Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

«Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»

«Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»

Павел ӕмӕ Варнавӕ уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр, стӕй сӕ къухтӕ никуы ӕруагътой

Арӕзт у Хъуыддӕгты 14:1–28

1, 2. Павел ӕмӕ Варнавӕйыл Листрӕйы цавӕр хабар ӕрцыд?

 ЛИСТРӔЙЫ адӕм уынгтӕм ракалдысты ӕмӕ хъӕлӕба систой. Йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, иу ахӕм адӕймаджы дыууӕ ӕнӕзонгӕ лӕджы сдзӕбӕх кодтой, ӕмӕ фырцинӕй гӕппытӕ кӕны. Адӕм дисӕй мӕлынц. Зевсы дзуарылӕг та, адӕм ӕмхъӕлӕсӕй хуыцӕуттӕ кӕй хонынц, уыцы дыууӕ лӕгӕн дидинджытӕй быд худтӕ ӕрбахаста. Галтӕ футтытӕ кӕнынц ӕмӕ уасынц – дзуарылӕг сӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса. Павел ӕмӕ Варнавӕ хъӕр кӕнынц, уыцы хъуыддаг ма бакӕнут, зӕгъгӕ. Сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, адӕмы астӕумӕ балыгъдысты, ныллӕгъстӕ сын кодтой ӕмӕ сӕ тыххӕйты баурӕдтой, цӕмӕй сын ма бакувой.

2 Уӕдмӕ Писидийы Антиохийӕ ӕмӕ Иконийӕ ӕрбахӕццӕ сты, Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕй Листрӕйы адӕмӕн сӕ сӕрызонд схӕццӕ кодтой. Гыццыл раздӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн бакувынмӕ чи хъавыд, уыцы адӕм ныр Павелыл амбырд сты ӕмӕ йыл дуртӕ ӕхсын райдыдтой. Сӕ маст ыл куы акалдтой ӕмӕ сӕ разы куы ’рхауд, уӕд ӕй горӕты кулдуарӕй ӕддӕмӕ рахӕр-хӕр кодтой ӕмӕ йӕ уым мардӕфсон ныууагътой.

3. Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахӕм уӕззау уавӕры цӕмӕн бахаудысты? Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд ӕмӕ Листрӕйы адӕм сӕ зондахаст куыд тагъд фӕивтой, уымӕй, абон хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон цӕуыл ахуыр кӕнынц? Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бафӕзмын, сӕ къухтӕ кӕй не ’руагътой ӕмӕ «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй [кӕй] дзырдтой», уымӕй? (Хъуыд. 14:3).

«Бирӕтӕ... систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 14:1–7)

4, 5. Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконимӕ цӕмӕн ацыдысты ӕмӕ уым цы ’рцыд?

4 Цалдӕр боны размӕ дзуттӕгтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйыл сардыдтой ромаг горӕт Писидийы Антиохийы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ уыдон горӕтӕй ратардтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныфс нӕ асаст. Уыдон «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой», чи сӕм нӕ байхъуыста, уыдон кӕй рӕдийынц, уый равдисыны тыххӕй (Хъуыд. 13:50–52; Матф. 10:14). Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ фарн семӕ ахастой ӕмӕ уыцы адӕмы Хуыцауы бар ныууагътой (Хъуыд. 18:5, 6; 20:26). Уыцы дыууӕ миссионерӕн сӕ циныл цин цы ’фтыд, ӕндӕр къаддӕр нӕ кодта ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр хъусын кодтой. Хуссар-скӕсӕнырдӕм 150 километры бӕрц куы ацыдысты, уӕд бахӕццӕ сты, Тавр ӕмӕ Султаны хӕхты ’хсӕн цы хъӕздыг быдыртӕ уыд, уырдӕм.

5 Фыццаг уал Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕрлӕууыдысты Иконийы. Уыцы горӕт уыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы стырдӕр горӕттӕй сӕ иу ӕмӕ дзы грекъаг культурӕ нырма дӕр уыди йӕ тыхы a. Иконийы цард дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, бирӕ ахӕм адӕм. Ӕмӕ та ацы горӕты дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыдысты ӕмӕ хъусын кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 13:5, 14). Ӕмӕ «афтӕ хорз дзырдтой, ӕмӕ тынг бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 14:1).

