Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ хъусынгӕнӕг!

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ды дӕ апостолтӕй сӕ иу ӕмӕ лӕууыс Оливӕбӕлӕсты хохыл. Дӕ разы лӕууы Чырысти. Ӕмӕ уӕларвмӕ ссӕуыны размӕ зӕгъы: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ цы ахъуыды кодтаис?

Ӕвӕццӕгӕн, фырдиссагӕй цы акодтаис, уый дӕр нал зыдтаис, ахӕм стыр хъуыддаг уын кӕй бахӕс кодта, уый тыххӕй. Чи зоны, хъуыды кодтаис: «Цалдӕр ахуыргӕнинаджы йеддӕмӕ куы не стӕм, уӕд хорз хабар „суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр“ куыд фӕхӕццӕ кӕндзыстӕм?» Стӕй ма, Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр куыннӕ ӕрхъуыды кодтаис: «Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кодтой, уӕд сымах ныхӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕндзысты. Ӕппӕт адӕттӕ та уын кӕндзысты мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц» (Иоан. 15:20, 21). Ӕмӕ дӕм, чи зоны, уыцы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл даргӕйӕ ахӕм хъуыдытӕ фӕзындаид: «Мӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ мӕ куы ’фхӕрой, уӕд бӕстон куыд хъусын кӕндзынӕн?»

Абон махмӕ дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм, фӕзыны ахӕм хъуыдытӕ. Махӕн дӕр нӕ хӕс у, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнӕм «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» ӕмӕ йӕ «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» фӕхӕццӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20). Фӕлӕ уыцы куыст кӕронмӕ куыд ахӕццӕ кӕндзыстӕм, кӕд ӕмӕ рагацау загъд уыд, нӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уый?

Хъуыддӕгты чиныджы дзырд цӕуы, фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уыцы хӕслӕвӕрд куыд сӕххӕст кодтой, уый тыххӕй. Ныртӕккӕ цы чиныг кӕсыс, уый фӕрцы Хъуыддӕгты чиныг ноджы хуыздӕр раиртасдзынӕ ӕмӕ дзы цы диссаджы хабӕртты кой цӕуы, уыдон дӕ цӕстытыл ауайын кӕндзынӕ, раст цыма дӕхӕдӕг дӕр уым дӕ, афтӕ. Диссаг дӕм фӕкӕсдзӕн, Хуыцауӕн фыццаг ӕнусы чи лӕггад кодта ӕмӕ йын абон чи лӕггад кӕны, уыдонӕн иумӕйагӕй цас цыдӕртӕ ис, уый. Ды фендзынӕ, цы куыст кӕнӕм, ӕрмӕст уый нӕ кӕй нӕ иу кӕны, фӕлӕ ма уыцы куыстӕн разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уый дӕр. Уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ ноджы хуыздӕр бамбардзынӕ, Йегъовӕ Хуыцау абон дӕр, зӕххыл ын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн разамынд кӕй дӕтты, ӕмӕ дын уый дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар кӕндзӕн.

Ныфс нӕ ис, стӕй уый тыххӕй кувгӕ дӕр кӕнӕм, цӕмӕй дӕ, Хъуыддӕгты чиныг ахуыр кӕнгӕйӕ, ноджы фидардӕрӕй бауырна, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй фидар кӕндзӕн. Цӕй уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дарддӕр дӕр «бӕстон хъусын кӕн» ӕмӕ иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕн ирвӕзындзинады фӕндагыл слӕууынӕн (Хъуыд. 28:23; 1 Тим. 4:16).

Де ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет