18 СӔР
«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»
Павел адӕмимӕ ныхас кодта, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл ӕмӕ йӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ ивта
Арӕзт у Хъуыддӕгты 17:16–34
1–3. а) Павел Афинты куы уыд, уӕд цӕмӕн смӕсты? б) Павелы цӕвиттонмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд цы базондзыстӕм?
ПАВЕЛ йӕхимидӕг мӕстӕй фыцы. Ныртӕккӕ ис грекъаг горӕт Афинты, кӕддӕр зындгонд философтӕ Сократ, Платон ӕмӕ Аристотел адӕмы кӕм ахуыр кодтой, уым. Горӕты цӕрджытӕ сты тынг кувӕг адӕм. Павел кӕдӕмфӕнды ма акӕса, алы ран дӕр – кувӕндӕтты, горӕты фӕзты ӕмӕ уынгты – уыны дуне мӕнгхуыцӕуттӕ, уымӕн ӕмӕ афинӕгтӕ тынг бирӕ хуыцӕуттӕн кувынц. Павел зоны, уыцы хъуыддагмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый (Рац. 20:4, 5). Ӕмӕ иузӕрдион апостол дӕр Йегъовӕйау йе сӕфт уыны мӕнгхуыцӕуттӕй!
2 Павел базары фӕзмӕ куы фӕцӕйхызт, уӕд та бынтондӕр арвы цӕфау фӕци. Сӕйраг бахизӕнмӕ хӕстӕг, галиуырдыгӕй, рӕгъ-рӕгъ лӕууынц хуыцау Гермесы гуымирытӕ, се ’ппӕтӕн дӕр уӕлдай бӕрӕг дарынц се ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕ. Базары фӕз йедзаг у хӕрзгыццыл кувӕндӕттӕй. Цымӕ зынгзӕрдӕ апостол куыд хъусын кӕндзӕн, уыйбӕрц хуыцӕуттӕн чи кувы, уыцы адӕмӕн? Йӕ маст бауромдзӕн ӕмӕ, цӕуыл сразы уой, ахӕм истӕуыл йӕ бон семӕ аныхас кӕнын бауыдзӕн? Искӕмӕн сӕ баххуыс кӕндзӕн ӕцӕг Хуыцауы агурынӕн ӕмӕ йӕ ссарынӕн?
3 Павел Афинты цӕрӕг зондджын адӕмимӕ куыд арӕхстджын, куыд уӕздан ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ ныхас кодта, уый тыххӕй фыст ис Хъуыддӕгты 17:22–31. Йӕ цӕвиттонмӕ йын куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, адӕмимӕ, цӕуыл сразы уыдзысты, ууыл ныхас кӕнӕн куыд ис, стӕй сӕ куыд ис баразӕнгард кӕнӕн хъуыды кӕнынмӕ.
Адӕмы ахуыр кодта «базары фӕзы» (Хъуыд. 17:16–21)
4, 5. Павел Афинты куы уыд, уӕд кӕм хъусын кодта ӕмӕ цавӕр адӕмыл сӕмбӕлд?
4 Павел Афинты уыд йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг, н. э. 50 азмӕ ’ввахс a. Цалынмӕ Силӕ ӕмӕ Тимофей Верийӕ цыдысты, уӕдмӕ Павел, куыд ахуыр уыд, афтӕ, «ӕмбырдгӕнӕнты дзуттӕгтимӕ... ныхас кодта». Стӕй ма-иу ацыд, Афинты ӕндӕр адӕмтӕй чи цард, уыдоныл кӕм сӕмбӕлдаид, уыцы ранмӕ дӕр – «базары фӕзмӕ» (Хъуыд. 17:17). Базары фӕз уыд Акрополӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ ахста 5 гектары бӕрц. Уым ӕрмӕст ӕлхӕнгӕ ӕмӕ уӕй нӕ кодтой, фӕлӕ ма-иу дзы горӕты адӕм ӕнӕуи дӕр ӕрӕмбырд сты. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы бынат уыд «экономикӕ, политикӕ ӕмӕ культурӕйы артдзӕст». Афинӕгтӕ уарзтой уым ӕмбырд кӕнын ӕмӕ исты зондджын ныхӕстӕ кӕнын.
