Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 СӔР

«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»

«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»

Павел нын фӕзминаг у, йӕ ныхмӕ куы цыдысты ӕмӕ йӕм куы нӕ хъуыстой, уӕд цы арӕзта, уымӕй

Арӕзт у Хъуыддӕгты 13:1–52

1, 2. Варнавӕ ӕмӕ Савл цы балцы цӕуинаг уыдысты, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ сӕ лӕггады фӕрцы дӕр Хъуыддӕгты 1:8 ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кодтой?

 АЦЫ бон Антиохийы ӕмбырдӕн у диссаджы бон. Ӕмбырды цы пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ ис, уыдонӕй сыгъдӕг тых равзӕрста Варнавӕ ӕмӕ Савлы, цӕмӕй хорз хабар дард рӕттӕм фӕхӕццӕ кӕной a (Хъуыд. 13:1, 2). Арӕхстджын хъусынгӕнджыты-иу ӕндӕр рӕттӕм уый размӕ дӕр арвыстой. Фӕлӕ-иу уӕд миссионертӕ ацыдысты, Чырыстийы ахуырӕдтӕ кӕм ӕрфидар сты, ахӕм рӕттӕм (Хъуыд. 8:14; 11:22). Ныр та Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕрвитынц, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм бӕстӕтӕм. Семӕ хъуамӕ ацӕуа Иоанн Марк дӕр, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна.

2 Ацы хабарӕй 14 азы раздӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕндӕр бӕстӕтӕм хъусын кӕнынмӕ кӕй ӕрвитынц, уый фӕрцы Йесойы ныхӕстӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзысты! b

Ӕвзӕрст ӕрцыдысты «иу хъуыддагӕн» (Хъуыд. 13:1–12)

3. Фыццаг ӕнусы дард балцы цӕуын ӕнцон цӕуылнӕ уыди?

3 Абон машинӕтӕ ӕмӕ самолеттӕ кӕй ис, уый фӕрцы адӕймаг сахат кӕнӕ дыууӕ сахатмӕ цыфӕнды дард ран дӕр балӕууы. Фӕлӕ н. э. фыццаг ӕнусы афтӕ нӕ уыд. Уӕды заман бӕлццӕттӕ фылдӕр цыдысты фистӕгӕй, стӕй сӕ цӕуын хъуыди дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ фӕндӕгтыл. Иу бонмӕ-иу адӕймаг 30 километрӕй фылдӕр нӕ ацыд, ӕмӕ-иу фӕндагыл сау фӕллад баци c. Уӕдӕ кӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлы тынг фӕндыд, цы хъуыддаг сын бахӕс кодтой, уымӕ ӕрӕвналын, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстой, бирӕ фыдӕбон сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ сӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕй бахъӕудзӕн (Матф. 16:24).

4. а) Варнавӕ ӕмӕ Савл ахсджиаг хъуыддагӕн ӕвзӕрст куыд ӕрцыдысты ӕмӕ уымӕ иннӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

4 Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг тых уыцы «хъуыддагӕн» Варнавӕ ӕмӕ Савлы цӕмӕн равзӕрста? (Хъуыд. 13:2). Уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Фӕлӕ уый зонӕм, ӕмӕ уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕвзӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Никуы ис фыст, ӕмӕ Антиохийы ӕмбырды пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уыцы уынаффӕйыл разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын баххуыс кодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлӕн куыд ӕхсызгон уыдаид! Се ’фсымӕртӕ сӕм хӕлӕг нӕ кодтой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй «ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ [сыл] сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой» (Хъуыд. 13:3). Мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн ӕмӕ, цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ахӕм ӕфсымӕртӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ сын «сӕ фыдӕбоны тыххӕй... стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм» (1 Фес. 5:13).

5. Варнавӕ ӕмӕ Савл Кипры сакъадахыл куыд хъусын кодтой?

