Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 ХАЙ • ХЪУЫДДӔГТӔ 21:18–28:31

«Хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй... ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта»

«Хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй... ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта»

(ХЪУЫДДӔГТӔ 28:31).

Ацы хайы дарддӕр цӕудзыстӕм Павелимӕ ӕмӕ фендзыстӕм, адӕм ӕм куыд смӕсты сты ӕмӕ куыд сызнӕт сты, цалдӕр хатты йӕ куыд ӕрцахстой ӕмӕ Ромы алыхуызон хицӕутты раз тӕрхоны куыд ӕрлӕууыд. Фӕлӕ уӕддӕр апостол Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дарддӕр хъусын кодта. Хъуыддӕгты чиныджы кӕронбӕттӕны цы диссаджы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн: «Мӕнӕн та мӕ бон куыд у ацы хъӕбатыр ӕмӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы бафӕзмын?»