5 Базары фӕзы Павел сӕмбӕлд зындзырд адӕмыл. Чи йӕм хъуыста, уыдоны ’хсӕн уыди философтӕ – Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ стоиктӕ. Уыцы дыууӕ къорды кӕрӕдзиимӕ ӕдзух кодтой быцӕу b. Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ цард йӕхи ’гъдауӕй фӕзынд. Цардмӕ цы цӕстӕй кастысты, уый цыбыртӕй ис афтӕ зӕгъӕн: «Хуыцауӕй тӕрсын нӕ хъӕуы; мӕлӕт рыст не ’взарын кӕны; хорздзинад ис ссарӕн; фыддзинадӕн ис бафӕразӕн». Стоиктӕ та дзырдтой, зӕгъгӕ, сӕйрагдӕр у, цӕмӕй адӕймаг алы хъуыддаджы дӕр йӕ зондӕй архайа ӕмӕ хъуыды кӕнын зона, стӕй, дам, Хуыцау удӕгас чидӕр нӕу, фӕлӕ у цыдӕр тых. Епикуры фӕдылдзӕуджыты дӕр ӕмӕ стоикты дӕр нӕ уырныдта, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цы дзырдтой, уый, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй, ацы дыууӕ къорды цы амыдтой, уымӕн ӕппындӕр иумӕйагӕй ницы уыд, Павел цы хъусын кодта, уыимӕ, ома Чырыстийы диссаджы ахуырӕдтимӕ.
6, 7. Зондджын грекъӕгтӕй иуӕй-иутӕ Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, абон махмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц?
6 Цымӕ уыцы зондджын грекъӕгтӕ Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? Чидӕртӕ йӕ схуыдтой «дзӕгъӕлдзых». Ацы дзырдӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «мыггӕгтӕ уидзӕг» дӕр. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 17:18 стихмӕ, nwtsty-E.) Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы грекъаг дзырдӕй «фыццаг хуыдтой, хоры нӕмгуытӕ чи уыгъта, ахӕм гыццыл цъиуы, фӕстӕдӕр та афтӕ хонын райдыдтой, базары фӕзы хӕринаджы муртӕ кӕнӕ ма-иу дзы адӕм ноджыдӕр цы аппӕрстой, уыдӕттӕ чи ӕмбырд кодта, уыдоны. Цасдӕры фӕстӕ та афтӕ фӕсномыгӕй хуыдтой, зонындзинӕдты муртӕ чи ӕмбырд кодта, уӕлдайдӕр та сӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы». Уӕдӕ уыцы зондджынты афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Павел ницы ӕмбары ӕмӕ ӕрмӕстдӕр кӕйдӕр ныхӕстӕ кӕны. Фӕлӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Павел ӕппындӕр нӕ мӕт кодта, афтӕ йӕ кӕй хуыдтой, ууыл.
7 Абон дӕр ницы фӕивта. Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библийы цы фыст ис, уый кӕй дзурӕм, уый тыххӕй нӕ алы фидиссаг нӕмттӕй фӕхонынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иу ахуыргӕнджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, цард йӕхи ’гъдауӕй фӕзынд, ӕмӕ кӕд дӕхи зондджын адӕймагыл нымайыс, уӕд ды дӕр хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕнай. Ӕмӕ ууыл чи не ’ууӕнды, уыдоны фӕхонынц ӕнӕфендтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм ӕмӕ, дуне чидӕр кӕй скодта, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд нӕ ахӕм зондджын адӕм иннӕты цӕсты бафтауынц, зӕгъгӕ, адон «мыггӕгтӕ уидзынӕй» дарддӕр ницы аразынц. Фӕлӕ мах ууыл ӕппындӕр нӕ мӕт кӕнӕм. Мах фидарӕй дзурӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй – зӕххыл цард скодта зондджын Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцау (Рарг. 4:11).
8. а) Павелмӕ чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? б) Павелы Ареопагмӕ кӕй акодтой, уый цӕуыл дзурӕг уыд? (Кӕс фиппаинаг.)
8 Павелмӕ базары фӕзы чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ та йӕ ныхӕстӕм ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. «Куыд ӕм кӕсӕм, афтӕмӕй цыдӕр ӕцӕгӕлон хуыцӕутты кой кӕны»,– загътой уыдон (Хъуыд. 17:18). Цымӕ Павел афинӕгтӕн ӕцӕгдӕр ног хуыцӕутты кой кодта? Дзырд гыццыл хъуыддагыл нӕ цыди. Цалдӕр ӕнусы размӕ, Сократы цы хъуыддӕгты фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастой, уыдонӕй иу растдӕр ахӕм уыд. Уӕдӕ диссаг нӕу, афинӕгтӕ Павелы Ареопагмӕ кӕй акодтой ӕмӕ дзы кӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, ӕнахуыр сӕм чи фӕкаст, уыцы ныхӕстӕ c. Цымӕ Павел, Фыстадимӕ зонгӕ чи нӕ уыд, уыцы адӕмимӕ хорз хабары сӕрыл куыд дзурдзӕн?
«Афинӕгтӕ, ӕз уынын...» (Хъуыд. 17:22, 23)
9–11. а) Павел куыд архайдта, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кодтаид, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл? б) Нӕ бон куыд у Павелы уацамынды фӕзмын?
9 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Павел тынг смӕсты, адӕм цас мӕнгхуыцӕуттӕн кувынц, уый куы федта, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ сын уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ нӕ фӕци, раст нӕ кувут, зӕгъгӕ. Павел архайдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид ӕмӕ йӕ ныхас райдыдта, уыдон цӕуыл сразы уыдаикккой, уымӕй. Уӕзданӕй сын загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын, сымах хуыцӕуттӕй иннӕтӕй тынгдӕр кӕй тӕрсут» (Хъуыд. 17:22). Ӕндӕр ныхӕстӕй сын Павел загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй тынг кувӕг адӕм стут». Афтӕмӕй сӕ раппӕлыд, сӕ диныл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Павел ӕмбӕрста, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй бакуырм кодтой, уыдонӕй чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Рох дзы нӕ уыд, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр ахӕм уавӕры кӕй уыди – «цы арӕзта, уый не ’мбӕрста ӕмӕ йӕм уырнындзинад нӕ уыд» (1 Тим. 1:13).
10 Дарддӕр Павел загъта, афинӕгты ӕцӕгдӕр кувӕг адӕмыл уый тыххӕй кӕй нымайы, ӕмӕ сӕ горӕты федта «Ӕнӕзонгӕ Хуыцауы» номыл нывондхӕссӕн. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «грекъӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕм ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу „ӕнӕзонгӕ хуыцӕутты“ номыл нывондхӕссӕнтӕ скодтой, зӕгъгӕ, мыййаг, кӕд цавӕрдӕр хуыцауы ном не ссардтам, уӕд нӕм ма фӕхӕрам уа». Уыцы нывондхӕссӕн ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ афинӕгты уырныдта, кӕй ис, уыдон кӕй нӕ зонынц, ахӕм хуыцау. Павел уыцы нывондхӕссӕны кой скодта, цӕмӕй хорз хабармӕ рахызтаид. Загъта сын: «Сымах ӕнӕзонгӕйӕ кӕмӕн кувут, ӕз уын уыцы Хуыцауы тыххӕй дзурын» (Хъуыд. 17:23). Павел семӕ афтӕ ныхас кодта, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ дӕр нӕ фӕриссын кодта, стӕй сӕ бон йӕ ныхасыл дыууӕ зӕгъын дӕр нӕ уыд. Уый ног кӕнӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕутты кой нӕ кодта, кӕд дзы иуӕй-иутӕ афтӕ дзырдтой, уӕддӕр. Павел сын ӕмбарын кодта, кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцау ӕцӕг Хуыцау кӕй у.
