Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 СӔР

«Македонимӕ-ма ӕрцу»

«Македонимӕ-ма ӕрцу»

Чырыстӕттӕ сӕ хӕстӕ ӕнӕзивӕгӕй куы феххӕст кӕнынц ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр куы фӕцин кӕнынц, уӕд сын Йегъовӕ раарфӕ кӕны

Арӕзт у Хъуыддӕгты 16:6–40

1–3. а) Хуыцауы сыгъдӕг тых Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн разамынд куыд лӕвӕрдта? б) Цавӕр хабӕрттыл аныхас кӕндзыстӕм?

 МАКЕДОЙНАГ горӕт Филипптӕй рацыди цалдӕр сылгоймаджы. Гыццыл фӕстӕдӕр бахӕццӕ сты нарӕг цӕугӕдонмӕ, Гангитӕ, зӕгъгӕ. Уым, се ’гъдаумӕ гӕсгӕ, доны был ӕрбадтысты ӕмӕ Израилы Хуыцаумӕ кувынц. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр уыны (2 Аз. 16:9; Пс. 65:2).

2 Уыцы рӕстӕг хуссар Галатийӕ горӕт Листрӕйӕ та рацыд цалдӕр нӕлгоймаджы – Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей. Уыцы горӕт ис Филипптӕй скӕсӕнырдӕм 800 километры дарддӕр. Цалдӕр боны фӕстӕ бахӕццӕ сты Ромы сӕйраг фӕндагмӕ, у дуртӕй конд. Уыцы фӕндаг кӕны ныгуылӕнырдӕм, Азийы фылдӕр адӕм кӕм цӕры, уырдӕм. Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей фӕнд кӕнынц уыцы фӕндагыл Ефесмӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацӕуын, уымӕн ӕмӕ дзы цӕры, Чырыстийы тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын кӕмӕн хъӕуы, бирӕ ахӕм адӕм. Ӕмӕ сӕ ныр, сӕ фӕндаг адарддӕр кӕнынмӕ цӕттӕ куы сты, уӕд, сыгъдӕг тых баурӕдта, фӕлӕ куыд, уый бӕрӕг нӕу. Сыгъдӕг тых сӕ нӕ уадзы Азийы хъусын кӕнын. Цымӕ цӕуылнӕ? Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты кӕны ӕндӕр фӕндагыл: хъуамӕ Къаннӕг Азийыл ацӕуой, Эгейы денджызыл ахизой ӕмӕ ӕрцӕуой, Гангитӕ кӕй хонынц, уыцы гыццыл цӕугӕдоны былмӕ.

3 Уыцы диссаджы балцы сын Йесо разамынд куыд лӕвӕрдта, уымӕй мах бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Павелы дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Уыцы балц райдыдта н. э. 49 азмӕ ’ввахс.

«Хуыцау нӕ... ӕрвиты» (Хъуыд. 16:6–15)

4, 5. а) Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттыл Вифинимӕ хӕстӕг цы ’рцыд? б) Ахуыргӕнинӕгтӕ цавӕр уынаффӕ рахастой ӕмӕ сӕ къухы цы бафтыд?

4 Сыгъдӕг тых Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты Азийы хъусын кӕнын куы нӕ бауагъта, уӕд араст сты цӕгатырдӕм, Вифинийы горӕттӕм, цӕмӕй хорз хабар уым фехъусын кодтаиккой. Ӕвӕццӕгӕн сӕ цалдӕр боны цӕуын хъуыди ӕвзӕр, рыг фӕндӕгтыл. Сӕ фӕндаг акодтой Фриги ӕмӕ Галатийыл, бирӕ адӕм кӕм нӕ цард, уыцы бӕстӕтыл. Фӕлӕ Вифинимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд та сӕ Йесо сыгъдӕг тыхы уылты уырдӕм дӕр нӕ бауагъта (Хъуыд. 16:6, 7). Ӕфсымӕртӕ куыннӕ стыхстаиккой, ныр цы кӕнӕм, зӕгъгӕ. Уыдон зыдтой, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд хъӕуы хъусын кӕнын, уый, фӕлӕ, кӕм хъусын кӕной, уый та нӕ зыдтой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон хостой, Азимӕ чи кодта, уыцы дуар, фӕлӕ сын нӕ байгом. Уый фӕстӕ хостой, Вифинимӕ чи кодта, уыцы дуар, ӕмӕ та сын уый дӕр нӕ байгом. Фӕлӕ Павел йӕ къухтӕ не ’руагъта: цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ ссардтаид, чи йын байгом уыдаид, уыцы дуар. Гъемӕ йе ’мбӕлттимӕ ахӕм уынаффӕ рахастой, ӕмӕ сӕ ӕндӕр исчи нӕ бамбӕрстаид, афтӕ цӕмӕн бакодтой, зӕгъгӕ. Уыдон фӕзылдысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ 550 километры фӕцыдысты. Фӕстейӕ фӕуагътой бирӕ горӕттӕ ӕмӕ ӕппынфӕстаг бахӕццӕ сты наулӕууӕн горӕт Троадӕмӕ. Уырдыгӕй сӕ бон уыди науыл Македонимӕ ацӕуын (Хъуыд. 16:8). Павел ӕртыккаг хатт бахоста, ӕмӕ мӕнӕ диссаг – дуар уӕрӕх байгом!

