Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»

Фӕндзайӕм боны ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцыд

Арӕзт у Хъуыддӕгты 2:1–47

1. Фӕндзайӕм боны-иу Иерусалимы цы фенӕн уыд?

 ИЕРУСАЛИМЫ уынгты адӕм ӕмызмӕлд кӕнынц a. Кувӕндоны нывондхӕссӕнӕй фӕздӕг уӕлӕмӕ цӕуы. Уыцы рӕстӕг левиттӕ зарынц кады зарджытӕ, аллилуйӕ, зӕгъгӕ (Псаломтӕ 113–118). Ӕвӕццӕгӕн, зарынц дыууӕ къордӕй радгай (антифон). Уынгты ӕрцӕуӕг адӕмӕй азмӕлӕн нӕй. Ӕрцыдысты дард рӕттӕй, зӕгъӕм, Еламӕй, Месопотамийӕ, Каппадокийӕ, Понтӕй, Египетӕй ӕмӕ Ромӕй b. Уыйбӕрц адӕм цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд? У Фӕндзайӕм бон, хонынц ма йӕ «фыццаг тыллӕджы бон» дӕр (Ным. 28:26). Ацы бӕрӕгбон алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц, хъӕбӕрхор кӕрдыны афон куы фӕвӕййы ӕмӕ мӕнӕу кӕрдыны афон куы райдайы, уӕд. Уый у стыр цины бон.

2. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?

2 Н. э. 33 азы уыцы уалдзыгон бон райсомӕй, фараст сахатмӕ ’ввахс, ӕрцыд диссаджы хабар. Уыцы хабар бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр нӕ ферох. Ӕвиппайды арвӕй «ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад» (Хъуыд. 2:2). Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, 120 адӕймаджы бӕрц, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ ӕмӕ дзы алы ахуыргӕнинагыл дӕр иу ӕрцыд c. Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты» ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой! Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕддӕмӕ куы рацыдысты, уӕд, Иерусалимы уынгты цы ӕрцӕуӕг адӕмыл ӕмбӕлдысты, уыдон дисӕй мардысты, сӕ бон куыд у немӕ ныхас кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дис дӕр куыннӕ кодтаиккой – ахуыргӕнинӕгтӕ «дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл»! (Хъуыд. 2:1–6).

3. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цавӕр стыр хъуыддаг сарӕзта? б) Петры раныхас куыд баст у «паддзахады дӕгъӕлтимӕ»?

3 Уыцы бон Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй сарӕзта стыр хъуыддаг – йӕхицӕн скодта ног адӕм, «Хуыцауы Израил», кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд (Гал. 6:16). Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ фӕци. Уыцы бон Петр адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд спайда кодта «паддзахады дӕгъӕлтӕй» фыццагӕй. Уыцы дӕгъӕлтӕ уыдысты ӕртӕ, ӕмӕ дзы алы дӕгъӕл дӕр алыхуызон адӕмтӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой (Матф. 16:18, 19). Фыццаг дӕгъӕлы фӕрцы дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн фӕзынди фадат, цӕмӕй хорз хабар фехъуыстаиккой ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой d. Афтӕмӕй уыдон суыдаиккой Хуыцауы Израил ӕмӕ фидӕны уыдаиккой, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:9, 10). Фӕстӕдӕр уыцы диссаджы кад хъуамӕ ӕрхаудаид самариӕгтӕм ӕмӕ иннӕ адӕмтӕм дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй чырыстӕттӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?

«Иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты» (Хъуыд. 2:1–4)

4. Абоны чырыстон ӕмбырд куыд баст у, н. э. 33 азы цы ӕмбырд фӕзынд, уыимӕ?

4 Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр 120 бӕрц. Уыдон «иууылдӕр иу хӕдзары [уӕллаг уаты] ӕрӕмбырд сты» ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:1). Уыцы бон нӕма фӕци, афтӕ, донаргъуыд чи райста, уыдон уыдысты цалдӕр мины. Фӕлӕ хъуыддагӕн уый уыди ӕрмӕстдӕр йӕ райдиан: уӕдӕй суанг абоны онг Хуыцауы организаци кӕны стырӕй-стырдӕр! О, абон Хуыцау пайда кӕны чырыстон ӕмбырдӕй – йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнынц ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой», цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 24:14).

5. Йӕхи чырыстон ӕмбырдыл чи баста, уыдонӕн уый цы пайда хаста фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон дӕр цы пайда хӕссы?

5 Чырыстон ӕмбырд ма хъуыди, цӕмӕй фидар кодтаид сӕрст чырыстӕтты уырнындзинад, ӕмӕ фӕстӕдӕр та – «ӕндӕр фысты» уырнындзинад дӕр (Иоан. 10:16). Павел тынг аргъ кодта, ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтыдтой, уымӕн. Ромы чырыстӕттӕм ныффыста: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ сфидар уат. Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ром. 1:11, 12).

6, 7. Абон чырыстон ӕмбырд куыд ӕххӕст кӕны Чырыстийы хӕслӕвӕрд, хъусын кӕнут ӕппӕт адӕмтӕн дӕр, зӕгъгӕ?

6 Чырыстон ӕмбырд фыццаг ӕнусы цӕмӕн хъуыди, абон дӕр уый тыххӕй хъӕуы. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, иуӕй – зын, иннӕмӕй та – арфӕйаг хъуыддаг. Загъта сын: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20).

7 Абон Йегъовӕ уыцы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕн пайда кӕны чырыстон ӕмбырдӕй, йе ’вдисӕнтӕй. Раст зӕгъгӕйӕ, алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл мыхуыр кӕнынц, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм публикацитӕ. Кӕд ды дӕр чырыстон ӕмбырдтӕм ӕдзух цӕуыс ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайыс, уӕд амондджын адӕймаг дӕ. Дӕумӕ цы кад ӕрхауд, ахӕм кад бирӕтӕм не ’рхауд – ды адӕмӕн дзурыс Йегъовӕйы номы тыххӕй!

8. Ӕмбырдтӕ нын цы пайда хӕссынц?

8 Цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджытӕ сфӕразӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ Хуыцау ӕгас зӕххыл дӕр радта бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Павел, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи уыд, уыдонмӕ фыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Чырыстон ӕмбырд у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Уый фӕрцы дӕ бон у иннӕты уырнындзинад дӕр фидар кӕнын ӕмӕ дӕхи уырнындзинад дӕр. Уӕдӕ дӕхи бӕтт дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл ӕмӕ ӕмбырдтӕ макуы цух кӕн!

«Дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» (Хъуыд. 2:5–13)

«Не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый» (Хъуыддӕгтӕ 2:11)

9, 10. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонмӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕной?

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон куыд дис кодтаиккой. Сӕ фылдӕр зыдтой грекъаг кӕнӕ дзуттаг ӕвзаг. Фӕлӕ ныр хъуыстой, ахуыргӕнинӕгтӕ «алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» кӕй дзурынц, уый (Хъуыд. 2:6). Хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы фехъуыстой, уӕд сын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Абон Хуыцау чырыстӕттӕн ахӕм курдиат нӕ дӕтты, цӕмӕй ӕвиппайды ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдайой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр бирӕтӕ архайынц, цӕмӕй Хуыцауы паддзахады хабар алы адӕмыхӕттытӕм дӕр фӕхӕццӕ кӕной. Куыд? Чидӕртӕ сӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй, уыцы ӕвзагыл хӕстӕг цы ӕмбырд ис, уым лӕггад кӕной, чидӕртӕ та сӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр ацыдысты. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ арӕх бафиппайынц, кӕмӕн фӕхъусын кӕнынц, уыдонӕн тынг ӕхсызгон кӕй вӕййы, се ’взаг сын кӕй ахуыр кӕнынц, уый.

10 Ӕркӕсӕм Кристины цӕвиттонмӕ. Кристин ӕмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ноджыдӕр авд адӕймаджы фесты гуджарати ӕвзаджы курсытӕ. Фӕстӕдӕр Кристин куысты сӕмбӕлд, уыцы ӕвзагыл чи дзырдта, ахӕм ӕрыгон сылгоймагыл ӕмӕ йын йӕ мадӕлон ӕвзагыл салам радта. Сылгоймагӕн уый тынг ӕхсызгон уыди, ӕмӕ йӕ бафарста, гуджаратийы хуызӕн зын ӕвзаг цӕмӕн ахуыр кӕныс, зӕгъгӕ. Уый фӕрцы йын Кристин хорз хабар радзырдта. Ӕмӕ йын уыцы сылгоймаг загъта: «Адӕмӕн цы зӕгъинаг стут, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр ахсджиаг у».

11. Нӕ бон куыд у, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын?

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн нӕ йӕ бон нӕу ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонӕн дӕр хъусын кӕнын. Куыд? Зӕгъӕм, нӕ бон у пайда кӕнын приложенийӕ JW Language®. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сахуыр кӕнын, кӕм хъусын кӕнӕм, уым адӕм цы ӕвзагыл дзурынц, уыцы ӕвзагыл салам дӕттын. Нӕ бон ма у уыцы ӕвзагыл истытӕ сахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда. Нӕ бон ма йын у нӕ сайты тыххӕй зӕгъын ӕмӕ йын равдисын, йе ’взагыл дзы цас видеороликтӕ ӕмӕ публикацитӕ ис, уый. Уацамынды ахӕм кусӕнгӕрзтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цин кӕндзыстӕм. Уыдонӕн цины хос уыди, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи уыд, уыцы адӕм-иу хорз хабар сӕ «мадӕлон ӕвзагыл» куы фехъуыстой, уӕд-иу кӕй дис кодтой, уый.

«Петр... адӕмы размӕ рацыд» (Хъуыд. 2:14–37)

12. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй пехуымпар Иоил цы загъта? б) Иоилы пехуымпарад фыццаг ӕнусы кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый ахуыргӕнинӕгтӕ кӕцӕй зыдтой?

12 Петр рацыд, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, уыцы адӕмы размӕ ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта (Хъуыд. 2:14). Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн бамбарын кодта, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц, уыцы курдиат сын Хуыцау кӕй радта ӕмӕ уымӕй кӕй сӕххӕст сты пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл» (Иоил 2:28). Йесо цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы». Ӕмӕ стӕй загъта, уыцы ӕххуысгӕнӕг кӕй у «Хуыцауы сыгъдӕг тых» (Иоан. 14:16, 17).

13, 14. Петр куыд архайдта адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайыныл ӕмӕ йӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у фӕзмын?

13 Кӕронбӕттӕны Петр адӕмӕн комкоммӕ загъта: «Уӕдӕ ӕппӕт Израилы адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти» (Хъуыд. 2:36). Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд, Петрмӕ чи хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр сӕхӕдӕг уым нӕ уыдысты. Фӕлӕ уыдон дӕр Израилы адӕмӕй кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты аххосджын. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Петр дзуттӕгтимӕ ныхас кодта уӕзданӕй ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид. Петры нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ фӕаххосджын кодтаид, фӕлӕ цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Цымӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг фӕкастысты? Ӕппындӕр нӕ. Уыцы ныхӕстӕ сӕ «зӕрдӕты арф ахызтысты», ӕмӕ бафарстой: «Цы кӕнгӕ нын у?» Петр семӕ афтӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодта, уый фӕрцы дзы бирӕты зӕрдӕтӕ бацагайдта, ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой (Хъуыд. 2:37).

14 Махӕн дӕр нӕ бон у Петрау адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм. Уацамынды кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ хъуыды кӕной, уӕд сын сӕ алы ныхасӕн дӕр афтӕ дзурын нӕ хъӕуы, раст нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Уый бӕсты ныхас кӕнӕм, семӕ разы цӕуыл стӕм, ууыл. Адӕймаджы цы цымыдис кӕны, уымӕй куы райдайӕм нӕ ныхас, уӕд ын дарддӕр нӕ бон уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ йӕ хъус ӕрдарын. Нӕ ныхас афтӕ куы аразӕм, уӕд нӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм зӕрдиагдӕрӕй байхъусдзысты.

«Алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:38–47)

15. а) Петр адӕмӕн цы загъта, ӕмӕ куыд бакодтой? б) Фӕндзайӕм боны хорз хабар цы мингай адӕмтӕ фехъуыстой, уыдонӕн сӕ бон цӕмӕн уыди донаргъуыд уыцы бон райсын?

15 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Петрмӕ чи байхъуыста, уыдоны ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, ахӕм адӕймӕгтӕ. Петр сын загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:38). Ӕмӕ уыцы бон донаргъуыд райстой 3 000 адӕймаджы бӕрц, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалиммӕ хӕстӕг цы цадтӕ уыди, уым e. Цымӕ уыцы адӕм, лӕмбынӕг нӕ ахъуыды кодтой, афтӕмӕй сарӕзтой уыцы къахдзӕф? Мыййаг, ацы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, абон Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон кӕнӕ, сӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ кӕмӕн сты, уыцы сывӕллӕттӕ цӕттӕ куы нӕма уой, уӕддӕр сӕ бон у донаргъуыд райсын? Нӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд чи райста, уыдон Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстой, стӕй уыдысты, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуыддагӕй равдыстой, куыд зынгзӕрдӕ уыдысты, уый – уыцы ӕрвылазон бӕрӕгбонмӕ дард рӕттӕй ӕрцыдысты. Ӕмӕ, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийӕн цы бынат ис, уый куы бамбӕрстой, уӕд цӕттӕ уыдысты дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ – ӕрмӕст ма ныр донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ.

16. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн удуӕлдайӕ куыд лӕггад кодтой?

16 Йегъовӕ уыцы адӕмӕн арфӕ кодта. Хъуыддӕгты чиныджы кӕсӕм: «Уырнӕг чи сси, уыдон иууылдӕр иумӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг. Сӕ мулк ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кодтой, чи цы хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 2:44, 45) f. Ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды кӕрӕдзийы уыдонау уарзын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын.

17. Цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй йӕ цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын?

17 Цӕмӕй адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый тыххӕй йӕ Библимӕ гӕсгӕ хъӕуы цалдӕр къахдзӕфы скӕнын. Хъуамӕ базона, Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Иоан. 17:3). Стӕй, цы базыдта, ууыл хъуамӕ баууӕнда ӕмӕ йӕ раздӕры хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕна (Хъуыд. 3:19). Уый фӕстӕ хъуамӕ раздӕха, ома йӕ цард фӕива, ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕна (Ром. 12:2; Еф. 4:23, 24). Уыцы къахдзӕфтӕ куы скӕна, уӕд йӕ бон у Хуыцаумӕ скувын ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕнын ӕмӕ стӕй донаргъуыд райсын (Матф. 16:24; 1 Пет. 3:21).

18. Донаргъуыд чи райсы ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, уыдонӕн цавӕр диссаджы фадат ис?

18 Ды дӕр дӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтай, донаргъуыд райстай ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг сдӕ? Кӕд о, уӕд аргъ кӕн, цы диссаджы фадат дын ис, уымӕн. Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куыд схайджын сты, афтӕ дӕу дӕр Йегъовӕ хайджын кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнай ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай!

c Уыцы «ӕвзӕгтӕ» ӕцӕг арты ӕвзӕгтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ «арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ», ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕм арты хуызӕн фӕкастысты ӕмӕ артау цӕхӕр калдтой.

e Зӕгъӕм, 1993 азы 7 августы Киевы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон конгрессы ӕхсӕз бассейны донаргъуыд райстой 7 402 адӕймаджы. Цӕмӕй се ’ппӕт дӕр донаргъуыд райстаиккой, уый тыххӕй бахъуыд дыууӕ сахаты ӕмӕ фынддӕс минуты.

f Ацы хабар уыди рӕстӕгмӕ. Иерусалиммӕ алы рӕттӕй чи ӕрцыд, уыдон ма уым иуцасдӕр аззадысты, цӕмӕй сӕ ног уырнындзинады тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой, ӕмӕ сӕм хъуыди хӕринагӕй фӕкӕсын. Уыцы хъуыддаг кодтой барвӕндонӕй, ӕмӕ йын коммунизмимӕ иумӕйагӕй ницы ис (Хъуыд. 5:1–4).