6 ХАЙ • ХЪУЫДДӔГТӔ 15:36–18:22
«Цӕй, аздӕхӕмӕмӕ... ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнӕм»
Чырыстон ӕмбырды районон цӕстдарджытыл цавӕр ахсджиаг хӕс ис? Хуыцау нын йӕ организацийы цы бахӕс кӕны, уый ӕнӕзивӕгӕй куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын куыд раарфӕ кӕны? Куыд у нӕ бон адӕмимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнын ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы нӕ ныхас сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ивын? Мах апостол Павелимӕ, йӕ дыккаг уацамындон балцы кӕмыты уыди, уыцы бӕстӕтыл ӕрзилдзыстӕм ӕмӕ дзуапп базондзыстӕм ацы фарстатӕн ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн дӕр.