Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔР

Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта»

Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта»

Хуыцау Петры фервӕзын кодта ӕмӕ чырыстӕттӕ хорз хабар дарддӕр хъусын кодтой, кӕд сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр

Арӕзт у Хъуыддӕгты 12:1–25

1–4. Петр цавӕр зын уавӕры бахауд ӕмӕ йӕ бынаты ды цытӕ хъуыды кодтаис?

 РАЙХЪУЫСТ стыр ӕфсӕйнаг кулдуары гыбар-гыбур – Петры ахӕстоны бакодтой. Йӕ къухтӕ йын рӕхыстӕй дыууӕ ромаг хъахъхъӕнӕгмӕ бабастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахӕстоны уатмӕ акодтой. Уым Петрыл рӕстӕг ныддаргъ. Цалдӕр сахаты, чи зоны, цалдӕр боны дӕр, ӕнхъӕлмӕ кӕсы, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ. Ахӕстоны йӕ цӕст цӕуыл ӕрхӕца, уый дӕр нӕй: афтид къултӕ, цары хъӕдтӕ, рӕхыстӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ.

2 Уӕдмӕ Петр базыдта, йӕ хабар куыд уыдзӕн, уый. Хорзӕй йӕм ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы – паддзах Ирод Агриппӕ I ӕй марынвӕнд скодта a. Куадзӕны фӕстӕ йӕ хъуамӕ адӕммӕ ракӕна. Цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕ балхӕна, уый тыххӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахаста. Ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уымӕй Петры ӕрмӕст фӕтӕрсын кӕнынмӕ хъавы. Хӕрзӕрӕджы ацы паддзах амарын кодта апостолтӕй ноджыдӕр иуы – Иаковы.

3 Райсом Петры хъуамӕ амарой. Цымӕ ацы изӕр, талынг ахӕстоны бадгӕйӕ, цытӕ хъуыды кӕны? Чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Йесо йын цалдӕр азы размӕ цы загъта, уый, зӕгъгӕ дӕ иу бон сбӕтдзысты ӕмӕ дӕ акӕндзысты, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнды, уырдӕм. Уӕд Йесо Петры мӕлӕты кой кодта (Иоан. 21:18, 19). Ӕмӕ ныр Петр, чи зоны, хъуыды кӕны, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг ӕрцыд, зӕгъгӕ.

4 Петры бынаты ды цытӕ хъуыды кодтаис? Бирӕтӕ, чи зоны, ахъуыды кодтаиккой, ницыуал ныфс мӕ ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ цыфӕнды зын уавӕры ма бахауой, уӕддӕр цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ ницыуал ныфс ис? Петр ӕмӕ йе ’мчырыстӕттӕ ӕфхӕрды рӕстӕг сӕхи куыд дардтой, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Дарддӕр ӕй базондзыстӕм.

«Ӕмбырд... Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта» (Хъуыд. 12:1–5)

5, 6. а) Паддзах Ирод Агриппӕ I чырыстон ӕмбырд ӕфхӕрын цӕмӕн райдыдта ӕмӕ куыд? б) Иаковы мӕлӕт ӕмбырдӕн стыр фӕлварӕн цӕмӕн уыд?

5 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ уыдысты, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй фыццӕгтӕ, ӕмӕ уый ӕмбырдӕн уыд тынг ӕхсызгон хабар. Фӕлӕ чырыстон ӕмбырдӕй чи нӕ уыд, уыцы дзуттӕгтӕ уый куы базыдтой, ӕмӕ ныр, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон Хуыцауӕн ӕндӕр адӕмтимӕ иумӕ кувынц, уӕд сӕхицӕн бынат нал ардтой, уый гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ.

6 Ирод уыд хинӕйдзаг паддзах, ӕмӕ бамбӕрста, хорз фадат ын кӕй фӕци, цӕмӕй дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕна. Гъемӕ чырыстӕтты ӕфхӕрын райдыдта. Ирод ӕнӕмӕнг фехъуыстаид, апостол Иаков, ома Иоанны ӕфсымӕр, Йесо Чырыстимӕ уӕлдай ӕввахс кӕй уыд, ӕмӕ йӕ «хъамайӕ амарын кодта» (Хъуыд. 12:2). Ӕмбырдӕн уый стыр фӕлварӕн куыннӕ уыдаид! Йесо йӕ хуыз куы аивта, уый дӕр ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр сӕхи цӕстӕй федтой ӕрмӕстдӕр ӕртӕ апостолы, ӕмӕ сӕ иу уыд Иаков (Матф. 17:1, 2; Мар. 5:37–42). Йесо Иаковы ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны схуыдта «арвнӕрды фырттӕ», сӕ зӕрдӕты зынг кӕй сыгъд, уый тыххӕй (Мар. 3:17). Уӕдӕ ӕмбырдӕй фӕхъуыд, се ’ппӕт дӕр кӕй уарзтой, уыцы апостол, хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион ӕвдисӕн.

7, 8. Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕмбырд цы арӕзта?

7 Агриппӕйӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд – Иаковы кӕй амарын кодта, уымӕй дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕдта. Уый йыл базыртӕ басагъта, ӕмӕ ныр та сфӕнд кодта Петры амарын. Ӕмӕ райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Петры ӕрцахсын кодта. Фӕлӕ Агриппӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, рох нӕ уыд, апостолты раз ахӕстоны дуӕрттӕ дӕр кӕй байгом вӕййынц. Уый тыххӕй дзырд цыди ацы чиныджы 5 сӕры. Гъемӕ цӕмӕй Петр мацы хуызы алыгъдаид, уый тыххӕй йӕ дыууӕ хъахъхъӕнӕгмӕ рӕхыстӕй бабӕттын кодта. Уымӕй уӕлдай ма йӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй хъахъхъӕдтой 16 хъахъхъӕнӕджы, кӕрӕдзи ивгӕйӕ. Петр куы алыгъдаид, уӕд хъахъхъӕнджытӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ каст, Петрӕн цы тӕрхон рахастой, уый – мӕлӕт. Ахӕм уӕззау уавӕры Петры ӕмчырыстӕттӕн сӕ бон цы уыд аразын?

8 Ӕмбырд тынг хорз зыдта, цы сӕ хъуыди аразын, уый. Хъуыддӕгты 12:5 кӕсӕм: «Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд ӕмбырд та уый тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта». Чырыстӕттӕ сӕ уарзон ӕфсымӕры тыххӕй зӕрдиагӕй куывтой, Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтой. Иаковы мӕлӕты тыххӕй сӕ ныфс нӕ асаст, стӕй афтӕ хъуыды кӕнын дӕр нӕ райдыдтой, кувын ницы пайда у, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы вӕййынц, уӕд сӕ хъусы (Дзут. 13:18, 19; Иак. 5:16). Ӕмӕ нӕ уый хъӕуы алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарын.

9. Петры тыххӕй йе ’мчырыстӕттӕ кӕй куывтой, уымӕй нын цавӕр цӕвиттон ныууагътой?

9 Мыййаг, фыдӕвзарӕнты чи бахауд, ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты зоныс? Чи зоны, ӕфхӕрд ӕййафынц кӕнӕ сӕ хицауад хъусын кӕнын нӕ уадзы, йе та, кӕм цӕрынц, уым исты ӕрдзон бӕллӕх ӕрцыд. Хорз уаид, уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй зӕрдиагӕй куы кувис. Стӕй ма, чи зоны, ахӕм хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр зоныс, ӕмӕ ӕмбӕлынц, цӕсты афтӕ тынг чи нӕ хауы, ахӕм зындзинӕдтыл. Чи зоны сын бинонты ’хсӕн исты зындзинӕдтӕ ис кӕнӕ сӕ ныфс асаст, йе та ӕндӕр цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц. Цӕй тыххӕй кувдзынӕ, ууыл-иу рагацау куы ахъуыды кӕнай, уӕд, чи зоны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууой ӕмӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ уыдоны тыххӕй дӕр номгай зӕгъай (Пс. 65:2). Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд мах дӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ мах тыххӕй кувой.

Йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй кувӕм

«Мӕ фӕдыл рацу» (Хъуыд. 12:6–11)

10, 11. Радзур, Йегъовӕйы зӕд Петры ахӕстонӕй куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй.

10 Цымӕ Петр уыцы тӕссаг уавӕры тыхсти? Нӕ бон ӕй бӕлвырд зӕгъын нӕу, фӕлӕ уыцы фӕстаг ӕхсӕв ахӕстоны дыууӕ хъахъхъӕнӕджы ’хсӕн тарф фынӕй баци. Ацы иузӕрдион апостол фидарӕй зыдта: райсом цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын Йегъовӕимӕ тӕссаг ницӕмӕй у (Ром. 14:7, 8). Куыдфӕнды ма уыдаид, Петр хъуыды дӕр нӕ акодтаид, тагъд ыл цы диссаджы хабар хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл. Ӕвиппайды, кӕм бадт, уыцы уат ныррухс. Йӕ разы Йегъовӕйы зӕд февзӕрд ӕмӕ йӕ райхъал кодта, хъахъхъӕнджытӕ та йӕ нӕ уыдтой. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг – Петрӕн йӕ къухтӕ цы фидар рӕхыстӕй баст уыдысты, уыдон ӕрхаудысты!

«[Уыдон] бахӕццӕ сты, ахӕстонӕй горӕтмӕ кӕуыл ис ахизӕн, уыцы ӕфсӕйнаг кулдуармӕ, ӕмӕ сын кулдуар йӕхи ӕгъдауӕй байгом» (Хъуыддӕгтӕ 12:10)

11 Зӕд Петрӕн цалдӕр цыбыр бардзырды радта: «Рӕвдздӕр сыст!», «Дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ дзабыртӕ скӕн», «Дӕ пӕлӕз ӕрбакӕн». Петр ӕм уайтагъд байхъуыста. Ӕппынфӕстаг ын зӕд загъта: «Мӕ фӕдыл рацу», ӕмӕ Петр дӕр афтӕ бакодта. Сӕ дыууӕ дӕр ахӕстоны уатӕй рацыдысты, ӕддейӕ цы хъахъхъӕнджытӕ лӕууыд, уыдоны рӕзты ахызтысты ӕмӕ стыр ӕфсӕйнаг кулдуарырдӕм ӕнӕдзургӕйӕ фӕраст сты. Фӕлӕ уыцы кулдуарыл куыд ахиздзысты? Кӕд, мыййаг, Петрмӕ ахӕм хъуыды фӕзынди, уӕддӕр ӕй ууыл бирӕ хъуыды кӕнын нӕ бахъуыд. Кулдуармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд «йӕхи ӕгъдауӕй байгом». Цы ’рцыд, уый Петр ӕмбаргӕ дӕр нӕма бакодта, афтӕ ӕддӕмӕ ахызтысты, ӕмӕ зӕд цыдӕр ӕрбаци. Петр иунӕгӕй аззад, ӕмӕ уӕд бамбӕрста, уыцы хабар ыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд. Уый йӕ цӕстытыл нӕ ауад. Ӕцӕгдӕр ссӕрибар! (Хъуыд. 12:7–11).

12. Йегъовӕ Петры куыд фервӕзын кодта, уый нын нӕ ныфсыл ныфс цӕмӕн ӕфтауы?