11 Нӕ бон куыд у Павелы уацамынды фӕзмын? Лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд бамбардзыстӕм, адӕймаг исты диныл хӕст у ӕви нӕ, зӕгъӕм, йӕ хъуырыл исты ауыгъд куы уа кӕнӕ йӕм хӕдзары йе та кӕрты исты ахӕм дзауматӕ куы уа, уӕд. Ӕмӕ йын уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг дӕ. Ӕмӕ мӕ растдӕр ахӕм адӕймагимӕ фӕндыд аныхас кӕнын». Уӕздан куы уӕм ӕмӕ, адӕймаг цы диныл хӕст у, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, цӕуыл сразы уа, ахӕм истӕуыл йемӕ аныхас кӕнын. Дӕ зӕрдыл дар: нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уымӕ гӕсгӕ йын рагацау тӕрхон рахӕссӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр бирӕтӕ раздӕр мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ сӕм уыцы ахуырӕдтӕ раст кастысты.
Хуыцау «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:24–28)
12. Павел йӕ ныхас уавӕрмӕ гӕсгӕ куыд фӕивта?
12 Павел йӕ ныхас райдыдта, адӕм цӕуыл сразы уыдаиккой, уымӕй. Фӕлӕ цымӕ йӕ бон суыдзӕн семӕ дарддӕр афтӕ ныхас кӕнын? Йӕ ныхасмӕхъусджытӕ грекъаг философи хорз зыдтой, Фыстадимӕ та зонгӕ нӕ уыдысты. Павел уый ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ ныхас уавӕрмӕ гӕсгӕ фӕивта. Уый бӕрӕг у цалдӕр хъуыддагӕй. Фыццаг: Библийы цы фыст ис, уый сын комкоммӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ сын ӕй йӕхи ныхӕстӕй ӕмбарын кодта. Дыккаг: цалдӕр хатты спайда кодта номивӕгӕй, «мах», зӕгъгӕ, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, йӕхӕдӕг дӕр уыдонӕй кӕй у. Ӕртыккаг: грекъаг фысджытӕй сын кӕйдӕрты ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, цы хабӕртты кой сын кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхи чингуыты дӕр фыст кӕй сты. Уӕдӕ ныр ӕркӕсӕм Павелы диссаджы раныхасмӕ. Афинӕгтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцауы тыххӕй сын цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта?
13. Дун-дуне куыд фӕзынд, уый Павел куыд бамбарын кодта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?
13 Хуыцау сфӕлдыста Дун-дуне. Павел загъта: «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты нӕ цӕры» d (Хъуыд. 17:24). Дун-дуне йӕхи ’гъдауӕй нӕ фӕзынд, фӕлӕ ӕппӕт дӕр ӕцӕг Хуыцау сфӕлдыста (Пс. 146:6). Грекъӕгты хуыцау Афинӕ ӕмӕ иннӕ хуыцӕуттӕ дӕр цардысты кувӕндӕтты, ӕмӕ сӕ кад дӕр кувӕндӕттыл ӕмӕ нывондхӕссӕнтыл баст уыди. Фӕлӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты никуы бацӕудзӕн (1 Пад. 8:27). Уӕдӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕрӕг уыд: адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ ис, уыдонӕй иуы дӕр нӕй ӕцӕг Хуыцауимӕ абарӕн (Ис. 40:18–26).
14. Хуыцауы адӕмӕй кӕй ницы хъӕуы, уый Павел куыд равдыста?
14 Хуыцауы адӕмӕй ницы хъӕуы. Мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм-иу сӕ хуыцӕуттыл скодтой рӕсугъд дзаумӕттӕ, зынаргъ лӕвӕрттӕ-иу сын бахастой, стӕй-иу сын сӕ разы ӕрӕвӕрдтой хӕринаг ӕмӕ нозт, цыма сӕ уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр хъуыдысты, уыйау! Фӕлӕ, чи зоны, Павелмӕ чи хъуыста, уыцы грекъаг философтӕй чидӕртӕ ӕмбӕрстой, хуыцауы адӕмӕй кӕй ницы хъӕуы. Ӕмӕ уӕд куыннӕ сразы уыдаиккой Павелы ныхӕстимӕ, зӕгъгӕ, Хуыцауы, «цыма исты хъуаг ӕййафы, уыйау... адӕймаджы къухты лӕггад нӕ хъӕуы». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг Сфӕлдисӕгӕн цы ратта, зӕххыл ахӕмӕй цы ис?! Хуыцау адӕмӕн йӕхӕдӕг дӕтты, цы сӕ хъӕуы, уый – «цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр», уыимӕ хур, къӕвда ӕмӕ хъӕздыг зӕхх дӕр (Хъуыд. 17:25; Райд. 2:7). Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕй ницы хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сын ӕппӕт дӕр йӕхӕдӕг дӕтты.
15. Афинӕгтӕ сӕхи иннӕ адӕмтӕй хуыздӕрыл кӕй нымадтой, уый фӕдыл Павел семӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
15 Адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста. Афинӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, грекъаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕй хуыздӕр сты. Фӕлӕ адӕймаг йӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл нымайа, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Дык. з. 10:17). Павел семӕ уыцы хъуыддагыл ныхас кодта уӕзданӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй. Афтӕ сын кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты», уымӕй сӕ хъуыдытыл куыннӕ бафтыдтаид (Хъуыд. 17:26). Павел кодта, Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый кой, ома ӕппӕт адӕм дӕр рацыдысты иу адӕймагӕй, Адамӕй (Райд. 1:26–28). Уӕдӕ адӕм иууылдӕр иу адӕймагӕй кӕй рацыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕ адӕмыхаттӕй хуыздӕр у. Павелы ныхасмӕхъусджытӕ ӕнӕмӕнгдӕр бамбӕрстаиккой, цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый. Павелы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах фӕнды, цӕмӕй адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм. Фӕлӕ, Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй сӕ ницы сусӕг кӕндзыстӕм, афтӕмӕй хуыздӕр байхъусдзысты, зӕгъгӕ.
16. Хуыцау адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста?
16 Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй йӕм адӕм ӕввахс кӕной. Павелы ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн цы философтӕ уыд, уыдон бирӕ радзур-бадзур кодтой, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл, фӕлӕ уыцы фарстайӕн сӕ бон нӕ уыд рӕстмӕ дзуапп ссарын. Павел та бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцау адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уый – цӕмӕй йӕ «агурой, агурой йӕ зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:27). Афинӕгтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕ базонӕн ма уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ чи агуры ӕмӕ йӕ базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй дард нӕу (Пс. 145:18). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел кӕй загъта, «мах», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй равдыста, йӕхӕдӕг дӕр, Хуыцауы зӕрдиагӕй чи хъуамӕ «агуырдтаид», уыдонӕй кӕй уыд.
17, 18. Адӕм цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый ӕмӕ Павел йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд агуырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
17 Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый. Павел загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм». Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам Павел ӕрхаста критаг поэт Епимениды ныхӕстӕ. Уый цард н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы ӕмӕ «афинӕгтӕ сӕ дины хъуыддӕгтӕй иу дӕр ӕнӕ уымӕй нӕ кодтой». Хуыцау адӕммӕ куыд ӕввахс у, уый ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, уый тыххӕй Павел загъта: «Уӕ фысджытӕй дӕр чидӕртӕ... загътой, „мах не ’ппӕт дӕр йӕ цот стӕм“, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 17:28). Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцауимӕ ӕнгом баст кӕй сты, уымӕн ӕмӕ уый сфӕлдыста, ӕппӕт адӕм дӕр кӕмӕй рацыдысты, уыцы фыццаг адӕймаджы. Цӕмӕй Павел йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид, уый тыххӕй сын ӕрхаста, сӕ цӕсты стыр кад кӕмӕн уыд, уыцы грекъаг уацмысты фыст ныхӕстӕ e. Мах дӕр Павелау хатт цавӕрдӕр ныхӕстӕ ӕрхӕссӕм историйы чингуытӕй, энциклопедитӕй кӕнӕ, адӕм хорз кӕй зонынц, ӕндӕр ахӕм чингуытӕй. Зӕгъӕм, искӕимӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сын нӕ бон у, мӕнг динтӕй кӕй равзӕрдысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын, стыр аргъ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм чингуытӕй. Уый фӕрцы, чи зоны, ӕнцондӕрӕй сразы уой, нӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, ууыл.
18 Куыд федтам, афтӕмӕй Павел йӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивта ӕмӕ афинӕгтӕн арӕхстджынӕй бамбарын кодта Хуыцауы тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Цымӕ сын ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн радзырдта? Уый сын загъта фӕстӕдӕр.
«Ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной» (Хъуыд. 17:29–31)
19, 20. а) Павел уӕзданӕй куыд бамбарын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕн кувын ӕнӕзонд ми кӕй у? б) Павелмӕ чи хъуыста, уыдоны цы саразын хъуыди?
19 Ныр Павелӕн йӕ бон уыд йӕ ныхасмӕхъусджыты бӕлвырд къахдзӕфтӕ саразынмӕ баразӕнгард кӕнын. Грекъаг чингуытӕй сын цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдонмӕ сын ногӕй сӕ хъус ӕрдардта ӕмӕ загъта: «Гъемӕ кӕд мах Хуыцауы цот стӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау, сызгъӕрин, ӕвзист кӕнӕ дурӕй цы скӕнынц, адӕймаг йӕ арӕхстдзинад ӕмӕ йе ’рхъуыдыйы фӕрцы цы саразы, уый хуызӕн у» (Хъуыд. 17:29). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, иугӕр адӕм Хуыцауы сконд сты, уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы къухӕй конд гуымиры уа? Павел сын уӕзданӕй бамбарын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕн кувын ӕнӕзонд ми кӕй у (Пс. 115:4–8; Ис. 44:9–20). Фӕлӕ сын афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «мах... хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм», уый фӕрцы йӕ ныхӕстӕй карды цӕфау нӕ фесты.
20 Павел бӕлвырд бамбарын кодта, цыдӕр сӕ кӕй хъӕуы аразын: «Хуыцау нал кӕсы, адӕм ӕй куы нӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм [ома афтӕ куы хъуыды кодтой, ӕмӕ къухӕйконд гуымирытӕн кувгӕйӕ ис Хуыцауы хорзӕх ссарӕн], ӕмӕ ныр ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной» (Хъуыд. 17:30). Чи зоны, Павелы ныхасмӕхъусджытӕй чидӕртӕ дис кодтой, фӕсмон кӕнын та нӕ цӕуыл хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын Павел йӕ диссаджы раныхасы бӕлвырд бамбарын кодта, царды рухс Хуыцауы фӕрцы кӕй федтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ разы дзуапп кӕй дӕттынц. Уыдоны хъуыди Хуыцауы агурын, цавӕр Хуыцау у, уый базонын ӕмӕ сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ саразын. Ӕндӕр ныхасӕй, афинӕгты хъуыди, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын тӕригъӕд кӕй у, уый бамбарын ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнын.
21, 22. Павел кӕронбӕттӕны цавӕр ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?
21 Кӕронбӕттӕны Павел загъта, стыр тых кӕм уыд, ахӕм ныхӕстӕ: «[Хуыцау] снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй» (Хъуыд. 17:31). Тӕрхоны бон ӕрцӕуинаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй хъуыди ӕцӕг Хуыцауы агурын ӕмӕ йӕ ссарын! Павел нӕ загъта, Хуыцау Тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй снысан кодта, уымӕн йӕ ном. Фӕлӕ уыцы Тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй радзырдта диссаджы хабӕрттӕ: уый уыди адӕймаг, стӕй амард ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта!
22 Павел кӕронбӕттӕны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махӕн дӕр сты ахсджиаг. Мах зонӕм, Хуыцау Тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй снысан кодта, уымӕн йӕ ном. Уый у, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Йесо Чырысти (Иоан. 5:22). Стӕй зонӕм, Тӕрхоны бон мин азы кӕй ахӕсдзӕн ӕмӕ ныр тынг хӕстӕг кӕй у, уый дӕр (Рарг. 20:4, 6). Мах Тӕрхоны бонӕй нӕ тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: рӕстгӕнӕгыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон схайджын уыдзысты, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй не сты, ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй. Цы рӕсугъд фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн. Хуыцау уый сбӕлвырд кодта, ӕппӕты стырдӕр диссаг кӕй сарӕзта, Йесо Чырыстийы кӕй райгас кодта, уымӕй!
