Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 СӔР

«Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»

«Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»

Павел куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта

Арӕзт у Хъуыддӕгты 20:1–38

1–3. а) Радзур, Евтих куыд амард, уый тыххӕй. б) Павел цы сарӕзта ӕмӕ нын уыцы хабар Павелы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

 ПАВЕЛ ис Троадӕйы иу хӕдзары уӕллаг уаты. Уыцы уаты адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕй. Павел ӕфсымӕртимӕ ныхас кӕнынӕй нал ӕфсӕды, уымӕн ӕмӕ ныр семӕ фӕстаг изӕр ис. У ӕмбисӕхсӕв. Уаты судзы бирӕ цырӕгътӕ ӕмӕ дзы уый тыххӕй у ӕнуд, сулӕфӕнтӕ дзы нӕй. Иу рудзынгыл бады ӕрыгон лӕппу, Евтих, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Павел куыд ныхас кӕны, афтӕ Евтих афынӕй ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд.

2 Лука дохтыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕддӕмӕ фыццаг уый разгъордта, цӕмӕй йӕ федтаид, куыд у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма йӕ цы бамбарын хъуыди – Евтих «амард» (Хъуыд. 20:9). Фӕлӕ дарддӕр ӕрцыд диссаг. Павел лӕппуйыл ныддӕлгоммӕ ис ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕрсабыр ут, ӕгас у». Павел Евтихы цардмӕ раздӕхта! (Хъуыд. 20:10).

3 Ацы хабар хорз ӕвдисы, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хъомысджын у, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Евтих Павелы аххосӕй нӕ амард. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ фӕндыди, цӕмӕй Евтихы мӕлӕты тыххӕй уыцы фембӕлд хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн фенад уыдаид кӕнӕ уыцы хабар искӕмӕн къуылымпыйы хос суыдаид. Павел Евтихы кӕй райгас кодта, уый ӕмбырдӕн ӕрхаста стыр циндзинад ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой. Бӕрӕг у, Павел иннӕты цардӕн тынг кӕй аргъ кодта. Ацы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны йӕ ныхӕстӕ: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн» (Хъуыд. 20:26). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы хъуыддаджы нын Павел фӕзминаг куыд у, уымӕ.

«Араст Македонимӕ» (Хъуыд. 20:1, 2)

4. Павел цавӕр бӕллӕхы бахауд?

4 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Павел стыр бӕллӕхы бахауд. Ефесы кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй ӕнӕхъӕн горӕт базмӕлыди. Ӕвзисты куыстгӕнджытӕ адӕмы сызмӕстой, уымӕн ӕмӕ ӕхца куыстой, адӕм Артемидӕйӕн кӕй куывтой, уый фӕрцы. «Адӕм куы ’рсабыр сты,– кӕсӕм Хъуыддӕгты 20:1,– уӕд Павел ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафидар кодта, стӕй сын хӕрзбон загъта ӕмӕ араст Македонимӕ».

5, 6. а) Павел Македонийы цас фӕци ӕмӕ уымы ӕфсымӕртӕн цӕмӕй баххуыс кодта? б) Павел йе ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй касти?

5 Македонимӕ фӕндагыл Павел ӕрлӕууыд наулӕууӕн горӕт Троадӕйы ӕмӕ дзы иуцасдӕр фӕци. Уымӕй размӕ Титы Коринфмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ ныр ныфс уыди, уым кӕй фембӕлдзысты (2 Кор. 2:12, 13). Фӕлӕ Тит кӕй не ’рцӕудзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд Македонимӕ ацыд. Уым ӕрдӕг афӕдзы бӕрц фӕци ӕмӕ «ахуыргӕнинӕгты бирӕ хорз ныхӕстӕй фидар кодта» a (Хъуыд. 20:2). Ӕппынфӕстаг ӕм Тит Македонийы ӕрбаиу ӕмӕ йын ӕхсызгон хабар ӕрбахаста. Радзырдта йын, коринфӕгтӕ йын йӕ фыццаг фыстӕг сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый тыххӕй (2 Кор. 7:5–7). Ӕмӕ уӕд Павел сфӕнд кодта ноджыдӕр ма сӕм иу фыстӕг ныффыссын. Абон нӕ Библиты уый у 2 Коринфӕгтӕм.