5 Варнавӕ ӕмӕ Савл ӕрцыдысты Антиохимӕ хӕстӕг наулӕууӕн горӕт Селевкимӕ. Стӕй уырдыгӕй науыл араст сты Кипры сакъадахмӕ ӕмӕ фӕцыдысты 200 километры бӕрц d. Варнавӕ йӕхӕдӕг дӕр Кипрӕй уыди, ӕмӕ йӕ куыннӕ фӕндыдаид йӕ райгуырӕн бӕстӕйы хорз хабар фехъусын кӕнын. Сакъадахы скӕсӕн фарс горӕт Саламинмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд иу минут дӕр дзӕгъӕлы нӕ сӕфтой – уайтагъд «дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты райдыдтой Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын» e (Хъуыд. 13:5). Варнавӕ ӕмӕ Савл Кипрыл иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ ӕрзылдысты ӕмӕ фӕндагыл, ӕвӕццӕгӕн, стыр горӕтты хъусын кодтой. Сӕ фӕндаг кӕуылты акодтой, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ сӕ фистӕгӕй цӕуын бахъуыдаид 160 километры бӕрц!

6, 7. а) Чи уыд Сергий Павел ӕмӕ йӕ Вар-Йесо хорз хабармӕ хъусын цӕуылнӕ уагъта? б) Савл Вар-Йесойы куыд ныссабыр кодта?

6 Фыццаг ӕнусы Кипры тынг парахат уыдысты алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, Варнавӕ ӕмӕ Савл сакъадахы ныгуылӕн фарс горӕт Пафосмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд. Уым фембӕлдысты «иу дзуттаг лӕгыл, Вар-Йесо, зӕгъгӕ. Уый уыд кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнг пехуымпар. Уыцы лӕг уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы адӕмӕй. Сергий Павел уыди зондджын лӕг» f. Фыццаг ӕнусы-иу ахуыргонд ромӕгтӕй бирӕтӕ, суанг Сергий Павелы хуызӕн «зондджын лӕгтӕ» дӕр, исты ахсджиаг хъуыддаг скъуыддзаг кӕнгӕйӕ, уынаффӕ кодтой кӕлӕнгӕнджытимӕ ӕмӕ стъалыдӕснытимӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Сергий Павелы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар тынг бацымыдис кодта ӕмӕ «йӕ зӕрдиагӕй фӕндыди Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын». Уый Вар-Йесойы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди. Уыцы лӕг цы куыст кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хуыдтой Елимӕ, ома «кӕлӕнгӕнӕг» (Хъуыд. 13:6–8).

7 Вар-Йесо хорз хабары ныхмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид! Уый уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы уынаффӕгӕнӕг. Ӕмӕ йӕ кадджын бынатӕн кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ хицауы цыфӕндыйӕ дӕр бакъуылымпы кодтаид, цӕмӕй «Йесойыл ма баууӕндыдаид» (Хъуыд. 13:8). Фӕлӕ, уыцы уынаффӕгӕнӕг Сергий Павелы зонд куыд зыгъуыммӕ кодта, уымӕ Савл ӕнцад нӕ каст. Цы сарӕзта? Мах кӕсӕм: «Савл, хонынц ӕй Павел дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕдзынӕг ӕм [ома Вар-Йесомӕ] ныккаст ӕмӕ йын загъта: „Уӕртӕ хинӕйдзаг ӕмӕ цъаммар! Хӕйрӕджы фырт ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый знаг! Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ ма бирӕ зыгъуыммӕ кӕндзынӕ? Йегъовӕ дӕ ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ иуцасдӕр хуры рухс нал фендзынӕ“. Ӕвиппайды Елимӕйы цӕстытыл мигъ ныббадт, бӕстӕ йыл баталынг ӕмӕ, кӕй къухыл ныххӕцыдаид, уый агурӕг-иу куы иуырдӕм фӕци, куы иннӕрдӕм» g. Уый фӕстӕ цы ’рцыд? «Сакъадахы хицау уый куы федта, уӕд баууӕндыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой» (Хъуыд. 13:9–12).

Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд мах дӕр Павелау рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй фӕдзурӕм

8. Куыд у нӕ бон Павелау ныфсджынӕй хъусын кӕнын?

