13 СӔР
«Семӕ не сразы сты»
Разамонӕг совет скъуыддзаг кӕны сунӕт кӕныны фарста
Арӕзт у Хъуыддӕгты 15:1–12
1–3. а) Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдӕн тӕссаг цӕмӕй уыд? б) Хъуыддӕгты чиныгӕй ацы хабармӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд дзы нӕхицӕн зондӕн цы райсдзыстӕм?
ГЫЦЦЫЛ раздӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ фыццаг уацамындон балцӕй ӕрыздӕхтысты сириаг горӕт Антиохимӕ. Сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй, Йегъовӕ «ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар кӕй байгом кодта», уый тыххӕй (Хъуыд. 14:26, 27). Антиохийӕн йӕхи мидӕг дӕр адӕм иууылдӕр кӕнынц хорз хабары кой. Ӕмӕ уыцы горӕты ӕндӕр адӕмтӕй «тынг бирӕтӕ» систы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ (Хъуыд. 11:20–26).
2 Цасдӕры фӕстӕ ацы диссаджы хабӕрттӕ Иудейӕмӕ дӕр бахӕццӕ сты. Фӕлӕ уыцы хабарыл се ’ппӕт нӕ цин кӕнынц. Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕтӕ чырыстӕттӕ кӕй систы, уый тыххӕй бахъуыд сунӕт кӕныны фарста аскъуыддзаг кӕнын. Дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон кӕрӕдзиимӕ куыд хъуамӕ уой? Ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон Моисейы закъонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Ацы фарстайы тыххӕй ахӕм быцӕу рауад, ӕмӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмбырд ныддихтӕ уа. Куыд аскъуыддзаг кӕндзысты ацы фарста?
3 Хъуыддӕгты чиныгӕй ацы хабармӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд дзы нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсдзыстӕм. Ӕмӕ абон дӕр ӕмбырды ахӕм тӕссаг уавӕр куы фӕзына, уӕд нӕ бон уыдзӕн зондӕй архайын.
«Сунӕт куы не скӕнат» (Хъуыд. 15:1)
4. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕр рӕдыд хъуыдытӕ дзырдтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?
4 Ахуыргӕнинаг Лука фыссы: «Уыцы рӕстӕг Иудейӕйӕ [Антиохимӕ] чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн амонын райдыдтой, зӕгъгӕ, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут» (Хъуыд. 15:1). Уыцы «чидӕртӕ» чырыстон дин райсыны размӕ фарисейтӕ уыдысты ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, фарисейты зондӕй хъӕстӕ уыдысты, ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Закъоны алы лыстӕг хъуыддаг дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой Иерусалимы апостолты ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты номӕй, кӕд сын ахӕм бар ничи радта, уӕддӕр (Хъуыд. 15:23, 24). Ӕндӕр адӕмтӕй сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдоны апостол Петр Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ чырыстон ӕмбырдмӕ куы ’рбакодта, уӕдӕй 13 азы бӕрц рацыд. Ӕмӕ ма уӕдӕ, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон цӕмӕн дзырдтой, сунӕт кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы, зӕгъгӕ? a (Хъуыд. 10:24–29, 44–48).
5, 6. а) Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй чидӕртӕ цӕмӕн дзырдтой, сунӕт кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ? б) Сунӕт кӕныны тыххӕй бадзырд, Хуыцау Авраамимӕ йӕ байзӕддаджы тыххӕй цы бадзырд скодта, уымӕ хауди? Бамбарын ӕй кӕн. (Кӕс фиппаинаг.)