5 Троадӕйы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм ӕрбаиу Лука, Евангелитӕй иу чи ныффыста, уыцы ахуыргӕнинаг. Ӕмӕ Лука дзуры, дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй: «Ӕхсӕвы Павел цӕстылуайӕны федта: йӕ разы лӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Павел уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд уайтагъд араст стӕм Македонимӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, Хуыцау нӕ кӕй ӕрвиты, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм» a (Хъуыд. 16:9, 10). Кӕдӕй-уӕдӕй Павел базыдта, кӕм сӕ хъӕуы хъусын кӕнын, уый. Куыд цин кодтаид Павел, йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта ӕмӕ ӕрдӕгфӕндагӕй фӕстӕмӕ кӕй нӕ раздӕхт! Гъемӕ цыппарӕй ӕвӕстиатӕй Македонимӕ науыл ацыдысты.

«Гъемӕ Троадӕйӕ науыл рацыдыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 16:11)

6, 7. а) Павелы балцы рӕстӕг цы ’рцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Уыцы хабар нӕ цавӕр ныфс уадзы?

6 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Дӕ хъус-ма ӕрдар: Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павелӕн разамынд радта, Азимӕ куы ацыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ, стӕй Павел Вифинимӕ хӕстӕг куы уыд, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ бацамыдта, дарддӕр ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый ӕмӕ, ӕппынфӕстаг Троадӕмӕ куы бахӕццӕ, ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ загъта, Македонимӕ ацу, зӕгъгӕ (Кол. 1:18). Зӕгъӕм, фӕнд кӕнӕм пионерӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Фӕлӕ нын, чи зоны, Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд ратта, уыцы хъуыддаджы бӕлвырд къахдзӕфтӕ куы скӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Цӕмӕн? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл: машинӕ галиуырдӕм кӕнӕ рахизырдӕм фӕзилӕн ис, ӕрмӕстдӕр цӕугӕ куы кӕна, уӕд. Уӕдӕ мах дӕр фылдӕр лӕггад кӕнын куы фӕнда, уӕд нын Йесо разамынд дӕтдзӕн, размӕ куы цӕуӕм, ома уыцы хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

7 Фӕлӕ куы архайӕм ӕмӕ нын куы ницы уайа, уӕд та куыд? Цымӕ хъуамӕ нӕ къухтӕ ’руадзӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых мын не ’ххуыс кӕны, зӕгъгӕ? Нӕ. Рох нӕ ма уӕд, Павелӕн дӕр цасдӕр рӕстӕг йӕ фӕндтӕ йӕ къухы кӕй не ’фтыдысты. Фӕлӕ дарддӕр архайдта, цалынмӕ, чи йын байгом, уыцы «дуар» не ссардта, уӕдмӕ. Уӕдӕ мах дӕр уыцы хъуыддаджы дарддӕр куы архайӕм, уӕд нын Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын «лӕггад кӕнынӕн стыр дуар» байгом кӕндзӕн (1 Кор. 16:9).

8. а) Цы зӕгъӕн ис горӕт Филиппты тыххӕй? б) Павел «кувӕн бынаты» кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы цавӕр цины хабар ӕрцыд?

8 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Македонийы бӕстӕмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд ацыдысты Филипптӕм. Уыцы горӕт уыди ромаг колони ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ сӕрыстыр уыдысты, ромӕгтыл нымад кӕй уыдысты, уымӕй. Филиппты царди, раздӕр Ромы ӕфсады чи лӕггад кодта, ахӕм адӕм ӕмӕ сын уыцы горӕт афтӕ уыди, цыма Итали ныггыццыл кодтой ӕмӕ йӕ Македонимӕ рахастой. Миссионертӕ горӕты ӕдде, нарӕг цӕугӕдоны цур, ссардтой иу бынат – куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй уый уыди «кувӕн бынат» b. Сабатбон уырдӕм ацыдысты ӕмӕ дзы баййӕфтой цалдӕр сылгоймаджы. Уыдон ӕрӕмбырд сты Хуыцауӕн кувынмӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фарсмӕ ӕрбадтысты ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ сӕм сылгоймӕгтӕй иу, Лидийӕ, зӕгъгӕ, «лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта». Лидийӕ цы фехъуыста, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айста, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд райстой. Уый фӕстӕ Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ хӕдзары ӕрлӕууыдаиккой c (Хъуыд. 16:13–15).

9. Абон бирӕтӕ Павелы куыд бафӕзмынц ӕмӕ сын уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы?

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Лидийӕ донаргъуыд кӕй райста, уый се ’ппӕтӕн дӕр цас циндзинад ӕрхастаид! Павел куыд цин кодтаид, Македонимӕ ацӕуыныл кӕй сразы ӕмӕ Йегъовӕ уыцы иузӕрдион сылгоймаджы куывдтытӕн дзуапп Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты уылты кӕй радта! Абон дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ – ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕмтӕ дӕр ӕмӕ бинонджынтӕ дӕр – ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Фӕлӕ, Лидийӕйау хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕмы куы ссарынц, уӕд цы циндзинад банкъарынц, уый раз сӕ зындзинӕдтӕ аууоны аззайынц. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуай? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Ӕркӕсӕм не ’фсымӕр Эроны хабармӕ, цӕуы йыл 20 азӕй фылдӕр. Уый ацыд, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Америкӕйы ’хсӕн цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй иумӕ. Эрон йӕхиуыл бавзӕрста, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ сӕхиуыл цы бавзӕрстой, уый. Мӕнӕ цы загъта: «Ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕй ацыдтӕн, уый фӕрцы уырнындзинады тынг сырӕзтӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс дӕн. Куыст дзы бирӕ ис, ӕмӕ ныр Библи ахуыр кӕнын аст адӕймагимӕ!»

Ацы ныхӕстӕ, «Македонимӕ-ма ӕрцу», зӕгъгӕ, махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

«Адӕм... сӕ ныхмӕ сыстадысты» (Хъуыд. 16:16–24)

10. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕлимонтӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын куыд райдыдтой?

10 Сайтан мӕстӕй куыннӕ тыдтаид, адӕмӕн сӕ фылдӕр дӕлимонты зондыл кӕм цыдысты, уыцы рӕтты дӕр хорз хабар уидӕгтӕ кӕй ауагъта, уый тыххӕй. Уӕдӕ диссаг нӕу, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕлимонтӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын кӕй райдыдтой! Павелитӕ та кувӕн бынатмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд, дӕлимон кӕй мидӕг уыд ӕмӕ дӕсны фӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн бирӕ ӕхца чи куыста, иу ахӕм чызг сӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы адӕм сты Иунӕг Стыр Хуыцауы цагъартӕ ӕмӕ уын амонынц ирвӕзындзинады фӕндаг». Дӕлимон ын уыцы ныхӕстӕ уый тыххӕй дзурын кодта, цӕмӕй адӕм афтӕ ӕнхъӕлдтаиккой, цыма чызджы ныхӕстӕ дӕр ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ дӕр иу кӕмӕйдӕр цӕуынц. Ӕмӕ афтӕмӕй адӕм се ’ргом уыцы чызгмӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕм нал хъуыстаиккой. Фӕлӕ Павел чызгӕй дӕлимоны расырдта, ӕмӕ уый дӕр ныхъхъус (Хъуыд. 16:16–18).

11. Чызгӕй дӕлимон сырд куы ’рцыд, уӕд Павел ӕмӕ Силӕ цы баисты?

