20 СӔР
«Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр
Цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цыдаид, уый тыххӕй Аполлос ӕмӕ Павел цы арӕзтой
Арӕзт у Хъуыддӕгты 18:23–19:41
1, 2. а) Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Ефесы цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты? б) Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
ЕФЕСЫ уынгтӕ хъӕр-хъӕлӕбайӕ байдзаг сты. Адӕм иууылдӕр кӕдӕмдӕр лидзынц. Горӕты змӕстытӕ райдыдтой! Знӕт адӕм, апостол Павелимӕ цы дыууӕ ӕфсымӕры ис, уыдоны ӕрцахстой ӕмӕ сӕ сӕ фӕдыл фӕласынц. Уӕйгӕнджытӕй йедзаг цы фӕтӕн уынг вӕййы, уым цъиуызмӕлӕг дӕр нал ис. Иууылдӕр гуылф кӕнынц, 25 000 адӕймаджы кӕм цӕуы, уыцы амфитеатрмӕ. Адӕмӕн сӕ фылдӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, цы ’рцыди, уый, фӕлӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕмӕйдӕр тӕссаг у сӕ кувӕндонӕн ӕмӕ, стыр кад кӕмӕн кӕнынц, уыцы ус-хуыцау Артемидӕйӕн дӕр. Ӕмӕ сӕ хъӕрӕй нал ӕнцайынц: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» (Хъуыд. 19:34).
2 Ногӕй та йӕ уынӕм, Сайтан хъусын кӕныны хъуыддаг бауромынӕн кӕй пайда кӕны, адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ куы сызнӕт вӕййынц, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтан ӕрмӕст уымӕй нӕ пайда кӕны. Ацы сӕры ма аныхас кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ лӕггадӕн ӕмӕ сӕ иудзинадӕн ноджыдӕр цавӕр цӕлхдуртӕ ӕвӕрдта, ууыл. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр та фендзыстӕм, йӕ фыдвӕндтӕй кӕй ницы рауад – Йегъовӕйы ныхасӕн ахӕм тых уыди, ӕмӕ «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:20). Уыцы чырыстӕттӕ Хӕйрӕгыл цӕй фӕрцы уӕлахиз кодтой? Абон ыл мах цӕй фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм, уый фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах уӕлахиз нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйы уӕлахиз. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ, нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый аразӕм. Цӕмӕй нӕ лӕггад кӕронмӕ сӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы бӕлвырд миниуджытӕ, ӕмӕ уыцы миниуджытыл нӕ бон кусын у Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уӕдӕ уал ӕркӕсӕм Аполлосы цӕвиттонмӕ.
Хъуыд. 18:24–28)
Уый «хорз зыдта Фыстад» (3, 4. Аполлос цы нӕ зыдта ӕмӕ уый фенгӕйӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ цы сарӕзтой?
3 Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Ефесмӕ фӕндагыл куы уыди, уӕд уыцы горӕтмӕ ӕрцыд иу дзуттаг, Аполлос, зӕгъгӕ. Уый уыд Египеты зындгонд горӕт Александрийӕ. Аполлосмӕ уыд диссаджы курдиӕттӕ. Дзурынмӕ тынг хорз арӕхст, стӕй «хорз зыдта Фыстад» дӕр. Уымӕй уӕлдай ма «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ удӕй арт уагъта». Йӕ зӕрдӕйы зынг афтӕ сыгъди, ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕны дзуттӕгты раз ныфсджынӕй дзырдта (Хъуыд. 18:24, 25).
