Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

«Адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ»

«Адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ»

Адӕмы арӕхстджынӕй цӕй фӕрцы ис ахуыр кӕнӕн; вериӕгтӕ нын сты фӕзминаг

Арӕзт у Хъуыддӕгты 17:1–15

1, 2. Филипптӕй Фессалоникӕмӕ чи фӕцӕуы ӕмӕ цымӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц?

 БӔЛЦЦӔТТӔ дыууӕрдӕм кӕнынц, ромаг дӕсны фӕндагаразджытӕ кӕй сарӕзтой ӕмӕ къӕдзӕхты ’хсӕн чи цӕуы, уыцы фӕндагыл. Цынӕхуызон хъӕр дзы хъуысы: хӕрджыты уасын, ставд дуртыл хӕрдмӕ чи фӕхауы, уыцы уӕрдӕттӕн сӕ цӕлхыты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕлццӕтты хъӕлӕба, се ’хсӕн, ӕвӕццӕгӕн, ис ӕфсӕддонтӕ, базаргӕнджытӕ ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ дӕр. Ацы фӕндагыл Филипптӕй Фессалоникӕмӕ цӕуынц ӕртӕ ӕмбӕлццоны, Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей. Цӕуын сӕ хъӕуы 130 километрӕй фылдӕр, ӕмӕ сын зын куыннӕ у, уӕлдайдӕр та Павел ӕмӕ Силӕйӕн. Филиппты сӕ уистӕй куы фӕнадтой, уӕдӕй нырмӕ сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты (Хъуыд. 16:22, 23).

2 Цӕмӕй сӕм уыцы фӕндаг афтӕ дард ма фӕкӕса, уый тыххӕй цы аразынц? Дзырд дӕр ыл нӕй, стыр ӕххуыс сын у, ныхӕстӕгӕнгӕ кӕй цӕуынц, уый. Филиппты ахӕстонгӕс ӕмӕ йӕ бинонтӕ уырнджытӕ кӕй систы, уыцы диссаджы хабар нырма дӕр сӕ цӕстыты раз лӕууы. Уыцы хабар сӕ ног хъарутӕ бауагъта, цӕмӕй Хуыцауы ныхас дарддӕр хъусын кӕной. Фӕлӕ наулӕууӕн горӕт Фессалоникӕмӕ куыд фӕхӕццӕ кӕнынц, афтӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, дзуттӕгтӕ нын ацы горӕты та цытӕ бакӕндзысты, зӕгъгӕ. Цымӕ Филиппты куыд уыд, афтӕ сӕм ам дӕр лӕбурдзысты ӕмӕ сӕ нӕмгӕ дӕр фӕкӕндзысты?

3. Павелы цӕвиттон нын хъусын кӕнгӕйӕ куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

3 Павелӕн ацы уавӕры ӕнцон кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй фӕстӕдӕр Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕм афтӕ ныффыста: «Куыд ӕй зонут, афтӕмӕй нын Филиппты хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой ӕмӕ нӕ куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд нын уый фӕстӕ нӕ Хуыцау радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам, кӕд нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2). Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Филиппты сыл цы хабар ӕрцыд, уый фӕстӕ Фессалоникӕмӕ бацӕуын йӕ ныфс кӕй нал хаста. Дӕ бон у дӕхи Павелы бынаты сӕвӕрын? Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ хастай? Павел фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йын хъарутӕ кӕй ратдзӕн, цӕмӕй йӕ бон ныфсджынӕй хъусын кӕнын уа. Павелы цӕвиттоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнын (1 Кор. 4:16).

«Ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 17:1–3)

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павел Фессалоникӕйы ӕртӕ къуырийӕ фылдӕр фӕци?

4 Хъуыддӕгты чиныджы дзырд цӕуы, Павел Фессалоникӕйы куы уыд, уӕд ӕмбырдгӕнӕны ӕртӕ сабаты кӕй хъусын кодта. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы горӕты ӕртӕ къуырийы йеддӕмӕ нӕ фӕци? Уый афтӕ нӕу. Мах ӕй нӕ зонӕм, Павел уыцы горӕтмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕмбырдгӕнӕнмӕ фыццаг хатт кӕд ацыд, уый. Стӕй Павелы фыстӕджытӕй бӕрӕг у, Фессалоникӕйы куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр кусгӕ кӕй кодтой, цӕмӕй сӕхи фӕдардтаиккой (1 Фес. 2:9; 2 Фес. 3:7, 8). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ цалынмӕ Павел Фессалоникӕйы уыди, уӕдмӕ йын Филиппты цӕрӕг ӕфсымӕртӕ дыууӕ хатты цыдӕртӕ ӕрӕрвыстой (Фил. 4:16). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел Фессалоникӕйы ӕртӕ къуырийӕ фылдӕр фӕци.

5. Павел адӕмимӕ куыд ныхас кодта?

5 Хуыцау Павелӕн хъарутӕ радта, ӕмӕ Павел ныфсджынӕй ныхас кӕнын райдыдта, ӕмбырдгӕнӕнмӕ чи ӕрбацыд, уыдонимӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ та ныр дӕр адӕмимӕ «ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕмбарын сын кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Дзырдта сын: „Ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, гъе уый у Чырысти“» (Хъуыд. 17:2, 3). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел адӕмы зӕрдӕтӕ рӕсугъд ныхӕстӕй балхӕнынмӕ кӕй нӕ хъавыд, фӕлӕ сӕ хъуыды кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кодта. Зыдта йӕ, ӕмбырдгӕнӕнмӕ чи ӕрбацыд, уыдон Фыстадимӕ зонгӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йын стыр аргъ кӕй кодтой. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ йӕ хорз не ’мбӕрстой. Ӕмӕ Павел дӕр семӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ ныхас кодта, ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ сын уырдыгӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, цӕмӕй сын равдыстаид, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, назаретаг Йесо кӕй уыд.

6. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ сыл уый куыд фӕзынд?

6 Павел архайдта, Йесо цы цӕвиттон ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ. Йесо адӕмӕн алкӕддӕр амыдта, Фыстад цы дзуры, уый. Зӕгъӕм, зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, Фыстадмӕ гӕсгӕ Адӕймаджы Фырт хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн, кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ кӕй райгас уыдзӕн (Матф. 16:21). Ӕмӕ куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд. Ӕрмӕст уый дӕр сын фаг уыдаид, цӕмӕй, рӕстытӕ сын кӕй дзырдта, ууыл баууӕндыдаиккой. Фӕлӕ Йесо ууыл не ’рлӕууыд, ноджыдӕр ма цыдӕр сарӕзта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн цы загъта, уый тыххӕй кӕсӕм: «Моисейы чингуытӕй ӕмӕ [сын] Пехуымпарты чингуытӕй се ’ппӕтӕй дӕр райдыдта ӕмбарын кӕнын, ӕппӕт Фыстады йӕхи тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ». Ӕмӕ уый ахуыргӕнинӕгтыл куыд фӕзынд? Уыдон загътой: «Немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лук. 24:13, 27, 32).

7. Адӕмӕн нӕхи ныхӕстӕ дзурын нӕ, фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый амонын цӕмӕн хъӕуы?

7 Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых (Дзут. 4:12). Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ адӕмӕн сӕхи ныхӕстӕ нӕ дзурынц, фӕлӕ сын Йесойау, Павелау ӕмӕ иннӕ апостолтау амонынц, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый. Мах дӕр адӕмимӕ фӕныхас кӕнӕм Фыстадмӕ гӕсгӕ, фембарын сын ӕй кӕнӕм ӕмӕ, цы дзурӕм, уымӕн сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр Библийӕн йӕхицӕй ӕрхӕссӕм, цы фыст дзы ис, уый сын бакӕсӕм, афтӕмӕй. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа – цы хабар хӕссӕм, уый нӕхӕдӕг не ’рымысыдыстӕм! Библийӕ арӕх куы пайда кӕнӕм, уӕд адӕм ӕмбардзысты, нӕхи хъуыдытӕ сын кӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, цы хабар хъусын кӕнӕм, уый Хуыцауы Ныхасы кӕй ис фыст. Ӕмӕ ууыл та фидарӕй ис ӕууӕндӕн. Уӕдӕ дӕ уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй уыцы хабар Павелау ныфсджынӕй хъусын кӕнай?

«Чидӕртӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:4–9)

8–10. а) Фессалоникӕйы цӕрджытӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Павелмӕ хӕлӕгӕй цӕмӕн мардысты? в) Павелы ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕ цы сарӕзтой?

8 Павел уый размӕ йӕхиуыл бавзӕрста, Йесо цы дзырдта, уый – «цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кодтой, уӕд сымах ныхӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕндзысты» (Иоан. 15:20). Ӕмӕ та ныр Фессалоникӕйы дӕр хабар афтӕ рауад. Адӕмӕй иутӕ цӕттӕ уыдысты, Павел цы амыдта, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, иннӕтӕ та йӕ ныхмӕ цыдысты. Чи йӕм байхъуыста, уыдоны тыххӕй Лука фыссы: «[Дзуттӕгтӕй] чидӕртӕ систы уырнджытӕ [ома чырыстӕттӕ] ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕмӕ ӕрбаиу сты. Уырнджытӕ ма систы, Хуыцауӕн чи куывта, уыцы грекъӕгтӕй, стӕй номдзыд сылгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ» (Хъуыд. 17:4). Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ куыннӕ цин кодтаиккой, Фыстад сын кӕй бамбарын кодтой, ууыл!

9 Кӕд, Павел цы хабар дзырдта, уый иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, уӕд ӕм иннӕтӕн та сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди. Павел «грекъӕгтӕй... бирӕты» рӕстдзинадмӕ кӕй раздӕхта, уый тыххӕй йӕм Фессалоникӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕй чидӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты. Уыцы дзуттӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй грекъӕгтӕ дзуттаг дин райстаиккой ӕмӕ сын Дзуттаг Фыстытӕ амыдтой. Уыдон ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ уыцы грекъӕгтӕ сӕ къухы сты. Фӕлӕ сын сӕ ныр Павел сӕ фындзы бынӕй, растдӕр ӕмбырдгӕнӕнӕй, давта! Уӕдӕ йӕм дзуттӕгтӕ мӕстӕй куыннӕ фыхтаиккой.

«Иасоны хӕдзармӕ бабырстой, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой» (Хъуыддӕгтӕ 17:5)

10 Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Лука дзуры: «Дзуттӕгтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй, базары фӕзы дзӕгъӕллӕуд чи кодта, уыдонӕй цалдӕр фыдзонд лӕджы семӕ ракодтой, адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ӕгас горӕт сызмӕстой. Ӕмӕ Иасоны хӕдзармӕ бабырстой, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракодтаиккой. Куы нӕ сӕ ссардтой, уӕд Иасоны ӕмӕ цалдӕр ӕфсымӕры горӕты хицӕутты раз балӕууын кодтой ӕмӕ хъӕр систой: „Уыцы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ӕмӕ ныр ардӕм дӕр ӕрхӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Адон се ’ппӕт дӕр цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ис ӕндӕр паддзах, Йесо“» (Хъуыд. 17:5–7). Адӕм Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цӕмӕ ’ркодта?

11. Дзуттӕгтӕ Павелы ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджыты цавӕр хъуыддӕгты фӕаххосджын кодтой ӕмӕ цавӕр закъоны кой кодтой? (Кӕс фиппаинаг.)

