Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

Уыдонмӕ «ахуырдзинад нӕй» ӕмӕ сты «хуымӕтӕг адӕм»

Уыдонмӕ «ахуырдзинад нӕй» ӕмӕ сты «хуымӕтӕг адӕм»

Апостолтӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ арфӕ кодта

Арӕзт у Хъуыддӕгты 3:1–5:11

1, 2. Петр ӕмӕ Иоанн кувӕндоны кулдуары раз цавӕр диссаг сарӕзтой?

 ФӔССИХОР. Хуры тынтӕ адӕмы тавынц. Дингӕнӕг дзуттӕгтӕ ӕмӕ Чырыстийы апостолтӕ кувӕндонмӕ ӕмбырд кӕнынц. Тагъд уыдзӕн «кувыны афон» a (Хъуыд. 2:46; 3:1). Петр ӕмӕ Иоанн дӕр адӕмы ’хсӕнты, Рӕсугъд кӕй хонынц, уыцы кулдуарырдӕм фӕцӕуынц. Хъуысы адӕмы хъӕлӕба ӕмӕ къӕхты хъӕр. Уыцы рӕстӕг ма хъуысы, цыппор азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, иу ахӕм мӕгуыргуры хъӕлӕс дӕр. Уыцы лӕг адӕмӕй ӕххуыс куры (Хъуыд. 3:2; 4:22).

2 Петр ӕмӕ Иоанн мӕгуыргуры цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд та йӕ цӕттӕ ныхӕстӕ уыдонӕн дӕр загъта. Апостолтӕ ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ сӕм уыцы лӕг ӕдзынӕг ныккасти, кӕд мын исты раттиккой, зӕгъгӕ. Петр ын загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ мӕм цы ис, уый дын дӕттын: назаретаг Йесо Чырыстийы номӕй дын зӕгъын, сыст ӕмӕ цу!» Ахъуыды-ма кӕн, Петр ын йӕ къух куы райста ӕмӕ лӕг йӕ царды фыццаг хатт йӕ къӕхтыл куы слӕууыд, уӕд адӕм дисӕй куыд мардысты! (Хъуыд. 3:6, 7). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы лӕг йӕ къӕхтӕм дисгӕнгӕ куыд кӕсы ӕмӕ йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ хъавгӕ куыд кӕны, уый. Уӕдӕ фырцинӕй куыннӕ хъуамӕ гӕппытӕ кодтаид ӕмӕ Хуыцауы куыннӕ кадджын кодтаид!

3. Адӕмӕн ӕмӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгӕн цавӕр диссаджы фадат фӕзынд?

3 Адӕм дисгӕнгӕ згъорынц Соломоны тыргъмӕ, Петр ӕмӕ Иоанн кӕм сты, уырдӕм. Петр лӕууы, иухатт Йесо кӕм лӕууыд ӕмӕ адӕмы кӕм ахуыр кодта, раст уыцы ран, ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕны, къуылых лӕджы хабар цӕуыл дзурӕг у, уый (Иоан. 10:23). Петр адӕмӕн ӕмӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгӕн дӕтты, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, ахӕм лӕвар. Уый у диссаджы фадат, цӕмӕй ӕрмӕст сӕ низтӕй ма сдзӕбӕх уой, фӕлӕ ӕрфӕсмон кӕной, сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой ӕмӕ суой Йесо Чырыстийы – «адӕмы цардмӕ чи кӕны, Уый» – фӕдылдзӕуджытӕ (Хъуыд. 3:15).

4. а) Къуылых лӕг куы сдзӕбӕх, уӕд уый цӕмӕ ӕркодта? б) Цавӕр дыууӕ фарстайӕн базондзыстӕм дзуапп?

4 Ӕвӕдза, уый цӕй диссаджы бон уыд! Иу адӕймаг сдзӕбӕх йӕ низӕй ӕмӕ йӕ бон сси цӕуын. Мингай адӕмӕн та фӕзынд фадат, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый базыдтаиккой ӕмӕ йӕ бамбӕрстаиккой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдаид Хуыцауимӕ цӕуын, ома, йӕ цӕсты раст куыд у, афтӕ цӕрын (Кол. 1:9, 10). Стӕй ма уыцы боны хабӕрттӕ уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ бартӕ кӕй къухы уыд, уыдон Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ систы ӕмӕ сӕ нал уагътой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын – Чырысти сын цы бафӕдзӕхста, уый аразын (Хъуыд. 1:8). Нӕ бон цы у зондӕн райсын, Петр ӕмӕ Иоанн – ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы хуымӕтӕг адӕм – куыд хъусын кодтой ӕмӕ сӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй? b (Хъуыд. 4:13). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ бон куыд у уыдонау ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтау фидар фӕлӕууын?

«Нӕхи хъаруйӕ» нӕ (Хъуыд. 3:11–26)

5. Петр адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Петр ӕмӕ Иоанн лӕууыдысты, ӕрӕджы Чырыстийы тыххӕй афтӕ чи хъӕр кодта, хъӕдыл ӕй байтындз, зӕгъгӕ, уыцы адӕмы раз (Мар. 15:8–15; Хъуыд. 3:13–15). Ахъуыды-ма кӕн, Петры цӕй стыр хъӕбатырдзинад хъуыди, цӕмӕй сын загътаид, къуылых лӕг Чырыстийы номӕй кӕй сдзӕбӕх, уый. Петр хабӕрттӕ дзырдта, ӕцӕгдӕр куыд уыдысты, афтӕ, ӕппындӕр дзы ницы басусӕг кодта. Адӕмӕн ӕргом загъта, уыдон дӕр Чырыстийы мӕлӕты аххосджын кӕй уыдысты. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр ӕвзӕр цӕстӕй нӕ каст, уымӕн ӕмӕ, «цы арӕзтой, уый не ’мбӕрстой» (Хъуыд. 3:17). Петр семӕ ныхас кодта, цыма йе ’фсымӕртӕ уыдысты, афтӕ ӕмӕ сын се ’ргом аздӕхта, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Куы ’рфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдаиккой, уӕд сӕ Йегъовӕ «ног хъарутӕ бауагътаид», ома сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид ӕмӕ уый фӕрцы удӕнцой ссардтаиккой (Хъуыд. 3:19). Мах дӕр хъуамӕ адӕмӕн ӕргом ӕмӕ ныфсджынӕй дзурӕм, тагъд Хуыцау ацы дунейӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ сӕм хъуамӕ ӕртхъирӕнтӕ ма кӕнӕм ӕмӕ сын тӕрхон дӕр ма кӕнӕм. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ хъуамӕ кӕсӕм, цыма нӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты, афтӕ ӕмӕ Петрау сӕйраджыдӕр дзурӕм, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй.

6. Петр ӕмӕ Иоанн бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Апостолтӕ уыдысты бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕм. Цы диссӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕй афтӕ никуы дзырдтой, зӕгъгӕ сӕ нӕхи хъаруйӕ аразӕм. Петр адӕмӕн загъта: «Цӕуыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы кӕсут, цыма нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый фӕрцы бакодтам афтӕ, цӕмӕй ацы адӕймаг цӕуа?» (Хъуыд. 3:12). Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ зыдтой, сӕ лӕггады сын хорзӕй цыдӕриддӕр ӕнтысти, уый сӕхи хъаруйы фӕрцы кӕй нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕрныллӕгӕй дзырдтой, ӕппӕт кад дӕр Йегъовӕмӕ ӕмӕ Чырыстимӕ кӕй ӕмбӕлы.

7, 8. а) Адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы сын цавӕр диссаджы фадат фӕзыны? б) Петры ныхӕстӕ, Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн, зӕгъгӕ, абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

7 Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ мах дӕр хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Хуыцауы сыгъдӕг тых абон чырыстӕттӕн ахӕм хъару нӕ дӕтты, ӕмӕ адӕмы диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕной. Фӕлӕ нӕ бон у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл баууӕндой. Афтӕмӕй уыдон дӕр райсдзысты, Петр адӕмӕн цы лӕвар радта, ахӕм лӕвар, ома сын фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ног хъарутӕ бауадза. Алы аз дӕр мингай адӕм ацы фадатӕй спайда кӕнынц, ӕмӕ донаргъуыд райсынц ӕмӕ свӕййынц Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ.

