Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

«Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

«Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

Апостолты хъуыддӕгты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы ӕмӕ мах рӕстӕгмӕ куыд хауы

1–6. Радзур, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алыхуызон уавӕрты куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй.

 ГАНӔЙЫ иу ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Ребеккӕ, зӕгъгӕ, хъусын кодта скъолайы. Йемӕ-иу алы хатт дӕр ахаста, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Урокты ’хсӕн-иу фадат агуырдта, цӕмӕй-иу йе ’мкъласӕгтимӕ аныхас кодтаид. Уый фӕрцы сӕ цалдӕримӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

2 Африкӕйӕ скӕсӕнырдӕм, Мадагаскары сакъадахыл, дыууӕ пионеры цыдысты, дард чи ис, иу ахӕм хъӕумӕ. Судзгӕ хуры сӕ фистӕгӕй цӕуын хъуыд 25 километры. Уым цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кодтой.

3 Парагвайы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сарӕзтой, 45 тоннӕйы кӕм цӕуы, ахӕм нау. Ӕххуыс сын кодтой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ 15 бӕстӕйӕ. Сарӕзтой йӕ, цӕмӕй, цӕугӕдӕттӕ Парагвай ӕмӕ Паранайы алыварс цы адӕм цӕры, уыдонӕн хъусын кодтаиккой. Науыл бынат уыд 12 адӕймагӕн. Афтӕмӕй зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ хорз хабар хастой, раздӕр сӕ бон кӕдӕм нӕ уыд ацӕуын, уыцы рӕттӕм.

4 Дард Цӕгаты, Аляскӕйы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрды фӕзынд диссаджы фадат туристтӕн хъусын кӕнынӕн. Куы фӕхъармдӕр, уӕд уыцы бынӕттӕ фенынмӕ наутыл ӕрцыд бирӕ туристтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ наулӕууӕнты лӕууыдысты ӕмӕ стендтыл равӕрдтой литературӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл. Уыцы бӕстӕйы ма хъусын кӕнынӕн стыр ӕххуыс уыд самолет дӕр. Уый фӕрцы хъусынгӕнджытӕ цыдысты дард хъӕутӕм ӕмӕ хъусын кодтой, уымыты цы гыццыл адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдонӕн: алеуттӕн, атабасктӕн, цимшиантӕн ӕмӕ тлинкиттӕн.

5 Техасы (АИШ) не ’фсымӕр Ларри цард, рынчынтӕм кӕм кӕсынц, ахӕм хӕдзары ӕмӕ хъусын дӕр уым кодта. Аварийы кӕй бахауд, уый тыххӕй йӕ бон цӕуын нал уыд ӕмӕ ӕдзух коляскӕйы уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сафта – иннӕтимӕ-иу ныхас кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Дзырдта-иу сын, Библийы фӕрцы йын цы ныфс ис, уый тыххӕй – Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн разамынд куы дӕтта, уӕд фӕстӕмӕ йӕ къӕхтыл кӕй слӕудзӕн (Ис. 35:5, 6).

6 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Мандалайӕ науыл цыдысты конгресмӕ Мьянмӕйы цӕгат хаймӕ. Фӕндагыл уыдысты ӕртӕ боны. Хъусын кӕнын сӕ тынг кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ семӕ рахастой нӕ литературӕ ӕмӕ йӕ лӕвӕрдтой, семӕ иумӕ науыл чи цыд, уыцы адӕмӕн. Нау-иу исты горӕты кӕнӕ хъӕуы куы ӕрлӕууыд, уӕд-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ рахызтысты, уым цӕрӕг адӕмыл-иу тагъд азылдысты ӕмӕ-иу сын литературӕ ныууагътой. Уӕдмӕ-иу наумӕ ӕндӕр чидӕртӕ схызти, ӕмӕ-иу хъусынгӕнджытӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд та-иу уыдонӕн хъусын кодтой.

7. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ нысан цы у?

