9 СӔР
«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны»
Хорз хабар фӕхӕццӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕм
Арӕзт у Хъуыддӕгты 10:1–11:30
1–3. Петр цӕстылуайӕны цы федта ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы, уыцы цӕстылуайӕн цӕуыл дзурӕг у, уый ӕмбарын?
ФӔЗЗЫГОН хурбон, н. э. 36 аз. Петр тъӕпӕн хӕдзары сӕр Хуыцаумӕ кувы. Уыцы хӕдзар ис денджызмӕ хӕстӕг, наулӕууӕн горӕт Иоппийы. Петр уым цалдӕр боны ис уазӕгуаты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хӕдзары ӕрлӕууыныл кӕй сразы, уымӕй равдыста, адӕмӕй кӕй никӕй хъулон кӕны. Хӕдзары хицау, Симон, зӕгъгӕ, кӕны цармы куыст, ӕмӕ ахӕм адӕймаджы хӕдзары ӕрлӕууыныл та дзуттӕгтӕй алчи не сразы уыдаид a. Фӕлӕ нырма Петр бирӕ цыдӕртӕ бамбардзӕн, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый тыххӕй.
2 Петр куы куывта, уӕд ын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн. Цы федта, уый дзуттӕгтӕй кӕйфӕнды дӕр мӕты бафтыдтаид. Цӕстылуайӕны уӕларвӕй ӕрцӕйцыд кӕттаджы хуызӕн цыдӕр ӕмӕ дзы уыди, Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм цӕрӕгойтӕ. Петр фехъуыста хъӕлӕс, аргӕвд дзы ӕмӕ бахӕр, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Петр загъта: «Ӕз чъизи ӕмӕ нӕфӕтчиагӕй никуы ницы бахордтон». Ӕмӕ йын уӕд иу хатт нӕ, фӕлӕ ӕртӕ хатты загъд уыд: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон» (Хъуыд. 10:14–16). Петр скатай, ай цы уа, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцау бамбарын кодта, хабар цӕй мидӕг ис, уый.
3 Цӕуыл дзурӕг уыд уыцы цӕстылуайӕн? Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы уый ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Адӕммӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын куы нӕ сахуыр уӕм, уӕд нӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын. Цӕмӕй, Петр цы цӕстылуайӕн федта, уый бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уымӕ.
«Ӕдзухдӕр куывта Хуыцаумӕ» (Хъуыд. 10:1–8)
4, 5. Чи уыд Корнилий ӕмӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд цы ’рцыд?
4 Петр ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодта, бон раздӕр Кесарийы, иу-50 километры цӕгатырдӕм, цы хабар ӕрцыд, уый. Уым цард иу лӕг, Корнилий, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн. Корнилий уыд Ромы ӕфсӕддон къорды хицау ӕмӕ уыди «Хуыцауӕн кувӕг» лӕг b. Стӕй йӕ бинонтӕн дӕр уыди хорз хистӕр. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ «йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр... Хуыцауӕй тарстысты». Корнилий уыди ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ сунӕтгонд нӕ уыд. Уый дзуттаг диныл хӕст нӕ уыди, фӕлӕ уӕддӕр, дзуттӕгтӕй хъуаг чи ӕййӕфта, уыдоныл тыхсти ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. Ацы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг «ӕдзухдӕр куывта Хуыцаумӕ» (Хъуыд. 10:2).
5 Боныгон, ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс, Корнилий куывта Хуыцаумӕ. Уалынмӕ йӕм цӕстылуайӕны зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Хуыцау дын ӕрхъуыды кодта дӕ куывдтытӕ ӕмӕ, мӕгуыртӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзтай, уыдон» (Хъуыд. 10:4). Корнилий зӕды ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ адӕмы апостол Петрмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ ӕрбакодтаиккой. Корнилийӕн, сунӕтгонд чи нӕ уыд, ахӕм адӕймагӕн, фӕзынд фадат, уӕдмӕ йын ӕхгӕд чи уыд, уыцы дуарыл бахизынӕн – тагъд хъуамӕ фехъуыстаид ирвӕзындзинады хабар.