4 Аполлос куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыстой Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр. Аполлос адӕмы «ахуыр кодта Йесойы тыххӕй. Ӕмӕ, цы дзырдта, уый уыди раст». Уыцы чырыстон бинонтӕн уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр бамбӕрстой, Аполлос иу ахсджиаг хъуыддаг кӕй нӕ зоны. Уый зыдта «ӕрмӕстдӕр, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыды тыххӕй». Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ кӕд хуымӕтӕг цатырхуыйджытӕ уыдысты, уӕддӕр афтӕ нӕ ахъуыды кодтой, ацы дзырдарӕхст ӕмӕ ахуыргонд адӕймагӕн мах цы хъуамӕ бацамонӕм, зӕгъгӕ. Уыдон ӕй «семӕ ракодтой ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтой» (Хъуыд. 18:25, 26). Цымӕ сӕм уыцы дзырдарӕхст, ахуыргонд лӕг цы цӕстӕй ракаст? Куыд зыны, афтӕмӕй Аполлос равдыста сӕрныллӕгдзинад – алы чырыстоны дӕр цы ахсджиаг миниуджытыл хъӕуы кусын, уыдонӕй иу.
5, 6. Аполлос Хуыцауӕн ӕнтыстджындӕрӕй лӕггад кӕнын цӕй фӕрцы райдыдта ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
5 Аполлос Акилӕмӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ бон сси Йегъовӕйӕн ноджы ӕнтыстджындӕрӕй лӕггад кӕнын. Уый ацыд Ахаймӕ ӕмӕ уым чырыстӕттӕн «тынг баххуыс кодта». Уымӕй уӕлдай ма арӕхстджынӕй ныхас кодта, уым цӕрӕг дзуттӕгтӕй афтӕ чи дзырдта, Йесо Мессийӕ нӕу, зӕгъгӕ, уыдонимӕ. Лука фыссы: «Фидарӕй дзырдта ӕмӕ, дзуттӕгты ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый адӕмы раз бӕлвырд кодта – Фыстадӕй ӕвдыста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уый» (Хъуыд. 18:27, 28). Цӕй стыр ӕххуыс уыди Аполлос ӕмбырдтӕн! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ «Йегъовӕйы ныхас» йӕ лӕггады фӕрцы дӕр уӕлахиз кодта. Аполлосы цӕвиттонӕй мах та цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
6 Чырыстӕтты ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинадыл кусын. Хуыцау нӕ алкӕй дӕр цӕмӕйдӕр схайджын кодта. Зӕгъӕм, алкӕмӕ дӕр нӕ ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ, царды цӕуылдӕр сахуыр стӕм кӕнӕ цыдӕртӕ базыдтам. Фӕлӕ уыдӕттӕй тынгдӕр та хъуамӕ бӕрӕг дарӕм сӕрныллӕгдзинадӕй. Кӕннод нӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдон нӕ бабын кӕндзысты. Сӕрныллӕг куы нӕ уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уидаг ауадздзӕн, маргджын кӕрдӕгӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы миниуӕг – сӕрбӕрзондзинад (1 Кор. 4:7; Иак. 4:6). Ӕцӕг сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд та алкӕддӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм (Фил. 2:3). Исчи нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамона, уӕд мӕсты нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ нын зонд куы амоной, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕз уынаффӕхъуаг нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ бафиппайӕм, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы нӕ хъуыды хицӕн кӕны, Хуыцауы сыгъдӕг тых абон цы разамынд дӕтты, уымӕй, уӕд нӕ сӕрбӕрзонддзинад нӕ бакуырм кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ нӕ дзурдзыстӕм, мӕ хъуыды растдӕр у, зӕгъгӕ. Уӕдӕ цалынмӕ сӕрныллӕг уӕм, уӕдмӕ Йегъовӕйы къухы ӕмӕ йӕ Фырты къухы уыдзыстӕм хъӕугӕ мигӕнӕнтӕ (Лук. 1:51, 52).
7. Павел ӕмӕ нын Аполлос сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй фӕзминаг куыд сты?