7 Ацы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр «бӕстон [кӕй] хъусын кӕнынц Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Хъуыд. 28:23). Уыдон хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уынгты, телефонӕй ӕмӕ писмотӕ фӕфыссынц. Искуыдӕм автобусыл цӕугӕйӕ, парчы улӕфгӕйӕ кӕнӕ та куысты сихорафон – алы хатт дӕр фӕагурынц фадат, цӕмӕй иннӕтимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй аныхас кӕной. Кӕд алыхуызӕтты фӕхъусын кӕнынц, уӕддӕр сӕ нысан иу у – адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын, кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр (Матф. 10:11).

8, 9. а) Хъусын кӕныны хъуыддаг куыд парахат кӕны, уый диссаг цӕмӕн у? б) Цавӕр фарста ӕвзӕры ӕмӕ йын дзуапп кӕцӕй базондзыстӕм?

8 Абон 235 бӕстӕйӕ фылдӕры ис бирӕ хъусынгӕнджытӕ. Нӕ зынаргъ чиныгкӕсӕг, ды дӕр хъусынгӕнӕг дӕ? Кӕд о, уӕд, Паддзахады хъуыддаг кӕй парахат кӕны, уым ис дӕ фыдӕбоны хай дӕр! Уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕт дунейы цы бантыст, уый диссаг куыннӕ у. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, кӕд сӕ хицауад хъусын кӕнын нӕ фӕуадзы ӕмӕ сӕ карзӕй фефхӕрынц, уӕддӕр ӕппӕт адӕмтӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнынц.

9 Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ архайы, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕй фӕрцы цӕуы? Уый тыххӕй нӕ ӕркӕсын хъӕуы фыццаг ӕнусы хабӕрттӕм, уымӕн ӕмӕ, абон мах цы хъуыддаджы архайӕм, уый уӕд райдыдта.

Ахсджиаг хӕслӕвӕрд

10. Чырысти йӕ цард цӕмӕн снывонд кодта ӕмӕ цы ӕмбӕрста?

10 Чырыстон ӕмбырды Бындурӕвӕрӕг Йесо Чырысти йӕ цард ӕгасӕй дӕр снывонд кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн, уымӕй ахсджиагдӕр ын ницы уыд. Иухатт йӕхӕдӕг загъта: «[Мӕн] хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Чырысти ӕмбӕрста, цы хъуыддаг райдыдта, уый йӕхӕдӕг кӕронмӕ кӕй нӕ ахӕццӕ кӕндзӕн. Йӕ мӕлӕты размӕ загъта, Хуыцауы Паддзахады хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (Мар. 13:10). Фӕлӕ ацы хъуыддаг чи хъуамӕ кодтаид ӕмӕ куыд?

«Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 28:19)

11. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ сын зӕрдӕ цавӕр ӕххуысӕй бавӕрдта?

11 Йесо куы амард ӕмӕ стӕй куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Ацы ныхӕстӕ, ӕз уыдзынӕн уемӕ, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ сын хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы йӕхӕдӕг кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕ ахӕм ӕххуыс хъӕугӕ дӕр ӕнӕмӕнг кодта, уымӕн ӕмӕ Чырысти загъта, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр сӕ се сӕфт кӕй уындзысты (Матф. 24:9). Стӕй ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта ӕндӕр ӕххуысӕй дӕр. Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ сын загъта, сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын уыдзысты, цӕмӕй йын ӕвдисӕнтӕ уой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).

12. Цавӕр ахсджиаг фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ сын дзуапп зонын цӕмӕн хъӕуы?

12 Ныр та ахъуыды кӕнӕм ахӕм ахсджиаг фарстатыл: «Цымӕ Чырыстийы апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбӕрстой, уыцы хӕслӕвӕрд куыд ахсджиаг у, уый? Цымӕ уыцы чырыстӕтты гыццыл къорд карз ӕфхӕрд куы ӕййӕфта, уӕд дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кодта? Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы сын Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти, стӕй сыгъдӕг тых ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодтой?» Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм фарстатӕн дзуапп ис Библийы, Хъуыддӕгты чиныджы. Ӕмӕ сын дзуапп зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цы хъуыддаг сын бахӕс кодта, уый кӕй ахӕсдзӕн, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ». Уӕдӕ уыцы хӕслӕвӕрд хауы ӕцӕг чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, ӕмӕ махмӕ дӕр, фӕстаг бонты чи цӕры, уыдонмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах фӕнды, Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын.

Хъуыддӕгты чиныгмӕ цыбыртӕй ӕркӕсӕм

13, 14. а) Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста ӕмӕ, цы хабӕртты кой кӕны, уыдон кӕцӕй базыдта? б) Хъуыддӕгты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы?

13 Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста? Чиныджы уый никуы ис фыст, фӕлӕ цы ныхӕстӕй райдайы, уыдонӕй бӕрӕг у, Хъуыддӕгты чиныг ӕмӕ Лукайы чиныг иу адӕймаг кӕй ныффыста (Лук. 1:1–4; Хъуыд. 1:1, 2). Уӕдӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Лука – дохтыр ӕмӕ, хабӕрттӕ бӕлвырд чи фыста, уыцы историк – нымад у, Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста, уыцы адӕймагыл (Кол. 4:14). Чиныджы дзырд цӕуы, 28 азы дӕргъы, ома н. э. 33 азӕй н. э. 61 азмӕ (Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕдӕй, цалынмӕ апостол Павел ахӕстоны уыд, уӕдмӕ), цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл. Лука уыцы хабӕрттӕ фысгӕйӕ йӕхи кой дӕр кӕй кӕны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ йӕхи цӕстӕй федта (Хъуыд. 16:8–10; 20:5; 27:1). Лука алцыдӕр бӕстон иртӕста, ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, цы хабӕрттӕ ныффыста, уыдон йӕхӕдӕг кӕй базыдта Павелӕй, Варнавӕйӕ, Филиппӕй ӕмӕ ма йӕ чиныджы ноджыдӕр кӕй кой кӕны, уыдонӕй.

14 Хъуыддӕгты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы? Уый размӕ Лука йӕ Евангелийы ныффыста, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй. Хъуыддӕгты чиныджы та фыст ис, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цы дзырдтой ӕмӕ цы арӕзтой, уый тыххӕй. Уӕдӕ ацы чиныджы дзырд цӕуы, ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмыл нымад чи уыд, фӕлӕ стыр куыст чи кодта, уыцы адӕмы тыххӕй (Хъуыд. 4:13). Иудзырдӕй, Хуыцауы фӕндӕй дзы фыст ӕрцыд, чырыстон ӕмбырд куыд фӕзынд ӕмӕ куыд рӕзыд, стӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд хъусын кодтой ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кастысты, уыдӕтты тыххӕй (Хъуыд. 4:31; 5:42). Ӕмбарын нын кӕны, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын куыд ӕххуыс кодта хъусын кӕныны хъуыддаджы (Хъуыд. 8:29, 39, 40; 13:1–3; 16:6; 18:24, 25). Хъуыддӕгты чиныджы ирдӕй зыны Библийы сӕйраг хъуыды: дзырд дзы цӕуы Хуыцау, йӕ Паддзах Йесо Чырысти кӕмӕн у, уыцы Паддзахады фӕрцы йӕ ном кӕй срухс кӕндзӕн. Стӕй ма нын дзуры, Паддзахады хабар куыд парахат кодта, кӕд чырыстӕтты ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр (Хъуыд. 8:12; 19:8; 28:30, 31).

15. Хъуыддӕгты чиныг нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

15 Уӕдӕ Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис тынг цымыдисаг хабӕрттӕ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕндзысты. Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ куыд ныфсджын ӕмӕ зынгзӕрдӕ уыдысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕтӕ бацагайдзӕн, ӕмӕ мах дӕр бафӕнддзӕн сӕ уырнындзинад бафӕзмын. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон ноджы хуыздӕр уыдзӕн нӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын – «ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын». Ацы чиныг дын баххуыс кӕндзӕн Хъуыддӕгты чиныг лӕмбынӕг иртасынӕн.

Библи ахуыр кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы чиныг

16. Ацы чиныгӕн йӕ нысан цы у?

16 Ацы чиныгӕн йӕ нысан цы у? Баххуыс нын кӕндзӕн ӕртӕ хъуыддаджы: 1) цӕмӕй тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы кӕй ӕххуыс кӕны хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы, 2) цӕмӕй нӕ, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цӕвиттоныл хъуыды кӕнгӕйӕ, бафӕнда ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнын, ӕмӕ 3) цӕмӕй ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы организацийӕн, стӕй, хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕн.

17, 18. Ацы чиныг куыд арӕзт у ӕмӕ дзы Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕр ӕрмӕг ис?

17 Ацы чиныг куыд арӕзт у? Ис дзы аст хайы ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр ныхас цӕуы Хъуыддӕгты чиныгӕй иу скъуыддзагыл. Стихтӕ дзы фӕд-фӕдыл ӕвзӕрст нӕ цӕуынц. Фӕлӕ нын не ’ргом здахы, Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй зондӕн райсӕн цы ис ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕй куыд ис нӕ лӕггады спайда кӕнӕн, уымӕ. Алы сӕры райдианы дӕр фыст ис, дзырд дзы цӕуыл цӕудзӕн ӕмӕ дзы Хъуыддӕгты чиныгӕй кӕцы стихтӕ ӕвзӕрст цӕудзысты, уый.

18 Чиныджы ма ис, дӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дын стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Зӕгъӕм, ис дзы рӕсугъд нывтӕ, ӕмӕ дын уыдоны фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн, Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Ис ма дзы, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кӕм ис, ахӕм рамкӕтӕ. Иуӕй-иу рамкӕты дзырд цӕуы, Библийы кӕй кой ис ӕмӕ нын йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Иннӕ рамкӕтӕй та фылдӕр базонӕн ис, Хъуыддӕгты чиныджы цы бынӕттӕ, хабӕрттӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕймӕгты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй.

Дӕ участокы ӕвӕстиатӕй хъусын кӕн

19. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

19 Ацы чиныг дын баххуыс кӕндзӕн дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн. Бирӕ азты дӕргъы хъусын кӕныс ӕви ӕрӕджы райдыдтай, уӕддӕр хорз уаид, рӕстӕгӕй-рӕсӕгмӕ-иу куы ахъуыды кӕнис, дӕ царды дын сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ дӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл (2 Кор. 13:5). Ахъуыды кӕн: «Ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын?» (1 Кор. 7:29–31). «Хорз хабар фидарӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын?» (1 Фес. 1:5, 6). «Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын?» (Кол. 3:23).

20, 21. Нӕ хӕслӕвӕрд ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр цы хъӕуы аразын?

20 Нӕ зӕрдыл алкӕддӕр дарӕм, Чырысти нын ахсджиаг хӕслӕвӕрд кӕй радта – хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ацы хъуыддаг кӕнын хъӕуы ӕвӕстиатӕй. Уыйбӕрц адӕмы цард абон куыд тӕссаг уавӕры ис, афтӕ никуыма уыд. Мах ӕй нӕ зонӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕм ма цас разындзӕн, уый (Хъуыд. 13:48). Фӕлӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (1 Тим. 4:16).

21 Уӕдӕ мах хъӕуы, Паддзахады хабар фыццаг ӕнусы зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кодта, уыдоны фӕзмын. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дын ацы чиныг баххуыс кӕна ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ ноджы ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн. Цӕй уӕдӕ дӕ зӕрдӕйы зынг ноджы тынгдӕр ссудзӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр «бӕстон... хъусын кӕн Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Хъуыд. 28:23).