6 Павел Ефесы ӕмӕ Македонийы ӕфсымӕрты куыд бабӕрӕг кодта, уый тыххӕй фысгӕйӕ Лука пайда кӕны ахӕм дзырдтӕй, «бафидар кодта» ӕмӕ «фидар кодта», зӕгъгӕ. Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, Павел йе ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй касти, уый! Павел фарисейты хуызӕн нӕ уыди. Уыдон хуымӕтӕг адӕмыл былысчъилтӕ кодтой. Павел та йе ’фсымӕрты нымадта йе ’мкусджытыл (Иоан. 7:47–49; 1 Кор. 3:9). Ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй каст, карз уайдзӕф бакӕнын-иу сын куы хъуыди, уӕд дӕр (2 Кор. 2:4).

7. Чырыстон цӕстдарджытӕн сӕ бон куыд у Павелы фӕзмын?

7 Абон ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ районон цӕстдарджытӕ дӕр фӕзмынц Павелы. Искӕмӕн бауайдзӕф кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр сӕ нысан уый вӕййы, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕной ӕмӕ йӕ бафидар кӕной. Цӕстдарджытӕ ууыл нӕ фӕархайынц, цӕмӕй адӕймаджы бафхӕрой, фӕлӕ йӕ цӕмӕй бамбарой ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Бирӕ азты дӕргъы районон цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ фылдӕры фӕнды, раст цы у, уый аразын, фӕлӕ царды зындзинӕдты тыххӕй сӕхимӕ ныхъхъусынц, цӕмӕйдӕр фӕтӕрсынц ӕмӕ, куыд кӕной, уый дӕр нал фӕзонынц». Цӕстдарджытӕ ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн свӕййынц ныфсы хос (Дзут. 12:12, 13).

«Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд... скодтой» (Хъуыд. 20:3, 4)

8, 9. а) Павелы пълӕнттӕ цӕмӕн фӕивтой ӕмӕ Сиримӕ цӕуылнӕуал ацыд? б) Дзуттӕгтӕн Павелмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕмӕн цыди?

8 Македонийӕ Павел ацыд Коринфмӕ b. Уым фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ ныр йӕ зӕрды уыд Кенхреймӕ ацӕуын, уырдыгӕй та науыл – Сиримӕ. Афтӕмӕй Сирийӕ йӕ бон уыдаид Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы ӕфсымӕртӕм ӕххуыс фӕхӕццӕ кӕнын c (Хъуыд. 24:17; Ром. 15:25, 26). Фӕлӕ цыдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕртты тыххӕй Павелӕн йӕ пълӕнттӕ фӕивтой. Хъуыддӕгты 20:3 кӕсӕм: «Дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд... скодтой».

9 Дзуттӕгтӕн Павелмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс кӕй цыди, уым диссагӕй ницы ис. Уыдон Павелы нымадтой, раст дин чи ныууагъта, ахӕм адӕймагыл. Уымӕй размӕ Коринфы куы хъусын кодта, уӕд чырыстон дин райста Крисп – уыцы горӕты ӕмбырдгӕнӕны хицау (Хъуыд. 18:7, 8; 1 Кор. 1:14). Ӕндӕр хатт та Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтӕ Павелы ӕрбакодтой Ахайы хицау Галлионы размӕ ӕмӕ йӕ аххосджын кодтой. Фӕлӕ сын Галлион сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардта, уымӕн ӕмӕ цы дзырдтой, уый йӕм раст нӕ фӕкаст. Ӕмӕ уӕд Павелы знӕгтӕ бынтондӕр сӕрра сты (Хъуыд. 18:12–17). Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдтой, кӕнӕ та йӕ ӕмбӕрстой, Павел тагъд уырдӕм хӕстӕг горӕт Кенхреймӕ кӕй хъуамӕ ацыдаид ӕмӕ уым науыл кӕй хъуамӕ сбадтаид. Ӕмӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой – хъуамӕ йӕ уым ӕрцахстаиккой. Ахӕм уавӕры Павел куыд бакодта?

10. Павел Кенхрейы уылты кӕй нал ацыд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхицӕн фӕтарсти? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Цӕмӕй Павел йӕхи дӕр фыдбылызӕй бахызтаид ӕмӕ йын йӕ бар цы ӕхцатӕ бакодтой, уыдон дӕр бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый тыххӕй аскъуыддзаг кодта, Кенхреймӕ кӕй нал ацӕудзӕн, фӕлӕ фӕстӕмӕ Македонийыл кӕй аздӕхдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕндӕгтыл дӕр-иу бирӕ цӕмӕйдӕрты уыди тӕссаг. Рагон фӕндӕгтӕ-иу йедзаг уыдысты абырджытӕй. Суанг-иу уазӕгдзӕрӕнты дӕр ӕдас нӕ уыд. Фӕлӕ Кенхрейы дзуттӕгты къухмӕ бахауыны бӕсты Павел равзӕрста йӕ фӕндаг сурзӕххыл акӕнын. Хуыцауӕн бузныг, ӕмӕ иунӕгӕй нӕ ацыд. Йемӕ уыдысты Аристарх, Гай, Секунд, Сосипатр, Тимофей, Тихик ӕмӕ Трофим (Хъуыд. 20:3, 4).