11 Чызджы хицӕуттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сӕм ныр ӕхца афтӕ ӕнцонтӕй нал ӕфтдзӕн, уӕд мӕстӕй рафыхтысты. Гъемӕ Павел ӕмӕ Силӕйы акодтой базары фӕзмӕ – Ромӕй ӕвӕрд хицӕуттӕ тӕрхоны хъуыддӕгтӕ кӕм ӕвзӕрстой, уыцы бынатмӕ. Уыдон зыдтой, уыцы тӕрхонгӕнджытӕ дзуттӕгты кӕй нӕ уарзтой ӕмӕ Ромы паддзахадыл ӕнувыд кӕй уыдысты. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загътой, зӕгъгӕ, ацы дзуттӕгтӕ адӕмы змӕнтынц ӕмӕ амонынц, махӕн, ромӕгтӕн, ныххӕцӕн кӕуыл нӕй, ахӕм ӕгъдӕуттӕ. Сӕ ныхӕстӕ уайтагъд нысаныл сӕмбӕлдысты. Базары фӕзы чи уыд, уыцы «адӕм иууылдӕр [Павел ӕмӕ Силӕйы] ныхмӕ сыстадысты», ӕмӕ горӕты хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй сӕ «уистӕй фӕнадтаиккой». Уый фӕстӕ сӕ ахӕстонмӕ акодтой. Ахӕстонгӕс сӕ ахӕстоны рӕбинаг хайы баппӕрста ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ хъӕдын хъадаманты бакодта (Хъуыд. 16:19–24). Ахӕстонгӕс сыл дуар куы бахгӕдта, уӕд дзы афтӕ талынг уыди, ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕ сӕ кӕрӕдзи дӕр нал уыдтой. Фӕлӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыдта (Пс. 139:12).

12. а) Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты, кӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уымӕ ӕмӕ цӕмӕн? б) Абон дӕр Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон нӕ ныхмӕ куыд архайынц?

12 Уымӕй бирӕ раздӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоан. 15:20). Уӕдӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Македонимӕ куы ’рцыдысты, уӕд цӕттӕ уыдысты, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕ. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу. Уыдон ӕй ӕмбӕрстой, Хӕйрӕг сыл йӕ пырх кӕй калы. Абон дӕр Хӕйрӕджы зондыл чи цӕуы, уыдон раст афтӕ архайынц. Скъолайы кӕнӕ нӕм куысты знаджы цӕстӕй чи фӕкӕсы, уыдон ныл мӕнг ныхӕстӕ фӕмысынц ӕмӕ афтӕмӕй иннӕты нӕ ныхмӕ фӕардауынц. Иуӕй-иу бӕстӕты ныл дины кусджытӕ тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттынц, зӕгъгӕ, ацы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы змӕнтынц ӕмӕ амонынц, махӕн, «сӕйраг диныл» хӕст адӕмӕн, ныххӕцӕн кӕуыл нӕй, ахӕм ӕгъдӕуттӕ. Кӕмдӕрты та не ’фсымӕрты нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ ахӕстоны дӕр бакӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыны (1 Пет. 3:12).

«Ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой» (Хъуыд. 16:25–34)

13. Ахӕстонгӕс афтӕ цӕмӕн бафарста, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон, зӕгъгӕ?

13 Цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕ уыцы хабӕртты фӕстӕ сӕхимӕ ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй сӕ рӕстӕг куыннӕ хъуыдаид. Фӕлӕ уыдон ӕмбисӕхсӕв райдыдтой «кувын ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарын», раст сӕ цыма рисгӕ дӕр ницыуал кодта, афтӕ. Ӕмӕ уӕд ӕвиппайды зӕхх нынкъуысыд ӕмӕ ахӕстон базмӕлыд! Ахӕстонгӕс фехъал ӕмӕ, дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фӕтарсти, ахст адӕм алыгъдысты, зӕгъгӕ. Зыдта йӕ, уый тыххӕй ӕнӕфхӕрдӕй кӕй нӕ баззайдзӕн. Гъемӕ «йӕ хъама фелвӕста, ӕмӕ хъуамӕ йӕхи амардтаид». Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн мацы бакӕн! Мах иууылдӕр ам стӕм!» Ахӕстонгӕсы дисӕн кӕрон дӕр нал уыд, ӕмӕ сӕ бафарста: «Хорз адӕм, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон?» Павел ӕмӕ Силӕйӕн сӕ бон нӕ уыд уыцы адӕймаджы фервӕзын кӕнын – уый ӕрмӕстдӕр Йесойы бон уыди. Уымӕ гӕсгӕ йын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ» (Хъуыд. 16:25–31).