8 Петр дзырдта, Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ къахыл кӕд слӕууын кӕндзӕн, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Ӕмӕ мах раст уыцы рӕстӕг цӕрӕм. 1914 азы Хуыцау йӕ Паддзахад уӕлӕрвты сфидар кодта, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст сты, «раджы заманты... йӕ сыгъдӕг пехуымпарты уылты цӕй кой кодта, уыдон» (Хъуыд. 3:21; Пс. 110:1–3; Дан. 4:16, 17). Уымӕй цасдӕры фӕстӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕттын райдыдта, цӕмӕй зӕххыл Хуыцауы хъуыддаг фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыдаид. Уый фӕрцы милуангай адӕм сӕхи бакодтой Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ ныр дӕр цӕрынц, раст цыма дзӕнӕты сты, афтӕ. Уыдон сӕ зӕронд, хӕлд удыхъӕд ныууагътой ӕмӕ йӕ «ногмӕ раивтой – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:22–24). Къуылых лӕджы хабар куыд уыд, афтӕ ацы диссаджы хъуыддаг дӕр адӕмы хъаруйӕ нӕ цӕуы арӕзт, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы руаджы. Мах дӕр хъуамӕ Петрау адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ ныфсджынӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы нын цыдӕриддӕр бантысы, уый нын нӕхи хъаруйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы бантысы.

«Ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:1–22)

9–11. а) Петр ӕмӕ Иоанн кӕй хъусын кодтой, уымӕ дзуттаг дины разамонджытӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Апостолтӕ уыцы уавӕры куыд бакодтой?

9 Адӕм Петры ныхӕстӕ куы фехъуыстой ӕмӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕджы фырцинӕй гӕппытӕ кӕнгӕ куы федтой, уӕд бӕстӕ хъӕр-хъӕлӕба сси. Ӕмӕ, кувӕндон чи хъахъхъӕдта, уыдоны хистӕр ӕмӕ сауджынты хистӕртӕ ӕрбазгъордтой, цы хабар у, зӕгъгӕ. Уыцы лӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты саддукейтӕй, хъӕздыг чи уыд ӕмӕ, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, уыцы дины къордӕй. Уыдон архайдтой, цӕмӕй дзуттӕгтӕ ромӕгтимӕ сабырӕй цардаиккой. Саддукейтӕ уыдысты фарисейты ӕрымысгӕ закъоны ныхмӕ, стӕй, мӕрдтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдоныл худтысты c. Уӕдӕ Петры ӕмӕ Иоанны, Чырысти кӕй райгас, уый тыххӕй ныфсджынӕй дзургӕ кувӕндоны куы ’рбаййӕфтой, уӕд куыннӕ смӕсты уыдаиккой!

10 Уыдон фырмӕстӕй Петр ӕмӕ Иоанны ахӕстоны бакодтой ӕмӕ сӕ иннӕ бон дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны раз ӕрлӕууын кодтой. Уыцы сӕрбӕрзонд хицӕуттӕ сӕ нымадтой хуымӕтӕг адӕмыл, ахуырдзинад кӕмӕ нӕ уыд, ахӕмтыл. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Петр ӕмӕ Иоаннӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй кувӕндоны адӕмы ахуыр кодтаиккой. Апостолтӕ зындгонд дины скъолаты нӕ ахуыр кодтой. Фӕлӕ сыл тӕрхондоны иууылдӕр дис кодтой, афтӕ ӕргом ӕмӕ фидарӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй. Петр ӕмӕ Иоаннӕн уый цӕй фӕрцы ӕнтыст? Зӕгъӕм, «уыдон дӕр-иу Йесоимӕ кӕй уыдысты», уый фӕрцы (Хъуыд. 4:13). Сӕ Хицау, Чырысти, адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ чиныджыдӕснытӕй уӕлдай кодта барджын ныхас (Матф. 7:28, 29).

11 Тӕрхондоны апостолты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Уӕды заман тӕрхондоны ныхасӕн адӕмы ’хсӕн стыр уӕз уыди. Уымӕй цалдӕр къуырийы размӕ уыцы тӕрхондон Чырыстийӕн рахаста тӕрхон: «Хъуамӕ амӕла» (Матф. 26:59–66). Фӕлӕ Петр ӕмӕ Иоанн нӕ фӕтарстысты. Уыцы хъӕздыг, ахуыргонд ӕмӕ нымад адӕмы раз хъӕбатырӕй, фӕлӕ уӕзданӕй загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20).

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн ныфсджынӕй ӕмӕ фидарӕй хъусын кӕнынӕн?

12 Ды дӕр афтӕ ныфсджынӕй фӕхъусын кӕныс? Хъӕздыг, ахуыргонд ӕмӕ дын нымад адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд куыд бакӕныс? Кӕнӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй дыл дӕ бинонтӕй, де ’мкъласонтӕй йе та де ’мкусджытӕй исчи куы фӕхуды, уӕд дӕхи куыд фӕдарыс? Мыййаг, фӕтӕрсыс? Кӕд о, уӕд дӕр дӕ бон у уыцы зындзинады сӕрты ахизын. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ апостолтӕн амыдта, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый сӕрыл фидарӕй ӕмӕ уӕзданӕй дзурын куыд хъӕуы, уый (Матф. 10:11–18). Куы райгас, уӕд та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Абон махӕн дӕр «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» Чырыстийы разамындӕй амоны, нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын (Матф. 24:45–47; 1 Пет. 3:15). Ахуыр нӕ кӕны ӕмбырдты, зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды ӕмӕ Библийыл арӕзт публикациты фӕрцы, зӕгъӕм, нӕ сайты jw.org чи ис, уыцы рубрикӕйы фӕрцы «Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ». Ды дӕр ӕмбырдтӕм цӕуыс ӕмӕ уыцы публикацитӕй пайда кӕныс? Уӕд ноджы ныфсджындӕрӕй ӕмӕ ноджы фидардӕрӕй хъусын кӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕу дӕр апостолтау ничи бауромдзӕн, цӕмӕй, Библийӕ цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдоны тыххӕй дзурай.

Мачи дӕ бауромӕд, Библийӕ цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдоны тыххӕй дзурынӕй

«Уыдон... Хуыцаумӕ скуывтой» (Хъуыд. 4:23–31)

13, 14. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

13 Петр ӕмӕ Иоанны куыддӕр ахӕстонӕй рауагътой, афтӕ се ’мчырыстӕттимӕ фембӕлдысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой» ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдтой, цӕмӕй дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кодтаиккой (Хъуыд. 4:24). Петр ӕй ӕгӕр хорз дӕр ма зыдта, адӕймаг Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ йӕ ныфс йӕхиуыл куы дара, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у. Цалдӕр къуырийы размӕ Йесойӕн уыцы фидарӕй загъта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» Фӕлӕ, Йесо куыд загъта, афтӕ Петр тыхст уавӕры фӕтарсти, ӕмӕ йӕ хӕлар ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕгӕй загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд хабар афтӕ рауад, уӕддӕр Петрӕн йӕ рӕдыд зонды хос фӕци (Матф. 26:33, 34, 69–75).

14 Цӕмӕй Чырыстийы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууай, уый тыххӕй, ныфсхаст уай, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл куы архайой кӕнӕ дӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадзой, уӕд Петр ӕмӕ Иоаннау Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын тыхтӕ ратта. Стӕй ӕмбырды ӕххуыс агур. Дӕ зындзинӕдты тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕн радзур. Иннӕты куывдтытӕ дын стыр ӕххуыс уыдзысты (Еф. 6:18; Иак. 5:16).

15. Иуцасдӕр чи нал хъусын кодта, уыдонӕн ныфсы хос цы уыдзӕн?

15 Кӕд искуы ахӕм уавӕры уыдтӕ, ӕмӕ дӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй нал хъусын кодтай, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ апостолтӕ дӕр иуцасдӕр нал хъусын кодтой, фӕлӕ та стӕй уыцы хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой (Матф. 26:56; 28:10, 16–20). Уӕдӕ дӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус, фӕлӕ уый бӕсты ахъуыды кӕн: цы дзы ис зондӕн райсӕн ӕмӕ уымӕй иннӕтӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн.

16, 17. Иерусалимы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцаумӕ куыд куывтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдон нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд нӕ цӕй тыххӕй хъӕуы кувын? Дӕ хъус-ма ӕрдар, ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцаумӕ уый тыххӕй кӕй нӕ куывтой, цӕмӕй сӕ фӕлварӕнтӕй бахызтаид. Уыдон ӕдзухдӕр сӕ зӕрдыл дардтой Чырыстийы ныхӕстӕ: «Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоан. 15:20). Уыцы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕмӕ куывтой, цӕмӕй, сӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн се ’ртхъирӕнтӕ «фехъуыстаид» (Хъуыд. 4:29). Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг хорз ӕмбӕрстой, ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййӕфтой, уый – афтӕмӕй сӕххӕст сты Чырыстийы ныхӕстӕ. Уыдон зыдтой, зӕххон хицӕуттӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта кувын, афтӕ Хуыцауы фӕндон «зӕххыл» кӕй уыдзӕн (Матф. 6:9, 10).

17 Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй йӕм скуывтой: «Дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой». Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывд уайтагъд фехъуыста – «кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар банкъуысыд, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой» (Хъуыд. 4:29–31). Хуыцауы ницы бахъыгдардзӕн йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын (Ис. 55:11). Цыфӕнды зын уавӕрты ма уӕм ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон цыфӕнды тыхджын ма уой, уӕддӕр мах фидарӕй зонӕм: Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ныфсджынӕй дзурӕм.

Дзуапп дӕттӕм «адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы» раз (Хъуыд. 4:32–5:11)

18. Иерусалимы ӕмбырды чи уыд, уыдон кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтой?

18 Иерусалимы ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд ӕм цыбыр рӕстӕгмӕ ӕрбаиу 5 000 адӕймагӕй фылдӕр d. Кӕд уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ алыхуызон адӕймӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр «уыдысты ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд». Уыдон алкӕддӕр хӕст уыдысты иу зондыл ӕмӕ ӕмхуызон хъуыды кодтой (Хъуыд. 4:32; 1 Кор. 1:10). Ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕмӕ ӕрмӕст кувгӕ нӕ кодтой, цӕмӕй сын ӕххуыс кодтаид, фӕлӕ ма кӕрӕдзийы уырнындзинад дӕр фидар кодтой, стӕй, хъуаг чи ӕййӕфта, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кодтой (1 Иоан. 3:16–18). Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Иосиф, апостолтӕ Варнавӕ кӕй хуыдтой, уый, йӕ зӕхх ауӕй кодта ӕмӕ дзы цы ’хца райста, уыдон иууылдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ радта, Иерусалиммӕ дард рӕттӕй чи ’рцыд, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн. Уый фӕрцы уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон уыд Иерусалимы фылдӕр баззайын ӕмӕ сӕ ног уырнындзинады тыххӕй фылдӕр базонын.

19. Анани ӕмӕ Сапфирӕйы Йегъовӕйы фыдӕх цӕмӕн баййӕфта?

19 Иу лӕг ӕмӕ ус Анани ӕмӕ Сапфирӕ дӕр сӕ зӕхх ауӕй кодтой ӕмӕ се ’хца апостолтӕм ӕрбахастой. Сӕ зӕххы «ӕхцайӕ цасдӕр бамбӕхстой», сӕхи та афтӕ равдыстой, цыма ӕхца иууылдӕр радтой (Хъуыд. 5:2). Сӕ дыууӕйы дӕр Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта, ӕмӕ амардысты. Уыцы хабар сыл, ӕхца иууылдӕр кӕй не ’рбахастой, уый тыххӕй не ’рцыд, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд кӕй уыд ӕмӕ сайгӕ кӕй акодтой, уый тыххӕй. Уыдон «адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы асайдтой» (Хъуыд. 5:4). Чырысти сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ кӕмӕн калдта, уыцы цӕстмӕхъустау Анани ӕмӕ Сапфирӕ дӕр, Хуыцау сӕм цы цӕстӕй каст, ууыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ сын адӕмы цӕсты кад уыдаид, ууыл (Матф. 6:1–3).

20. Йегъовӕйӕн цы зӕрдӕйӕ хъуамӕ дӕттӕм, уый тыххӕй цы базыдтам?

20 Фыццаг ӕнусы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтау абон дӕр чырыстӕттӕ мысайнӕгтӕ рӕдауӕй дӕттынц ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Сӕ рӕстӕг ӕмӕ сын се ’хцатӕ тыххӕй ничи дӕттын кӕны. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын «ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау» лӕггад кӕнӕм (2 Кор. 9:7). Йегъовӕ, цас раттӕм, уымӕ нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ цы зӕрдӕйӕ фӕдӕттӕм, уымӕ (Мар. 12:41–44). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Анани ӕмӕ Сапфирӕйы хуызӕн уӕм ӕмӕ Хуыцауӕн уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй дзы нӕхицӕн исты пайда райсӕм кӕнӕ нын адӕмы цӕсты кад уа. Уӕдӕ Петр, Иоанн ӕмӕ Варнавӕйау Йегъовӕйӕн алкӕддӕр лӕггад кӕнӕм, уый дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, уый тыххӕй (Матф. 22:37–40).

a Кувӕндоны-иу куывтой, райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй нывӕндтӕ куы хастой, уӕд. Изӕрӕй нывӕндтӕ хастой «фарӕстӕм сахатыл», ома фӕссихор ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс.

d Н. э. 33 азы Иерусалимы фарисейтӕ 6 000 йеддӕмӕ нӕ уыдысты, саддукейты нымӕц та уыд уымӕй ноджы къаддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы дыууӕ къорды уый тыххӕй дӕр хъуыды кодтой афтӕ, ӕмӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕ тынг тӕссаг сты.