11. Абон чырыстӕттӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сӕхи фыдбылызӕй куыд бахизынц ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йесо фӕзминаг куыд у?

11 Абон дӕр чырыстӕттӕ хъусын кӕнынмӕ куы вӕййынц, уӕд Павелау фӕархайынц, цӕмӕй сӕхи, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фыдбылызӕй бахизой. Зӕгъӕм, иуӕй-иу рӕтты хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц къордтӕй, кӕнӕ та ӕппынкъаддӕр дыууӕйӕ, иунӕгӕй нӕ, фӕлӕ. Нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд та куыд бакӕнӕм? Мах ӕй ӕмбарӕм, чырыстӕттӕй иу дӕр уымӕй хызт кӕй нӕу (Иоан. 15:20; 2 Тим. 3:12). Фӕлӕ нӕхи барӕй тӕссаг уавӕры не ’ппарӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы цӕвиттоныл. Иухатт Иерусалимы йӕ ныхмӕлӕуджытӕ дуртӕ фелвӕстой ӕмӕ йыл сӕ цӕвынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ «Йесо фӕаууон ӕмӕ кувӕндонӕй рацыд» (Иоан. 8:59). Фӕстӕдӕр та йӕ дзуттӕгтӕ марынвӕнд куы скодтой, уӕд се ’хсӕн «ӕргом нал цыди, фӕлӕ ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг» (Иоан. 11:54). Йесо архайдта, цӕмӕй-иу йӕхи, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фыдбылызӕй бахызтаид, кӕд-иу уый, Хуыцау ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй рарвыста, уый ныхмӕ нӕ уыд, уӕд. Ӕмӕ абон чырыстӕттӕ дӕр афтӕ кӕнынц (Матф. 10:16).

«Тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:5–12)

12, 13. а) Евтих кӕй райгас, уыцы хабар ӕмбырдыл куыд фӕзынд? б) Адӕймагӕн йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд ӕй цавӕр ныфс бафидар кӕны?

12 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Македонийыл иумӕ ахызтысты ӕмӕ стӕй цыбыр рӕстӕгмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Стӕй та, ӕвӕццӕгӕн, Троадӕйы фӕстӕмӕ баиу сты d. Мах кӕсӕм: «Троадӕмӕ [сӕм] фондз бонмӕ ныххӕццӕ стӕм» e (Хъуыд. 20:6). Ӕмӕ ам ӕрцыд, ацы сӕры райдианы цы хабары кой кодтам, уый – Павел Евтихы райгас кодта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ӕфсымӕртӕ се ’мбал Евтихы ногӕй удӕгасӕй куы федтой, уӕд куыд кодтаиккой! Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр «тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:12).

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон Хуыцау ахӕм диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ кӕд нӕ хиуӕттӕй исчи амӕлы, уӕддӕр «фӕцин кӕнӕм», уымӕн ӕмӕ нын Библи фидар ныфс ӕвӕры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты (Иоан. 5:28, 29). Ахъуыды-ма кӕн: Евтих ӕнӕххӕст адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уӕддӕр ӕппынфӕстаг амарди (Ром. 6:23). Хуыцауы сконд ног дунейы чи райгас уа, уыдонӕн та сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын! Ноджы диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уа, уыдон куы райгас вӕййынц, уӕд сын Хуыцау ратты ӕнӕмӕлгӕ цард (1 Кор. 15:51–53). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр – сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, уыдон дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – «тынг цин кӕнынц», цы диссаджы ныфс сын ис, ууыл (Иоан. 10:16).

«Адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» (Хъуыд. 20:13–24)

14. Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ Милеты куы фембӕлд, уӕд сын цы загъта?