6. Павел ӕмӕ Варнавӕ хорз ахуыргӕнджытӕ цӕй фӕрцы уыдысты ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

6 Павел ӕмӕ Варнавӕмӕ афтӕ бирӕ адӕм цӕй фӕрцы байхъуыстой? Павел уыди зонды къӕбиц, уымӕн ӕмӕ тынг хорз зыдта Фыстад. Уый арӕхстджынӕй пайда кодта Израилы адӕмы историйӕ, пехуымпарты чингуытӕй ӕмӕ Моисейы закъонӕй, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кодтаид, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уый (Хъуыд. 13:15–31; 26:22, 23). Варнавӕ та адӕмы йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавта (Хъуыд. 4:36, 37; 9:27; 11:23, 24). Иу дӕр сӕ йӕхи зондыл йӕ ныфс нӕ дардта, фӕлӕ дзырдтой «Йегъовӕйы номӕй». Дӕ бон сӕ куыд у хъусын кӕнгӕйӕ бафӕзмын? Зӕгъӕм, ды дӕр архай Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базоныныл. Дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕ чи бацагайдзӕн, ахӕм стихтӕ-иу равзар. Кӕмӕн хъусын кӕныс, уыдоны дӕ зӕрдӕйы хъармӕй тав. Стӕй-иу дӕхи зондӕй ма дзур, фӕлӕ адӕмӕн се ’ргом алкӕддӕр здах Хуыцауы Ныхасмӕ.

7. а) Адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? б) Кӕд, хорз хабар дӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстай, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ цы хъӕуы дӕ зӕрдыл дарын?

7 Павел ӕмӕ Варнавӕ цы дзырдтой, уый Иконийы цӕрджытӕй алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Лука дарддӕр фыссы: «Чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕ та иннӕ адӕмты сызмӕстой ӕмӕ сӕ ӕфсымӕрты ныхмӕ скодтой». Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ бамбӕрстой, уӕддӕр сӕ нырма горӕты баззайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй дарддӕр хорз хабары сӕрыл дзурой. Гъемӕ «Иконийы бирӕ рӕстӕг фесты ӕмӕ... ныфсджынӕй дзырдтой». Ӕмӕ уӕд «горӕты адӕм дыууӕ дихы фесты: иутӕ уыдысты дзуттӕгты фарс, иннӕтӕ та – апостолты фарс» (Хъуыд. 14:2–4). Абон дӕр афтӕ вӕййы. Хорз хабар кӕйдӕрты кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр скӕны, чидӕртӕ та уый тыххӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ свӕййынц (Матф. 10:34–36). Кӕд, хорз хабар дӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстай, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ зӕрдыл дар, арӕх нӕ ныхмӕ уый тыххӕй кӕй фӕцӕуынц, ӕмӕ кӕмдӕр цыдӕр фехъусынц кӕнӕ ныл чидӕртӕ ӕргом цъыфкалӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй фӕзминаг куы уай, уӕд, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн, чи зоны, сӕ цӕстытӕ байгом уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ дӕр ӕрфӕлмӕн уой (1 Пет. 2:12; 3:1, 2).

8. Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийӕ цӕмӕн ацыдысты ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Цасдӕры фӕстӕ, Иконийы Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ чи цыд, уыдон сфӕнд кодтой, цӕмӕй сӕ дуртӕй амарой. Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сӕхи уырдыгӕй айстой ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдысты хъусын кӕнынмӕ (Хъуыд. 14:5–7). Абон дӕр хорз хабар хъусынгӕнджытӕ ӕмбаргӕйӕ фӕархайынц. Зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ куы фӕдзурынц, уӕд дарддӕр ныфсджынӕй фӕхъусын кӕнӕм (Фил. 1:7; 1 Пет. 3:13–15). Фӕлӕ нӕм ӕртхъирӕнтӕ кӕнын куы райдайынц, уӕд нӕхицӕй хъӕбатыртӕ нӕ фӕаразӕм, цӕмӕй нӕхи цард дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕтты цард дӕр ӕнӕхъуаджы фыдбылызы ма баппарӕм (Ӕмб. 22:3).

«Раздӕхут удӕгас Хуыцаумӕ» (Хъуыд. 14:8–19)

9, 10. Горӕт Листрӕ кӕм уыд ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй цы зонӕм?