6, 7. а) Хуыцау сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ кӕй хъусы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. б) Ахӕм хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты?
6 Цымӕ Хуыцау абон дӕр хъусы, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыцы адӕмы куывдтытӕ? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Албанийы нӕ хо иу сылгоймагӕн радта журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уыди дзы статья сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй c. Уыцы сылгоймаг ын загъта: «Нӕ дӕ бауырндзӕн, фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ дыууӕ чызджы хъомыл кӕнынӕн баххуыс кӕна! Ӕмӕ мӕм дӕу ӕрбарвыста! Мӕ зӕрдӕ мын барӕвдыдтай, уымӕн ӕмӕ мӕ цы хъуыди, уый мын радтай». Сылгоймаг дӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Цасдӕры фӕстӕ ахуыр кӕнын райдыдта йӕ лӕг дӕр.
7 Цымӕ ӕрмӕст уыцы сылгоймагыл ӕрцыд ахӕм хабар? Нӕ. Ахӕм хабӕрттӕ афтӕ арӕх ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, ӕнӕуи афтӕ рауад. Уӕдӕ уый цӕуыл дзурӕг у? Фыццаг: Йегъовӕ хъусы, чи йӕ агуры, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ (1 Пад. 8:41–43; Пс. 65:2). Дыккаг: хъусын кӕныны хъуыддаджы нын ӕххуыс кӕнынц зӕдтӕ (Рарг. 14:6, 7).
Петр «хъуыды кодта» (Хъуыд. 10:9–23а)
8, 9. Хуыцау Петрӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы раргом кодта ӕмӕ Петр куыд бакодта?
8 Петр хӕдзары сӕр лӕугӕйӕ «уыцы цӕстылуайӕныл хъуыды кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ», ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрбахӕццӕ сты (Хъуыд. 10:17). Петр уый размӕ ӕртӕ хатты загъта, Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг чи нӕ уыд, ахӕм хӕринаг кӕй нӕ бахӕрдзӕн. Ӕмӕ цымӕ ныр уыцы лӕгтимӕ ацӕуыныл сразы уыдзӕн ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыцы адӕймаджы хӕдзармӕ бацӕудзӕн? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ цы кӕнын хъӕуы, уый йын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы раргом кодта. Загъта йын: «Дӕлӕ дӕ ӕртӕ лӕджы агурынц. Сыст, бынмӕ ныххиз ӕмӕ семӕ ацу, ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕз ӕрбарвыстон» (Хъуыд. 10:19, 20). Петр цӕстылуайӕны цы федта, уый фӕрцы йын ӕнцондӕр уыд сыгъдӕг тыхы разамындмӕ байхъусын.
9 Петр куы базыдта, Корнилий уыцы лӕгты Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрбарвыста, уӕд сӕ «мидӕмӕ бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта», кӕд дзуттӕгтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр (Хъуыд. 10:23а). Коммӕгӕс апостол Хуыцауы фӕндон цас хуыздӕр ӕмбӕрста, уыйас тынгдӕр ивта йӕ зондахаст.
10. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ фӕндон куыд ӕргом кӕны ӕмӕ нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?
10 Йегъовӕ абон дӕр йӕ адӕмӕн йӕ фӕндон сабыргай ӕргом кӕны (Ӕмб. 4:18). Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» (Матф. 24:45). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нын уыцы цагъар Хуыцауы Ныхасӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ бӕлвырддӕр бамбарын кӕны, кӕнӕ та нӕ организацийы цыдӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы. Уӕдӕ нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Уыцы ивындзинӕдтӕм цы цӕстӕй ракӕсын? Хуыцауы сыгъдӕг тых цы разамынд ратты, уымӕ байхъусын?»
Петр сын «загъта, цӕмӕй... донаргъуыд райсой» (Хъуыд. 10:23б–48)
11, 12. Петр Кесаримӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрста?