7 Сӕрныллӕгдзинад ма нӕ хъахъхъӕны кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕнынӕй дӕр, ӕз фылдӕр аразын, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Сайтаны куыд тынг фӕндыдаид фыццаг ӕнусы чырыстӕтты къордтыл ныддихтӕ кӕнын! Аполлос ӕмӕ апостол Павел сӕ дыууӕ дӕр уыдысты зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ. Ӕмӕ Хӕйрӕджы цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдаид, фырхӕлӕгӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суыдаиккой ӕмӕ сӕ ӕмбырдты стырдӕр кад кӕмӕн уыдзӕн, ууыл тох кӕнын куы райдыдтаиккой, уӕд. Афтӕ бакӕнын та сын зын нӕ уыдаид. Коринфы чырыстӕттӕй чидӕртӕ райдыдтой дзурын, «ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», чидӕртӕ та – «ӕз Аполлосы», зӕгъгӕ. Цымӕ Павел ӕмӕ Аполлос хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ахӕм зондыл сӕхӕдӕг арӕзтой? Ницы хуызы! Павел уыди сӕрныллӕг ӕмӕ ӕргом дзырдта, Аполлос хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ кӕй арӕзта, уый ӕмӕ йын йӕ бӕрны бирӕ кадджын хӕстӕ кодта. Аполлос та ӕнӕзивӕгӕй арӕзта, Павел ын цы дзырдта, уый (1 Кор. 1:10–12; 3:6, 9; Тит. 3:12, 13). Ӕвӕдза, цӕй хорз цӕвиттон нын равдыстой, иумӕ сӕрныллӕгӕй куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕн!
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста» (Хъуыд. 18:23; 19:1–10)
8. Павел Ефесмӕ кӕуылты ӕрыздӕхт ӕмӕ ахӕм фӕндаг цӕмӕн равзӕрста?
8 Павел загъта, Ефесмӕ кӕй ӕрыздӕхдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау разынд a (Хъуыд. 18:20, 21). Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, куыд ӕрыздӕхт, уымӕ. Фӕстаг хатт ӕй федтам Сирийы Антиохийы. Цӕмӕй уырдыгӕй Ефесмӕ бахӕццӕ уыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди хӕстӕгдӕр горӕт Селевкимӕ бацӕуын, уым науыл сбадын ӕмӕ денджызыл комкоммӕ Ефесмӕ ацӕуын. Фӕлӕ Павел ацыд, «денджызӕй дард чи уыди, уыцы фӕндагыл». Куыд банымадтой, афтӕмӕй фӕцыд 1 600 километры бӕрц! Уый бӕрӕг у Хъуыддӕгты чиныджы 18:23 ӕмӕ 19:1 стихӕй. Цымӕ ахӕм зын фӕндаг цӕмӕн равзӕрста? Йӕ нысан уыд «ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр фидар кӕнын» (Хъуыд. 18:23). Фыццаг дыууӕ уацамындон балцы куыд уыди, афтӕ ацы хатт дӕр бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кодта. Абон районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ устытӕ дӕр сӕ лӕггадмӕ раст ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Уӕдӕ сӕ сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ удуӕлдай лӕггады тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм!
9. Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгты донаргъуыд райсын ногӕй цӕмӕн хъуыди ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракастысты, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
9 Павел Ефесмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд дзы ссардта Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй 12 адӕймаджы. Уыдон райстой, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыд, фӕлӕ ныр уыцы донаргъуыд йӕ тыхы нал уыд. Стӕй, куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы у, уый тыххӕй дӕр бирӕ ницы зыдтой кӕнӕ та бынтондӕр ницы зыдтой. Гъемӕ сын Павел дӕр бамбарын кодта, Йесойы номӕй донаргъуыд райсын цӕмӕн хъӕуы, уый, ӕмӕ Аполлосау уыдон дӕр сӕрныллӕг разындысты ӕмӕ цӕттӕ уыдысты ахуыр кӕнынмӕ. Йесойы номыл донаргъуыд куы райстой, уӕд схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ диссаджы курдиӕттӕй. Уӕдӕ Йегъовӕйы организацийӕ фӕстейӕ куы нӕ зайӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (Хъуыд. 19:1–7).
10. Павел ӕмбырдгӕнӕнӕй скъоламӕ цӕмӕн рацыд ӕмӕ уыцы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у?