11 Знӕт адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд уый бӕллӕх у. Ивылд донӕн бауромӕн куыд нӕ вӕййы ӕмӕ ӕппӕт дӕр йӕ разӕй куыд ахӕссы, афтӕ вӕййынц ахӕм адӕм дӕр. Дзуттӕгты къухы уый уыд хорз хӕцӕнгарз, цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕйӕ фервӕзтаиккой. Гъемӕ ӕгас горӕт «сызмӕстой» ӕмӕ уый фӕстӕ Павелы ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджыты хицӕутты раз стыр фыдракӕндты фӕаххосджын кодтой. Фыццаджыдӕр сӕ аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, «ӕгас дуне сызмӕстой». Афтӕмӕй та Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Фессалоникӕйы ахӕмӕй ӕппындӕр ницы сарӕзтой. Уымӕй уӕлдай ма сӕ аххосджын кодтой ноджы стырдӕр тӕригъӕды, зӕгъгӕ, дам, уыцы миссионертӕ кӕнынц ӕндӕр Паддзахы кой, Йесойы кой, ӕмӕ афтӕмӕй, Ромы паддзах цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон халынц a.

12. Цӕмӕй бӕрӕг у, Фессалоникӕйы чырыстӕтты цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдоны тыххӕй стыр ӕфхӕрд кӕй баййӕфтаиккой?

12 Ӕрхъуыды-ма кӕн, дины разамонджытӕ Йесойы дӕр ахӕм хъуыддӕгты кӕй аххосджын кодтой. Пилатӕн загътой: «Ацы лӕг нын нӕ адӕмы сафы... йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах» (Лук. 23:2). Ӕвӕццӕгӕн, Пилат тарсти, Ромы паддзах афтӕ куы фенхъӕла, ӕмӕ чидӕр паддзахадыл гадзрахатӕй кӕй цӕуы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы, ӕмӕ Йесойы уый тыххӕй байтындзын кодта. Уӕдӕ Фессалоникӕйы чырыстӕттӕ дӕр стыр ӕфхӕрд баййӕфтаиккой, цы хъуыддӕгты сӕ аххосджын кодтой, уыдоны тыххӕй. Иу энциклопедийы фыст ис: «Сӕ хабар ӕцӕгдӕр хорз нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ „гыццыл дӕр зӕрдӕ кӕмӕ фехсайдтаид, Ромы цытджын паддзахыл гадзрахатӕй цӕуы, зӕгъгӕ, уыдонӕн-иу арӕх мӕлӕты тӕрхон рахастой“». Цымӕ знӕгтӕн сӕ фыдвӕнд сӕ къухы бафтыд?

13, 14. а) Знӕт адӕмӕн сӕ фыдвӕнд сӕ къухы цӕуылнӕ бафтыд? б) Павел Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йӕхи куыд бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у фӕзмын?

13 Знӕт адӕмӕн сӕ къухы нӕ бафтыд Фессалоникӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын. Цӕуылнӕ? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ Павел ӕмӕ Силӕйы не ссардтой. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, горӕты хицӕуттӕ дызӕрдыг кодтой, дзуттӕгты ныхӕстӕ раст кӕй сты, ууыл. Гъемӕ сын сӕ разы кӕй ӕрлӕууын кодтой, уыцы Иасонӕй ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй, «се суӕгъд кӕныны тыххӕй цас хъуыди бафидын, уыйбӕрц ӕхца» ӕрдомдтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ауагътой (Хъуыд. 17:8, 9). Йесо куыд амыдта, «кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин», зӕгъгӕ, афтӕ Павел дӕр ӕмбаргӕйӕ архайдта ӕмӕ йӕхи тӕссаг уавӕрӕй бахызта, цӕмӕй йӕ бон ӕндӕр ран уыдаид хъусын кӕнын (Матф. 10:16). Павел ныфсджынӕй кӕй хъусын кодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йыл цы ’рцӕудзӕн, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыди. Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

14 Нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстон дины кусджытӕ арӕх адӕмы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ сардауынц. Уыдон хицӕутты нӕ ныхмӕ скӕнынц – фӕдзурынц, адӕмы, дам, змӕнтынц ӕмӕ паддзахадыл гадзрахатӕй цӕуынц. Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон афтӕ фӕкӕнынц сӕ фырхӕлӕгӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхицӕн фыдбылыз нӕ агурынц. Уацамынды мӕстыгӕр ӕмӕ фыдзонд адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, нӕхи фӕхизӕм семӕ быцӕу кӕнынӕй. Уый бӕсты фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыддаг дарддӕр сабырӕй кӕнӕм, зӕгъӕм, кӕм хъусын кодтам, уырдӕм ӕндӕр хатт, уавӕр куы ӕрсабыр вӕййы, уӕд, ӕрбацӕуӕм.

Уыдон уыдысты «хуыздӕр зондыл хӕст» (Хъуыд. 17:10–15)

15. Вериӕгтӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты?

15 Цӕмӕй Павел ӕмӕ Силӕ фыдбылызы ма бахаудаиккой, уый тыххӕй сӕ ӕфсымӕртӕ Веримӕ арвыстой. Фессалоникӕйӕ уырдӕм уыди 65 километры бӕрц. Куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Павел ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ дзы чи ӕрӕмбырд, уыдонимӕ ныхас кодта. Уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы ис, ӕмӕ рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарай! Верийы цӕрӕг дзуттӕгты тыххӕй Лука фыссы, зӕгъгӕ, уыдон «фессалоникӕгтӕй хуыздӕр зондыл хӕст уыдысты... Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзурынц, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ» (Хъуыд. 17:10, 11). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Фессалоникӕйы рӕстдзинад чи базыдта, уыдон ӕвзӕрдӕр уыдысты? Ницы хуызы. Фӕстӕдӕр Павел Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Ӕдзух Хуыцауӕн бузныг дӕр уый тыххӕй фӕдзурӕм, ӕмӕ махӕй Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ уыцы ныхас йӕ куыст кӕны уӕ мидӕг, уырнджыты мидӕг» (1 Фес. 2:13). Уӕдӕ уӕд Лука вериаг дзуттӕгты ахӕм хорз зондыл хӕст адӕм цӕмӕн схуыдта?

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Лука вериӕгты хорз зондыл хӕст адӕм дзӕгъӕлы не схуыдта?

16 Кӕд вериӕгтӕ ног хабар фехъуыстой, уӕддӕр ӕнӕууӕнк нӕ кодтой ӕмӕ ныхмӕ дӕр нӕ дзырдтой, фӕлӕ, ӕнцонтӕй чи баууӕнда, ахӕмтӕ дӕр нӕ уыдысты. Фыццаджыдӕр, уыдон лӕмбынӕг байхъуыстой, Павел сын цы зӕгъинаг уыд, уымӕ. Стӕй Фыстадмӕ сӕхӕдӕг ӕркастысты, куыд нын ӕй ӕмбарын кӕны, ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст сабаты нӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ алы бон дӕр. Ахуыр ӕй кодтой «тынг зӕрдиагӕй» – сӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзтой, цӕмӕй, ногӕй цы базыдтой, уый абарстаиккой, цы зыдтой, уыимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Фыстад хуыздӕр бамбӕрстаиккой. Стӕй ма сӕм уыйбӕрц сӕрныллӕгдзинад разынд, цӕмӕй сӕ цард фӕивтаиккой. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ сӕ «бирӕтӕ баууӕндыдысты» (Хъуыд. 17:12). Уӕдӕ сӕ Лука хорз зондыл хӕст адӕм дзӕгъӕлы не схуыдта.

17. Вериӕгтӕ нын цавӕр хорз цӕвиттон ныууагътой ӕмӕ рӕстдзинады цасфӕнды ма уӕм, уӕддӕр сӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

17 Вериӕгтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты, уый Хуыцауы Ныхасы фыст кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, цы хорз зондыл хӕст уыдысты, уымӕй махӕн дӕр фӕзминаг кӕй уыдзысты. Уыдон сарӕзтой, Павелы ныфс цӕмӕй уыд ӕмӕ сӕм Йегъовӕ Хуыцау цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, растдӕр уый. Мах дӕр адӕмы фӕразӕнгард кӕнӕм Библи лӕмбынӕг иртасынмӕ, цӕмӕй сӕ уырнындзинад арӕзт уа фидар бындурыл – Хуыцауы Ныхасыл. Фӕлӕ нӕхицӕй та цы зӕгъӕн ис? Иугӕр уырнджытӕ систӕм, уӕд ахӕм зондыл хӕст хъуамӕ мауал уӕм? Уый афтӕ нӕу. Ныр нӕ ноджы тынгдӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын ӕмӕ нын куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайын. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нӕ дурынгӕнӕгау хорз мигӕнӕнтӕ араза ӕмӕ нӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕна (Ис. 64:8). Ӕмӕ уӕд Паддзахады хъуыддаджы бирӕ пайда хӕсдзыстӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

18, 19. а) Павел Верийӕ цӕмӕн ацыд ӕмӕ уӕддӕр йӕ хъуыддаг кӕй нӕ ныууагъта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? б) Павел дарддӕр та кӕмӕн хъусын кӕндзӕн ӕмӕ кӕм?

18 Павел Верийы бирӕ нӕ фӕци. Мах кӕсӕм: «Фессалоникаг дзуттӕгтӕ куы базыдтой, Павел Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны Хуыцауы ныхас, уӕд уырдӕм дӕр ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕмы сызмӕстаиккой ӕмӕ сӕ сӕ ныхмӕ скодтаиккой. Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой, загътой йын, цӕмӕй денджызы былы онг ацыдаид. Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты. Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй суанг Афинты онг ахизын кодтой. Ӕмӕ сын Павел бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофейӕн зӕгъут, цӕмӕй мӕм, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, тагъддӕр ӕрцӕуой. Ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты» (Хъуыд. 17:13–15). Ӕвӕдза, куыд фыдзонд уыдысты, хорз хабары ныхмӕ чи цыд, уыдон! Павелы Фессалоникӕйӕ кӕй ратардтой, уый сын фаг нӕ уыд, ӕмӕ ныр Веримӕ дӕр ӕрхӕццӕ сты, цӕмӕй уым дӕр адӕмы сӕ ныхмӕ скӕной. Фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Павел зыдта, нырма йӕ бирӕ рӕтты кӕй хъӕуы хъусын кӕнын, ӕмӕ сыстад, ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыд хъусын кӕнынмӕ. Цӕй уӕдӕ мах дӕр алы уавӕры дӕр ууыл архайӕм, цӕмӕй, хъусын кӕныны хъуыддаг бауромынмӕ чи хъавы, уыдонӕн сӕ фӕндтӕй мацы рауайа!

19 Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел, Фессалоникӕйы ӕмӕ Верийы цӕрӕг дзуттӕгтӕн хъусын кӕнгӕйӕ, ноджы хуыздӕр бамбӕрста, цӕмӕн хъӕуы ныфсджынӕй хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ уый мах дӕр ӕмбарӕм. Фӕлӕ ныр Павел хъусын кӕндзӕн бынтон ӕндӕрхуызон адӕмӕн – Афинты цӕрӕг грекъӕгтӕн. Цымӕ йӕм уыцы горӕты та цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Иннӕ сӕрӕй йӕ базондзыстӕм.

a Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы рӕстӕджы Ромы паддзахы закъонмӕ гӕсгӕ афтӕ дзурыны бар никӕмӕн уыд, зӕгъгӕ, «ӕрцӕудзӕн ног паддзах кӕнӕ фӕзындзӕн ног паддзахад. Уӕлдайдӕр та дзурӕн нӕ уыд, Ромы паддзахы бынат чи бацахстаид кӕнӕ йын чи стӕрхон кодтаид, ахӕм паддзахы кӕнӕ паддзахады тыххӕй». Уӕдӕ знӕгтӕн сӕ бон уыд Павелы ныхӕстӕ афтӕ сзыгъуыммӕ кӕнын, цыма уыцы закъоны ныхмӕ цыди. Кӕс рамкӕ « Ромы паддзӕхтӕ ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныг».