26 СӔР
«Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн»
Павел цы науыл цыд, уый ныппырх; уыцы рӕстӕг равдыста стыр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад
Арӕзт у Хъуыддӕгты 27:1–28:10
1, 2. Павелмӕ цавӕр дард балц ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йын ӕнцой цавӕр фарстатӕ нӕ дӕттынц?
ПАВЕЛЫ сӕрӕй нӕ хизынц Иудейӕйы хицау Фесты ныхӕстӕ, «Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ», зӕгъгӕ. Йӕ фидӕн уыцы ныхӕстыл баст у. Павел ахӕстоны фӕци дыууӕ азы, ӕмӕ ныр Роммӕ уыцы дард балцы кӕй цӕуы, уый фӕрцы йӕ царды исты уӕддӕр фӕивдзӕн (Хъуыд. 25:12). Павел денджызы балцы фыццаг хатт нӕ цӕуы. Ӕмӕ, денджызы рог дыгмӕ куы ’рбадымы, уӕд куыд ӕхсызгон вӕййы, стӕй ӕнӕкӕрон дӕттӕм цӕст кӕсынӕй куыд нӕ фефсӕды, уыдӕттӕ нӕ лӕууынц йӕ зӕрдыл, фӕлӕ бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ. Стӕй йӕ Ромы паддзахы раз ӕрлӕууын кӕй хъӕудзӕн, уымӕ гӕсгӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фарстатӕ ӕнцой нӕ дӕттынц.
2 Павелӕн «денджызы» бирӕ хӕттыты уыди тӕссаг. Ӕртӕ хатты ахӕм уавӕры бахауд, ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх. Иу хатт та ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыста денджызы астӕу (2 Кор. 11:25, 26). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Павел уый размӕ ӕртӕ хатты уацамындон балцы куы уыд, уӕд уыди сӕрибар адӕймаг. Ныр та у ахст, стӕй ацы хатт йӕ балц у тынг дард – Кесарийӕ Роммӕ хъуамӕ ацӕуа 3 000 километры бӕрц. Цымӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уыдзӕн? Ӕмӕ кӕд бахӕццӕ уа, уӕддӕр ӕй цымӕ уыцы балц мӕлӕтмӕ не ’ркӕндзӕн? Куыд зонӕм, афтӕмӕй Павел ӕрлӕудзӕн, Сайтаны дунейы уӕды рӕстӕджы ӕппӕты хъомысджындӕр хицау чи уыд, уый раз.
3. Павел йӕхицӕн фидарӕй цы загъта ӕмӕ ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Цымӕ Павелмӕ ахӕм хабӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста? Мах цы Павелы зонӕм, уымӕй афтӕ зӕгъӕн зынтӕй ис. Павел ӕмбӕрста, разӕй йӕм зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ, цавӕр зындзинӕдтӕ уыдзысты, уый нӕ зыдта. Уӕдӕ, йӕ бар цӕуыл нӕ цыд, уыдӕттыл афтӕ цӕмӕн хъуамӕ мӕт кодтаид, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ циндзинад бамынӕг уыдаид? (Матф. 6:27, 34). Уый зыдта, Йегъовӕйы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кодтаид, ӕмӕ суанг хицӕуттӕн дӕр хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15). Ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕд дӕр. Махӕн дӕр уый нӕу нӕ фидар фӕнд? Цӕй уӕдӕ уыцы ахсджиаг балцы Павелимӕ ацӕуӕм ӕмӕ аныхас кӕнӕм, фӕзминаг нын цӕмӕй у, ууыл.
Хъуыд. 27:1–7)
«Ныхмӕ чи дымдта, уыцы дымгӕ» (4. Павелы йӕ балцы райдианы цавӕр науыл сбадын кодтой ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр чи уыд?
4 Павелы ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр ахст адӕймаджы ромаг ӕфсӕддон хицауы, Юлийы, бар бакодтой. Уӕдмӕ Кесаримӕ ӕрцыд, базаргӕнджытӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕуыл ластой, ахӕм нау, ӕмӕ Юлий, йӕ дӕлбар цы адӕм уыд, уыдоны сфӕнд кодта ууыл сбадын кӕнын. Уыцы нау ӕрцыд Адрамитӕй – Къаннӕг Азийы ныгуылӕн былгӕрон, сакъадах Лесбосы горӕт Митиленӕйы акомкоммӕ чи уыд, уыцы наулӕууӕнӕй. Нау хъуамӕ фыццаг ацыдаид цӕгатырдӕм, стӕй фӕзылдаид ныгуылӕнырдӕм. Кӕмдӕрты-иу хъуамӕ ӕрлӕууыдаид, цӕмӕй-иу ӕй равдӕлон кодтаиккой ӕмӕ-иу дзы ӕндӕр цыдӕртӕ бавгӕдтаиккой. Ахӕм наутӕ адӕм ласынӕн конд нӕ уыдысты, уӕлдайдӕр та – ахст адӕмы ласынӕн. (Кӕс рамкӕ « Денджызы балцытӕ ӕмӕ базарадон фӕндӕгтӕ».) Хуыцауӕн бузныг, ӕмӕ Павел уыцы фыдгӕнджыты ’хсӕн иунӕг чырыстон нӕ уыд. Йемӕ ма ӕппынкъаддӕр уыди дыууӕ ’фсымӕры, Аристарх ӕмӕ Лука. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хабӕрттӕ фысгӕ дӕр Лука ныккодта. Аристарх ӕмӕ Лука фӕндаггаг сӕхӕдӕг бафыстой ӕви сӕ наумӕ, цӕмӕй Павелӕн лӕггад кодтаиккой, уый тыххӕй бауагътой, уый мах нӕ зонӕм (Хъуыд. 27:1, 2).
