19 СӔР
«Дзур, ӕнцад ма лӕуу»
Павел йӕхи фаг кусгӕ дӕр кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕппӕты сӕйрагдӕр уыди йӕ лӕггад
Арӕзт у Хъуыддӕгты 18:1–22
1–3. Апостол Павел Коринфмӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?
ФӔУД КӔНЫ н. э. 50 аз. Апостол Павел ис Коринфы. Коринф у хъӕздыг горӕт ӕмӕ дзы базары хабӕрттӕ хорз цӕуынц. Уым ӕрцарди бирӕ грекъӕгтӕ, ромӕгтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ a. Фӕлӕ Павел ардӕм истытӕ уӕй кӕнынмӕ кӕнӕ ӕлхӕнынмӕ не ’рцыд, стӕй йӕ нысан куыст ссарын дӕр нӕу. Ардӕм ӕрцыд бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаджы фӕдыл – хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕна. Фӕлӕ йӕ хъӕуы ссарын, кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат, стӕй йӕ искӕй тыхсын кӕнын дӕр нӕ фӕнды. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ иннӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕз лӕггад кӕндзынӕн, уыдон та мӕ дарӕнт, зӕгъгӕ. Уӕдӕ куыд бакӕндзӕн?
2 Павел зоны цатыртӕ хуыйын. Уый ӕнцон куыст нӕу, фӕлӕ уӕддӕр Павел цӕттӕ у йӕхи къухтӕй фыдӕбон кӕнынмӕ, цӕмӕй йӕ бон уа йӕхи дарын. Цымӕ уыцы стыр горӕты, адӕм иууылдӕр сӕхи мӕт кӕм кӕнынц, уым, куыст ссардзӕн? Кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат ын искуы разындзӕн? Кӕд Павел ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр дзы рох нӕу йӕ сӕйраг куыст, йӕ лӕггад.
3 Павел Коринфы иуцасдӕр фӕци, ӕмӕ ацы горӕты йӕ лӕггад бирӕ тыллӕг ӕрхаста. Павел Коринфы куыд лӕггад кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр нӕ участокты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнӕм?
«Цатыртӕ... хуыдтой» (Хъуыд. 18:1–4)
4, 5. а) Павел Коринфы кӕм ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕхи цӕмӕй дардта? б) Павел цатыртӕ хуыйын куыд сахуыр?
4 Павел Коринфмӕ куы ’рцыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ фембӕлд уазӕгуарзон бинонтыл – дзуттаг лӕг Акилӕйыл ӕмӕ йӕ ус Прискиллӕйыл, хуыдтой ма йӕ Прискӕ дӕр. Уыцы лӕг ӕмӕ ус Коринфы ӕрцардысты, Ромы паддзах Клавдий ахӕм бардзырд куы радта, зӕгъгӕ, «дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацӕуӕнт», уый фӕстӕ (Хъуыд. 18:1, 2). Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Павелӕн ӕрмӕст цӕрӕнбынат нӕ радтой, фӕлӕ ма цӕмӕй семӕ куыстаид, уый фадат дӕр. Мах кӕсӕм: «Иу куыст кӕй кодтой – цатыртӕ кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ [Павел] уыдонмӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ семӕ куыста» (Хъуыд. 18:3). Цалынмӕ Павел Коринфы лӕггад кодта, уӕдмӕ йын уыцы бинонтӕ уыдысты рӕдау фысымтӕ. Павел Акилӕтӕм куы цард, уыцы рӕстӕджы ныффыста, фӕстӕдӕр Библимӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы фыстӕджытӕй цалдӕр b.
5 Уый гӕнӕн куыд уыди, ӕмӕ Павел, «Гамалиилмӕ» чи ахуыр кодта, уый, цатыртӕ хуыдта? (Хъуыд. 22:3). Куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ ӕгадыл нӕ нымадтой сӕ сывӕллӕтты ахӕм куыстытыл ахуыр кӕнын, кӕд ма-иу уӕлдӕр ахуыр дӕр хъуамӕ райстаиккой, уӕддӕр. Павел уыди Тарсӕй, киликиаг горӕтӕй. Киликийы бӕстӕ уыди тынг зындгонд, уымӕн ӕмӕ дзы кодтой, цатыртӕ кӕмӕй хуыдтой, уыцы хъуымац, киликиум, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел цатыртӕ хуыйын гыццылӕй сахуыр. Цатыртӕ хуыйджытӕн-иу сӕ куыст цы уыд? Чи зоны, цатыртӕ кӕмӕй хуыдтой, уыцы хъуымац дӕр сӕхӕдӕг уӕфтой, кӕнӕ та-иу сӕ, чи зоны, уыцы дӕрзӕг хъуымац хъуыди ӕрмӕстдӕр ныллыгтӕ кӕнын ӕмӕ йӕ бахуыйын. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уый ӕнцон куыст нӕ уыди.