«Чидӕртӕ... систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:32–34)
23. Адӕм Павелы ныхӕстӕм цавӕр цӕстӕй ракастысты?
23 Адӕм Павелы ныхӕстӕм алыхуызон цӕстӕй ракастысты. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый куы фехъуыстой, уӕд ыл «иутӕ худын райдыдтой», иннӕтӕ та йӕм кӕд байхъуыстой, уӕддӕр сӕ аразын ницы фӕндыд ӕмӕ йын загътой: «Уый тыххӕй ма дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм» (Хъуыд. 17:32). Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, ахӕмтӕ дӕр дзы уыди. Мах кӕсӕм: «Чидӕртӕ [йӕм дзы] ӕрбаиу ӕмӕ систы уырнджытӕ. Се ’хсӕн уыди Ареопаджы тӕрхонгӕнӕг Диониси, стӕй иу сылгоймаг, Дамар, зӕгъгӕ, ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр» (Хъуыд. 17:34). Абон мах дӕр куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕм адӕм алыхуызон цӕстӕй ракӕсынц. Иутӕ ныл худгӕ фӕкӕнынц, иннӕтӕ та нӕм ӕфсӕрмӕй байхъусынц. Фӕлӕ нын куыд ӕхсызгон вӕййы, чидӕртӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц ӕмӕ уырнджытӕ кӕй свӕййынц, уый!
24. Павел Ареопаджы адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
24 Павел адӕмимӕ куыд ныхас кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр сахуыр уыдзыстӕм адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл раст бӕттын, дыууӕ зӕгъӕн кӕуыл нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын ӕмӕ нӕ ныхас сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ивын дӕр. Стӕй нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй бакуырм кодтой, уыдонимӕ фӕразонӕй ӕмӕ уӕзданӕй кӕй хъӕуы ныхас кӕнын. Нӕхицӕн ма дзы зондӕн уый райстам, ӕмӕ, Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй хъуамӕ мацы сусӕг кӕнӕм, мыййаг нӕм адӕм куы нӕ байхъусой, зӕгъгӕ. Апостол Павелы куы фӕзмӕм, уӕд уацамынды адӕмы ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм. Ӕмӕ цӕстдарджытӕ та хуыздӕр арӕхсдзысты ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ. Афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр хорз цӕттӕ уыдзыстӕм адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ, «цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой» (Хъуыд. 17:27).
a Кӕс рамкӕ « Афинтӕ – рагон дунейы культурӕйы сӕйраг горӕт».
b Кӕс рамкӕ « Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ стоиктӕ».
c Ареопаг уыд Акрополӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ-иу уым ӕрӕмбырд сӕйраг тӕрхондон. Дзырд «Ареопаг», ӕвӕццӕгӕн, амоны тӕрхондонмӕ дӕр ӕмӕ комкоммӕ къуыбырмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕй иутӕ афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Павелы акодтой уыцы къуыбырмӕ кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, чи зоны, тӕрхондон ӕндӕр кӕмдӕр ӕрӕмбырд, зӕгъӕм, базары фӕзӕн йӕхимидӕг, ӕмӕ йӕ уырдӕм акодтой.
d «Дуне»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый у ко́смос ӕмӕ Библийы арӕхдӕр фӕамоны адӕммӕ. Фӕлӕ грекъӕгтӕ ацы дзырдӕй пайда кодтой дун-дунейы кой кӕнгӕйӕ, ӕмӕ дзы Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыды бавӕрдта, цӕмӕй грекъӕгтимӕ дарддӕр дӕр ныхас кодтаид, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл.
e Ацы ныхӕстӕ Павел ӕрхаста, стоикты ахуырӕдтыл хӕст чи уыд, уыцы грекъаг поэт Арат астрономийы тыххӕй цы поэмӕ ныффыста, уырдыгӕй, «Ӕрдзы фӕзындтӕ», зӕгъгӕ (Phaenomena). Ахӕм ныхӕстӕ ма ис ӕндӕр грекъаг чингуыты дӕр, зӕгъӕм, стоикты ахуырӕдтыл хӕст фыссӕг Клеанфы уацмысы «Гимн Зевсӕн» (Hymn to Zeus).