14. а) Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонгӕсӕн куыд баххуыс кодтой? б) Павел ӕмӕ Силӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр кӕй цин кодтой, уый тыххӕй сын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

14 Цымӕ ахӕстонгӕс уыцы фарста сыгъдӕгзӕрдӕйӕ радта? Павел ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кодта. Уыцы лӕг уыди ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ Фыстадимӕ зонгӕ нӕ уыд. Ӕмӕ цӕмӕй чырыстон суыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди Фыстадӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ базонын ӕмӕ сыл баууӕндын. Уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Силӕ рӕстӕг ссардтой, цӕмӕй йын «Йегъовӕйы ныхас фехъусын кодтаиккой». Хуыцауы ныхас ын афтӕ зӕрдиагӕй амыдтой, ӕмӕ сӕ сӕ рыстытӕ рох дӕр фесты. Фӕлӕ ахӕстонгӕс федта, сӕ фӕсонтыл уыцы цӕфтӕй арф хъӕдгӕмттӕ кӕй баззад, ӕмӕ сын сӕ ныхсадта. Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр «ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой». Ӕвӕдза, Йегъовӕ Павел ӕмӕ Силӕйӕн куыд раарфӕ кодта, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр кӕй цин кодтой, уый тыххӕй! (Хъуыд. 16:32–34).

15. а) Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Силӕйы куыд бафӕзмынц? б) Кӕм цӕрӕм, уым адӕммӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм?

15 Нӕ рӕстӕджы дӕр-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Силӕйау хорз хабар хъусын кодтой, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ахӕстоны куы уыдысты, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, хъусын кӕнын кӕм нӕ уагътой, иу ахӕм бӕстӕйы иуафон хабар афтӕ уыди, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чи цард, уыдонӕн сӕ 40 проценты рӕстдзинад базыдтой ахӕстӕтты! (Ис. 54:17). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ахӕстонгӕс ӕххуыс кӕд ракуырдта, уымӕ дӕр – зӕхх куы нынкъуысыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Афтӕ вӕййы абон дӕр. Раздӕр хорз хабармӕ чи нӕ хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ байхъусынц, сӕ цард куы банкъуысы, ома сыл исты куы ’рцӕуы, уый фӕстӕ. Уӕдӕ, кӕм цӕрӕм, уым адӕммӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы цӕуӕм, уӕд сын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынмӕ цӕттӕ куы уой, уӕд.

«Ныр та [нӕ] сусӕгӕй ӕрвитынц?» (Хъуыд. 16:35–40)

16. Павел ӕмӕ Силӕйы куы фӕнадтой, уӕд дыккаг бон тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм куыд фӕкъул?

16 Павел ӕмӕ Силӕйы куы фӕнадтой, уӕд дыккаг бон райсомӕй горӕты хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй сӕ рауагътаиккой. Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромӕгты, ӕнӕ тӕрхонӕй адӕмы раз фӕнадтой ӕмӕ нӕ ахӕстоны баппӕрстой, ӕмӕ нӕ ныр та сусӕгӕй ӕрвитынц? Нӕ, уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕрбацӕуой ӕмӕ нӕ ракӕной». Хицӕуттӕ уый куы базыдтой, ӕмӕ уыцы дыууӕ лӕджы ромӕгтыл нымад сты, уӕд сӕхицӕн «старстысты», уымӕн ӕмӕ сын сӕ бартӕ ницӕмӕ ӕрдардтой d. Ныр тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм фӕкъул. Уый размӕ горӕты хицӕуттӕ ахуыргӕнинӕгты адӕмы раз фӕнӕмын кодтой, ӕмӕ сӕ ныр та адӕмы раз хатыртӕ курынц. Стӕй Павел ӕмӕ Силӕйӕн ныллӕгъстӕ кодтой, Филипптӕй ацӕут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ ныхасмӕ байхъуыстой. Фӕлӕ уал уый размӕ цасдӕр рӕстӕг ног ахуыргӕнинӕгтимӕ фесты ӕмӕ сӕ бафидар кодтой. Уый фӕстӕ сӕ фӕндагыл араст сты.

17. Павел ӕмӕ Силӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты, уый уынгӕйӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ цы бамбӕрстаиккой?

17 Павел ӕмӕ Силӕ, ромӕгтыл нымад кӕй уыдысты, уыцы бартӕй куы спайда кодтаиккой, уӕд сӕ, чи зоны, нӕ фӕнадтаиккой (Хъуыд. 22:25, 26). Фӕлӕ уӕд Филиппты цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕм, чи зоны, афтӕ фӕкастаид, ӕмӕ сӕ бартӕй уымӕн спайда кодтой, цӕмӕй Чырыстийы тыххӕй ӕфхӕрд ма баййӕфтаиккой. Ӕмӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ ромӕгтыл нымад кӕй нӕ уыдысты ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ над баййафынӕй хызт кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уый сӕ уырнындзинадыл куыд фӕзындаид? Уӕдӕ Павел ӕмӕ йе ’мбал сӕхи ӕфхӕрдӕй бахизыныл кӕй нӕ архайдтой, уымӕй ног ахуыргӕнинӕгтӕн равдыстой, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн ахӕм фӕлварӕнты дӕр сӕ бон кӕй у фидар фӕлӕууын. Уымӕй уӕлдай, фӕстагмӕ сӕ бартыл кӕй сдзырдтой, уымӕ гӕсгӕ хицӕуттӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ адӕмы раз басастысты, закъонмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ бакодтой, ууыл. Ӕмӕ ацы хабары фӕстӕ, чи зоны, Павелы ӕмчырыстӕттӕн афтӕ нал бакодтаиккой. Стӕй чырыстӕтты фидӕны исчи куы ’фхӕрдтаид, уӕд сӕ бон уыдаид закъонмӕ гӕсгӕ сӕ бартыл тох кӕнын.

18. а) Нӕ рӕстӕджы ӕмбырдты цӕстдарджытӕ Павелы куыд фӕзмынц? б) Абон мах хорз хабары сӕрыл куыд тох кӕнӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ куыд фидар кӕнӕм?

18 Абон дӕр чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕ иннӕтӕн алцӕмӕй дӕр сты фӕзминаг. Хотӕм ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый фыццаджыдӕр сӕхӕдӕг аразынц. Уымӕй уӕлдай Павелау мах дӕр лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ бартӕй куыд ӕмӕ кӕд спайда кӕнӕм, ууыл. Куы бахъӕуы, уӕд хъаст бадӕттӕм бынӕттон, сӕйраг ӕмӕ суанг ӕппӕтдунеон тӕрхондӕттӕм дӕр, цӕмӕй нын нӕ бартӕ бахъахъхъӕной ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ бон сӕрибарӕй лӕггад кӕнын уа. Нӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй бӕстӕйы закъӕттӕ фӕивӕм. Мах фӕнды, Павел Филиппты ахӕстоны куы уыд, уымӕй 10 азы фӕстӕдӕр уыцы горӕты чырыстӕттӕм цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын – «хорз хабары сӕрыл тох кӕнын» ӕмӕ «хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ фидар кӕнын» (Фил. 1:7). Фӕлӕ тӕрхондӕтты цавӕрфӕнды уынаффӕ ма рахӕссой, уӕддӕр мах Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттау дарддӕр «хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм», Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ кӕдӕмдӕриддӕр арвита, уым (Хъуыд. 16:10).

b Филиппты, раздӕр Ромы ӕфсады чи лӕггад кодта, ахӕм адӕм кӕй цард, ӕвӕццӕгӕн дзы уый тыххӕй нӕ уагътой дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕн аразын. Кӕнӕ та, чи зоны, горӕты дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ уыйбӕрц нӕ царди, цӕмӕй дзы ӕмбырдгӕнӕн сарӕзтаиккой – уый тыххӕй сӕ нымӕц дӕсӕй къаддӕр хъуамӕ ма уыдаид.

d Ромы закъонмӕ гӕсгӕ, ромагыл нымад чи уыд, уыдонӕн-иу сӕ бон ӕрдомын уыди, цӕмӕй-иу сын сӕ хъуыддаг бӕстон равзӕрстаиккой, ӕмӕ, аххосджын кӕй уыдысты, уый цалынмӕ не сбӕлвырд уыдаид, уӕдмӕ-иу сӕ адӕмы раз фӕнӕмӕн ницы хуызы уыди.