6, 7. а) Павел цатыртӕ хуыйыны куыстмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр сӕ куыстмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты? б) Абон чырыстӕттӕ куыд бафӕзмынц Павелы, Акилӕйы ӕмӕ Прискиллӕйы?
6 Павелӕн цатыртӕ хуыйын йӕ сӕйраг куыст нӕ уыд. Уыцы куыст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кодта, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид хорз хабар «лӕвар» хъусын кӕнын (2 Кор. 11:7). Цымӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ та цы цӕстӕй кастысты сӕ куыстмӕ? Чырыстӕттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр уыцы куыстмӕ Павелы цӕстӕй кастысты. Н. э. 52 азы Павел Коринфӕй куы ацыд, уӕд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр сӕ куыст ныууагътой ӕмӕ йемӕ Ефесмӕ ацыдысты. Ӕмӕ уыцы горӕты цӕрӕг чырыстӕттӕ ӕмбырд кодтой сӕ хӕдзары (1 Кор. 16:19). Фӕстӕдӕр Роммӕ аздӕхтысты ӕмӕ та стӕй ногӕй Ефесмӕ ӕрцыдысты. Уыцы зынгзӕрдӕ бинонтӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтой ӕмӕ иннӕтӕн сӕ уды хардзӕй лӕггад кодтой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг уыдысты, «иннӕ адӕмты ӕмбырдты» цы чырыстӕттӕ уыд, уыдон иууылдӕр (Ром. 16:3–5; 2 Тим. 4:19).
7 Абон дӕр чырыстӕттӕ бафӕзмынц Павелы, Акилӕйы ӕмӕ Прискиллӕйы. Нӕ рӕстӕджы дӕр зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй «стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кӕной» (1 Фес. 2:9). Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ кусынц бон цалдӕр сахаты, кӕнӕ та афӕдз цалдӕр мӕйы бакусынц, цӕмӕй сӕм къӕбӕры фаг уа ӕмӕ дарддӕр кӕной сӕ сӕйраг куыст – хъусын кӕныны хъуыддаг. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйау абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ рӕдау фысымтӕ разынынц районон цӕстдарджытӕн. Библи нӕ разӕнгард кӕны, «алкӕддӕр ут уазӕгуарзон», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕ чи кӕны, уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, уый фӕрцы адӕймаг куыд тынг бафидар вӕййы ӕмӕ йӕ ныфсыл ныфс куыд бафты (Ром. 12:13).
«Коринфӕгтӕй... бирӕтӕ баууӕндыдысты» (Хъуыд. 18:5–8)
8, 9. Павел зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ уый фӕстӕ кӕм хъусын кодта?
8 Павелы куыст сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй хъуыди, цӕмӕй йӕ бон лӕггад кӕнын уыдаид, уый рабӕрӕг, Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ рӕдау лӕвӕрттимӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд (2 Кор. 11:9). Павел фӕстиат нал кодта – «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ» (Хъуыд. 18:5). Фӕлӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Ӕмӕ уӕд Павел йӕ дарӕс ӕрцагъта ӕмӕ сын загъта: «Уӕ туг уӕхиуыл ис, ӕз сыгъдӕг дӕн. Ныр цӕуын ӕндӕр адӕмтӕм». Афтӕмӕй сын равдыста, ныр сӕхӕдӕг кӕй дӕтдзысты дзуапп, Чырыстийы тыххӕй хорз хабармӕ – сӕ цард кӕуыл баст у, уыцы хабармӕ – кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй (Хъуыд. 18:6; Йез. 3:18, 19).
9 Уӕдӕ ныр Павел кӕм хъусын кӕндзӕн? Павелӕн йӕ хӕдзары дуӕрттӕ уӕрӕх байгом кодта Титий Иуст. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд, дзуттаг дин чи райста, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ йӕ хӕдзар уыди ӕмбырдгӕнӕны тӕккӕ фарсмӕ. Гъемӕ Павел ӕмбырдгӕнӕнӕй Иусты хӕдзармӕ рацыд (Хъуыд. 18:7). Павел цалынмӕ Коринфы уыд, уӕдмӕ цӕргӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ кодта, Иусты хӕдзар та йын уыди, кӕм хъусын кодта, ахӕм бынат.
10. Цӕмӕй бӕрӕг у, Павел йӕхицӕн афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?
10 Цымӕ Павел афтӕ кӕй загъта, ныр ӕз цӕуын ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ дзуттӕгтыл ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдоныл йӕ къух бынтондӕр систа? Стӕй сӕ хорз хабармӕ чи хъуыста, суанг уыдоны дӕр ныууагъта? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Зӕгъӕм, «ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Крисп ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр Хицауыл баууӕндыдысты». Ӕвӕццӕгӕн ма Криспмӕ ӕрбаиу, ӕмбырдгӕнӕнмӕ чи цыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы кӕсӕм: «Коринфӕгтӕй хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой» (Хъуыд. 18:8). Афтӕмӕй Коринфы фӕзынд ног чырыстон ӕмбырд, ӕмӕ ӕмбырд та кодтой Титий Иусты хӕдзары. Кӕд Лука Хъуыддӕгты чиныг дӕр, куыд ахуыр уыд, афтӕ ныффыста, ома хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ, уӕд уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон чырыстӕттӕ систы, Павел йӕ дарӕс куы ’рцагъта, уый фӕстӕ. Уӕдӕ ацы хабар дӕр хорз ӕвдисы, апостол алы хатт дӕр уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, уый.
11. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстон диныл хӕст адӕмӕн куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй Павелы куыд фӕзмынц?
11 Абон дӕр бирӕ бӕстӕты чырыстон дины аргъуантӕ арф уидӕгтӕ ауагътой ӕмӕ сӕм цы адӕм цӕуы, уыдоныл фидар хӕцынц. Дунейы иуӕй-иу рӕтты чырыстон дины миссионертӕ сӕ динмӕ бирӕты раздӕхтой. Ӕмӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕ фыццаг ӕнусы Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтау сӕхи сбастой адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттимӕ. Фӕлӕ Павелау мах дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ахӕм адӕмӕн зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Библийӕ цы зонынц, уый хуыздӕр бамбарой. Ахӕм адӕм нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ сӕ дины разамонджытӕ нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты. Бирӕтӕ «Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, се ’хсӕн ис, ссарын кӕй хъӕуы, бирӕ ахӕм сӕрныллӕг адӕм (Ром. 10:2).
Хъуыд. 18:9–17)
«Ацы горӕты [мын] бирӕ адӕм ис» (12. Йесо цӕстылуайӕны Павелы ныфс куыд бауагъта?
12 Чи зоны, Павелмӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзындаид, зӕгъгӕ ма Коринфы дарддӕр хъусын кӕнон ӕви нӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыдытӕн сӕ фӕд дӕр нал аззад, Хицау Йесо йӕм цӕстылуайӕны куы фӕзынд, уыцы ӕхсӕв. Йесо йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур, ӕнцад ма лӕуу. Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм ничи бавналдзӕн, ничи дын ницы фыдбылыз ракӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мын ацы горӕты бирӕ адӕм ис» (Хъуыд. 18:9, 10). Уыцы цӕстылуайӕн дзы цас ныфс бауагътаид! Хицау ын йӕхӕдӕг загъта, фыдбылызӕй йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, стӕй уыцы горӕты бирӕ аккаг адӕм кӕй ис. Павел уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд куыд бакодта? Мах кӕсӕм: «Уым баззад афӕдз ӕмӕ ’рдӕг ӕмӕ Хуыцауы ныхас амыдта» (Хъуыд. 18:11).
13. Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд цымӕ цӕуыл хъуыды кодтаид, фӕлӕ йӕ уый ныфс цӕмӕн уыди, ӕмӕ йӕ хабар афтӕ нӕ рауайдзӕн?
13 Павел Коринфы афӕдзы бӕрц куы фӕци, уӕд та йын Хицау равдыста, кӕй йын ӕххуыс кӕны, уый. Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «дзуттӕгтӕ ӕмхуызонӕй рацыдысты Павелы ныхмӕ ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынатмӕ бакодтой» (Хъуыд. 18:12). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, тӕрхоны бынат уыд бӕрзонд лӕууӕнбынат ӕмӕ конд уыди, рӕсугъд нывӕфтыдтӕ кӕуыл уыд, ахӕм ӕрвхуыз ӕмӕ урс мраморӕй. Тӕрхоны бынат, ӕвӕццӕгӕн, уыди Коринфы базары фӕзӕн йӕ астӕумӕ ’ввахс. Йӕ размӕ та уыди стыр бынат ӕмӕ-иу дзы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд. Археологтӕ цытӕ ссардтой, уыдонмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны бынатӕй ӕмбырдгӕнӕнмӕ, ӕмӕ уӕд Иусты хӕдзармӕ дӕр, цалдӕр къахдзӕфы йеддӕмӕ нӕ уыди. Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд, чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Стефаны (фыццаг чырыстон хъизӕмаргӕнӕг кӕй фӕхонынц, уыцы ахуыргӕнинаджы) дуртӕй куыд фӕхостой, уыцы хабар. Уӕд Павел, кӕнӕ Савл, растыл нымадта, «Стефаны кӕй амардтой», уый (Хъуыд. 8:1). Цымӕ ныр йӕхимӕ дӕр ахӕм мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, «ничи дын ницы фыдбылыз ракӕндзӕн», зӕгъгӕ (Хъуыд. 18:10).
14, 15. а) Дзуттӕгтӕ Павелы цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодтой ӕмӕ Галлион уыцы хъуыддаг цӕмӕн сӕхгӕдта? б) Сосфеныл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ уый фӕстӕ цы баци?
14 Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы ’рбакодтой, уӕд цы ’рцыди? Тӕрхонгӕнӕг дзы уыд Ахайы хицау Галлион, ромаг философ Сенекӕйӕн йӕ хистӕр ӕфсымӕр. Дзуттӕгтӕ Павелы ӕмхъӕлӕсӕй аххосджын кодтой: «Ацы лӕг адӕмӕн дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕндӕрхуызон кувой, ӕмӕ афтӕмӕй закъон халы» (Хъуыд. 18:13). Уый зӕгъын сӕ фӕндыди, ӕмӕ, дам, Павел адӕмы йӕ динмӕ здахы, закъонмӕ гӕсгӕ йын уый бар нӕй, афтӕмӕй. Фӕлӕ Галлион бамбӕрста, «ӕвзӕр хъуыддаг» кӕнӕ «стыр фыдракӕнд» цы уыдаид схонӕн, ахӕмӕй Павел кӕй ницы сарӕзта (Хъуыд. 18:14). Дзуттӕгтӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуыл быцӕу кодтой, уыцы хъуыддӕгты та йӕ йӕхи тъыссын нӕ фӕндыди. Ӕмӕ Павел йӕхи сӕрыл иу ныхас дӕр нӕма загъта, афтӕ Галлион хъуыддаг сӕхгӕдта! Павелы чи аххосджын кодта, уыдон фырмӕстӕй сӕрра сты ӕмӕ сӕ маст Сосфеныл ныккалдтой. Ӕвӕццӕгӕн, Криспы бӕсты ӕмбырдгӕнӕны хистӕр уый сси. Гъемӕ йӕм дзуттӕгтӕ фӕлӕбурдтой «ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынаты раз нӕмын байдыдтой» (Хъуыд. 18:17).
15 Цымӕ Галлион адӕмы цӕуылнӕ баурӕдта, йӕ разы Сосфеныл куы балӕууыдысты, уӕд? Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕмы Павелы ныхмӕ Сосфен скодта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ аккаг фесты. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы хабары, ӕвӕццӕгӕн, хорзӕй дӕр цыдӕр уыди. Павел цалдӕр азы фӕстӕ Коринфы ӕмбырдмӕ йӕ фыццаг фыстӕг куы фыста, уӕд иу ӕфсымӕры кой скодта, Сосфен, зӕгъгӕ (1 Кор. 1:1, 2). Цымӕ, Коринфы кӕй фӕнадтой, уыцы Сосфены кой кодта? Кӕд афтӕ уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабары фӕстӕ Сосфен сси чырыстон.
16. Йесо Павелӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ куыд фидар кӕнынц?
16 Хъуыды-ма кӕныс, Хицау Йесо Павелӕн ацы ныхӕстӕ, «тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур, ӕнцад ма лӕуу. Ӕз демӕ дӕн», зӕгъгӕ, кӕд загъта? Дзуттӕгтӕ йӕм куы нӕ байхъуыстой, уый фӕстӕ (Хъуыд. 18:9, 10). Ацы ныхӕстӕ мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, уӕлдайдӕр та, адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд. Рох нӕ макуы уӕд, Йегъовӕ зӕрдӕтӕм кӕй кӕсы ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы йӕхимӕ кӕй кӕны (1 Сам. 16:7; Иоан. 6:44). Ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс куыннӕ ӕфтауы, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм! Алы аз дӕр донаргъуыд райсы 300 000 адӕймаджы бӕрц, рӕстӕмбис нымадӕй – алы бон дӕр 800 адӕймаджы бӕрц. Чырысти нын бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ «мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20).
«Кӕд Йегъовӕйы фӕнда» (Хъуыд. 18:18–22)
17, 18. Павел Ефесмӕ куы цыди, уӕд цымӕ цӕуыл хъуыды кодтаид?
17 Галлион Павелы ӕфхӕрджытӕм цы цӕстӕй ракаст, уый фӕрцы, Коринфы ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн сабыр рӕстӕг скодта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ бӕлвырдӕй зонӕм, Павел ма Коринфы цӕрӕг ӕфсымӕртимӕ «бирӕ рӕстӕг» кӕй баззад ӕмӕ сын уый фӕстӕ хӕрзбон кӕй загъта. Н. э. 52 азы уалдзӕджы йӕ зӕрды уыд Кенхрейы наулӕууӕнӕй Сиримӕ ацӕуын. Кенхрей уыди Коринфӕй скӕсӕнырдӕм 11 километры дарддӕр. Фӕлӕ цалынмӕ Кенхрейӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ «йӕ сӕр цыбыр алвыдта – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта» c (Хъуыд. 18:18). Уый фӕстӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы йемӕ акодта ӕмӕ Эгейы денджызыл ацыд Къаннӕг Азимӕ, Ефесмӕ.
18 Павел Кенхрейӕ Ефесмӕ науыл куы цыди, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, Коринфы куы уыди, уыцы рӕстӕгыл. Цас ӕхсызгон мысинӕгтӕ йын уыдаид ӕмӕ йӕ зӕрдӕ куыд цин кодтаид! Афӕдз ӕмӕ дзы ӕрдӕг фӕци, ӕмӕ йӕ лӕггад стыр тыллӕг ӕрхаста. Коринфы фӕзынд фыццаг ӕмбырд. Чырыстӕттӕ дзы систы Иуст, Крисп ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ, стӕй ма ноджыдӕр бирӕ чидӕртӕ, ӕмӕ ӕмбырд кодтой Иусты хӕдзары. Уыцы ног ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Павелы зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын уый баххуыс кодта чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн. Фӕстӕдӕр сӕм фыста, зӕгъгӕ, сымах стут, мӕ зӕрдӕйыл фыст чи у, ахӕм фыстӕджытӕ. Мах дӕр Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдон нӕ зӕрдӕйӕн свӕййынц тынг адджын. Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, уыцы удӕгас «ӕппӕлӕн фыстӕджытӕм» куы фӕкӕсӕм, уӕд! (2 Кор. 3:1–3).
19, 20. Павел Ефесмӕ куы ’рцыд, уӕд цы куыста ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы нысӕнттӕм тырнын куыд хъӕуы, уымӕн нын цавӕр цӕвиттон ныууагъта?
19 Павел куыддӕр Ефесмӕ ӕрхӕццӕ, афтӕ та йӕ сӕйраг куыстмӕ бавнӕлдта. Уый «ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ дзуттӕгтимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ ныхас кодта» (Хъуыд. 18:19). Павел ацы хатт Ефесы бирӕ нӕ фӕци. Кӕд ын ӕфсымӕртӕ лӕгъстӕ кодтой, фылдӕр нӕм баззай, зӕгъгӕ, уӕддӕр сын «не сразы». Хӕрзбон сын куы загъта, уӕд сын ныфс бавӕрдта: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн» (Хъуыд. 18:20, 21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕмбӕрста, Ефесы нырма бирӕ куыст кӕй ис. Ӕмӕ йӕ зӕрды уыд уыцы горӕтмӕ фӕстӕмӕ ӕрцӕуын, фӕлӕ уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта. Уый махӕн дӕр хорз цӕвиттон нӕу? Мах дӕр хъӕуы Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ сӕм тырнын. Фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын цы разамынд ратдзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ архайӕм (Иак. 4:15).
20 Павел Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы Ефесы ныууагъта, йӕхӕдӕг та науыл Кесаримӕ ацыд. Уырдыгӕй та, ӕвӕццӕгӕн, «ссыд Иерусалиммӕ» ӕмӕ уым ӕмбырдӕн «салам радта». (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 18:22 стихмӕ, nwtsty-E.) Уый фӕстӕ Павел ӕрыздӕхт, арӕх-иу кӕм ӕрлӕууыд, уырдӕм – Сирийы Антиохимӕ, ӕмӕ уыйадыл йӕ дыккаг уацамындон балц фӕци. Ӕвӕдза, цас цыдӕртӕ йын бантыст ацы балцы рӕстӕджы! Фӕлӕ йӕм йӕ фӕстаг уацамындон балцы та цы ’нхъӕлмӕ каст?
a Кӕс рамкӕ « Коринф – дыууӕ денджызы паддзах».
b Кӕс рамкӕ « Хуыцауы комытӕфӕй фыст фыстӕджытӕ уыдысты ныфсы хос».
c Кӕс рамкӕ « Павел Хуыцауӕн дзырд радта».