5 Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дзырдтаиккой афтӕ. Иу уый, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста сунӕт кӕнын. Ӕмӕ-иу уый уыди, адӕймаг Хуыцауы хӕлар кӕй у, уый нысан. Ӕппӕты фыццаг сунӕтгонд ӕрцыдысты Авраам ӕмӕ, йӕ хӕдзары нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыд, уыдон, ӕмӕ уый уыди, Закъон куы нӕма фӕзынд, уӕд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сунӕт кӕныны ӕгъдау Закъонмӕ хаст ӕрцыд b (Лев. 12:2, 3). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сунӕт кӕнын хъуыди суанг ӕндӕрбӕстӕгты дӕр, цӕмӕй сын израилӕгты ’хсӕн исты бартӕ уыдаид, зӕгъӕм, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Куадзӕны нывондӕй хӕрын (Рац. 12:43, 44, 48, 49). Сунӕтгонд чи нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы та дзуттӕгтӕ сыгъдӕгыл нӕ нымадтой, сӕ цӕсты зӕххӕй сисинаг дӕр нӕ уыд (Ис. 52:1).
6 Уӕдӕ цӕмӕй, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон, Хуыцау сын цы хабар раргом кодта, ууыл сразы уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад. Хуыцау израилӕгтимӕ Моисейы закъоны бындурыл цы бадзырд скодта, уый ивд ӕрцыд ног бадзырдӕй. Ӕмӕ ныр, адӕймагӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты, уый ууыл дзурӕг нал уыд, ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй у. Уымӕ гӕсгӕ, дзуттӕгтӕй ӕндӕр бӕстӕты чи цард, уыдоны дӕр ӕмӕ, Иудейӕйы чи цард, уыдоны дӕр хъуыди хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой ӕмӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдоны се ’фсымӕртыл банымадтаиккой (Йер. 31:31–33; Лук. 22:20).
7. Иудейӕйӕ чи ’рцыд, уыцы «чидӕртӕ» цы нӕ бамбӕрстой?
7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ нӕ ивынц. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ, кӕд Моисейы закъонӕн кӕрон ӕрцыд, уӕддӕр, цы уагӕвӕрдтыл лӕууыд, уыдон ног бадзырды баззадысты (Матф. 22:36–40). Зӕгъӕм, Павел фӕстӕдӕр сунӕт кӕныны тыххӕй ныффыста: «Ӕцӕг дзуттаг уый у, ӕмӕ мидӕгӕй чи у ахӕм, ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн сунӕтгонд у йӕ зӕрдӕ, фыст закъонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй» (Ром. 2:29; Дык. з. 10:16). Иудейӕйӕ чи ’рцыд, уыцы «чидӕртӕ» ацы хабӕрттӕ не ’мбӕрстой, ӕмӕ фидарӕй дзырдтой, Хуыцау сунӕт кӕныны закъон никуы аивдзӕн, зӕгъгӕ. Цымӕ сӕ хъуыды аивдзысты?
«Не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой» (Хъуыд. 15:2)
8. Сунӕт кӕныны фарста Иерусалиммӕ разамонӕг советмӕ цӕмӕн арвыстой?
8 Лука дарддӕр фыссы: «Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ [ома, Иудейӕйӕ чи ’рцыд, уыдонимӕ] не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой. Уӕд [хистӕр нӕлгоймӕгтӕ] бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацӕуой Иерусалиммӕ апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм» c (Хъуыд. 15:2). Ацы ныхӕстӕй, «не сразы сты, ӕмӕ быцӕу дӕр кодтой», зӕгъгӕ, зыны, сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи хъуыдыйыл фидар кӕй хӕцыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Антиохийы ӕмбырды ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын нӕ уыд. Цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад бахъахъхъӕдтаиккой, уый тыххӕй зондджын уынаффӕ рахастой: уыцы фарста арвитдзысты «Иерусалимы апостолтӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм», ома уӕды рӕстӕджы разамонӕг советмӕ. Антиохийы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
9, 10. Антиохийы ӕфсымӕртӕ, стӕй нын Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?
9 Ацы хабарӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: хъуамӕ Хуыцауы организацийыл дызӕрдыг ма кӕнӕм. Ахъуыды-ма кӕн, Антиохийы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ зыдтой, разамонӕг советы чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр ныфс уыд, сунӕт кӕныны фарста Фыстадмӕ гӕсгӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты. Цӕмӕн сыл ӕууӕндыдысты? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, Йегъовӕ разамынд кӕй дӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы (Матф. 28:18, 20; Еф. 1:22, 23). Абон дӕр исты зын фарстатӕ куы фӕзына, уӕд нӕ бон у Антиохийы чырыстӕтты бафӕзмын. Мах дӕр дызӕрдыг ма кӕнӕм Хуыцауы организацийыл ӕмӕ, Разамонӕг советы чи ис, уыцы сӕрст ӕфсымӕртыл.