10 Йегъовӕйы организаци размӕ кӕй цыди, уый ма цасдӕры фӕстӕ рабӕрӕг ӕндӕр хабарӕй дӕр. Павел ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбырдгӕнӕны ныфсджынӕй хъусын кодта. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста», уӕддӕр ӕм чи хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Чырыстон «Фӕндаг кӕй фаудтой», уымӕ гӕсгӕ Павел дӕр йӕ рӕстӕг уыдоныл нал хардз кодта, фӕлӕ хъусын кӕнын райдыдта «Тиранны скъолайы» (Хъуыд. 19:8, 9). Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны хъуыди ӕмбырдгӕнӕнӕй уыцы скъоламӕ рацӕуын. Абон дӕр уацамынды немӕ исчи куы быцӕу кӕна кӕнӕ нӕм куы нӕ хъуса, уӕд нӕ бон у, Павел куыд бакодта, афтӕ бакӕнын – уыцы адӕймаджы ныууадзын. Зӕххыл нырма бирӕ ис, цы диссаджы ныфсы тыххӕй хъусын кӕнӕм, уый базонын кӕй фӕнды, ахӕм фысау сабыр адӕм.
11, 12. а) Павел йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? б) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнгӕйӕ Павелау куыд архайынц?
11 Павел, ӕвӕццӕгӕн, уыцы скъолайы алы бон дӕр хъусын кодта райсомы 11 сахатӕй суанг фӕссихор 4 сахатмӕ. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 19:9 стихмӕ, nwtsty-E.) Уыцы афон-иу уыд ӕппӕты сабырдӕр, фӕлӕ ӕппӕты тӕвддӕр рӕстӕг. Бирӕтӕ-иу сӕ куыст фӕуагътой, цӕмӕй-иу сихор бахордтаиккой ӕмӕ-иу сӕ фӕллад суагътаиккой. Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Павел дыууӕ азы дӕргъы афтӕ хъусын кодта, уӕд ӕдӕппӕтӕй хъусын кодтаид 3 000 сахатӕй фылдӕр, ома мӕй 125 сахаты b. Уӕдӕ Йегъовӕйы ныхас уый фӕрцы дӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта. Павел йӕхиуыл нӕ ауӕрста ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ архайдта. Хъусын кӕнынӕн-иу равзӕрста, адӕм-иу сӕрибардӕр кӕд уыдысты, уыцы рӕстӕг. Уый фӕрцы йын цы бантыст? «Азийы адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 19:10). Павел уыцы адӕмӕн хорз хабар ӕцӕгдӕр бӕстон фехъусын кодта!
12 Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕархайынц. Адӕмимӕ фӕныхас кӕнӕм кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр. Фӕхъусын сын кӕнӕм уынгты, базарты ӕмӕ, машинӕтӕ кӕм фӕлӕууынц, ахӕм бынӕтты. Адӕмимӕ ма фӕныхас кӕнӕм телефонӕй кӕнӕ сӕм фыстӕджытӕ дӕр ныффыссӕм. Стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр фӕхъусын кӕнӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕдзары куы вӕййынц, уыцы рӕстӕг.
«Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд дӕлимонтӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр (Хъуыд. 19:11–22)
13, 14. а) Йегъовӕ Павелӕн цавӕр тых радта? б) Скевӕйы фырттӕ цӕмӕй рӕдыдысты ӕмӕ абон дӕр чырыстон динтыл хӕст адӕм цӕмӕй рӕдийынц?
13 Лука куыд фыссы, афтӕмӕй Павелӕн Йегъовӕ ахӕм тых лӕвӕрдта, цӕмӕй «ӕнахуыр стыр диссӕгтӕ» арӕзтаид, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ лӕггад стыр тыллӕг ӕрхаста. Суанг-иу ын йӕ къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ йӕ раздарӕнтӕ дӕр рынчын адӕммӕ куы бахастой, уӕд-иу сдзӕбӕх сты, стӕй-иу дӕлимонтӕ дӕр адӕмӕй рацыдысты c (Хъуыд. 19:11, 12). Хӕйрӕджытӕ-иу састы бынаты кӕй баззадысты, уый адӕмы дисы ӕфтыдта, фӕлӕ, хабар цӕй мидӕг уыд, уый алчи раст не ’мбӕрста.
