнынц уыцы ахсджиаг бон. Уымӕ гӕсгӕ Ӕрымысӕн изӕр дӕр бӕрӕг кӕнын хъӕуы афӕдз ӕрмӕстдӕр иу хатт.Матфейы Евангелийы фыст ис: «Йесо дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар“. Стӕй та райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ сын загъта: „Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут, уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой“» (Матфейы 26:26–28).
Бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ Чырысти дзул фестын кодта йӕ буар, сӕн та – йӕ туг. Фӕлӕ йӕ апостолтӕм уыцы дзул куы алӕвӕрдта, уӕд йӕ буар ӕнӕхъӕн уыди. Стӕй, уӕвгӕ, уый гӕнӕн уыди, ӕмӕ апостолтӕ Йесойы буар хордтаиккой ӕмӕ йын йӕ туг нуӕзтаиккой? Ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ лӕджы фыд хӕрын Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ стыр тӕригъӕд у (Райдиан 9:3, 4; Левит 17:10). Лукайы 22:20 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй». Куыд хъуыды кӕныс, уыцы нуазӕн ӕцӕгдӕр «ног бадзырд» фестад? Уый гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ бадзырд хӕринаг кӕнӕ нуазинаг нӕу.
Куыд уынӕм, афтӕмӕй дзул дӕр ӕмӕ сӕн дӕр комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Дзул ӕвдисы Чырыстийӕн йӕ ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд буар. Уыцы изӕр Йесо йӕ апостолтӕм алӕвӕрдта, Куадзӕны ӕхсӕвӕрӕй ма цы дзул баззад, уый. Уыцы дзул уыди донгонд, ома ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд дзул (Рацыд 12:8). Библийы ӕнхъизӕн амоны тӕригъӕдмӕ кӕнӕ, ӕмбийгӕ ӕмӕ сӕфгӕ цы кӕны, ахӕм цӕмӕдӕр. Уӕдӕ уыцы дзул ӕвдисы Йесойы ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд буар – нывондӕн кӕй ӕрхаста, уыцы буар (Матфейы 16:11, 12; 1 Коринфӕгтӕм 5:6, 7; 1 Петры 2:22; 1 Иоанны 2:1, 2).
Сырх сӕн та ӕвдисы Йесойӕн йӕ туг. Уыцы тугӕй фидаргонд ӕрцыд ног бадзырд. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ туг уый тыххӕй ныккалдта, цӕмӕй адӕмӕн «сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой». Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауы раз сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕрлӕууын. Стӕй Йегъовӕ Дзуттӕгтӕм 9:14; 10:16, 17). Уыцы бадзырд 144 000 иузӕрдион чырыстонӕн уӕлӕрвтӕм фӕндаг байгом кодта. Уым уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзысты (Райдиан 22:18; Йереми 31:31–33; 1 Петры 2:9; Раргомад 5:9, 10; 14:1–3).
зӕххон адӕймӕгтимӕ ног бадзырд дӕр уый фӕрцы скодта (Ӕрымысӕн изӕры сӕнӕй ӕмӕ дзулӕй чи хъуамӕ ахода? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуыны ныфс кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уыцы чырыстӕттӕ, уӕларвон паддзӕхтӕй ӕвзӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сын уыцы фидар уырнындзинад Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕтты (Ромӕгтӕм 8:16). Чырысти ма семӕ скодта ӕндӕр бадзырд дӕр – Паддзахады тыххӕй бадзырд (Лукайы 22:29).
Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц Чырыстийы фӕдзӕхст, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц. Ӕрмӕст уыдон дзулӕй ӕмӕ сӕнӕй нӕ саходынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнынц афӕдз иу хатт, 14 нисаны, хур куы аныгуылы, уӕд. Ӕмӕ кӕд абон зӕххыл, уӕлӕрвтӕм ацӕуыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕм чырыстӕттӕ цалдӕр мины йеддӕмӕ не сты, уӕддӕр ацы бон тынг ахсджиаг у алы чырыстонӕн дӕр. Уыцы бон нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ нӕм Йесо Чырысти цы стыр уарзондзинад равдыстой, ууыл (Иоанны 3:16).