10 Ацы хабар ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон уӕм. Хуыцау Павел ӕмӕ Варнавӕйы йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы йӕхӕдӕг арвыста ӕндӕр адӕмтӕм, фӕлӕ уыдон уымӕй не спайда кодтой, цӕмӕй уыцы фарста сӕхӕдӕг Антиохийы аскъуыддзаг кодтаиккой (Хъуыд. 13:2, 3). Стӕй ма Павел фӕстӕдӕр ныффыста: «Цӕугӕ та [Иерусалиммӕ] уымӕн акодтон, ӕмӕ мын уӕларвӕй афтӕ раргом». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы разамынд Хуыцау лӕвӕрдта (Гал. 2:2). Абон дӕр ӕмбырды тӕссаг уавӕр куы фӕзыны, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон уой. Уыдон кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕбыцӕу кӕнынц, фӕлӕ Йегъовӕйӕ разамынд фӕагурынц – лӕмбынӕг ӕркӕсынц, Библийы цы фыст ис ӕмӕ, ӕууӕнкджын цагъар цы разамынд ӕмӕ цы уынаффӕтӕ дӕтты, уымӕ (Фил. 2:2, 3).
11, 12. Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы?
11 Хатт нӕ фӕхъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ нын цавӕрдӕр хабӕрттӕ хуыздӕр кӕд бамбарын кӕндзӕн, уымӕ. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Павелы рӕстӕджы ӕфсымӕрты 13 азы кӕй бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ Йегъовӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уый нӕ раргом кодта, уӕдмӕ. Уыцы рӕстӕг ахаста н. э. 36 азӕй, Корнилий Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын, уӕдӕй, суанг н. э. 49 азмӕ. Афтӕ бирӕ сӕ цӕмӕн хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын? Чи зоны, Хуыцауы фӕндыд сыгъдӕгзӕрдӕ дзуттӕгтӕн фаг рӕстӕг раттын, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой ӕмӕ уыцы ахсджиаг хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастаиккой. Хуыцау сӕ кадджын рагфыдӕл Авраамимӕ сунӕт кӕныны тыххӕй цы бадзырд скодта, уый ӕххӕст кодтой 1 900 азы дӕргъы. Ӕмӕ ныр уыцы бадзырдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, ууыл сразы уыдаиккой, уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыди (Иоан. 16:12).
12 Цӕй стыр кад у махӕн, нӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ бирӕфӕразон уӕларвон Фыд нын йӕхӕдӕг зонд кӕй амоны ӕмӕ йӕ къухы ӕлыгау кӕй стӕм, уый! Уый фӕрцы алцыдӕр рауайы, хуыздӕр куыд у, афтӕ ӕмӕ вӕййы нӕ пайдайӕн (Ис. 48:17, 18; 64:8). Уӕдӕ нӕхиуыл макуы фервӕссӕм ӕмӕ иннӕтӕн нӕхи хъуыдытӕ хъарын ма райдайӕм. Стӕй Хуыцауы организацийы исты ивындзинӕдтӕ куы ’рцӕуы кӕнӕ цавӕрдӕр стихтӕ ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕнынц, уӕд-иу афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, уый раст нӕу, зӕгъгӕ (Еккл. 7:8). Дӕ зӕрдӕйы гыццыл дӕр ахӕм хъуыды куы фӕзына, уӕд-иу Хуыцаумӕ скув ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, Хъуыддӕгты чиныджы 15 сӕры цы ахсджиаг уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл d.
13. Йегъовӕйы нӕ бон куыд у уацамынды бафӕзмын?