12 Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджыты цыфӕнды уавӕрты дӕр йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕй у, уый нын нӕ ныфсыл ныфс не ’фтауы? Петры ахӕстоны чи бакодта, уыцы паддзах архайдта уӕды заман ӕппӕты тыхджындӕр паддзахады ныфсӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Петр ахӕстонӕй рацыд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй тыххӕй диссӕгтӕ нӕ аразы. Зӕгъӕм, Иаковы диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кодта. Стӕй фӕстӕдӕр Петрӕн йӕхи дӕр нӕ фервӕзын кодта, Йесо ацы апостолы тыххӕй цы загъта, уый куы сӕххӕст, уӕд. Абон чырыстӕттӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы ирвӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ мах нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ кӕй нӕ ивы, уый (Мал. 3:6). Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ Фырты уылты милуангай адӕмы ссӕрибар кӕндзӕн ӕппӕты фидардӕр ӕхгӕд ахӕстонӕй – мӕлӕтӕй (Иоан. 5:28, 29). Фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ ацы зӕрдӕвӕрдтӕ фидар кӕндзысты.

Петры «куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд» (Хъуыд. 12:12–17)

13–15. а) Марийӕйы хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыдон куыд фесты, Петр куы ’рбацыд, уӕд? б) Дарддӕр Хъуыддӕгты чиныджы фылдӕр дзырд цӕуыл цӕуы ӕмӕ Петр йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн дарддӕр куыд ӕххуыс кодта?

13 Петр талынг уынджы лӕууыд ӕмӕ хъуыды кодта, ныр кӕдӕм ацӕуон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодта: ацӕудзӕн, уырдӕм хӕстӕг чи цард, уыцы чырыстон сылгоймаг Марийӕйы хӕдзармӕ. Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, идӕдз сылгоймаг уыди, фӕлӕ мӕгуыр нӕ цард. Йӕ хадзӕры фаг бынат уыди, цӕмӕй-иу дзы чырыстӕттӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой. Марийӕ уыд Иоанн Марчы, фӕстӕдӕр Петрӕн хи хъӕбулау чи сси, уыцы чырыстоны мад. Хъуыддӕгты чиныджы Марчы кой ам фыццаг хатт цӕуы (1 Пет. 5:13). Уыцы ӕхсӕв Марийӕйы хӕдзары чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕрӕмбырд сты, кӕд ӕнафон уыд, уӕддӕр, ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывтой. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыдон кӕй куывтой, цӕмӕй Петр ссӕрибар уыдаид. Фӕлӕ уый ӕнхъӕл чи уыди, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдӕн ахӕм дзуапп ратдзӕн!

14 Петр кӕрты дуар бахоста. Рацыди йӕм лӕггадгӕнӕг чызг, Родӕ, зӕгъгӕ. Уыцы грекъаг ном-иу чызджытыл арӕх сӕвӕрдтой, ӕмӕ нысан кӕны «уарди». Родӕ Петры хъӕлӕс куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, йӕ хъустыл кӕй ауади. Фырцинӕй дзы дуар бакӕнын дӕр ферох ӕмӕ Петры уынджы лӕугӕ фӕуагъта, йӕхӕдӕг та мидӕмӕ балыгъд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн хабар радзырдта. Уыдон ын загътой, дӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Родӕ уӕддӕр ныллӕууыд, афтӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ сӕ уӕд чидӕртӕ ахъуыды кодтой, кӕд ӕцӕгдӕр кӕйдӕр хъӕлӕс фехъуыста, ӕмӕ загътой, уый, дам, ӕвӕццӕгӕн, зӕд у ӕмӕ Петры номӕй дзуры (Хъуыд. 12:12–15). Петр та хоста, цалынмӕ йӕм нӕ рацыдысты ӕмӕ йын дуар нӕ байгом кодтой, уӕдмӕ.

15 Ӕфсымӕртӕ Петры «куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд» (Хъуыд. 12:16). Фырцинӕй ма цы акодтаиккой, уый нал зыдтой, фӕлӕ сӕ Петр ӕрсабыр кодта ӕмӕ сын радзырда, цы йыл ӕрцыд, уый. Стӕй сын загъта, цӕмӕй хабар фехъусын кодтаиккой ахуыргӕнинаг Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн. Петры хъуыди йӕхи уырдыгӕй айсын, цалынмӕ йӕ Ироды ӕфсӕддонтӕ не ссардтой, уӕдмӕ. Петр ацыд, цӕмӕй дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаид, афтӕ тӕссаг кӕм нӕ уыдаид, ахӕм ран. Уый фӕстӕ ма йӕ кой цӕуы ӕрмӕстдӕр Хъуыддӕгты 15 сӕры: сунӕт кӕныны фарста куы скъуыддзаг кодтой, уӕд Петр дӕр уым уыди ӕмӕ уый дӕр йӕ хъуыды загъта. Дарддӕр Хъуыддӕгты чиныджы фылдӕр дзырд цӕуы, апостол Павел куыд лӕггад кодта ӕмӕ цы рӕтты хъусын кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Петр кӕмфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты уырнындзинад кӕй фидар кодта. Ӕмӕ кӕд ныр, Марийӕйы хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыцы чырыстӕттӕй ацыд, уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕ йедзаг уыдысты циндзинадӕй.

16. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ нӕм фидӕны бирӕ цины хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

16 Хатт Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахӕм хорздзинӕдтӕй схайджын кӕны, ӕмӕ сӕ фырцинӕй уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Ахӕм уавӕры уыдысты уыцы ӕхсӕв Петры ’мчырыстӕттӕ дӕр. Афтӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ фырцинӕй фӕкафы, Йегъовӕ нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй куы барӕвдауы, уӕд (Ӕмб. 10:22). Фидӕны мах нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Уӕд цы диссаджы цард уыдзӕн, уый мах кӕронмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цалынмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, уӕдмӕ нӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, нӕ зӕрдӕтӕ-иу нын цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ.

«Йегъовӕйы зӕд [ӕй] ӕрцавта» (Хъуыд. 12:18–25)

17, 18. Адӕмы Ироды зӕрдӕ балхӕнын цӕмӕн бафӕндыд?

17 Петр ахӕстонӕй кӕй раирвӕзт, уый Иродмӕ дӕр диссаг куыннӕ фӕкастаид, фӕлӕ йын уый ӕхсызгон хабар нӕ уыд. Уайтагъд бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ссардтаиккой. Стӕй, Петры чи хъахъхъӕдта, уыдоны ӕрфарста. Ӕмӕ уый фӕстӕ «бардзырд радта, цӕмӕй сӕ бафхӕрдтаиккой» – ӕвӕццӕгӕн сӕ амарын кодта (Хъуыд. 12:19). Ирод Агриппӕйы тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй ничи зыдта. Цымӕ уыцы фыдлӕг йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп радта?

18 Агриппӕ йӕхицӕн худинагыл банымадта, Петр йӕ къухӕй кӕй аирвӕзт, уый. Фӕлӕ йын тагъд рӕстӕджы фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ кадмондаг зӕрдӕ сбуц кодтаид. Йе знӕгтӕ сфӕнд кодтой йемӕ бафидауын, ӕмӕ йӕ зӕрды уыди, цы бон ӕм хъуамӕ ӕрбацыдаиккой, уыцы бон бирӕ адӕмы раз ныхасы рацӕуын. Лука фыссы, зӕгъгӕ, Ирод йӕ уӕлӕ скодта «бӕрӕгбоны уӕлӕдарӕс». Рагон дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд зӕгъы, афтӕмӕй Ироды уӕлӕдарӕс уыд ӕвзистӕй конд, ӕмӕ хуры рухсмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр зӕдау тӕмӕнтӕ калдта. Гъемӕ уыцы кадуарзаг хицау дзурын куы райдыдта, уӕд адӕм йӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй хъӕр систой: «Уый адӕймаджы хъӕлӕс нӕу, уый хуыцауы хъӕлӕс у!» (Хъуыд. 12:20–22).

19, 20. а) Йегъовӕ Ироды цӕмӕн ӕрцавта? б) Агриппӕ ӕвиппайды кӕй амард, уый нын ныфсы хос цӕмӕн у?