14 Троадӕйӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ацыдысты Ассмӕ, уырдыгӕй та – Митиленӕмӕ, стӕй – Хиосмӕ, Самосмӕ ӕмӕ Милетмӕ. Павелӕн йӕ зӕрды уыд цыфӕндыйӕ дӕр Фӕндзайӕм бонмӕ Иерусалиммӕ бафтын. Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, Ефесы уылты чи нӕ цыд, ахӕм науыл дӕр уый тыххӕй сбадт, ӕмӕ Иерусалиммӕ Фӕндзайӕм бонмӕ тагъд кодта. Фӕлӕ йӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын кӕй фӕндыди, уымӕ гӕсгӕ сӕм арвыста, Милетмӕ мӕм ӕрцӕут, зӕгъгӕ (Хъуыд. 20:13–17). Ӕмӕ йӕм куы ’рцыдысты, уӕд сын Павел загъта: «Сымах ӕй зонут, Азимӕ цы бон ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уе ’хсӕн куыд цардтӕн, уый. Хуыцауӕн цагъарау лӕггад кодтон тынг сӕрныллӕгӕй ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ, стӕй-иу дзуттӕгты фыдвӕндты тыххӕй фыдӕвзарӕнты бахаудтӕн. Ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – пайда уын цы уыди, уый уын дзырдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр. Дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр бӕстон ӕмбарын кодтон, кӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕной, Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ раздӕхой ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл кӕй хъуамӕ баууӕндой» (Хъуыд. 20:18–21).

15. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый цавӕр пайда хӕссы?

15 Абон дӕр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн алыхуызон фадӕттӕ ис. Павелау мах дӕр фӕхъусын кӕнӕм, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты: базарты, автобустӕ кӕм фӕлӕууынц, ахӕм рӕтты ӕмӕ, адӕм ӕмызмӕлд кӕм фӕкӕнынц, ахӕм уынгты. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар сӕйраджыдӕр хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис ӕмхуызон фадат, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕдзухдӕр хъусой, ӕмӕ уый та дзурӕг у, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, ууыл. Уый руаджы ма нӕ бон вӕййы, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй чи цӕуыл тыхсы, уый фенын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма уый стыр пайда у, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ чи хъусын кӕны, уыдонӕн сӕхицӕн дӕр. Уый фӕрцы фидарӕй-фидардӕр кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад тыхджындӕр кӕны. О, абон ӕцӕг чырыстӕтты иууылдӕр зонынц, «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй.

16, 17. Павел кӕй ницӕмӕй тарст, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ абон чырыстӕттӕ куыд фӕзмынц?

16 Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бамбарын кодта, Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕха, уӕд ӕм уым цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зоны. «Фӕлӕ мӕм мӕ цард нымады дӕр нӕу,– загъта сын Павел,– ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын» (Хъуыд. 20:24). Павел ницӕмӕй тарст. Кӕд йе ’нӕниздзинад бынтон хорз нӕ уыди ӕмӕ кӕд йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр уый бар никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн радта, цӕмӕй йӕ Хуыцауы хъуыддаг сӕххӕст кӕнынӕй бакъуылымпы кодтаид.

17 Абон дӕр чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Кӕмдӕрты нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕны ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ фӕдыл фӕзилынц. Бирӕтӕ та тох кӕнынц, бонӕй-бонмӕ сын сӕ хъарутӕ чи исы, ахӕм низтимӕ – буары низтимӕ ӕмӕ нервыты низтимӕ дӕр. Нӕ кӕстӕрты та алы бон дӕр хъӕуы скъолайы сӕхи се ’мгӕртты зондахастӕй хизын. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр Павелау фидар лӕууынц. Уыдоны тынг фӕнды «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын».

«Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр» (Хъуыд. 20:25–38)

18. Павел адӕмы тугӕй сыгъдӕг цӕй фӕрцы уыди ӕмӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон куыд уыди уыцы хъуыддаджы Павелы бафӕзмын?

18 Уый фӕстӕ Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, йӕхи цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ, комкоммӕ уынаффӕ радта. Фыццаг уал сын загъта, зӕгъгӕ мӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕстаг хатт уынут. Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – хъусын уын кодтон, Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый». Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд уыди Павелы бафӕзмын, цӕмӕй уыдон дӕр иннӕты тугӕй сыгъдӕг уыдаиккой? Павел сын ӕй бамбарын кодта: «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыд. 20:26–28). Бафӕдзӕхста сӕ, зӕгъгӕ, дзуджы ’хсӕнмӕ бахъуыздзӕн «тугдзых бирӕгътӕ» ӕмӕ «рӕстдзинад... зыгъуыммӕ кӕндзысты, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной». Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы кӕнгӕ уыд? Павел сын ныффӕдзӕхста: «Къӕрцхъус ут ӕмӕ ма рох кӕнут, ӕртӕ азы дӕргъы уӕ ӕз алкӕй дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыг калгӕйӕ ӕдзух раст зондыл кӕй арӕзтон» (Хъуыд. 20:29–31).