13 Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыцы адӕмӕн хатт зын вӕййы, Фыстадмӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныууадзын, ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы фӕразондзинад. Ахӕм уавӕры нӕ, чи зоны, цасдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа, цалынмӕ йын Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг сырӕзын кӕна, уӕдмӕ (1 Кор. 3:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй хъӕуы кувын дӕр. Уӕд нын Хуыцау йӕ рӕстӕджы равдисдзӕн, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый (1 Иоан. 5:14).
Бӕстон «радзырдтой», ныфсы хос чи уыд, ахӕм хабӕрттӕ (Хъуыд. 15:3–5)
14, 15. а) Антиохийы ’фсымӕртӕ куыд скад кодтой Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ бӕлццӕттӕн? б) Уыцы миссионертӕ се ’мчырыстӕтты куыд бафидар кодтой?
14 Лука дарддӕр фыссы: «Ӕмбырд сӕ иуцасдӕр ахизын кодта, ӕмӕ сӕ фӕндаг Финики ӕмӕ Самарийыл акодтой. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дзырдтой, иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы фӕндагыл куыд ӕрлӕууынц, уый тыххӕй ӕмӕ уымӕй се ’ппӕтӕн дӕр стыр цин хастой» (Хъуыд. 15:3). Ӕфсымӕртӕ Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ бӕлццӕтты кӕй ахизын кодтой, уымӕй равдыстой, кӕй сӕ уарзтой ӕмӕ сын кӕй кад кодтой, стӕй сын сӕ зӕрдӕ кӕй дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдаиккой. Уӕдӕ та нын ацы хъуыддаджы дӕр Антиохийы ӕфсымӕртӕ фӕзминаг куыннӕ сты! Ды дӕр де ’мчырыстӕттӕн кад кӕныс, «уӕлдайдӕр та, Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны, уыдонӕн [хистӕр нӕлгоймӕгтӕн]»? (1 Тим. 5:17).
15 Бӕлццӕттӕ Финики ӕмӕ Самарийы уылты куы цыдысты, уӕд уым се ’мчырыстӕтты абӕрӕг кодтой ӕмӕ сын бӕстон «радзырдтой», ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кӕнгӕйӕ сын цы бантыст, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ афтӕмӕй бафидар кодтой. Се ’хсӕн, ӕвӕццӕгӕн, уыди, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй Стефаны мӕлӕты фӕстӕ уырдӕм чи алыгъд, ахӕмтӕ дӕр. Абон дӕр не ’фсымӕртӕ, уӕлдайдӕр та, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдон, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй куы фехъусынц, уӕд сӕ ныфсыл ныфс бафты. Цӕмӕй дӕуӕн дӕр ахӕм хабӕрттӕ дӕ ныфс фидар кӕной, уый тыххӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм фӕцӕуыс, стӕй нӕ литературӕйы кӕнӕ сайты jw.org нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты царды хабӕрттӕ фӕкӕсыс?
16. Сунӕт кӕныны фарста ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнын кӕй хъуыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
16 Бӕлццӕттӕ Антиохийӕ хуссарырдӕм 550 километры бӕрц куы ацыдысты, уӕд бахӕццӕ сты, кӕдӕм цыдысты, уырдӕм. Лука фыссы: «Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд сыл ӕмбырд, апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг бацин кодтой. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй» (Хъуыд. 15:4). Фӕлӕ уый фехъусгӕйӕ, «фарисейты къордӕй уырнджытӕ чи сси, уыдон сыстадысты ӕмӕ загътой: „Иннӕ адӕмтӕй уырнӕг чи сси, уыдонӕн сунӕт скӕнын хъӕуы ӕмӕ сын зӕгъын хъӕуы, цӕмӕй Моисейы закъон ӕххӕст кӕной“» (Хъуыд. 15:5). Бӕрӕг у, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты сунӕт кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уыцы фарста ӕвӕстиатӕй кӕй хъуыди аскъуыддзаг кӕнын.
«Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» ӕрӕмбырд сты (Хъуыд. 15:6–12)
17. Иерусалимы разамонӕг советы чи уыд ӕмӕ дзы «хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» дӕр цӕмӕн уыди?