9 Ныр Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ ных сарӕзтой Листрӕмӕ. Уыцы горӕт уыд Ромы колони ӕмӕ уыди Иконийӕ хуссар-ныгуылӕнырдӕм иу-30 километры дарддӕр. Кӕд Листрӕ ӕмӕ Писидийы Антиохийы цӕрӕг адӕмӕн бирӕ иумӕйаг хъуыддӕгтӕ уыди, уӕддӕр Антиохийӕ уӕлдай Листрӕйы дзуттӕгтӕ бирӕ нӕ царди. Листрӕйы цӕрджытӕ грекъагау дӕр куыннӕ дзырдтаиккой, фӕлӕ уӕддӕр сӕ мадӕлон ӕвзаг уыди ликаойнаг. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы горӕты ӕмбырдгӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ хъусын кодтой, бирӕ адӕм-иу кӕм ӕрӕмбырд, ахӕм рӕтты. Иухатт апостол Петр Иерусалимы сдзӕбӕх кодта, йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ уый фенгӕйӕ бирӕтӕ систы уырнджытӕ (Хъуыд. 3:1–10). Ныр Листрӕйы Павел дӕр сарӕзта ахӕм диссаг (Хъуыд. 14:8–10). Фӕлӕ ацы адӕмыл та уый бынтон ӕндӕрхуызон фӕзынд.

10 Ацы сӕры райдианы куыд базыдтам, афтӕмӕй къуылых адӕймаг фырцинӕй гӕппытӕ кӕнын куы райдыдта, уӕд Листрӕйы цӕрджытӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм, сонтӕй хабӕрттӕ раст нӕ бамбӕрстой. Варнавӕйы схуыдтой Зевс, ома хуыцӕутты хистӕр, Павелы та – Гермес, ома Зевсы фырт ӕмӕ, хуыцӕутты номӕй чи дзырдта, уый. (Кӕс рамкӕ « Листрӕйы куывтой Зевсӕн ӕмӕ Гермесӕн».) Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕнцад нӕ кастысты, цыфӕндыйӕ дӕр сын хъуамӕ бамбарын кодтаиккой, цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый мӕнгхуыцӕутты номӕй кӕй нӕ аразынц, фӕлӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы номӕй (Хъуыд. 14:11–14).

«Ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ раздӕхут удӕгас Хуыцаумӕ – арв [ӕмӕ] зӕхх... чи сфӕлдыста, уымӕ» (Хъуыддӕгтӕ 14:15)

11–13. а) Павел ӕмӕ Варнавӕ Листрӕйы цӕрджытӕн цы загътой? б) Павел ӕмӕ Варнавӕ цы хъуыды загътой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахӕм уавӕры дӕр архайдтой адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл. Ацы ран Лука дзуры, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн ӕнтыстджынӕй куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел ӕмӕ Варнавӕ адӕмимӕ куыд ныхас кодтой, уымӕ: «Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм! Мах уын хъусын кӕнӕм хорз хабар, цӕмӕй ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзат ӕмӕ раздӕхат удӕгас Хуыцаумӕ – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уымӕ. Рагзаманты Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой, фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыд. 14:15–17).

12 Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг: Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕхи, чи сӕм хъуыста, уыдонӕй уӕлдӕр не ’вӕрдтой. Сӕхицӕй, цы нӕ уыдысты, уый нӕ арӕзтой. Фӕлӕ сӕрныллӕгӕй загътой, сӕхӕдӕг дӕр уыдонау хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ кӕй ницы сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕмӕ Варнавӕ хайджын уыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй сӕрибар уыдысты. Стӕй сӕ ныфс уыд, фидӕны Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон ӕмбӕрстой, Листрӕйы цӕрджытӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куы суыдаиккой, уӕд уыдоны дӕр Хуыцау уыцы арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кодтаид.

13 Мах та цы цӕстӕй кӕсӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ? Не ’мсӕр адӕймӕгтыл сӕ нымайӕм? Мах дӕр, иннӕтӕн Хуыцауы Ныхас амонгӕйӕ, Павел ӕмӕ Варнавӕйау нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ кадджын кӕной, уымӕй? Ацы хъуыддаджы нын хорз цӕвиттон ныууагъта Чарлз Тейз Рассел. Уый нудӕсӕм ӕнусы кӕрон ӕмӕ ссӕдзӕм ӕнусы райдианы разамынд лӕвӕрдта хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ уыди диссаджы ахуыргӕнӕг. Рассел ныффыста: «Мах нӕхицӕн кад ӕмӕ цыт нӕ агурӕм, стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы ныффыссӕм, уыдон адӕм арвмӕ исой. Стӕй уымӕ нӕ бӕллӕм, ӕмӕ нӕм иннӕтӕ, „Дӕ бӕрзонддзинад“ кӕнӕ „Равви“, зӕгъгӕ, дзурой». Ӕфсымӕр Рассел дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйау уыди сӕрныллӕг. Уӕдӕ мах дӕр хорз хабар уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, цӕмӕй нӕхи скадджын кӕнӕм, фӕлӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм «удӕгас Хуыцаумӕ» раздӕхынӕн.

14–16. Павел, Варнавӕ ӕмӕ Листрӕйы цӕрджыты хабарӕй ма ноджыдӕр цавӕр дыууӕ хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм?

14 Ацы раныхасӕй ма ахуыр кӕнӕм дыккаг хъуыддагыл дӕр: Павел ӕмӕ Варнавӕ архайдтой уавӕртӕм гӕсгӕ. Иконийы цӕрӕг дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕй уӕлдай Листрӕйы цӕрджытӕ Фыстады тыххӕй ӕмӕ, израилӕгтӕ Хуыцауы адӕм кӕй уыдысты, уый тыххӕй зыдтой гыццыл цыдӕртӕ кӕнӕ та бынтондӕр ницы. Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ зыдтой, зӕхкусӕг адӕмимӕ кӕй ныхас кодтой, уый. Листрӕ уыди хъарм бӕстӕ ӕмӕ дзы зӕхх лӕвӕрдта хорз тыллӕг. Уыцы адӕмӕн сӕ бон бирӕ хъуыддӕгты уыд фенын, Сфӕлдисӕг цы диссаджы миниуджыты хицау у, уый, зӕгъӕм, бӕркадджын азтӕ-иу сын кӕй балӕвар кодта, уымӕй. Ӕмӕ сын миссионертӕ дӕр уый кой ракодтой, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаиккой (Ром. 1:19, 20).

15 Махӕн дӕр нӕ бон у уавӕртӕм гӕсгӕ архайын? Зӕхкусӕг, чи зоны, уыцы иу мыггаг байтауы цалдӕр хуымы, фӕлӕ уыцы хуымтӕ иухуызон нӕ бакусы. Кӕцыдӕр хуымты зӕхх фӕлмӕн вӕййы, ӕмӕ дзы мыггаг ныппарын йеддӕмӕ ницыуал фӕхъӕуы. Иннӕ хуымты та зӕхмӕ фӕхъӕуы бӕстондӕр базилын. Афтӕ мах дӕр таугӕ кӕнӕм уыцы иу мыггаг – Хуыцауы Ныхасы цы хорз хабар фыст ис, уый. Фӕлӕ кӕд мах дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕзмӕм, уӕд архайдзыстӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ, цы диныл хӕст сты, уый базоныныл. Уыдӕттӕ куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ, адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайын (Лук. 8:11, 15).

16 Павел, Варнавӕ ӕмӕ Листрӕйы цӕрджыты хабарӕй ма ахуыр кӕнӕм ӕртыккаг хъуыддагыл дӕр: цыфӕнды зӕрдиагӕй ма архайӕм, уӕддӕр, цы мыггаг тауӕм, уый хатт Фыдбылыз аскъӕфы кӕнӕ та дурджын зӕххыл ӕрхауы (Матф. 13:18–21). Ӕмӕ афтӕ куы рауайа, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ зӕрдыл дар, фӕстӕдӕр Павел Ромы чырыстӕттӕн цы загъта, уый: «Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй». Ӕмӕ уый хауы, Хуыцауы Ныхас кӕмӕн фӕдзурӕм, уыдонмӕ дӕр (Ром. 14:12).

«Хистӕр нӕлгоймӕгты... Йегъовӕйы бар бакодтой» (Хъуыд. 14:20–28)

17. Павел ӕмӕ Варнавӕ Дервийӕ кӕдӕм ацыдысты ӕмӕ цӕмӕн?

17 Листрӕйы цӕрджытӕ Павелы горӕты ӕдде мардӕфсон куы ныууагътой, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ Павел йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд фӕстӕмӕ горӕтмӕ бацыд ӕмӕ ӕхсӕв уым арвыста. Дыккаг бон та Варнавӕимӕ араст сты Дервимӕ, цӕуын сӕ бахъуыди 100 километры. Ахъуыды-ма кӕн, Павелӕн куыд зын уыдаид уыцы дард балцы цӕуын. Дуртӕй йӕ куы фӕхостой, уымӕй цалдӕр сахаты йеддӕмӕ нӕма рацыд, ӕмӕ йӕ буар уыцы цӕфтӕй куыннӕ рыстаид. Фӕлӕ уӕддӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ къухтӕ не ’руагътой ӕмӕ Дервимӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы «бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» бацӕттӕ кодтой. Уый фӕстӕ Сирийы Антиохимӕ, кӕм-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сӕм хӕстӕгдӕр чи уыд, уыцы горӕтмӕ, нӕ ацыдысты, фӕлӕ «раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ [Писидийы] Антиохимӕ». Цымӕ цӕмӕн? «Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой» (Хъуыд. 14:20–22). Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагътой уыцы дыууӕ чырыстоны! Сӕхицӕн куыд хуыздӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ, ӕмбырд куыд бафидар кодтаиккой, ууыл. Абон цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ миссионертӕ дӕр раст афтӕ лӕггад кӕнынц.

18. Ӕфсымӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй куыд снысан кӕнынц?

18 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой, цы сын радзырдтой ӕмӕ куыд фидар уыдысты, уымӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ». Кӕд Павел ӕмӕ Варнавӕйы уыцы балцы «Хуыцауы сыгъдӕг тых... рарвыста», уӕддӕр, цалынмӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты «Хуыцау Йегъовӕйы бар бакодтой», уӕдмӕ уал ком фӕдардтой ӕмӕ фӕкуывтой (Хъуыд. 13:1–4; 14:23). Чырыстон ӕмбырд абон дӕр афтӕ архайы. Цалынмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты комитет ӕфсымӕртӕй искӕй тыххӕй уынаффӕ бахӕссы, йӕ бӕрны йын фылдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис, зӕгъгӕ, уӕдмӕ уал Хуыцаумӕ скувынц ӕмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсынц, Библийы цы миниуджыты кой цӕуы, уыдон ӕм сты ӕви нӕ (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9; Иак. 3:17, 18; 1 Пет. 5:2, 3). Ацы хъуыддаджы сӕйраг нӕу, ӕфсымӕр донаргъуыд цал азы размӕ райста, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕ царды кӕй архайы, уый бӕрӕг уыдзӕн йӕ дзыхыныхасӕй, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй ӕмӕ йын цы ном ис, уымӕй. Хистӕр нӕлгоймагӕй йӕ бон лӕггад кӕнын уыдзӕн, Фыстадмӕ гӕсгӕ цӕстдарӕгмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон ӕм куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Гал. 5:22, 23). Районон цӕстдарӕгыл ис уыцы хӕс, цӕмӕй ӕфсымӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй нысан кӕна. (Абар 1 Тимофеймӕ 5:22.)

19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зонынц ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы куыд фӕзмынц?

19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ӕмбырдыл куыд тыхсынц, уый тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕттынц (Дзут. 13:17). Павел ӕмӕ Варнавӕйау уыдон дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы разӕй цӕуынц. Стӕй се ’мчырыстӕтты ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Ӕмӕ, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ, ӕмбырдӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (Фил. 2:3, 4).

20. Не ’фсымӕртӕ куыд иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы?

20 Павел ӕмӕ Варнавӕ, кӕм-иу ӕрлӕууыдысты, уыцы горӕтмӕ, Сирийы Антиохимӕ, куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ӕмбырдӕн радзырдтой, «Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар кӕй байгом кодта, уый тыххӕй» (Хъуыд. 14:27). Не ’фсымӕртӕ куыд иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, уыдӕтты тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд махӕн уый нӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзурдзыстӕм».