23 СӔР
«Байхъусут-ма, цы мыл ӕрцыд, уый уын бамбарын кӕнон»
Павел рӕстдзинады сӕрыл дзырдта, чи сызнӕт, уыцы адӕмы раз ӕмӕ Синедрионы раз
Арӕзт у Хъуыддӕгты 21:18–23:10
1, 2. Апостол Павел Иерусалиммӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ дзы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзӕн?
ИЕРУСАЛИМ. Павел та ногӕй фӕцӕуы, адӕм дыууӕрдӕм кӕм кӕнынц, уыцы нарӕг уынгты. Зӕххыл ӕндӕр ахӕм горӕт нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы цардимӕ афтӕ ӕнгом баст чи у. Горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр сӕрыстыр сты, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕн цы кад уыд, уымӕй. Павел ӕй зоны, чырыстӕттӕй дӕр бирӕтӕ раздӕры хабӕрттӕм се ’ргом ӕгӕр кӕй здахынц ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ сӕ зондахаст кӕй нӕ ивынц ӕмӕ размӕ кӕй нӕ цӕуынц. Уӕдӕ Павел ӕмбары, Иерусалимы ӕфсымӕртӕм ӕрмӕст ӕхцайӕ фӕкӕсын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма сын кӕй хъӕуы уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ бамбарынӕн баххуыс кӕнын дӕр. Ӕмӕ ма Ефесы куы уыд, уӕд Иерусалиммӕ ӕрыздӕхын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодта (Хъуыд. 19:21). Кӕд Павел ӕмбӕрста, уым ын тӕссаг кӕй уыдзӕн, уый, уӕддӕр йӕ фӕнд нӕ аивта.
2 Цымӕ ныр Павелмӕ Иерусалимы цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Иу уый, ӕмӕ йын зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕндзысты йе ’фсымӕртӕ, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон Павелы тыххӕй цыдӕр ныхӕстӕ фехъуыстой ӕмӕ уый тыххӕй сӕхицӕн ӕнцой нал арынц. Фӕлӕ йын ноджы стырдӕр зындзинӕдтӕ та бавзарын кӕндзысты Чырыстийы знӕгтӕ. Уыдон ӕй фӕаххосджын кӕндзысты, кӕй нӕ сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгты, фӕнӕмдзысты йӕ ӕмӕ йӕ марынвӕнд скӕндзысты. Уыцы уавӕрты Павелӕн фадат уыдзӕн йӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынӕн. Уыцы зындзинӕдты цы сӕрныллӕгдзинад, цы хъӕбатырдзинад ӕмӕ цы уырнындзинад равдыста, уымӕй абон чырыстӕттӕн у фӕзминаг. Цӕй уӕдӕ уыцы хабӕрттӕм ӕркӕсӕм.
«Ӕфсымӕртӕ райдыдтой Хуыцауы кадджын кӕнын» (Хъуыд. 21:18–20а)
3–5. а) Павел Иерусалимы кӕимӕ фембӕлд ӕмӕ цӕуыл ныхас кодтой? б) Павел Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы фембӕлд, уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
3 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд иннӕ бон фембӕлдысты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ. Апостолтӕй ма уыцы рӕстӕг удӕгас чи уыд, уыдонӕй дзы никӕй кой цӕуы. Ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ се ’ппӕт дӕр ӕндӕр бӕстӕтӕм лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты. Фӕлӕ ма Иерусалимы баййӕфтой Иаковы, Йесойы ӕфсымӕры (Гал. 2:9). Ӕвӕццӕгӕн, «хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр» Павелимӕ куы ’рӕмбырд сты, уӕд уыцы фембӕлд Иаков уагъта (Хъуыд. 21:18).
4 Павел ӕфсымӕртӕн салам радта ӕмӕ сын «лӕмбынӕг дзурын райдыдта, Хуыцау йӕ лӕггады фӕрцы иннӕ адӕмты ’хсӕн цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй» (Хъуыд. 21:19). Ахъуыды-ма кӕн, ӕфсымӕртӕ уыцы хабӕрттӕ куы фехъуыстой, уӕд куыд тынг бафидар уыдаиккой. Абон мах дӕр, ӕндӕр бӕстӕты хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц (Ӕмб. 25:25).
5 Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕфсымӕртӕн скодта, Европӕйӕ сын цы ӕххуыс ӕрхаста, уый кой дӕр. Афтӕ дард чи цард, уыцы ӕфсымӕртӕ сыл кӕй батыхстысты, уый фехъусгӕйӕ сӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ суынгӕг уыдаиккой. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд «Хуыцауы кадджын кӕнын» райдыдтой (Хъуыд. 21:20а). Абон дӕр, бӕллӕхты чи бахауы кӕнӕ уӕззау низтӕй чи хъӕрзы, уыдонӕн бахъуаджы сахат се ’мчырыстӕттӕ сӕ фарсмӕ куы балӕууынц ӕмӕ сӕ ныхасӕй куы барӕвдауынц, уӕд сын уый вӕййы стыр ныфсы хос.
Бирӕтӕ нырма дӕр «Закъоныл ӕнувыд сты» (Хъуыд. 21:20б, 21)
6. Павелӕн цӕй тыххӕй радзырдтой?
6 Уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн радзырдтой, цытӕ дзы дзурынц, уый Иудейӕйы ӕфсымӕртӕн ӕнцой кӕй нӕ дӕтты. Загътой йын: «Кӕсыс, не ’фсымӕр, дзуттӕгтӕй уырнджытӕ цал мины систы, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Закъоныл ӕнувыд сты. Фӕлӕ дӕу тыххӕй фехъуыстой ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, иннӕ адӕмты ’хсӕн цы дзуттӕгтӕ цӕры, уыдонӕн амоныс, цӕмӕй Моисейы закъоныл сӕ къух сисой: дзурыс, дам, сын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт ма кӕной ӕмӕ, фидар кӕуыл хӕцынц, уыцы ӕгъдӕуттӕ ныууадзой» a (Хъуыд. 21:20б, 21).
7, 8. а) Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕй бирӕтӕм цавӕр рӕдыд хъуыдытӕ уыди? б) Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонмӕ рӕдыд хъуыдытӕ кӕй уыди, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ чырыстон диныл сӕ къух систой?
7 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ Моисейы закъоныл афтӕ ӕнувыд цӕмӕн уыдысты, кӕд ӕмӕ 20 азӕй фылдӕр йӕ тыхы нал уыд, уӕд? (Кол. 2:14). Н. э. 49 азы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Иерусалимы куы ’рӕмбырд сты, уӕд ӕмбырдтӕм фыстӕг арвыстой ӕмӕ сын бамбарын кодтой, ӕндӕр адӕмтӕй уырнджытӕ чи сси, уыдоны сунӕт кӕнын ӕмӕ Закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Хъуыд. 15:23–29). Фӕлӕ уыцы фыстӕджы, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны кой нӕ уыд. Афтӕмӕй та уыдонӕй дӕр бирӕтӕ не ’мбӕрстой, Моисейы закъон йӕ тыхы кӕй нал уыди, уый.
8 Цымӕ сӕм ахӕм рӕдыд хъуыдытӕ кӕй уыди, уый тыххӕй сын уый бар нал уыд, ӕмӕ чырыстӕттӕ уыдаиккой? Уый афтӕ нӕу. Зӕгъӕм, раздӕр мӕнгхуыцӕуттӕн куы куывтаиккой ӕмӕ ма ныр дӕр сӕ раздӕры дины ӕгъдӕуттӕ куы кодтаиккой, уӕд уый ӕндӕр хъуыддаг уыдаид. Фӕлӕ сӕ цӕсты афтӕ кадджын цы Закъон уыди, уый сын Йегъовӕ йӕхӕдӕг радта. Закъон хӕйрӕджытимӕ баст нӕ уыд, стӕй дзы ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы уыди. Хъуыддаг уый мидӕг уыди, ӕмӕ Закъон баст уыд зӕронд бадзырдимӕ, чырыстӕттимӕ та арӕзт ӕрцыд ног бадзырд. Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг ӕцӕг Хуыцауӕн куывтаид, уый тыххӕй йӕ Закъон ӕххӕст кӕнын нал хъуыди. Чырыстон чи сси, уыцы дзуттӕгтӕй Закъоныл ӕнувыд чи уыд, уыдон уыцы хабар не ’мбӕрстой ӕмӕ, чырыстон ӕмбырд цы разамынд лӕвӕрдта, ууыл кӕронмӕ не ’ууӕндыдысты. Уӕдӕ сӕ хъуыди, Хуыцау Закъоны тыххӕй цы ӕргом кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ зондахаст ивын b (Йер. 31:31–34; Лук. 22:20).
Хъуыд. 21:22–26)
«Цытӕ дӕ дзурынц, уыдӕттӕ ӕцӕг... не сты» (9. Павел Моисейы закъоны тыххӕй цы дзырдта?
9 Павелӕй афтӕ кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, иннӕ адӕмты ’хсӕн цы дзуттӕгтӕ цӕры, уыдонӕн амоны, «цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт ма кӕной ӕмӕ, фидар кӕуыл хӕцынц, уыцы ӕгъдӕуттӕ ныууадзой», уый тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Павел уыди иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол, ӕмӕ сын дзырдта, цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр адӕмты Закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Стӕй иуӕй-иу чырыстӕттӕ, ӕндӕр адӕмтӕй уырнджытӕ чи сси, уыдонӕн сунӕт кӕнын кодтой, Моисейы закъоны дӕлбар кӕй сты, уый равдисынӕн, ӕмӕ сын Павел ӕргом дзырдта, рӕдийгӕ кӕй кӕнынц (Гал. 5:1–7). Уымӕй уӕлдай, цы горӕтты уыди, уым дзуттӕгтӕн хъусын кодта хорз хабар. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу ӕм чи хъуыста, уыдонӕн-иу ӕмбарын кодта, Йесойы мӕлӕт Закъонӕн кӕрон кӕй скодта ӕмӕ ныр Хуыцау адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл кӕй банымайы, Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы (Ром. 2:28, 29; 3:21–26).
10. Закъон ӕмӕ сунӕт кӕныны фарстатыл дзырд куы цыд, уӕд Павел иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
10 Фӕлӕ Павел ӕмбӕрста, дзуттаг ӕгъдӕуттӕ ӕвзӕр кӕмӕ нӕ кастысты, уыдоны дӕр. Уыцы ӕгъдӕуттӕй иуӕй-иутӕ уыдысты, зӕгъӕм, сабатбон кӕй ницы кусӕн уыд кӕнӕ цавӕрдӕр хӕринӕгтӕ хӕрӕн кӕй нӕ уыд, ахӕмтӕ (Ром. 14:1–6). Стӕй сунӕт кӕныны тыххӕй дӕр бӕлвырд фӕтк не ’рӕвӕрдта. Раст у, Павел Тимофейӕн сунӕт скодта, цӕмӕй, йӕ фыд грекъаг кӕй уыд, уый тыххӕй йӕм дзуттӕгтӕ зул цӕстӕй ма кастаиккой (Хъуыд. 16:3). Адӕймаг сунӕт скодтаид ӕви нӕ, уый йӕхи хъуыддаг уыд. Павел галатӕгтӕн загъта: «Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон сунӕтгонд сты ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу – сӕйраг у, цӕмӕй сӕм уа, уарзондзинадӕй чи цӕуы, ахӕм уырнындзинад» (Гал. 5:6). Фӕлӕ адӕймаг сунӕт уый тыххӕй куы скодтаид, цӕмӕй Закъоны дӕлбар уыдаид кӕнӕ афтӕ куы хъуыды кодтаид, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарӕн нӕй, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ йын уырнындзинад нӕ фаг кӕны.
11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн цы бауынаффӕ кодтой ӕмӕ йӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ цы саразын хъуыди? (Кӕс ма фиппаинаг.)
11 Кӕд, Павелӕй цытӕ дзырдтой, уыдон раст нӕ уыдысты, уӕддӕр уыцы ныхӕстӕ, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны тынг тыхсын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн бауынаффӕ кодтой: «Ам нӕм ис, Хуыцауӕн дзырд чи радта, цыппар ахӕм лӕджы. Демӕ сӕ акӕн ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ семӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн, сӕ хӕрдзтӕ дӕр сын дӕхимӕ райс, цӕмӕй сӕ сӕртӕ адасой. Ӕмӕ йӕ уӕд алчидӕр зондзӕн, цытӕ дӕ дзурынц, уыдӕттӕ ӕцӕг кӕй не сты, фӕлӕ алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй кӕныс ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр Закъон кӕй ӕххӕст кӕныс» c (Хъуыд. 21:23, 24).
12. Павел Иерусалимы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уымӕй цы равдыста?
12 Павелӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ семӕ ма сразы уыдаид, зӕгъгӕ, хъуыддаг, мӕнӕй цы дзурынц, уый мидӕг нӕй, фӕлӕ чырыстӕттӕй чидӕртӕ нырма дӕр Моисейы закъоныл ӕнувыд кӕй сты, уый мидӕг. Фӕлӕ Павел архайдта уавӕртӕм гӕсгӕ ӕмӕ цӕттӕ уыд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын цыдӕриддӕр загътой, уый бакӕнынмӕ, цы йын аразын кодтой, уый-иу Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ уыд, уӕд. Уый размӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Закъоны дӕлбар чи у, уыдонӕн сдӕн, цыма закъоны дӕлбар дӕн, афтӕ,– кӕд мӕхӕдӕг закъоны дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр,– цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнон, закъоны дӕлбар чи у, уыдонӕн» (1 Кор. 9:20). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ Павел Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм байхъуыста ӕмӕ сси, «цыма закъоны дӕлбар уыд, афтӕ». Ӕмӕ уымӕй махӕн дӕр у фӕзминаг, цӕмӕй не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм хъусӕм ӕмӕ, нӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, ууыл-иу ма ныллӕууӕм (Дзут. 13:17).
«Ахӕм адӕймаджы зӕххӕй фесафын хъӕуы» (Хъуыд. 21:27–22:30)
13. а) Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ кувӕндоны адӕмы цӕмӕн сызмӕстой? б) Павел мӕлӕтӕй куыд аирвӕзт?
13 Кувӕндоны сӕ хабар хорз нӕ рауад. Павелимӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕн сӕ дзырд ӕххӕст кӕныны бонтӕ куы фӕуд кодтой, уӕд азиаг дзуттӕгтӕ Павелы уым ауыдтой ӕмӕ йӕ аххосджын кӕнын райдыдтой, кувӕндонмӕ грекъӕгты ӕрбакодта, зӕгъгӕ, ӕмӕ адӕмы сызмӕстой. Ромаг ӕфсады сӕргълӕууӕг куы нӕ фӕцырд уыдаид, уӕд Павелы фырнадӕй амардтаиккой. Фӕлӕ йӕ кӕд ӕфсады сӕргълӕууӕг мӕлӕтӕй аирвӕзын кодта, уӕддӕр ӕй афтӕ нӕ ауагъта, ӕрцахсын ӕй кодта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Павел цыппар азӕй фылдӕр уыдзӕн ахст. Фӕлӕ ныртӕккӕ дӕр йӕ цардӕн ӕдас нӕма у. Ӕфсады сӕргълӕууӕг дзуттӕгты куы бафарста, цӕмӕн ӕм лӕбурут, зӕгъгӕ, уӕд дзы иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та – ӕндӕр. Ӕмӕ сӕргълӕууӕг сӕ хъӕрӕй ницы бамбӕрста. Адӕм афтӕ сызнӕт сты, ӕмӕ ромаг ӕфсӕддонтӕн Павелы сӕ къухтыл хӕссын бахъуыди. Ӕмӕ ӕфсӕддонты хӕдзармӕ куы фӕцӕйхызтысты, уӕд Павел ӕфсады сӕргълӕууӕгӕн загъта: «Курын дӕ, бар мын ратт, ӕмӕ адӕмӕн мӕ ныхас зӕгъон» (Хъуыд. 21:39). Сӕргълӕууӕг сразы, ӕмӕ Павел йӕ уырнындзинады сӕрыл хъӕбатырӕй дзурын райдыдта.