8 Павел Вар-Йесойӕ нӕ фӕтарст. Абон мах дӕр хъуамӕ ма тӕрсӕм, хорз хабармӕ чи байхъусы, уыдоны уырнындзинад фӕцудын кӕныныл чи фӕархайы, уыцы адӕмӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ дзыхыныхас алкӕддӕр хъуамӕ уа «фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Кол. 4:6). Фӕлӕ, нӕ ныхмӕ кӕй дзурдзысты, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма тыхсӕм ӕмӕ уый тыххӕй, чи нӕм хъусы, уыдоны ма ныууадзӕм. Стӕй хъуамӕ мӕнг дины хъуыддӕгтӕ хурмӕ калынӕй дӕр ма тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ Вар-Йесойау мӕнг дин абон дӕр «Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ... зыгъуыммӕ кӕны» (Хъуыд. 13:10). Уӕдӕ мах дӕр Павелау рӕстдзинад ныфсджынӕй дзурӕм ӕмӕ, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурӕм. Чи зоны, Хуыцауы ӕххуысы къух Павел куыд ирдӕй федта, мах ӕй афтӕ ирдӕй ма фенӕм, фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: аккаг чи у, уыдоны Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхимӕ ӕрбакӕндзӕн (Иоан. 6:44).

Ныхас «адӕмы бафидар кӕнынӕн» (Хъуыд. 13:13–43)

9. Абон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдонӕн Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕзминаг куыд сты?

9 Куыд зыны, афтӕмӕй бӕлццӕттӕ Пафосӕй Пергимӕ (ацы горӕт ис Къаннӕг Азийы былгӕрон, денджызыл ӕм цӕуын хъӕуы 250 километры бӕрц) куы ’рцыдысты, уӕд цыдӕр фӕивта. Хъуыддӕгты 13:13 ис ахӕм ныхӕстӕ, «Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ныр Павел разамынд йӕхимӕ кӕй райста. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ йӕм Варнавӕ хӕлӕг кодта. Уыцы дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы фӕндон дарддӕр иумӕ ӕххӕст кодтой. Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕзминаг сты, абон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдонӕн. Чырыстӕттӕ кадджындӕр бынӕттыл нӕ тох кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдыл дарынц Йесойы ныхӕстӕ: «Уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут». Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:8, 12).

10. Пергийӕ Писидийы Антиохимӕ ӕнцон цӕуӕн цӕуылнӕ уыд?

10 Пергимӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Иоанн Марк уым Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныууагъта ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт – цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу. Павел ӕмӕ Варнавӕ та сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой ӕмӕ Пергийӕ араст сты Писидийы Антиохимӕ. Уыцы горӕт ис Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы. Уый ӕнцон фӕндаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Писидийы Антиохи ис денджызӕй 1 100 метры уӕлдӕр. Стӕй-иу тӕссаг хӕххон фӕндӕгтыл бӕлццӕтты размӕ арӕх бабадтысты абырджытӕ дӕр. Цыма Павелӕн ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ фаг нӕ уыдысты, уыйау ма уыцы рӕстӕг йе ’нӕниздзинад дӕр фӕцудыдта h.

11, 12. Павел Писидийы Антиохийы ӕмбырдгӕнӕны ныхасы куы рацыд, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта?

11 Писидийы Антиохийы Павел ӕмӕ Варнавӕ сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыдысты. Мах кӕсӕм: «Уым Закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй куы бакастысты, уӕд сӕм ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕ барвыстой ахӕм ныхас: „Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси“» (Хъуыд. 13:15). Гъемӕ Павел ныхасы рацыд.

12 Павел йӕ ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Байхъусут мӕм, израилӕгтӕ ӕмӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон» (Хъуыд. 13:16). Йӕ ныхасмӕхъусджытӕ уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон. Уыцы адӕм не ’мбӕрстой, Хуыцауы фӕндты Йесойӕн цы бынат ис, уый. Ӕмӕ сын уӕдӕ Павел сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта? Фыццаг уал сын цыбыртӕй радзырдта Израилы адӕмы истори. Бамбарын сын кодта, Египеты ӕрцӕуӕггӕгтӕ куы уыдысты, уӕд сӕ Хуыцау куыд «сбӕрзонд кодта» ӕмӕ сӕ уырдыгӕй куы ракодта, уый фӕстӕ сын цыппор азы бӕрц ӕдзӕрӕг быдыры куыд «быхста сӕ митӕн». Стӕй ма сын радзырдта, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд бацахстой ӕмӕ сын Йегъовӕ «уыцы зӕхх хӕлттӕм гӕсгӕ [куыд] байуӕрста», уый тыххӕй (Хъуыд. 13:17–19). Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел йӕ раныхасы цыдӕр хъуыдытӕ ӕрхаста, ӕмбырдгӕнӕны гыццыл раздӕр Фыстадӕй цы скъуыддзӕгтӕ бакастысты, уырдыгӕй. Уый та сабатбоны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг уыди. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг у, Павел кӕй зыдта, «алыхуызон адӕмӕн дӕр... алцыдӕр» куыд суыдаид, уый (1 Кор. 9:22).

13. Нӕ бон куыд у нӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын?

13 Мах дӕр хъуамӕ архайӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл. Зӕгъӕм, адӕймаг цы диныл хӕст у, уый куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ, цымыдисаг ӕм чи фӕкӕсдзӕн, ахӕм фарстайыл аныхас кӕнын. Нӕ бон ма у адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдарын, Библийӕ бирӕтӕ цы ныхӕстӕ зонынц, уыдонмӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай Хуыцауы ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъардзысты, стих ын йӕхи Библийы куы бакӕсын кӕнӕм, уӕд. Уӕдӕ агур фадӕттӕ, цӕмӕй дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай.

14. а) Павел йӕ ныхасмӕхъусджытӕн Йесойы тыххӕй куыд райдыдта дзурын ӕмӕ сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста? б) Адӕм Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?

14 Дарддӕр сын Павел сӕ хъус ӕрдардта, Израилы паддзӕхты хӕдзарвӕндаг «ирвӕзынгӕнӕг – Йесомӕ» куыд ӕркодта, уымӕ. Ской ма кодта, Йесойы размӕ адӕмӕн Аргъауӕг Иоанн кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ радзырдта, Йесойы куыд амардтой ӕмӕ мӕрдтӕй куыд райгас, уый тыххӕй (Хъуыд. 13:20–37). «Уӕдӕ йӕ зонут,– загъта Павел,– сымахӕн хъуыстгонд цӕуы, Хуыцау уын Йесойы фӕрцы уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый. ...Чидӕриддӕр баууӕнда, уый Йесойы фӕрцы нымад ӕрцӕудзӕн ӕнаххосыл». Ӕмӕ стӕй апостол йӕ ныхасмӕхъусджыты бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ма баййафа, Пехуымпарты чиныджы цы фыст ис, уый: „Сымах ницӕмӕ дарут, ӕз цы хъуыддаг аразын, уый. Уӕдӕ йӕ фенут ӕмӕ бадис кӕнут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын уый тыххӕй исчи лыстӕг хабӕртты онг куы радзурид, уӕддӕр уӕ нӕ бауырнид“». Павелы ныхӕстӕ адӕммӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ диссаг! Мах кӕсӕм: «Лӕгъстӕ кӕнын [сын] райдыдтой, зӕгъгӕ-иу нын иннӕ сабаты дӕр уыдӕтты тыххӕй радзурут». Стӕй ма, ӕмбырдгӕнӕнӕй куы рацыдысты, уӕд «дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста ӕмӕ Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты» (Хъуыд. 13:38–43).

«Мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм» (Хъуыд. 13:44–52)

15. Павел ныхасы куы рацыд, уый фӕстӕ сабаты цы ’рцыд?

15 Иннӕ сабаты «ӕгас горӕт дӕр» ӕрӕмбырд, цӕмӕй Павелмӕ байхъуыстаиккой. Фӕлӕ уый дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ, «Павел цы дзырдта, уый ныхмӕ дзурын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фаудтой». Фӕлӕ сын Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуыди фехъусын кӕнын. Фӕлӕ йӕ сымах кӕй ницӕмӕ дарут ӕмӕ уӕхи ӕнусон царды аккагыл кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм. Уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз дӕ адӕмтӕн радтон рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕроны онг дӕр фехъусын кӕнай, адӕмы цӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзынӕн, уый“» (Хъуыд. 13:44–47; Ис. 49:6).

«Павел ӕмӕ Варнавӕйы... фӕдыл зилын райдыдтой... Ахуыргӕнинӕгтӕн та сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыддӕгтӕ 13:50–52)

16. а) Дзуттӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты, Павел ӕмӕ сын Варнавӕ цы загътой, уымӕ? б) Уыцы дыууӕ миссионерӕн сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд куыд бакодтой?

16 Павелмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи хъуыста, уыдон цин кодтой ӕмӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас тагъд рӕстӕджы ӕгас бӕстӕйыл апарахат. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ та уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. Миссионерты ныхӕстӕ сын ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ кӕд Хуыцау йӕ ныхас фыццаг дзуттӕгтӕн загъта, уӕддӕр Мессийӕйыл сӕ къух систой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тагъд Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн. Гъемӕ дзуттӕгтӕ горӕты нымад сылгоймӕгты ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгты сардыдтой, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы «фӕдыл зилын райдыдтой ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕсырдтой». Павел ӕмӕ Варнавӕ куыд бакодтой? Уыдон «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой, уыцы адӕм кӕй рӕдийынц, уый равдисыны тыххӕй, ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ». Цымӕ уыйадыл Писидийы Антиохийы чырыстон динӕн кӕрон ӕрцыд? Ницы хуызы! Уым чи баззад, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн «сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыд. 13:50–52).

17–19. Куыд у нӕ бон Павел ӕмӕ Варнавӕйы бафӕзмын ӕмӕ нын уый нӕ циныл цин куыд ӕфтаудзӕн?

17 Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ нын фӕзминаг сты, сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд куыд бакодтой, уымӕй. Дзырддзӕугӕ адӕм нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадзой, уӕд дӕр мах дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Антиохийы адӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕмӕ «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой». Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕм мӕсты уыдысты. Афтӕмӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ равдыстой, сӕ бон цы уыд, уый кӕй сарӕзтой, ӕмӕ ныр уыцы адӕмы тугӕй сӕрибар кӕй сты. Уыцы миссионертӕ ӕмбӕрстой, адӕм байхъусдзысты ӕви нӕ, ууыл сӕ бар кӕй нӕ цыди. Фӕлӕ сӕ бар цыди, дарддӕр хъусын кӕндзысты ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ уыдон дӕр Иконимӕ ацыдысты ӕмӕ дарддӕр уым хъусын кодтой.

18 Цы зӕгъӕн ис, Антиохийы чи баззад, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕй та? Кӕмӕн хъусын кодтой, уыдон сӕм фыдзӕрдӕ дардтой ӕмӕ сӕ ныхмӕ цыдысты. Фӕлӕ сӕ циндзинад, адӕм хорз хабармӕ хъуыстой ӕви нӕ, ууыл баст нӕ уыд. Йесо афтӕ загъта: «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лук. 11:28). Ӕмӕ Писидийы Антиохийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ тыхтӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзтой.

19 Павел ӕмӕ Варнавӕйау мах дӕр алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ хӕс кӕй у хорз хабар хъусын кӕнын. Адӕм нӕм байхъусдзысты ӕви нӕ, уый та уыдонӕн сӕхицӕй кӕнгӕ у. Кӕм хъусын кӕнӕм, уым кӕд адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ исынц, уӕд нӕ бон у фыццаг ӕнусы чырыстӕтты бафӕзмын. Библийӕ цы рӕстдзинад базыдтам, уымӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ нын сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй йедзаг уыдзысты, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр (Гал. 5:18, 22).

b Уӕдмӕ чырыстон ӕмбырдтӕ уыди суанг Сирийы Антиохийы дӕр – Иерусалимӕй цӕгатырдӕм 550 километры дарддӕр.

c Кӕс рамкӕ « Фӕндагыл».

d Фыццаг ӕнусы-иу нау иу бонмӕ цыди 150 километры, кӕд-иу ын дымгӕ ӕххуыс кодта, уӕд. Кӕд нӕ, уӕд та-иу бахъуыди дзӕвгар фылдӕр рӕстӕг.

f Кипр уыди Ромы Сенаты дӕлбар. Сакъадахы сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицауӕн уыди проконсулы бартӕ.

g Ардыгӕй фӕстӕмӕ Библийы Савл хуыйны Павел. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Савл йӕхи ромаг номӕй хонын райдыдта Сергий Павелы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй. Фӕлӕ сакъадахӕй куы ацыд, уый фӕстӕ дӕр йӕхи Павел хуыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ скӕнӕн ис ӕндӕр хатдзӕг: Павел «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта, нырӕй фӕстӕмӕ йӕхи ромаг номӕй кӕй хондзӕн. Павел ӕй хуыдтаиккой, уый ма йӕ, чи зоны, уый тыххӕй дӕр фӕндыди, ӕмӕ йӕ дзуттаг ном, Савл, хъуысы, ӕвзӕр хъуыды кӕмӕн ис, ахӕм грекъаг дзырды хуызӕн (Ром. 11:13).

h Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Павел ныффыста Галатӕгтӕм фыстӕг. Ӕмӕ дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй... хъусын кодтон» (Гал. 4:13).