17 Ӕмбисӕндты 13:10 фыст ис: «Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд». Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ [сунӕт кӕныны фарстайы] фӕдыл ӕрӕмбырд сты» (Хъуыд. 15:6). «Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» архайдтой ӕгас чырыстон ӕмбырды номӕй, абон Разамонӕг совет куыд архайы, афтӕ. Апостолтимӕ «хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» дӕр цӕмӕн уыди? Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, апостол Иаковы маргӕ кӕй акодтой, Петр та цасдӕр рӕстӕг ахӕстоны кӕй уыд, уый. Чи зоны, афтӕ уыд сӕ хабар иннӕ апостолтӕн дӕр. Уӕдӕ уыцы фембӕлдмӕ ӕндӕр фӕлтӕрд чырыстӕтты дӕр кӕй фӕхуыдтой, уый фӕрцы дзы фаг ӕфсымӕртӕ уыди, цӕмӕй ӕмбырдӕн сӕ бон уыдаид раст разамынд раттын.
18, 19. Петр цы загъта ӕмӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕ цавӕр хатдзӕгмӕ хъуамӕ ӕрцыдаиккой?
18 Лука дарддӕр фыссы: «Ӕмӕ бирӕ куы фӕныхас кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: „Ӕфсымӕртӕ, сымах тынг хорз зонут, Хуыцау не ’хсӕнӕй фыццаг мӕн кӕй равзӕрста, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕнон хорз хабар, ӕмӕ баууӕндой. Ӕмӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцау уыдонмӕ дӕр кӕй ӕркаст, уый равдыста, махау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта, уымӕй. Махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ уырнындзинады фӕрцы ссыгъдӕг кодта“» (Хъуыд. 15:7–9). Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, 7 стихы «фӕныхас кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «агурын» ӕмӕ «фарстатӕ дӕттын» дӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ иухуызон нӕ хъуыды кодтой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ ӕргом ӕмӕ сӕрибарӕй дзырдтой.
19 Петры ныхӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, н. э. 36 азы Петр йӕхи цӕстӕй кӕй федта, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕй фыццӕгты – Корнили ӕмӕ йӕ хӕдзаронты – Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта. Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ, дзуттӕгты ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны ’хсӕн цы къул уыд, уый айста, уӕд адӕймагӕн уый бар чи радта, ӕмӕ уыцы къул фӕстӕмӕ амайа? Стӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уырнӕг адӕймаджы зӕрдӕ, Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕрцы нӕ сыгъдӕг кӕны, фӕлӕ, Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый фӕрцы (Гал. 2:16).
20. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, сунӕт кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдон Хуыцауы фӕлвӕрдтой?
20 Петр Хуыцауы Ныхасӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхаста ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй бирӕтӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд схайджын сты, уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд йӕ ныхас афтӕ фӕци: «Уӕдӕ ма Хуыцауы цӕмӕн фӕлварут ӕмӕ, нӕдӕр нӕ фыдӕлты, нӕдӕр нӕхи бон ахӕссын кӕй не сси, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгтыл цӕмӕн ӕвӕрут? Мах, дзуттӕгты, уырны, Хицау Йесойы стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй фервӕздзыстӕм, ӕмӕ уыдоны дӕр уый уырны» (Хъуыд. 15:10, 11). Сунӕт кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыдон, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «Хуыцауы... фӕлвӕрдтой». Уыдон фӕлвӕрдтой Хуыцауы фӕразондзинад. Иннӕ адӕмтӕн ӕххӕст кӕнын кодтой Моисейы закъон, афтӕмӕй та йӕ дзуттӕгтӕн сӕхи бон дӕр кӕронмӕ ӕххӕст кӕнын нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй уыдысты мӕлӕты аккаг (Гал. 3:10). Петрмӕ чи хъуыста, уыцы дзуттӕгтӕ хъуамӕ Хуыцауӕй бузныг уыдаиккой, Чырыстийы уылты йе стыр хорзӕхӕй кӕй схайджын сты, уый тыххӕй.
21. Павел ӕмӕ Варнавӕ сунӕт кӕныны фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн цы ’ххуыс фесты?