19 Ахӕм кад ӕмбӕлд ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау дӕр алцыдӕр уыдта! Иродӕн йӕ бон уыд йӕхи бӕллӕхӕй бахизын. Зӕгъӕм, йӕ бон уыд адӕмӕн бауайдзӕф кӕнын кӕнӕ та, семӕ разы кӕй нӕ уыд, уый исты хуызы равдисын. Фӕлӕ Иродыл ӕрцыдысты иу ӕмбисонды ныхӕстӕ: «Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт» (Ӕмб. 16:18). Уыцы хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймаджы «ӕвиппайды Йегъовӕйы зӕд ӕрцавта», ӕмӕ ӕвирхъау мард акодта. Ирод «фӕрынчын ӕмӕ йӕ лыстӕг кӕлмытӕ бахордтой, ӕмӕ амард» (Хъуыд. 12:23). Флавий куыд дзуры, афтӕмӕй уыцы хабар Агриппӕйыл ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд. Стӕй ма зӕгъы, зӕгъгӕ, паддзах ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ йын адӕмы зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ ӕхсызгон кӕй уыдысты, мӕлӕты къахыл дӕр уый тыххӕй ныллӕууыд. Флавий куыд ныффыста, уымӕ гӕсгӕ, Агриппӕ цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ ма фондз боны удхар фӕкодта b.

20 Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм цыфӕнды фыдхъуыддӕгтӕ ма аразой, уӕддӕр сын тайынц. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, уымӕн ӕмӕ «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фӕмӕт кӕнынц, фыдадӕм ӕфхӕрд кӕй не ’ййафынц, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ нын ацы хабар у ныфсы хос. Уынӕм ӕй, Йегъовӕ фыдгӕнджыты хъуыддӕгтӕм ӕнцад кӕй нӕ кӕсы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, рӕстдзинад кӕй уарзы, уый (Пс. 33:5). Абон уа, райсом уа – Йегъовӕ рӕстдзинад йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн.

21. Хъуыддӕгты чиныджы 12 сӕры сӕйраджыдӕр цӕй кой цӕуы ӕмӕ нын уый абон нӕ ныфсыл ныфс цӕмӕн ӕфтауы?

21 Ацы скъуыддзагӕн йӕ кӕрон та у ноджы диссагдӕр. Мах кӕсӕм: «Йегъовӕйы ныхас... тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ хъуыстгонд цыди» (Хъуыд. 12:24). Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕ абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй арфӕ кӕны, уый. Бӕрӕг у, Хъуыддӕгты чиныджы 12 сӕры ӕрмӕст уый кой кӕй нӕ цӕуы, ӕмӕ апостолтӕй иу ссӕрибар, иннӕйы та амардтой. Уыцы сӕры сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, Хӕйрӕджы фыдвӕнд куыд фехӕлдта, уый тыххӕй – нӕ йӕ бауагъта чырыстон ӕмбырд фесафын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕнын. Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕй уӕд куыд ницы рауад, афтӕ йын абон дӕр ницы рауайдзӕн (Ис. 54:17). Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы фарс чи лӕууы, уыдоны хъуыддаг та никуы бакъуылымпы уыдзӕн. Уый нын стыр ныфсы хос нӕу? Уӕдӕ нӕм цӕй стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ абон «Йегъовӕйы ныхас» адӕммӕ хӕссӕм!

b Иу дохтыр ӕмӕ фыссӕг зӕгъы, зӕгъгӕ, Флавий ӕмӕ Лука цы ныффыстой, уымӕ гӕсгӕ Иродӕн ӕхсыргӕлмытӕй йӕ хуылф ныххус ӕмӕ ӕддӕмӕ кӕсын нал фӕрӕзта, ӕмӕ уымӕй амард. Уыцы кӕлмытӕ хатт адӕймаг раомы кӕнӕ та куы амӕлы, уӕд йӕ буарӕй бырын райдайынц. Иу чиныджы та фыст ис: «Лука дохтырты ӕвзагӕй бӕлвырд бамбарын кодта, [Ирод] цы ӕвирхъау ӕмӕ фидиссаджы мӕлӕтӕй амард, уый».