14, 15. а) Павел дзуттӕгтӕн цы бамбарын кодта? б) Цӕмӕй ӕфсады сӕргълӕууӕг, дзуттӕгтӕ Павелмӕ цӕмӕн смӕсты сты, уый базыдтаид, уый тыххӕй цы сарӕзта?
14 «Байхъусут-ма, цы мыл ӕрцыд, уый уын бамбарын кӕнон»,– райдыдта йӕ ныхас Павел (Хъуыд. 22:1). Павел адӕммӕ сдзырдта дзуттагау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр ныссабыр сты. Ӕмӕ сын бӕлвырд бамбарын кодта, Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг цӕмӕн сси, уый. Павел семӕ ныхас кодта арӕхстджынӕй. Ахӕм хабӕрттӕ сын радзырдта, ӕмӕ сӕ куы бафӕндыдаид, уӕд сӕ сӕхи бон дӕр уыдаид сбӕрӕг кӕнын. Павел ахуыр кодта зындгонд ахуыргӕнӕг Гамалиилмӕ ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕфхӕрдта, ӕмӕ уый йӕ ныхасмӕхъусджытӕй чидӕртӕ куыннӕ зыдтаиккой. Фӕлӕ йӕм Дамаскмӕ фӕндагыл цӕстылуайӕны фӕзынд, чи райгас, уыцы Чырысти ӕмӕ йемӕ ныхас кодта. Павелимӕ чи уыд, уыдон федтой рухс ӕмӕ фехъуыстой хъӕлӕс, фӕлӕ «чи дзырдта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстой». (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 9:7; 22:9 стихтӕм, nwtsty-E.) Павел цӕстылуайӕны рухсӕй бакуырм, ӕмӕ Дамаскмӕ йе ’мбӕлттӕн кӕнинаг фӕци. Ӕмӕ йӕ уым Анани, уыцы бӕстӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хорз кӕй зыдтой, уыцы ахуыргӕнинаг, диссаджы хуызы цӕстӕй ракӕсын кодта.
15 Дарддӕр сын Павел радзырдта, Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхт, уӕд ӕм Йесо кувӕндоны цӕстылуайӕны кӕй фӕзынд. Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дзуттӕгтӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ хъӕр систой: «Амарут ӕй! Ахӕм адӕймаджы зӕххӕй фесафын хъӕуы!» (Хъуыд. 22:22). Цӕмӕй ӕфсады сӕргълӕууӕг Павелы бахъахъхъӕдтаид, уый тыххӕй йӕ ӕфсӕддонты хӕдзармӕ бакодта. Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр базыдтаид, дзуттӕгтӕ йӕм цӕмӕн смӕсты сты, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, зӕгъгӕ, йӕ ехсӕй фӕнӕмут ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрфӕрсут. Фӕлӕ Павел спайда кодта, закъонмӕ гӕсгӕ йын цы бартӕ уыд, уыдонӕй, ӕмӕ сын загъта, ромаг кӕй у, уый. Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц, закъонмӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдонӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинады сӕрыл тох кӕнынц. (Кӕс рамкӕтӕ « Ромы закъон ӕмӕ ромӕгтӕ» ӕмӕ « Тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц».) Ӕфсады сӕргълӕууӕг уый куы фехъуыста, ӕмӕ Павел ромаг у, уӕд бамбӕрста, ӕндӕр исты йӕ кӕй хъӕуы ӕрхъуыды кӕнын, цӕмӕй уыцы хъуыддаг бӕлвырддӕр базона. Ӕмӕ иннӕ бон ӕрӕмбырд кодта Синедрион, дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон, ӕмӕ сын Павелы сӕ разы ӕрлӕууын кодта.
«Ӕз дӕн фарисей» (Хъуыд. 23:1–10)
16, 17. а) Павел Синедрионы раз йӕ ныхас куы райдыдта, уӕд цы ’рцыд? б) Павелы куы ныццавтой, уӕд сӕрныллӕгдзинады цӕвиттон куыд равдыста?
16 Павел Синедрионы раз йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕфсымӕртӕ, мӕ цард абоны онг куыд ӕрвыстон, уымӕй мыл Хуыцауы раз мӕ зӕрдӕ ницӕмӕй худы» (Хъуыд. 23:1). Фӕлӕ йӕ дарддӕр дзурын нал бауагътой. Мах кӕсӕм: «Хистӕр сауджын Анани уый куы фехъуыста, уӕд, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, йӕ былтӕ йын цӕвут, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 23:2). Уый Павел йӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл куыннӕ банымадтаид! Куыд хорз равдыстой уыцы тӕрхонгӕнджытӕ, ӕцӕгдӕр цы уыдысты, уый – Павелӕн йӕ хъуыддагмӕ кӕсгӕ дӕр нӕма ’ркодтой, афтӕмӕй йыл мӕнгдзурӕджы ном авӕрдтой! Уӕдӕ диссаг нӕу, Павелӕй ахӕм ныхӕстӕ кӕй сирвӕзт: «Хуыцау дӕ цӕвдзӕн, чъырӕйцагъд къул! Ам уый тыххӕй бадыс, цӕмӕй мын Закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, ӕмӕ афтӕмӕй та Закъоны сӕрты хизыс ӕмӕ мӕ нӕмын кӕныс?» (Хъуыд. 23:3).
17 Синедрионы чи уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фырдисӕй сагъдау аззадысты – ӕцӕг, Павелӕн йӕ былтӕ кӕй ныццавтой, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Павел цы загъта, уый тыххӕй! Ӕмӕ йӕ мӕстыйӕ бафарстой: «Хуыцауы хистӕр сауджыны ӕфхӕрыс?!» Ӕмӕ сын уӕд Павел йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй ӕмӕ, Закъонӕн куыд аргъ кодта, уымӕй равдыста хорз цӕвиттон. Загъта сын: «Ӕфсымӕртӕ, хистӕр сауджын у, уый нӕ зыдтон, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Дӕ адӕмы сӕргъы чи лӕууы, уыдоны ма фау“» d (Хъуыд. 23:4, 5; Рац. 22:28). Уый фӕстӕ Павел ахъуыды кодта, гъа-ма, ныр та ӕндӕрхуызон афӕлварон, зӕгъгӕ. Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ кӕй уыдысты, уый куы бамбӕрста, уӕд загъта: «Ӕфсымӕртӕ, ӕз дӕн фарисей, фарисейты фырт! Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕ кӕй уырны, уый тыххӕй!» (Хъуыд. 23:6).
18. Павел йӕхи фарисей цӕмӕн схуыдта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ Павелау ныхас кӕнын?
18 Павел йӕхи фарисей цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ уыди «фарисейты фырт», ома, цы бинонтӕй рацыд, уыдон уыдысты уыцы дины къордӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ нырма дӕр фарисейыл нымадтой e. Фӕлӕ уӕддӕр Павел йӕхи фарисей куыд схуыдта, кӕд ӕмӕ уыдон, мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты, уый раст не ’мбӕрстой? Фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы ӕмӕ, дам, рӕстгӕнӕджы уд та ногӕй цӕрдзӕн ӕндӕр адӕймаджы буары. Павел уыдӕттыл не ’ууӕндыд. Уый уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, Чырысти куыд ахуыр кодта, афтӕ (Иоан. 5:25–29). Фӕлӕ уӕддӕр Павел фарисейтимӕ разы уыд иу хъуыддаджы – чи амард, уыдонӕн ныфс ис, ногӕй та кӕй цӕрдзысты. Саддукейты та уый нӕ уырныдта. Махӕн дӕр афтӕ у нӕ бон ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бон сын у зӕгъын, мах дӕр уыдонау Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон сӕхи хуыцӕуттыл ӕууӕндынц, мах та ӕууӕндӕм, Библийы кӕй тыххӕй ис фыст, уыцы Хуыцауыл. Фӕлӕ уӕддӕр мах дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр уырны, Хуыцау кӕй ис, уый.
19. Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ кӕрӕдзимӕ цӕмӕн фесты?
19 Павелы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ дыууӕ дихы фесты. Дарддӕр кӕсӕм: «Бӕстӕ хъӕр-хъӕлӕба сси, ӕмӕ, фарисейты къордӕй чи уыд, уыцы чиныджыдӕснытӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ фидар ныллӕууыдысты: „Мах ацы лӕгмӕ ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Уӕдта ма йемӕ ӕнӕуынгӕ тых кӕнӕ зӕд дзырдта...“» (Хъуыд. 23:9). Павелимӕ зӕд кӕй ныхас кодта, ууыл саддукейтӕ ницы хуызы сразы уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ, зӕдтӕ кӕй ис, ууыл не ’ууӕндыдысты (Кӕс рамкӕ « Саддукейтӕ ӕмӕ фарисейтӕ»). Гъемӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ афтӕ систы, ӕмӕ та ромаг ӕфсады сӕргълӕууӕджы апостолы ирвӕзын кӕнын бахъуыди (Хъуыд. 23:10). Фӕлӕ Павелӕн ныр дӕр ма тӕссаг уыд. Дарддӕр та йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Уый базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.
a Иерусалимы дзуттӕгтӕй уырнджытӕ афтӕ бирӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырдтӕй бирӕтӕ ӕмбӕлдысты хӕдзӕртты, цӕмӕй дзы рохуаты мачи аззадаид ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон уыдаид алкӕй уырнындзинадыл дӕр тыхсын.
b Апостол Павел цалдӕр азы фӕстӕ дзуттӕгтӕм фыстӕг ныффыста ӕмӕ уым бамбарын кодта, ног бадзырд хуыздӕр цӕмӕй у, уый. Равдыста ма сын, чырыстӕттимӕ ног бадзырд арӕзт кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ зӕронд бадзырд йӕ тыхы кӕй нал уыд. Уымӕй уӕлдай ма сын йӕ фыстӕджы ӕрхаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕй, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕн сӕ бон спайда кӕнын уыди, Закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, чи дзырдта, уыцы адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ. Стӕй, Павел уыцы хабӕрттӕ афтӕ бӕстон кӕй бамбарын кодта, уый фӕрцы, нырма дӕр Моисейы Закъоныл ӕнувыд чи уыд, уыцы чырыстӕттӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ уырнындзинад бафидар уыдаид (Дзут. 8:7–13).
c Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы лӕгтӕ Хуыцауӕн дзырд радтой, назорей уыдзынӕн, зӕгъгӕ (Ным. 6:1–21). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы дзырд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ радтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы Закъон ныр йӕ тыхы нал уыд. Фӕлӕ, чи зоны, Павел ахъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы раз цы дзырд радтой, уый сӕххӕст кӕной, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ хӕрдзтӕ йӕхимӕ куы райстаид ӕмӕ семӕ куы ацыдаид, уӕд ницы фӕрӕдыдаид. Уыцы лӕгтӕ цавӕр дзырд радтой, уый бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Павел тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй фосы нывӕндтӕ ’рхӕссыныл (назорейтӕ куыд кодтой, афтӕ) ницы хуызы сразы уыдаид. Чырысти йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕ гӕсгӕ ахӕм нывӕндтӕй тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнӕн нал уыд. Павел куыд бакодта, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм, фӕлӕ нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ахӕмӕй кӕй ницы сарӕзтаид, ӕмӕ Хуыцауы раз йе ’фсарм фӕчъизи кодтаид.
d Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел цӕстӕй хорз нӕ уыдта, ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр сауджыны нӕ базыдта. Кӕнӕ, чи зоны, Иерусалимы рагӕй нал уыд, ӕмӕ йӕ нӕ зыдта, хистӕр сауджын дзы ныр чи у, уый. Йе та, чи зоны, бирӕ адӕм дзы кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, йӕ былтӕ йын цӕвут, зӕгъгӕ, чи загъта, уый нӕ ауыдта.
e Н. э. 49 азы, ӕндӕр адӕмты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уыцы фарста куы скъуыддзаг кодтой, уӕд дзы цы чырыстӕттӕ уыд, уыдоны ’хсӕн уыди, «фарисейты къордӕй уырнджытӕ чи сси», ахӕмтӕ дӕр (Хъуыд. 15:5). Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы уырнджытӕ раздӕр фарисейтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ нырма дӕр фарисейтыл нымадтой.