11 Петр цӕстылуайӕн куы федта, уӕд иннӕ бон араст Кесаримӕ. Йемӕ уыди фараст адӕймаджы – Корнилий кӕй арвыста, уыцы ӕртӕ лӕджы ӕмӕ Иоппийӕ «ӕхсӕз ӕфсымӕры», дзуттӕгтӕ (Хъуыд. 11:12). Корнили «йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕртты» ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ иууылдӕр Петрмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Се ’ппӕт дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй (Хъуыд. 10:24). Петр куы ’рхӕццӕ, уӕд сарӕзта, уый размӕ йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг: сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕймаджы хӕдзармӕ бацыд! Петр загъта: «Сымах хорз зонут, дзуттӕгтӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм хӕстӕг цӕуын кӕнӕ семӕ лымӕн кӕнын кӕй не ’мбӕлы. Фӕлӕ мын Хуыцау бамбарын кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр чъизи кӕнӕ ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайон» (Хъуыд. 10:28). Петр бамбӕрста, цы цӕстылуайӕн федта, уый, ныр алцыдӕр хӕрӕн кӕй ис, ӕрмӕст ууыл дзурӕг кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ йын Хуыцау бамбарын кодта, «иу адӕймаджы дӕр [ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уый дӕр] ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайа».
12 Корнилийы хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыдоны се ’ппӕты дӕр тынг фӕндыд базонын, Петр сын цы зӕгъинаг уыд, уый. «Мах ам не ’ппӕт дӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй фехъусӕм, Йегъовӕ Хуыцау дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, уый»,– бамбарын кодта Корнилий (Хъуыд. 10:33). Ахъуыды-ма кӕн, уацамынды дын исчи ахӕм ныхӕстӕ куы зӕгъид, уӕд дын куыд ӕхсызгон уаид! Петр йӕ ныхас райдыдта диссаджы ныхӕстӕй: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Петр бамбӕрста, Хуыцау кӕй нӕ кӕсы, адӕймаг цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕм. Стӕй Петр йӕ ныхас адарддӕр кодта ӕмӕ радзырдта, Чырысти зӕххыл куыд лӕггад кодта, куыд амард ӕмӕ куыд райгас, уый тыххӕй.
13, 14. а) Н. э. 36 азы Корнилий ӕмӕ ма ӕндӕр адӕмтӕй иннӕтӕ дӕр чырыстӕттӕ кӕй систы, уый цӕуыл дзурӕг уыд? б) Адӕймаг цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕм цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?
13 Уыцы рӕстӕг ӕрцыд, уӕдмӕ чи никуыма уыд, ахӕм хабар. «Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ» Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, «ӕндӕр адӕмтӕй» чи уыд, уыдон (Хъуыд. 10:44, 45). Фыстады ӕндӕр никуы ис фыст, исчи донаргъуыд райсыны размӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын, уый тыххӕй. Петр ацы хабарӕй бамбӕрста, уыцы адӕм Хуыцауы хорзӕх кӕй ссардтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ «загъта, цӕмӕй... донаргъуыд райстаиккой» (Хъуыд. 10:48). Н. э. 36 азы, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон чырыстӕттӕ кӕй систы, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмыл нымад нал уыдысты (Дан. 9:24–27). Петр ацы уавӕры спайда кодта «паддзахады дӕгъӕлтӕй» ӕртыккагӕй, фӕстаг дӕгъӕлӕй (Матф. 16:19). Уыцы дӕгъӕлӕй дуар байгом ӕндӕр адӕмтӕн, цӕмӕй уыдонӕй дӕр чидӕртӕ сӕрст чырыстӕттӕ суыдаиккой.
14 Мах дӕр хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕмӕ ӕмбарӕм, «Хуыцау [кӕй] никӕй хъулон кӕны» (Ром. 2:11). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм... фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Уӕдӕ мах хъуамӕ ма кӕсӕм адӕймагӕн йӕ уындмӕ ӕмӕ йӕ буары хуызмӕ, стӕй, цы адӕмыхаттӕй у ӕмӕ цы диныл хӕст у, уымӕ дӕр. Хуыцау нын бафӕдзӕхста йӕ Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын, ӕмӕ хъуамӕ хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр.
