Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нывтӕ ӕмӕ къамтӕ амонӕн

Нывтӕ ӕмӕ къамтӕ амонӕн

Кӕцы фӕрстыл сты, уымӕ гӕсгӕ

  • Цъарыл: Павел, Тавифӕ, Галлион, Лука, хъахъхъӕнӕг апостолтимӕ, саддукей, Павелы фӕкӕнынц Кесаримӕ; Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц фонографимӕ, машинӕйыл – хъӕрӕйдзурӕн.

  • 1 фарс Павел, йӕ къухтыл рӕхыстӕ, афтӕмӕй Лукаимӕ лӕууы, Роммӕ чи фӕцӕуы, уыцы уӕзласӕн науыл.

  • 2, 3 фӕрстӕ Разамонӕг советӕй ӕфсымӕртӕ Дж. Э. Барр ӕмӕ Т. Ярач дунейы картӕйы раз.

  • 11 фарс Йесо Галилейӕйы, хохыл, йӕ 11 апостолӕн ӕмӕ йӕ иннӕ фӕдылдзӕуджытӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй хъусын кӕной.

  • 15 фарс Йесо фӕцӕуы уӕларвмӕ. Апостолтӕ йӕ фӕдыл кӕсынц.

  • 22 фарс Фӕндзайӕм боны Иерусалиммӕ чи ӕрцыд, уыцы адӕмимӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзурын райдыдтой алкӕмӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл.

  • 40 фарс Апостолтӕ лӕууынц сауджын Кайафӕйы раз. Синедрионы дӕлбар ис хъахъхъӕнджытӕ, цӕмӕй-иу, кӕй фӕаххосджын кӕной, уыдоны ӕрцахсой.

  • 49 фарс Бынӕй: Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Скӕсӕн Германийы тӕрхондон Йегъовӕйы Ӕдисӕнты банымадта америкаг шпионтыл (1950 азы 3 октябры журнал «Neue Berliner Illustrierte»).

  • 52 фарс Стефан лӕууы Синедрионы раз. Фӕстейӕ – хъӕздыг саддукейтӕ, разӕй та – сӕ дины ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцыд, уыцы фарисейтӕ.

  • 60 фарс Петр йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ног ахуыргӕнинагыл; Симон йӕ фӕстӕ лӕууы ӕхцадонимӕ.

  • 85 фарс Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ бахызтысты Корнилийы хӕдзармӕ. Корнилийы галиу уӕхскыл цы хъуымац конд ис, уымӕй бӕрӕг у, сӕдӕйыхицау кӕй у, уый.

  • 93 фарс Зӕд апостол Петры фӕкӕны; Петр, ӕвӕццӕгӕн, ахст у Антонийы мӕсыджы.

  • 95 фарс Бынӕй: знӕт адӕм Монреалмӕ хӕстӕг (Квебек, Канадӕ), 1945 аз (1956 азы июлы мӕйы журнал «Weekend Magazine»).

  • 103 фарс Павел ӕмӕ Варнавӕйы Писидийы Антиохийӕ ратардтой. Фӕстейӕ зыны горӕты ног донуадзӕн, ӕвӕццӕгӕн, арӕзт ӕрцыд н. э. фыццаг ӕнусы райдианы.

  • 106 фарс Павел ӕмӕ Варнавӕ Листрӕйы адӕмы нӕ уадзынц сӕхицӕн табу кӕнын. Нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ-иу адӕм сӕхи срӕсугъд кодтой, бӕстӕ-иу хъӕлӕба ӕмӕ музыкӕйӕ байдзаг.

  • 113 фарс Уӕлейӕ: Силӕ ӕмӕ Иудӕ Сирийы Антиохийы ӕмбырд фидар кӕнынц (Хъуыд. 15:30–32). Бынӕй: районон цӕстдарӕг ныхасы рацыд Угандӕйы ӕмбырдтӕй иуы.

  • 121 фарс Иерусалимы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕрӕмбырд сты кӕйдӕр хӕдзары.

  • 142 фарс Павел ӕмӕ Тимофей, базаргӕнджытӕ-иу сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕуыл ластой, ахӕм ромаг науыл. Дардмӕ зыны маяк.

  • 157 фарс Павел ӕмӕ Силӕ ӕхгӕд кӕрты мидӕгӕй, знӕт адӕмы къухӕй аирвӕзтысты.

  • 177 фарс Галлион ратардта Павелы ныхмӕлӕуджыты. Йӕ уӕлӕ – Ромы паддзӕхтӕ-иу кӕй дардтой, ахӕм урс пӕлӕз фӕтӕн тарсырх лентимӕ, йӕ къӕхтыл та – калцейтӕ, ома ӕхгӕд дзабыртӕ.

  • 180 фарс Ӕвзисты куыстгӕнджыты кусӕн бынат Ефесы. Димитрий ардауы, чи дзы кусы, уыдоны. Артемидӕйы гыццыл ӕвзист кувӕндӕттӕ уӕй кӕнынц лӕвар кӕнынӕн.

  • 195 фарс Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ науыл. Фӕстейӕ зыны, н. э. размӕ фыццаг ӕнусы кӕй сарӕзтой, ахӕм цыртдзӕвӕн – «Стыр Наулӕууӕн Цырт».

  • 205 фарс Бынӕй: 1940 азты Канадӕйы нӕ литературӕ парахат кӕнын куы нӕ уагътой, уӕд иу ӕрыгон Ӕвдисӕн литературӕ сусӕгӕй ласта. (Ӕцӕг къам нӕу.)

  • 208 фарс Павел сразы хистӕр нӕлгоймӕгты ныхасыл. Фӕстейӕ бадынц Лука ӕмӕ Тимофей, ӕххуыс кӕнынц, цы мысайнӕгтӕ ӕрластой, уыдон раттынӕн.

  • 218 фарс Павелӕн йӕ хойы лӕппу Антонийы мӕсыджы ныхас кӕны Клавдий Лисиимӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павелы ахстӕй уым дарынц. Фӕстейӕ зыны Ироды кувӕндон.

  • 236 фарс Павел уӕзласӕн науы мидӕгӕй Хуыцаумӕ кувы тыхст бӕлццӕтты тыххӕй.

  • 254 фарс Павел, ромаг ӕфсӕддонмӕ рӕхысӕй баст у, афтӕмӕй кӕсы Роммӕ.