19. Раст дин чи ныууагъта, уыдон фыццаг ӕнусы кӕрон куыд сбирӕ сты ӕмӕ уый фӕстӕдӕр ӕнусты цӕмӕ ’ркодта?

19 Уыцы «тугдзых бирӕгътӕ» фӕзындысты фыццаг ӕнусы кӕрон. Н. э. 98 азмӕ ’ввахс апостол Иоанн ныффыста: «Ныр дӕр Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ фӕзынд... Уыдон уыдысты не ’хсӕн, фӕлӕ махӕй ацыдысты, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ баззадаиккой» (1 Иоан. 2:18, 19). Бирӕтӕ раст дин кӕй ныууагътой, уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ ӕртыккаг ӕнусы чырыстон дины фӕзынд сауджынтӕ ӕмӕ уыдон сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын райдыдтой. Цыппӕрӕм ӕнусы та Ромы паддзах Константин уыцы мӕнг «чырыстон дин» скодта паддзахадон дин. Дины разамонджытӕ цыдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕрбайстой, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонӕй ӕмӕ сӕ «чырыстон ӕгъдӕуттӕ» схуыдтой ӕмӕ афтӕмӕй «рӕстдзинад зыгъуыммӕ кодтой». Ӕмӕ абоны онг дӕр чырыстон динтӕ йедзаг сты уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй.

20, 21. Павел ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

20 Павел тынг хицӕн кодта, фӕстӕдӕр дзуджы хардзӕй чи цард, уыдонӕй. Павел йӕхи къухтӕй фыдӕбон кодта, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ ӕмбырдӕн уаргъ ма уыдаид. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ уыдон та хъуамӕ цух мацӕмӕй уадзой. Ӕмӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ лӕггад кодтаиккой. Загъта сын: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:35).

21 Павелау абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц. «Хуыцауы дзуг хизын» кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уыдон чырыстон аргъуанты сауджынтау сӕ дзуджы фысты царм не стигъынц. Уыдон уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнынц, цӕмӕй сӕхицӕн исты пайда райсой. Сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадмондаг чи у, уыдонӕн чырыстон ӕмбырды бынат нӕй, уымӕн ӕмӕ, «йӕхицӕн кад [чи] агуры», уыдон, абон уа, райсом уа,– рӕстдзинады фӕндагӕй ахаудзысты (Ӕмб. 25:27). Йӕхиуыл чи фервӕссы, ахӕм адӕймаг йӕхи цы фегад кӕны, ӕндӕр дзы ницы рамбулы (Ӕмб. 11:2).

«Иууылдӕр тынг ныккуыдтой» (Хъуыддӕгтӕ 20:37)

22. Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы цӕмӕн уарзтой?

22 Павел ӕфсымӕрты тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр уарзтой. Кӕрӕдзийӕн сын хӕрзбон зӕгъыны афон куы ’рцыд, уӕд «иууылдӕр тынг ныккуыдтой ӕмӕ Павелӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодтой» (Хъуыд. 20:37, 38). Абон дӕр Павелау Хуыцауы дзуджы тыххӕй йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ исбон чи не ’вгъау кӕны ӕмӕ йӕхицӕн чи ницы агуры, уыдонӕн чырыстӕттӕ тынг аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ уарзынц. Уӕдӕ ныр, Павелы диссаджы цӕвиттонмӕ куы ’ркастыстӕм, уӕд цы хъуыды кӕныс йӕ ныхӕсты тыххӕй, «ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн», зӕгъгӕ? Разы нӕ дӕ, йӕхицӕй кӕй не ’ппӕлыд, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр цы уыди, уый кӕй загъта? (Хъуыд. 20:26).

b Ӕвӕццӕгӕн, Павел Коринфы ацы хатт куы уыд, уӕд ныффыста йӕ Фыстӕг ромӕгтӕм.

d Хъуыддӕгты 20:5, 6 Лука йӕхи кой дӕр кӕй кӕны, уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Павел цасдӕр рӕстӕг Филиппты ныууагъта ӕмӕ та ныр фӕстӕмӕ уым баиу сты (Хъуыд. 16:10–17, 40).

e Филипптӕй Троадӕмӕ цыдысты фондз боны. Афтӕ бирӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бахъуыдысты, ӕмӕ сын дымгӕтӕ сӕ къух нӕ арӕзтой. Уымӕй размӕ сын ахӕм балцыл дыууӕ боны йеддӕмӕ нӕ ацыд (Хъуыд. 16:11).