Хъуыд. 11:1–18)
Уыдон «ӕрсабыр сты, Хуыцауы скадджын кодтой» (15, 16. Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Петримӕ цӕмӕн быцӕу кодтой ӕмӕ сын Петр хабар куыд бамбарын кодта?
15 Петры куыннӕ фӕндыдаид Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон дӕр «Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты», уый тыххӕй ӕфсымӕртӕн радзурын. Фӕлӕ уыцы хабар йӕ разӕй фӕци. Ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд, «сунӕт кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдон йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонмӕ хӕдзармӕ цӕмӕн бацыдтӕ ӕмӕ семӕ иу фынгыл цӕмӕн бадтӕ, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 11:1–3). Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон уый ныхмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суой. Сӕ ныхас ууыл уыд, ӕмӕ, дам, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыдон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы Закъон ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыимӕ сунӕт скӕнын дӕр. Уӕдӕ бӕрӕг у, иуӕй-иутӕн зын кӕй уыд, Моисейы закъонӕн кӕрон кӕй ӕрцыд, уый бамбарын.
16 Петр сын хабар куыд бамбарын кодта? Хъуыддӕгты 11:4–16 куыд фыст ис, афтӕмӕй сын ӕрхаста, уыцы хъуыддаг Хуыцауы разамындӕй кӕй бакодта, уымӕн цыппар бӕлвырдгӕнӕны: 1) Хуыцау ын цӕстылуайӕн равдыста (4–10 стихтӕ); 2) сыгъдӕг тых ын загъта, афтӕ бакӕнын кӕй хъӕуы (11, 12 стихтӕ); 3) Корнилимӕ фӕзынд зӕд (13, 14 стихтӕ) ӕмӕ 4) ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты (15, 16 стихтӕ). Петр сӕм кӕронбӕттӕны ахӕм фарста радта, ӕмӕ йемӕ ма сразы уыдаиккой, уый гӕнӕн нӕ уыд. Загъта сын: «Уӕдӕ кӕд Хуыцау уыцы адӕмӕн дӕр [ома, ӕндӕр адӕмтӕй чи баууӕндыд, уыдонӕн] бахай кодта, махӕн [ома дзуттӕгтӕн], Хицау Йесо Чырыстийыл чи баууӕндыд, уыдонӕн, цы стыр лӕварӕй бахай кодта, уымӕй [ома сыгъдӕг тыхӕй], уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууыдаин?» (Хъуыд. 11:17).
17, 18. а) Петры бӕлвырдгӕнӕнтӕ, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны хъуыдытыл куыд бафтыдтой? б) Ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы ӕмӕ нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?
17 Петры бӕлвырдгӕнӕнтӕ, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны хъуыдытыл бафтыдтой. Цымӕ ныр куыд бакӕндзысты: ӕндӕр адӕмтӕм дарддӕр ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсдзысты ӕви, уыцы адӕмтӕй донаргъуыд чи райста, уыдоны се ’мчырыстӕттыл банымайдзысты? Мах кӕсӕм: «[Апостолтӕ ӕмӕ, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон] уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, Хуыцауы скадджын кодтой ӕмӕ загътой: „Уӕдӕ Хуыцау ӕндӕр адӕмтӕн дӕр радта фадат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ цӕрой“» (Хъуыд. 11:18). Уыцы хъуыддагмӕ се ’ппӕт дӕр раст цӕстӕй кӕй ракастысты, уый фӕрцы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕдтой.
18 Абон дӕр алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Рарг. 7:9). Бирӕ ӕмбырдты фенӕн ис, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, алыхуызон уавӕрты чи схъомыл ӕмӕ сӕ культурӕ алыхуызон кӕмӕн у, ахӕм адӕмы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Мыййаг ма хъулон митӕ кӕнын, ӕви уыцы ӕвзӕр миниуӕг мӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стыдтон? Ацы дунейы зондахастӕй мӕхи хизын? Кӕд дунейы адӕм афтӕ фӕзӕгъынц, уымӕн йӕ буар сау у, уый та цъындцӕст у, зӕгъгӕ, кӕнӕ фӕхъуыды кӕнынц, сӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕй хуыздӕр кӕй нӕй, стӕй сӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй йе та сӕ мыггаг иннӕ мыггӕгтӕй хуыздӕр кӕй у, уӕддӕр ӕз мӕхицӕн фидарӕй аскъуыддзаг кодтон, мӕ чырыстон ӕфсымӕртӕм ахӕм цӕстӕй кӕй нӕ кӕсдзынӕн?» Ӕрхъуыды-ма кӕн, ӕндӕр адӕмтӕй фыццӕгтӕ чырыстӕттӕ куы систы, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Петрыл (Кифӕйыл) цы хабар ӕрцыд, уый. Иннӕтӕм кӕсгӕйӕ Петр дӕр, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй «йӕхи иуварс айста» ӕмӕ сӕм «хӕстӕг нал цыди», ӕмӕ йын Павел уый тыххӕй бауайдзӕф кодта (Гал. 2:11–14). Уӕдӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй ацы къӕппӕджы ма бахауӕм.
«Тынг бирӕ адӕм баууӕндыдысты Хицауыл» (Хъуыд. 11:19–26а)
19. Антиохийы, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон кӕмӕн райдыдтой хъусын кӕнын ӕмӕ сын цы бантыст?
19 Цымӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕн хъусын кӕнын райдыдтой? Дӕ хъус-ма ӕрдар, фӕстӕдӕр Сирийы Антиохийы цы ’рцыд, уымӕ d. Уыцы горӕты бирӕ дзуттӕгтӕ цард. Фӕлӕ Антиохийы цӕрӕг дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ тынг ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кастысты. Уымӕ гӕсгӕ ацы горӕт хорз бынат уыд ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кӕнынӕн. Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон, «грекъагау чи дзырдта, уыцы адӕмӕн» хорз хабар хъусын кӕнын ацы горӕты райдыдтой (Хъуыд. 11:20). Уыдон ӕрмӕст, грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕн нӕ хъусын кодтой, фӕлӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕн дӕр. Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм баууӕндыдысты Хицауыл» (Хъуыд. 11:21).
20, 21. Варнавӕ бонзонгӕ кӕй уыд, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон куыд у бафӕзмын?
20 Антиохийы хуымтӕ кӕрдынмӕ кӕй сцӕттӕ сты, уымӕ гӕсгӕ Иерусалимы ӕфсымӕртӕ Варнавӕйы уырдӕм арвыстой. Фӕлӕ хорз хабармӕ уыйбӕрц адӕм хъуыста, ӕмӕ сыл иу адӕймаг ницы хуызы аххӕссыдаид. Уыцы хъуыддаджы Савлӕй хуыздӕр чи баххуыс кодтаид? Уый сси апостол, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕн хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15; Ром. 1:5). Мыййаг, Варнавӕ тарсти, Савл куы ’рцӕуа, уӕд ын мӕнӕй фылдӕр бантысдзӕн, зӕгъгӕ? Ӕппындӕр нӕ. Варнавӕ бонзонгӕ разынд. Йӕхӕдӕг Тарсмӕ ацыд, Савлы ссардта ӕмӕ йӕ Антиохимӕ ӕркодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Уым иумӕ фесты ӕнӕхъӕн афӕдз, ӕмӕ ӕмбырды ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой (Хъуыд. 11:22–26а).
21 Махӕн дӕр нӕ бон куыд у хъусын кӕныны хъуыддаджы, бонзонгӕ кӕй стӕм, уый равдисын? Бонзонгӕ адӕймаг ӕмбары, йӕ бон алцы кӕй нӕу. Махӕн нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ курдиӕттӕ ӕмхуызон не сты. Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр хорз уайы, фадат куы фӕзыны, уӕд хъусын кӕнын кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын, фӕлӕ йын ӕнцон нӕу адӕймагмӕ дыккаг хатт бацӕуын кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Кӕд дӕ дӕ лӕггады исты фӕхуыздӕр кӕнын фӕнды, уӕд хорз уаид, искӕмӕн куы зӕгъис, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Афтӕ куы кӕнай, уӕд арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕндзынӕ ӕмӕ дын дӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн (1 Кор. 9:26).
«Ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтой» (Хъуыд. 11:26б–30)
22, 23. Антиохийы чырыстӕттӕ куыд равдыстой, се ’мчырыстӕтты ӕфсымӕртау кӕй уарзтой, уый ӕмӕ сӕ абон дӕр Хуыцауы адӕм куыд бафӕзмынц?
22 Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «Хуыцауы фӕндӕй ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыд. 11:26б). Уыцы ном хорз фидауы, Чырысти куыд цард, афтӕ чи цӕры, уыдоныл. Цымӕ ныр, ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон кӕрӕдзиимӕ ӕфсымӕртау цӕрдзысты? Ӕркӕсӕм, н. э. 46 азмӕ ’ввахс тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд цы ’рцыд, уымӕ e. Ахӕм заманты-иу тынгдӕр мӕгуыртӕ фӕтыхстысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕм нӕдӕр ӕхца уыди, нӕдӕр хойраг. Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ уыдысты мӕгуыр ӕмӕ, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд тынг хъуаг ӕййӕфтой. Гъемӕ Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ – уыимӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон дӕр – уый куы базыдтой, уӕд сӕ алчидӕр, йӕ бон цас уыд, уыйас радта ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн «баххуыс кодтой» (Хъуыд. 11:29). Куыд хорз равдыстой, кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр ӕфсымӕртау кӕй уарзтой, уый!
23 Абон дӕр Хуыцауы адӕм кӕрӕдзийӕн афтӕ баххуыс кӕнынц. Ӕндӕр бӕстӕты кӕнӕ, кӕм цӕрӕм, уым ӕфсымӕртӕ тыхст уавӕры куы бахауынц, уӕд сын ӕнӕзивӕгӕй баххуыс кӕнӕм. Искуы ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, зӕгъӕм, тыхдымгӕ куы сысты, зӕххӕнкъуыст куы вӕййы кӕнӕ цунами куы рацӕуы, уӕд филиалты комитеттӕ уайтагъд саразынц бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг комитет, цӕмӕй, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной. Афтӕмӕй равдисӕм, ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:34, 35; 1 Иоан. 3:17).
24. Куыд у нӕ бон равдисын, Петр цы цӕстылуайӕн федта, уымӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис, уый кӕй ӕмбарӕм?
24 Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, ӕмбарӕм, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Иоппийы иу хӕдзары сӕр Петр цы цӕстылуайӕн федта, уымӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис. Мах лӕггад кӕнӕм, ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмхуызон цӕстӕй чи кӕсы, уыцы Хуыцауӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, стӕй хъӕздыг уа ӕви мӕгуыр, уӕддӕр. Цӕй уӕдӕ нӕм чи хъусы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр фадат дӕттӕм, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой (Ром. 10:11–13).
a Цармы куыст чи кодта, ахӕм адӕммӕ дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты, уымӕн ӕмӕ-иу уыдон архайдтой фосы мӕрдтимӕ ӕмӕ сӕ цӕрмттимӕ. Стӕй-иу царм цӕттӕ кӕнынӕн пайда кодтой куыдзы фаджысӕй. Ахӕм куыст чи кодта, уыдонӕн не ’мбӕлд кувӕндонмӕ цӕуын, стӕй сӕ кусӕнбынат дӕр горӕтмӕ 50 ӕлмӕринӕй, кӕнӕ 22 метрӕй, хӕстӕгдӕр хъуамӕ ма уыдаид. Уӕдӕ Симоны хӕдзар «денджызы был» дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй уыд (Хъуыд. 10:6).
b Кӕс рамкӕ « Корнилий ӕмӕ Ромы ӕфсад».
c Статья хуыйны «Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уынаффӕтӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн» ӕмӕ ис 2006 азы 1 ноябры номыры 4–7 фӕрстыл.
d Кӕс рамкӕ « Сирийы Антиохи».
e Рагон дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд ныффыста, афтӕмӕй «тынг ӕххормаг рӕстӕг» скодта, Ромы паддзах Клавдий куы уыд, уӕд (н. э. 41–54 азтӕ).