14 «Алы рӕтты чи рацу-бацу кодта ӕмӕ хӕйрӕджыты чи сырдта, уыцы дзуттӕгтӕй» дӕр чидӕртӕ архайдтой, Павел цы диссӕгтӕ арӕзта, ахӕм диссӕгтӕ аразыныл. Иуӕй-иутӕ сӕ фӕлвӕрдтой Йесойы ӕмӕ Павелы номӕй хӕйрӕджыты сурын. Лука фыссы, зӕгъгӕ, сауджынты хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы Скевӕйы авд фырты дӕр дӕлимоны расурынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ сын дӕлимон загъта: «Йесойы зонын, стӕй Павелы дӕр, фӕлӕ сымах та чи стут?» Уый фӕстӕ, дӕлимон кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг хъӕддаг сырдау уыцы фӕлитойтыл йӕхи ныццавта, ӕмӕ уыдон дӕр бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй лидзынмӕ фесты (Хъуыд. 19:13–16). Ацы хабарӕй дӕр ирдӕй зыны, «Йегъовӕйы ныхас» куыд уӕлахиз кодта, уый. Алчидӕр федта, Хуыцау Павелӕн стыр тых кӕй лӕвӕрдта, мӕнг диныл хӕст чи уыд, уыдонӕн та сӕ бон кӕй ницы уыди. Абон дӕр милуангай адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, Чырыстийы ном ссарай кӕнӕ дӕхи чырыстон хонай, уый дӕр фаг у. Фӕлӕ Йесо загъта, йӕ Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн кӕй ис фидӕнӕй ӕцӕг ныфс (Матф. 7:21–23).
15. Хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтыл ӕмӕ дзауматыл дзырд куы цӕуа, уӕд нӕ бон куыд у ефесӕгты бафӕзмын?
15 Скевӕйы фырттӕ кӕй фӕхудинаг сты, уый адӕм куы базыдтой, уӕд се ’ппӕты дӕр Хуыцауы тас бацыд. Ӕмӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Ефес йедзаг уыд ахӕм хъуыддӕгтӕй. Адӕм иууылдӕр кодтой хинтӕ, уыди сӕм дӕсныты дзауматӕ ӕмӕ дӕсныты чингуытӕ дӕр. Фӕлӕ ныр ефесӕгтӕй бирӕтӕ сфӕнд кодтой сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басудзын, кӕд сӕ аргъ абоны ӕхцатӕй дӕсгай мин доллӕртӕ уыди, уӕддӕр d. Лука фыссы: «Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:17–20). Уӕдӕ та ацы хабар дӕр куыд хорз равдыста, рӕстдзинад бирӕ уӕлдӕр кӕй у мӕнгдзинадӕй ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй! Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм махӕн дӕр фӕзминаг сты. Абон дӕр дуне йедзаг у хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Нӕ хӕдзары ахӕм дзауматӕй исты куы ссарӕм, уӕд сӕ мах дӕр хъуамӕ ефесӕгтау уайтагъд фесафӕм. Цӕй уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй, цыфӕнды зын нын ма уа, уӕддӕр.
«Адӕм тынг сызмӕстой» (Хъуыд. 19:23–41)
16, 17. а) Радзур, Димитрий Ефесы змӕнтын куыд райдыдта, уый тыххӕй. б) Ефесӕгтӕ сӕ дины сӕрыл тохгӕнгӕйӕ куыд сызнӕт сты?
16 Ныр та аныхас кӕнӕм, Хӕйрӕг ма ноджыдӕр цавӕр мадзалӕй спайда кодта, ууыл. Лука фыссы, зӕгъгӕ, «ацы Фӕндаджы тыххӕй адӕм тынг сызмӕстой». Ацы ныхӕстӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Лука уыцы хабар ӕгӕр ныддиссаг кодта e (Хъуыд. 19:23). Уыцы рӕстӕг ӕвзисты куыстгӕнӕг, Димитрий, зӕгъгӕ, адӕмы змӕнтын райдыдта. Ӕвзисты куыст кӕимӕ кодта, уыдонӕн уал фыццаг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕ кӕй уӕй кӕнынц, уымӕй кӕй схъӕздыг сты. Стӕй сын сӕ хъусты бацагъта, зӕгъгӕ, Павел цытӕ дзуры, уый тыххӕй нӕ куыст нал цӕудзӕн ӕмӕ нӕм уыйбӕрц ӕхца нал хаудзӕн, уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ кувынц. Димитрий хорз зыдта, уыцы адӕм буц кӕй уыдысты, Ефесы кӕй цардысты, уымӕй, стӕй сӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл кӕй нымадтой, ӕмӕ уымӕй спайда кодта. Бафӕдзӕхста сӕ, зӕгъгӕ, дарддӕр афтӕ куы ахӕсса, уӕд тӕссаг у, уӕ хуыцау Артемидӕ ӕмӕ, ӕгас дунейы дӕр йӕ кад кӕмӕн нӕры, уыцы кувӕндон куы «фесӕфа», уымӕй (Хъуыд. 19:24–27).
17 Димитрийы ныхӕстӕ сӕ куыст бакодтой. Ӕвзисты куыстгӕнджытӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» Ӕмӕ, ацы сӕры райдианы куыд кастыстӕм, афтӕ горӕт иууылдӕр хъӕр-хъӕлӕба сси ӕмӕ знӕт адӕмӕн бауромӕн нал уыд f. Павел уыди удуӕлдай лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыд амфитеатрмӕ ацӕуын ӕмӕ адӕмимӕ аныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ ауагътой, дӕхи фыдбылызы ма ӕппар, зӕгъгӕ. Уӕд адӕмы разы ӕрлӕууыд иу лӕг, Алыксандр, зӕгъгӕ, ӕмӕ афӕлвӕрдта семӕ аныхас кӕнын. Алыксандр дзуттаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, дзуттӕгтӕн уыцы чырыстӕттимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый. Фӕлӕ адӕмы йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕн хъуыдысты. Дзуттаг кӕй у, уый куы бамбӕрстой, уӕд ахӕм хъӕр систой, ӕмӕ йӕ хъусгӕ дӕр ничиуал кодта. Уыдон дыууӕ сахаты бӕрц хъӕр кодтой: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» Абон дӕр ницы фӕивта. Дины сӕрыл чи фӕтох кӕны, уыдон адӕмы бынтондӕр сӕрра кӕнынц (Хъуыд. 19:28–34).
18, 19. а) Горӕты сӕргълӕууӕг куыд ӕрсабыр кодта, чи сызмӕста, уыцы адӕмы? б) Ацы дунейы бартӕ кӕй къухы ис, уыдон Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл куыд рахӕцынц ӕмӕ уыцы хъуыддаджы махӕй та цы кӕнгӕ у?
18 Фӕстагмӕ горӕты сӕргълӕууӕг адӕмы ӕрсабыр кодта. Уыцы ӕмбаргӕ хицау адӕмӕн бамбарын кодта, чырыстӕттӕ сӕ кувӕндонӕн дӕр ӕмӕ сӕ ус-хуыцауӕн дӕр тӕссаг кӕй ницӕмӕй сты ӕмӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Артемидӕйы кувӕндонӕн кӕй ницы зиан ракодтой, стӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй нӕ скъуыддзаг кӕнынц. Ӕмӕ уыцы змӕсты тыххӕй Ромы куы базоной, уӕд сӕ хабар хорз кӕй нӕ уыдзӕн, уый сын сӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кодта, уӕд сӕм йӕ ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр бахъардтой. Гъемӕ йӕ ныхас куы загъта, уӕд адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста. Уыцы лӕджы зондджын ныхӕстӕ сӕ нысаныл сӕмбӕлдысты – адӕмӕн сӕ маст куыд тагъд ссыгъд, хуысгӕ дӕр афтӕ тагъд акодта (Хъуыд. 19:35–41).
19 Ахӕм уӕззаузонд хицау Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты сӕрыл фыццаг хатт уӕд нӕ рахӕцыд, стӕй ахӕм хабар фӕстаг хатт дӕр нӕ уыди. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, фӕстаг бонты зӕхх кӕй аныхъуырдта гуылфгӕнгӕ дон. Зӕхх ӕвдисы, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы ис ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст чи у, уыдоны, дон та – Хӕйрӕг Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕры, уый (Рарг. 12:15, 16). Ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн абон ӕцӕгдӕр ӕххӕст кӕны. Арӕх ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ бахъахъхъӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа иумӕ сӕрибарӕй ӕмбырд кӕнын ӕмӕ хорз хабар иннӕтӕн хъусын кӕнын. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы нӕхицӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ у. Куыд зыны, афтӕмӕй, Павел иннӕтимӕ уӕздан кӕй уыд, уый фӕрцы йӕм хицӕуттӕй чидӕртӕ хорз зӕрдӕ дардтой ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фыдбылызӕй бахъахъхъӕдтаиккой (Хъуыд. 19:31). Уӕдӕ, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонимӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕм уыдон дӕр хорз зӕрдӕ дардзысты. Мах ӕй нӕ зонӕм, нӕ хорз ӕгъдау нын кӕд ӕмӕ кӕм феххуыс уыдзӕн.
20. а) Йегъовӕйы ныхас фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ абон дӕр куыд уӕлахиз кӕны, уый тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? б) Йегъовӕйы ныхас нӕ рӕстӕджы кӕй уӕлахиз кӕны, уымӕ гӕсгӕ дӕм цы фӕнд ис?
20 Куыд федтам, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», ӕмӕ нын уый у стыр ныфсы хос. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм куыд уӕлахиз кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕ ныфсыл ныфс ӕфты. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы дӕ фыдӕбоны хай дӕр уа, цыфӕнды гыццыл куы уа, уӕддӕр? Кӕд о, уӕд, цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй ахуыр кӕн. Дарддӕр дӕр у сӕрныллӕг, Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цу, дӕхиуыл ма ауӕрд ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз. Стӕй адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕн ӕмӕ сын аргъ кӕн, цӕмӕй сын цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ хорз цӕстӕй ракӕсой.
a Кӕс рамкӕ « Ефес – Азийы сӕйраг горӕт».
b Павел ма Ефесы ныффыста 1 Коринфӕгтӕм дӕр.
c Чи зоны, къухмӕрзӕнтӕ Павелы хъуыдысты, цӕмӕй-иу сӕ йӕ ныхыл абастаид ӕмӕ йӕ хид йӕ цӕстытыл ма калдаид. Раздарӕнты кой дзы кӕй цӕуы, уый та, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу сӕрибар рӕстӕг, чи зоны, райсомӕй раджы, цатыртӕ хуыдта (Хъуыд. 20:34, 35).
d Лука куыд фыссы, афтӕмӕй сӕ аргъ уыди 50 000 ӕвзист ӕхцайы. Кӕд динарты кой кодта, уӕд уыйбӕрц ӕхца бакусынӕн уӕды рӕстӕджы адӕймаджы кусын бахъуыдаид 50 000 боны, ома 137 азы бӕрц, уымӕй дӕр, къуыри авд боны куы куыстаид, уӕд.
e Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел коринфӕгтӕм куы фыста, «удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм», зӕгъгӕ, уӕд кодта ацы хабары кой (2 Кор. 1:8). Фӕлӕ, чи зоны, Павел ноджы тӕссагдӕр уавӕры кой дӕр кодта. Афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, «Ефесы хъӕддаг сырдтимӕ... тох кодтон», уӕд, чи зоны, аренӕмӕ йӕ знӕт сырдтимӕ хӕцынмӕ кӕй ракодтой кӕнӕ та адӕм йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый кой кодта (1 Кор. 15:32). Йӕ ныхӕстӕ йын бамбарӕн ис афтӕ дӕр, ӕмӕ афтӕ дӕр.
f Ӕрмгуыстгӕнджытӕ-иу куы баиу сты, уӕд-иу сӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыди. Зӕгъӕм, иу ӕнус фӕстӕдӕр Ефесы афтӕ сызмӕстой дзулгӕнджытӕ дӕр.