Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»

«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»

Апостолтӕ равдыстой, ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр цы хъӕуы аразын, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд

Арӕзт у Хъуыддӕгты 5:12–6:7

1–3. а) Апостолты Синедрионы раз цӕмӕн ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ сӕ цы хъуыди аскъуыддзаг кӕнын? б) Апостолтӕ куыд бакодтой, уый нӕ цӕмӕн фӕнды нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын?

 СИНЕДРИОНЫ тӕрхонгӕнджытӕ мӕстӕй фыцынц! Йесойы апостолтӕ уыцы тӕрхонгӕнджыты раз лӕууынц. Цымӕ цӕй тыххӕй? Иосиф Кайафӕ, хистӕр сауджын ӕмӕ Синедрионы сӕргълӕууӕг, апостолтӕн мӕстӕй судзгӕйӕ загъта: «Карзӕй уын нӕ бафӕдзӕхстам, цӕмӕй уыцы номӕй макӕйуал ахуыр кӕнат?» Ахъуыды-ма кӕн, Йесойы ном зӕгъын йӕ сӕрмӕ хӕсгӕ дӕр нӕ кӕны. «Сымах та,– дарддӕр дзуры Кайафӕ,– Иерусалим уӕ ахуырадӕй байдзаг кодтат ӕмӕ ма уыцы лӕджы туг дӕр махыл сӕвӕринаг стут» (Хъуыд. 5:28). Цы зӕгъын ӕй фӕнды, уый бӕлвырд у: мауал хъусын кӕнут, кӕннод уӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн!

2 Куыд бакӕндзысты апостолтӕ? Хъусын кӕнын сын бахӕс кодта Йесо Чырысти, ӕмӕ уымӕн та бартӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Хуыцауӕй (Матф. 28:18–20). Цымӕ апостолтӕ фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ хъуыддаг ныууадздзысты? Ӕви фидар фӕлӕудзысты ӕмӕ дарддӕр ныфсджынӕй хъусын кӕндзысты? Аскъуыддзаг кӕнын сӕ хъӕуы ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцаумӕ байхъусдзысты ӕви адӕймагмӕ? Апостолтӕ цы хъуыды кодтой, уый Петр се ’ппӕты номӕй ныфсджынӕй ӕмӕ фидарӕй загъта.

3 Мах фӕнды, апостолтӕ Синедрионы раз лӕугӕйӕ куыд бакодтой, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, уымӕн ӕмӕ мах дӕр стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ. Хуыцау махӕн дӕр бахӕс кодта хъусын кӕнын. Ӕмӕ уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ махӕн дӕр нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц (Матф. 10:22). Нӕ ныхмӕлӕуджытӕ фӕархайынц, цӕмӕй нӕ бакъуылымпы кӕной кӕнӕ та нӕ бынтондӕр мауал уадзой хъусын кӕнын. Ахӕм уавӕры куы бахауӕм, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, апостолты Синедрионы раз куыд ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ уыдон уыцы уавӕры куыд бакодтой, уымӕ a. Уый нын нӕ ныфсыл ныфс бафтаудзӕн.

«Йегъовӕйы зӕд ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта» (Хъуыд. 5:12–21а)

4, 5. Кайафӕ ӕмӕ саддукейтӕ фырхӕлӕгӕй цӕмӕн мардысты?

4 Ӕрхъуыды-ма кӕн, апостолты Синедрионы раз фыццаг хатт куы ’рлӕууын кодтой, уыцы хабар. Куы сӕ бафӕдзӕхстой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд сын Петр ӕмӕ Иоанн загътой: «Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:20). Ӕмӕ уый фӕстӕ ацыдысты ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ дарддӕр хъусын кодтой кувӕндоны. Апостолтӕ арӕзтой диссӕгтӕ, рынчынты дзӕбӕх кодтой ӕмӕ хӕйрӕджыты сырдтой. Уыцы диссӕгтӕ арӕзтой «Соломоны тыргъы», кувӕндонӕн скӕсӕнырдыгӕй цы ӕмбӕрзтсӕр бахизӕн уыди, уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд бирӕ дзуттӕгтӕ. Петрӕн-иу йӕ аууон дӕр кӕуыл ӕрхауд, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты! Ӕмӕ йӕ низтӕй чи сдзӕбӕх, уыдонӕй бирӕтӕ Хуыцауы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Гъемӕ, «Хицауыл чи баууӕндыд, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, тынг бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ» (Хъуыд. 5:12–15).