21 Ӕвӕццӕгӕн, Петры ныхӕстӕ ӕфсымӕрты зӕрдӕтӕм бахъардтой, уымӕн ӕмӕ «иууылдӕр ӕрсабыр сты». Стӕй Варнавӕ ӕмӕ Павел «радзырдтой, иннӕ адӕмты ’хсӕн Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ӕвдыста, уый тыххӕй» (Хъуыд. 15:12). Ӕмӕ ныр кӕдӕй-уӕдӕй апостолтӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон баци ӕппӕт уыцы бӕлвырдгӕнӕнтыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ сунӕт кӕныны фарстайы фӕдыл, Хуыцау цы хъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ рахӕссын.
22–24. а) Абон Разамонӕг совет фыццаг ӕнусы разамонӕг советау куыд архайы? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕ ӕмбырдӕн цы разамынд дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц?
22 Абон дӕр Разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ фӕагурынц Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕна (Пс. 119:105; Матф. 7:7–11). Цалынмӕ нӕ фембӕлынц, уӕдмӕ уал Разамонӕг советы алы ӕфсымӕр дӕр гӕххӕттыл фыстӕй райсы, цы фарстатыл ныхас кӕндзысты, уыдон, цӕмӕй сӕ бон уа уый тыххӕй рагацау кувын ӕмӕ хъуыды кӕнын (Ӕмб. 15:28). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ куы фембӕлынц, уӕд сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй ӕмӕ уӕзданӕй фӕдзурынц. Ахӕм фембӕлдты рӕстӕджы Библийӕ арӕх фӕпайда кӕнынц.
23 Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной. Хистӕр нӕлгоймӕгты фембӕлды сӕ бон цавӕрдӕр хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын куы нӕ уа, уӕд сӕ бон ӕххуыс ракурын у филиалӕй кӕнӕ, филиал кӕй снысан кӕны ӕмӕ йӕ номӕй чи фӕархайы, уыцы районон цӕстдарджытӕй. Куы бахъӕуы, уӕд та филиал Разамонӕг советмӕ дӕр ныффыссы.
24 Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕмбырдӕн цы разамынд дӕтты, уымӕн чи аргъ кӕны, стӕй сӕрныллӕг, иузӕрдион ӕмӕ фӕразон чи у, уыдонӕн. Иннӕ сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй Хуыцау ахӕм адӕмӕн уымӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ йын йӕ Ныхас раст ӕмбарынц, уымӕ гӕсгӕ архайынц, ӕмӕ се ’хсӕн ис ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад.
a Кӕс рамкӕ « Дзуттаг диныл фидар чи хӕцыд, уыдоны ахуырӕдтӕ».
b Сунӕт кӕныны тыххӕй бадзырд, Хуыцау Авраамимӕ йӕ байзӕддаджы тыххӕй цы бадзырд скодта, уымӕ нӕ хауы. Уыцы бадзырд йӕ тыхы бацыд н. э. размӕ 1943 азы, Авраам (уӕд нырма хуынди Аврам) Евфраты фаллаг фарсмӕ куы ахызт ӕмӕ Ханаанмӕ куы араст, уӕд, ӕмӕ абоны онг дӕр йӕ тыхы ис. Авраамыл уӕд цыди 75 азы. Сунӕт кӕныны тыххӕй бадзырд та Хуыцау йемӕ скодта фӕстӕдӕр, н. э. размӕ 1919 азы. Уӕд Авраамыл цыди 99 азы (Райд. 12:1–8; 17:1, 9–14; Гал. 3:17).
c Иерусалиммӕ кӕй арвыстой, уыцы ӕфсымӕртӕй сӕ иу, ӕвӕццӕгӕн, уыд грекъаг, Тит, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр уый сси Павелы ӕнувыд ӕмбал, ӕмӕ-иу ӕй Павел йӕхи бӕсты ӕндӕр рӕттӕм арвыста (Гал. 2:1; Тит. 1:4). Титы фенгӕйӕ ӕфсымӕртӕ бамбӕрстаиккой, сунӕтгонд чи нӕу, уыдоны дӕр Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кӕны (Гал. 2:3).