5 Кайафӕ ӕмӕ, цы дины къордӕй уыд, уыдон, ома саддукейтӕ, «фырхӕлӕгӕй мардысты» ӕмӕ апостолты ахӕстоны ныппӕрстой (Хъуыд. 5:17, 18). Саддукейтӕ афтӕ тынг цӕмӕн мӕсты кодтой? Апостолтӕ адӕмӕн дзырдтой, Чырысти кӕй райгас, уый тыххӕй. Саддукейты та нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Стӕй апостолтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесойыл чи ӕууӕнда, ӕрмӕстдӕр уый фервӕздзӕн. Саддукейтӕ та тарстысты, адӕм Йесойы сӕ Разамонӕгыл куы банымайой, уӕд сӕ ромӕгтӕ ӕнӕфхӕрдӕй кӕй нӕ ныууадздзысты (Иоан. 11:48). Уӕдӕ диссаг нӕу, саддукейтӕ апостолты хъусын кӕнын кӕй нӕ уагътой, уый.

6. Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ сӕйраджыдӕр кӕй ардыдӕй фӕцӕуынц ӕмӕ нӕм уый диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?

6 Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ сӕйраджыдӕр дины разамонджыты ардыдӕй фӕцӕуынц. Уыдон адӕмы ’хсӕн нымад кӕй сты, уымӕй пайда кӕнынц ӕмӕ арӕх хицӕутты нӕ ныхмӕ скӕнынц, стӕй ныл телевизор, радио ӕмӕ газетты уылты цъыф фӕкалынц, цӕмӕй мауал хъусын кӕнӕм. Уый нӕм, мыййаг, диссаг кӕсы? Нӕ. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый мӕнг дины хъуыддӕгтӕ хурмӕ калы. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ куы айсынц, уӕд ссӕрибар вӕййынц, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй (Иоан. 8:32). Уӕдӕ нӕм уый тыххӕй дины разамонджытӕ хӕлӕгӕй кӕй мӕлынц ӕмӕ нӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый нӕм диссаг цӕмӕн хъуамӕ кӕса?

7, 8. Зӕды ныхӕстӕ апостолтыл куыд фӕзындысты ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

7 Апостолтӕ ахӕстоны куы бадтысты ӕмӕ тӕрхонмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, тагъд сӕ се знӕгты къухӕй хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй баййафдзӕн (Матф. 24:9). Фӕлӕ ӕхсӕвы ӕрцыд, сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр чи нӕ уыд, ахӕм хабар – «Йегъовӕйы зӕд ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта» b (Хъуыд. 5:19). Уый фӕстӕ сын зӕд загъта, дарддӕр сӕ цы кӕнын хъӕуы, уый: «Ацӕут кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн дзурут ӕрцӕуинаг царды тыххӕй» (Хъуыд. 5:20). Уыцы ныхӕстӕ апостолтӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой – ууыл дзурӕг сын уыдысты, ӕмӕ, цы хъуыддаджы лӕуд сты, уый раст у. Стӕй сӕ уыцы зӕды ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныфс бауагътой, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаиккой, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр. Гъемӕ апостолтӕ ныфсджынӕй «райсомӕй раджы кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ райдыдтой Хуыцауы ныхас амонын» (Хъуыд. 5:21).

8 Махӕй алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Уыйас уырнындзинад ӕмӕ мӕм хъӕбатырдзинад ис, цӕмӕй ахӕм уавӕрты дарддӕр хъусын кӕнон?» Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «бӕстон хъусын кӕнынӕн» нын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ нын разамынд кӕй дӕттынц, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ноджы ныфсджындӕр уыдзыстӕм (Хъуыд. 28:23; Рарг. 14:6, 7).

«Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:21б–33)

«Ӕрбакодтой сӕ Сӕйраг тӕрхондоны галуанмӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрлӕууын кодтой» (Хъуыддӕгтӕ 5:27)

9–11. Синедрион апостолтӕй куы ’рдомдта, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд куыд бакодтой ӕмӕ уымӕй ӕцӕг чырыстӕттӕн цы равдыстой?

9 Кайафӕ ӕмӕ Синедрионы иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ сӕхицӕн дзырдтой, зӕгъгӕ сын ныр, цы хъӕуы, уый бакӕндзыстӕм. Ахӕстоны цы хабар ӕрцыд, уый нӕма зыдтой, афтӕмӕй кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй апостолты ӕрбакӕной. Фӕлӕ сӕ уым не ссардтой, кӕд ахӕстон «дзӕбӕх ӕхгӕд» уыд ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ дӕр дуӕртты цур лӕууыдысты, уӕддӕр. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы лӕгтӕ куыд фӕуыдаиккой! (Хъуыд. 5:23). Гыццыл фӕстӕдӕр кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕр базыдта, апостолтӕ та кувӕндоны кӕй балӕууыдысты ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууынц. Ахӕстоны сӕ цы хъуыддаджы тыххӕй бакодтой, уый дарддӕр кӕнынц! Хъахъхъӕнджыты хистӕр ӕмӕ йӕ адӕм уайтагъд кувӕндонмӕ ацыдысты, апостолты ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ Синедрионмӕ ӕрбакодтой.

10 Ацы сӕры райдианы куыд федтам, афтӕмӕй уыцы дины разамонджытӕ тынг мӕсты уыдысты ӕмӕ апостолты карзӕй бафӕдзӕхстой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ныр куыд бакӕндзысты? Иннӕты номӕй дзургӕйӕ Петр ныфсджынӕй загъта: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29). Афтӕмӕй апостолтӕ равдыстой, ӕцӕг чырыстӕтты цы хъӕуы аразын, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд. Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн уый бар дӕтты, цӕмӕй адӕмӕй домой, цы сын дзурынц, уый ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ адӕмы, Хуыцау цы домы, уый аразын куы нӕ фӕуадзынц йе та сын, Хуыцау кӕй ныхмӕ у, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы фӕаразын кӕнынц, уӕд сӕхи уыцы бартӕй ӕнӕхай фӕкӕнынц. Уӕдӕ нӕ абон дӕр «хицӕуттӕ» хорз хабар хъусын кӕнын куы нӕ уадзой, уӕд дӕр махӕн нӕ бон нӕу, ӕмӕ нын Хуыцау цы бахӕс кодта, уый мауал кӕнӕм (Ром. 13:1). Мах зондджынӕй архайдзыстӕм ӕмӕ фадӕттӕ агурдзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дарддӕр дӕр бӕстон хъусын кӕнӕм.

11 Уӕдӕ диссаг нӕу, апостолтӕ афтӕ ныфсджынӕй дзуапп куы радтой, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ мӕстӕй кӕй рафыхтысты ӕмӕ апостолты марынвӕнд кӕй скодтой (Хъуыд. 5:33). Чи зоны, уыцы хъӕбатыр ӕмӕ зынгзӕрдӕ ӕвдисӕнтӕ сӕхицӕн загътой, ныр нӕм ӕнӕмӕнг ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъизӕмары мӕлӕт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын тагъд ӕххуыс фӕзындзӕн, ӕппындӕр ӕнхъӕл кӕцӕй не сты, уырдыгӕй!

«Уӕ бон [сын] ницы бауыдзӕн бакӕнын» (Хъуыд. 5:34–42)

12, 13. а) Гамалиил иннӕ тӕрхонгӕнджытӕн цы бауынаффӕ кодта, ӕмӕ уыдон куыд бакодтой? б) Абон Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕны, ӕмӕ куы бауадза, цӕмӕй «рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм», уӕддӕр фидарӕй цы зонӕм?

12 Иу «закъонамонӕг ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн нымад лӕг», Гамалиил, зӕгъгӕ, сыстад ӕмӕ дзурын райдыдта c. Уыцы юристӕн стыр кад уыди иннӕ тӕрхонгӕнджыты ’хсӕн. Уый бӕрӕг у, хъуыддаг йӕ къухмӕ кӕй райста, ӕмӕ ма бардзырд дӕр кӕй радта, «цӕмӕй апостолты иу гыццыл ӕддӕмӕ акодтаиккой» (Хъуыд. 5:34). Гамалиил цӕвиттонӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ цы змӕнтджытӕ уыди, уыдоны – сӕ разамонджыты мӕлӕты фӕстӕ-иу уайтагъд алырдӕмты ныппырх сты. Ӕмӕ тӕрхондонӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй апостолты, сӕ Разамонӕг Йесо ӕрӕджы кӕмӕн амард, уыдоны, бафхӕрыныл тагъд ма кӕной, фӕлӕ сӕ ӕнцад ӕруадзой. Загъта сын: «Ма хъыгдарут ацы адӕмы, сӕхи бар сӕ уадзут,– уымӕн ӕмӕ кӕд уыцы фӕнд кӕнӕ уыцы хъуыддаг адӕмӕй у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн, фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та сын уӕ бон ницы бауыдзӕн бакӕнын,– науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ цӕут» (Хъуыд. 5:38, 39). Йӕ ныхӕсты ныхмӕ зын уыди исты зӕгъын. Ӕмӕ йын тӕрхонгӕнджытӕ йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. Фӕлӕ уӕддӕр апостолты фӕнӕмын кодтой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой, «цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзырдтаиккой» (Хъуыд. 5:40).

13 Абон дӕр Йегъовӕ ссары Гамалиилы хуызӕн дзырддзӕугӕ лӕгты, цӕмӕй йӕ адӕмы бахъахъхъӕна (Ӕмб. 21:1). Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ сыгъдӕг тыхӕй хъомысджын хицӕутты, тӕрхонгӕнджыты кӕнӕ закъонӕвӕрджыты сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ архайой (Неем. 2:4–8). Фӕлӕ куы бауадза, ӕмӕ «рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм», уӕддӕр фидарӕй зонӕм дыууӕ хъуыддаджы (1 Пет. 3:14). Фыццаг: Хуыцау нын ратдзӕн хъару, цӕмӕй бафӕразӕм (1 Кор. 10:13). Дыккаг: Хуыцауы хъуыддаджы ныхмӕ знӕгтӕн «сӕ бон ницы бауыдзӕн бакӕнын» (Ис. 54:17).

14, 15. а) Апостолты кӕй фӕнадтой, уымӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн? б) Радзур, Йегъовӕйы адӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ кӕй фӕцин кӕнынц, уый чи ӕвдисы, ахӕм хабар.

14 Цымӕ апостолты куы фӕнадтой, уӕд сӕ ныфс асаст кӕнӕ сӕ зӕрдӕты зынг ӕрмынӕг? Ницы хуызы! Уыдон «Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ... цин кодтой» (Хъуыд. 5:41). Фӕлӕ цӕуыл? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ цӕфтӕ кӕй рыстысты, ууыл нӕ цин кодтой. Уыдон зыдтой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты ӕмӕ сӕ Ахуыргӕнӕг Йесойы къахвӕдтыл кӕй цӕуынц, уый тыххӕй кӕй баййӕфтой ӕфхӕрд, ӕмӕ сӕ цин дӕр ууыл уыди (Матф. 5:11, 12).

15 Фыццаг ӕнусы не ’фсымӕртӕ хорз хабары тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ куыд цин кодтой, абон мах дӕр афтӕ фӕцин кӕнӕм (1 Пет. 4:12–14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй нӕм фертхъирӕн кӕнынц, нӕ фӕдыл кӕй зилынц кӕнӕ нӕ ахӕстоны кӕй ныппарынц, ууыл нӕ фӕцин кӕнӕм, фӕлӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззайӕм, ууыл. Ӕркӕсӕм не ’фсымӕр Хенрик Дорникы хабармӕ. Уый бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, адӕмы сӕ сӕр сдарын чи нӕ уагъта, уыцы хицӕутты рӕстӕджы. Дорник радзырдта, 1944 азы августы хицауад уынаффӕ кӕй рахаста, цӕмӕй йӕ йе ’фсымӕримӕ концлагермӕ арвитой. Знӕгтӕ загътой: «Адоны ничи басӕтдзӕн. Хъизӕмӕрттӕ сын циндзинад хӕссынц». Не ’фсымӕр Дорник дзуры: «Хъизӕмар кӕнын мӕ бӕргӕ нӕ фӕндыд, фӕлӕ, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаин, уый тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ хъӕбатыр кӕй уыдтӕн ӕмӕ ме ’фсарм сыгъдӕгӕй кӕй бахъахъхъӕдтон, уый мын хаста циндзинад» (Иак. 1:2–4).

Апостолтау мах дӕр хъусын кӕнӕм «хӕдзарӕй-хӕдзармӕ»

16. а) Апостолты бӕстон хъусын кӕнын кӕй фӕндыд, уый куыд равдыстой? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ мах дӕр, апостолтӕ куыд хъусын кодтой, афтӕ кӕй хъусын кӕнӕм?

16 Апостолтӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфтой – ӕвӕстиатӕй та бавнӕлдтой хъусын кӕнынмӕ. Уыдон «алы бон дӕр кувӕндоны ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» ныфсджынӕй «хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй... хорз хабар» d (Хъуыд. 5:42). Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты фӕндыд бӕстон хъусын кӕнын. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо Чырысти сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ адӕммӕ хӕдзӕрттӕм кӕй цыдысты ӕмӕ сын хорз хабар кӕй хъусын кодтой (Матф. 10:7, 11–14). Уый фӕрцы сын бантыст Иерусалим сӕ ахуырадӕй байдзаг кӕнын. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дӕр зонынц, апостолтау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй. Нӕ участокы алы хӕдзармӕ дӕр кӕй бахойӕм, уымӕй ӕвдисӕм, мах дӕр кӕй фӕнды бӕстон хъусын кӕнын ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр уый фадат раттын, цӕмӕй хорз хабар фехъуса. Цымӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны? Куыннӕ ма! Ацы фӕстаг бонты хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой милуантӕ, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ фыццаг хатт фехъуыстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕм хӕдзармӕ куы ’рбацыдысты, уӕд.

Фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕн «ахсджиаг куыст» бахӕс кодтой (Хъуыд. 6:1–6)

17–19. Ӕмбырды цавӕр тӕссаг уавӕр сӕвзӕрд ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн апостолтӕ цавӕр уынаффӕ рахастой?

17 Ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн йӕхимидӕг сӕвзӕрд тӕссаг уавӕр, ӕмӕ тӕссаг кӕй у, уый ӕнцонтӕй фенӕн нӕ уыд. Цавӕр уавӕр уыди уый? Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ донаргъуыд райстой, Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд ӕмӕ, цалынмӕ сӕхимӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхтаиккой, уӕдмӕ сӕ фӕндыди чырыстон фӕндаджы тыххӕй фылдӕр базонын. Гъемӕ, Иерусалимы чи цард, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдиагӕй лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ, цӕмӕй сӕм хӕринагӕй, ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыди, уыдӕттӕй фӕкастаиккой (Хъуыд. 2:44–46; 4:34–37). Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг сӕвзӕрд зын уавӕр. «Алы бон хӕринаг куы уӕрстой», уӕд-иу, грекъагау чи дзырдта, уыцы идӕдзты «ницӕмӕ ӕрдардтой» (Хъуыд. 6:1). Дзуттагау чи дзырдта, уыцы идӕдзтӕм та нӕ кастысты ахӕм цӕстӕй. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, хабар уый мидӕг уыди, ӕмӕ иуты иннӕтӕй хъулон кодтой. Ӕмӕ хъулон митӕ та ӕнцонтӕй ӕркӕнынц, адӕм къордтыл дихтӕ кӕнын кӕй райдайынц, уымӕ.

18 Апостолтӕ ӕххӕст кодтой ӕмбырды разамонӕг советы хӕстӕ. Ӕмӕ ӕмбырд стырӕй-стырдӕр кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдаид, цӕмӕй апостолтӕ «Хуыцауы ныхас ныууагътаиккой ӕмӕ фынгты уӕлхъус лӕууыдаиккой ӕмӕ хӕринаг уӕрстаиккой» (Хъуыд. 6:2). Гъемӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой, цӕмӕй равзӕрстаиккой, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ зондӕй хайджын чи уыд», авд ахӕм лӕджы ӕмӕ уыцы «ахсджиаг куыст» апостолтӕ уыдоны бар бакодтаиккой (Хъуыд. 6:3). Уыцы хъуыддагӕн хъуыди фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст хӕринаг уарын нӕ хъуыди, фӕлӕ ма ӕхцатимӕ архайын, хойраг ӕлхӕнын ӕмӕ, кӕм цы хардз цыди, уыдӕттӕ бӕстон фыссын дӕр. Кӕй равзӕрстой, уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди грекъаг нӕмттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уымӕн бакодтой, цӕмӕй, кӕй фӕхъыг кодтой, уыцы идӕдзтӕн ӕнцондӕр уыдаид сӕ ныхасмӕ байхъусын. Апостолтӕ лӕмбынӕг ӕркастысты, кӕмӕй сын загътой, уыцы авд ӕфсымӕры цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уымӕ, стӕй Йегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ сӕ уӕд снысан кодтой, цӕмӕй уыцы «ахсджиаг куыст» уыдоны бар бакодтаиккой e.

19 Цымӕ уыцы авд лӕгӕн хӕринаг уарыны хъуыддаг кӕй бахӕс кодтой, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ ныр хъусын кӕнынӕй сӕрибар уыдысты? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы лӕгтӕй сӕ иу уыди Стефан. Уый уыд хъӕбатыр ӕвдисӕн ӕмӕ, цы дзырдта, уый ныхмӕ никӕй бон уыди фӕлӕууын (Хъуыд. 6:8–10). Се ’хсӕн уыди Филипп дӕр, Библи йӕ хоны «хорз хабар хъусынгӕнӕг» (Хъуыд. 21:8). Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы авд лӕджы Хуыцауы Паддзахады хабар дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой.

20. Абон Йегъовӕйы адӕм, апостолтӕ цы ӕгъдау сфидар кодтой, уымӕ гӕсгӕ куыд архайынц?

20 Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм архайынц, апостолтӕ цы ӕгъдау сфидар кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕй фӕзӕгъынц, ацы ӕфсымӕрӕн йӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ Хуыцауы зондӕй архайа ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕн бар дӕтта, цӕмӕй йыл ӕндава. Библийы цы миниуджыты кой цӕуы, уыдон кӕмӕ сты, уыцы ӕфсымӕрты Разамонӕг советы разамындӕй снысан кӕнынц ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй f (1 Тим. 3:1–9, 12, 13). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ нысангонд ӕрцӕуынц Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй ахсджиаг хъуыддӕгтӕ аразой. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырд кӕса, нӕ иузӕрдион ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй ӕцӕгдӕр ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ (Иак. 1:27). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ та фӕархайынц Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддаджы, конгресстӕ ауадзынӕн алцыдӕр бацӕттӕ кӕнынц, кӕнӕ та лӕггад кӕнынц рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр ӕххӕст кӕнынц, Хуыцауы дзуг хизын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынимӕ комкоммӕ баст чи нӕу, бирӕ ахӕм хӕстӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕмбаргӕ, цӕмӕй ӕмбырды хъуыддӕгтыл ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр ӕххӕссой, ӕмӕ-иу хъусын кӕнынӕн дӕр фаг рӕстӕг рахицӕн кӕной, уымӕн ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддаг Хуыцау алкӕмӕн дӕр бахӕс кодта (1 Кор. 9:16).

«Хуыцауы ныхас... парахат кодта» (Хъуыд. 6:7)

21, 22. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

21 Ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырд ӕддейӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфта, мидӕгӕй та йын тӕссаг уыд, къордтыл куы ныддихтӕ уыдаид, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы нӕ фӕцудыдта. Йегъовӕ уыцы ӕмбырдӕн арфӕ кодта, ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Хуыцауы ныхас... парахат кодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Суанг ма сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 6:7). Хъуыддӕгты чиныджы ма ноджыдӕр бирӕ рӕтты цӕуы дзырд, чырыстон ӕмбырд куыд рӕзыд, уый тыххӕй (Хъуыд. 9:31; 12:24; 16:5; 19:20; 28:31). Абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг дунейы иннӕ рӕтты размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд нын уый нӕ ныфсыл ныфс нӕ бафтауы?

22 Фӕлӕ н. э. фыццаг ӕнусы дины разамонджытӕ сӕ фыдвӕнд нӕ ныууагътой. Чырыстӕтты сӕрмӕ та сау мигътӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Тагъд знӕгтӕ сӕ масты цӕхӕртӕ ныккалдзысты Стефаныл. Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ сӕры.

b Хъуыддӕгты чиныджы зӕдты тыххӕй комкоммӕ дзырд цӕуы 20 хатты бӕрц ӕмӕ ацы ран сӕ кой цӕуы фыццаг хатт. Сӕ кой ма цӕуы Хъуыддӕгты 1:10, ӕрмӕст уым зӕдтӕ нӕ хуыйнынц, фӕлӕ «дыууӕ лӕджы урс дарӕсты».

e Уыцы нӕлгоймӕгтӕм, ӕвӕццӕгӕн, уыди, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм чи хъуамӕ уа, ахӕм миниуджытӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы «ахсджиаг куыстмӕ» уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд. Фӕлӕ, чырыстон ӕмбырды ӕфсымӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ цӕстдарджытӕй кӕд райдыдтой нысан кӕнын, уый тыххӕй Фыстады бӕлвырдӕй дзырд никуы цӕуы.

f Фыццаг ӕнусы-иу бӕрнон ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгты снысан кодтой (Хъуыд. 14:23; 1 Тим. 5:22; Тит. 1:5). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет снысан кӕны районон цӕстдарджыты. Районон цӕстдарджытӕн та сӕ хӕс у, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ӕвӕрын.