5. Павел Сидоны кӕимӕ фембӕлд ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
5 Нау иу бонмӕ цӕгатырдӕм ацыд 110 километры бӕрц ӕмӕ ӕрлӕууыд Сидоны, Сирийы былгӕрон. Куыд зыны, афтӕмӕй Юлий, иннӕ фыдгӕнджытӕм цы цӕстӕй каст, Павелмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ касти – ӕвӕццӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Павел уыд ромаг, стӕй аххосджын у ӕви нӕ, уый дӕр бӕрӕг нӕма уыд (Хъуыд. 22:27, 28; 26:31, 32). Юлий Павелӕн бар радта, цӕмӕй былмӕ рахызтаид ӕмӕ йе ’мчырыстӕттимӕ фембӕлдаид. Павел бирӕ рӕстӕг ахст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд тынг бацин кодтаиккой, ахӕм фадат сын кӕй фӕзынд, цӕмӕй йӕм истӕмӕй фӕкастаиккой! Ахъуыды кӕн: дӕуӕн та дӕ бон куыд у дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты суазӕг кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, кӕй сӕ уарзыс, уый равдисын, стӕй дӕхи уырнындзинад дӕр бафидар кӕнын? (Хъуыд. 27:3).
6–8. Павел ӕмӕ иннӕтӕ Сидонӕй Книдмӕ куыд бахӕццӕ сты ӕмӕ Павел хъусын кӕнынӕн цавӕр фадатӕй спайда кодта?
6 Сидонӕй нау былгӕрӕтты дарддӕр ацыд цӕгатырдӕм ӕмӕ ахызт Киликийы рӕзты. Уырдӕм хӕстӕг та уыд, Павел кӕм хъомыл кодта, уыцы горӕт Тарс. Ӕндӕр ма искуы ӕрлӕууыдысты ӕви нӕ, уый тыххӕй Лука ницы ныффыста, фӕлӕ ской кодта, фӕстӕдӕр сын, сӕ «ныхмӕ чи дымдта, уыцы дымгӕйӕ» тӕссаг кӕй уыди, уый тыххӕй (Хъуыд. 27:4, 5). Ӕмӕ кӕд ахӕм тӕссаг уавӕры уыдысты, уӕддӕр нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Павел хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр куыд пайда кодта, уый. Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ хъусын кодта иннӕ ахст адӕмӕн ӕмӕ ма науыл ноджыдӕр чи уыд, уыдонӕн дӕр, уыимӕ науы кусджытӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн дӕр, стӕй ма-иу наулӕууӕнты цы адӕмыл сӕмбӕлд, уыдонӕн дӕр. Махӕн дӕр хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд дзы спайда кӕнӕм?
7 Цасдӕры фӕстӕ нау бахӕццӕ Мирӕмӕ, Къаннӕг Азийы хуссар былгӕрон цы наулӕууӕн уыд, уырдӕм. Уым Павелы ӕмӕ иннӕты хъуыди ӕндӕр науыл сбадын, цӕмӕй бынатмӕ, ома Роммӕ, фӕхӕццӕ уыдаиккой (Хъуыд. 27:6). Уӕды рӕстӕджы Роммӕ мӕнӕу Египетӕй ластой, ӕмӕ-иу ӕй цы наутыл ластой, уыдон-иу Мирӕйы ӕрлӕууыдысты. Гъемӕ Юлий иу ахӕм нау ссардта ӕмӕ ӕфсӕддонты ӕмӕ ахст адӕмы ууыл сбадын кодта. Уый, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг науӕй уыди бирӕ стырдӕр. Уыцы нау ласта зынаргъ фӕллой – мӕнӕу, стӕй ма йыл уыди 276 адӕймаджы: наутӕрджытӕ, ӕфсӕддонтӕ, ахст адӕм ӕмӕ ма, чи зоны, Роммӕ чи цыд, ӕндӕр ахӕм адӕм дӕр. Ӕндӕр науыл кӕй сбадтысты, уый фӕрцы Павелӕн фадат фӕзынд ноджы фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ та уыцы фадатӕй дӕр куыннӕ спайда кодтаид.
8 Уый фӕстӕ ӕрлӕууыдысты горӕт Книды, Къаннӕг Азийы хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй. Науӕн-иу дымгӕ куы ’ххуыс кодта, уӕд-иу Мирӕйӕ Книдмӕ иу бонмӕ дӕр бахӕццӕ. Фӕлӕ Лука Хъуыддӕгты 27:7 райдианы куыд фыссы, афтӕмӕй «бирӕ бонтӕ сабыргай фӕцыдысты ӕмӕ тыххӕй-фыдӕй бахӕццӕ сты Книды онг». Бонӕй-бонмӕ науыл цӕуын кодта зындӕр. (Кӕс рамкӕ « Зӕххастӕу денджызы дымгӕтӕ».) Ахъуыды-ма кӕн, нау уыцы дымгӕимӕ ӕмӕ абухгӕ денджызы уылӕнтимӕ куы тох кодта, уӕд, науыл цы адӕм уыд, уыдон куыд кодтаиккой.
Тыхдымгӕ сӕ «раппар-баппар кодта» (Хъуыд. 27:7–26)
9, 10. Критмӕ хӕстӕг бӕлццӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?
9 Науы капитан куыд фӕнд кодта, уымӕ гӕсгӕ Книдӕй сӕ фӕндаг хъуамӕ акодтаиккой дарддӕр ныгуылӕнырдӕм. Фӕлӕ Лука, хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уый, Хъуыддӕгты 27:7 дарддӕр фыссы, зӕгъгӕ нӕ «дымгӕ размӕ цӕуын нӕ уагъта». Нау былӕй куы адард, уӕд ын, былгӕрӕтты цы гуылфӕн фӕкӕлы, уый нал ӕххуыс кодта. Ӕмӕ йӕ стӕй, цӕгат-ныгуылӕнӕй цы тыхджын дымгӕ рацыд, уый хуссарырдӕм ахаста. Уымӕй размӕ сӕ Кипры сакъадах, сӕ ныхмӕ цы дымгӕ дымдта, уымӕй куыд ӕмбӕхста, афтӕ сӕ ныр та дымгӕйӕ ӕмбӕхста Криты сакъадах. Нау, Криты скӕсӕн былгӕрон цы нарӕг зӕххы гӕбаз ис, Салмон, зӕгъгӕ, уый рӕзты куы ацыд, уӕд сӕ уавӕр гыццыл фӕхуыздӕр. Цӕй фӕрцы? Ныр цыдысты сакъадахы хуссар былгӕрӕтты, ӕмӕ уым ахӕм тыхджын дымгӕ нал уыд. Ахъуыды-ма кӕн, науыл чи цыд, уыдон куыд сулӕфыдаиккой! Фӕлӕ цин кӕнынӕн нырма раджы уыд. Зымӕг хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ цалынмӕ нау денджызы уыд, уӕдмӕ науы кусджытӕн, цӕуыл мӕт кодтаиккой, уый уыди.
10 Лука алцыдӕр бӕлвырд фыссы: «[Криты] былгӕрӕтты тыххӕйты цӕугӕйӕ бахӕццӕ стӕм, Хорз Наулӕууӕнтӕ кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ». Кӕд сӕ уыцы сакъадах дымгӕйӕ ӕмбӕхста, уӕддӕр сын нау тӕрын зын уыди. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг ссардтой, науӕнгуыр кӕм ныппӕрстаиккой, ахӕм гыццыл донбакӕлӕн. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы донбакӕлӕн уыди, сакъадахы былгӕрон цӕгатырдӕм кӕм фӕзилы, растдӕр уым. Цымӕ уыцы ран цас фӕлӕууыдысты? Лука зӕгъы, зӕгъгӕ дзы «бирӕ рӕстӕг» фестӕм. Фӕлӕ уым рӕстӕг цы фесӕфтой, ӕндӕр ницы, уымӕн ӕмӕ-иу сентябрь–октябры мӕйты денджызы цӕуын ноджы тӕссагдӕр уыд (Хъуыд. 27:8, 9).
11. Науыл чи уыд, уыдонӕн Павел цы загъта, фӕлӕ уӕддӕр цы сфӕнд кодтой?
11 Павел Зӕххастӕу денджызы балцы иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, науыл чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ фарстой, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уымӕй. Ӕмӕ сын Павел загъта, дарддӕр цӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ. Куы ацыдаиккой, уӕд сыл «исты бӕллӕх ӕрцыдаид», ӕмӕ, чи зоны, ӕрмӕст науӕн нӕ, фӕлӕ, науыл чи уыд, уыдонӕн дӕр зиан ракодтаид. Фӕлӕ наутӕрӕг ӕмӕ науы хицау ныллӕууыдысты дарддӕр цӕуыныл, зӕгъгӕ нӕ ӕвӕстиатӕй ӕдас бынат ссарын хъӕуы. Ӕмӕ Юлийы дӕр уыцы хъуыдыйыл сразы кодтой. Науыл чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, афӕлварын хъӕуы Финикмӕ, уыцы былгӕрон дарддӕр цы наулӕууӕн горӕт ис, уырдӕм бафтын. Ӕвӕццӕгӕн, уым хуыздӕр ӕмӕ стырдӕр наулӕууӕн уыд, цӕмӕй зымӕг уым арвыстаиккой. Гъемӕ хуссарырдыгӕй фӕлмӕн дымгӕ куы радымдта, уӕд сӕ уый фӕсайдта, ӕмӕ дарддӕр ацыдысты (Хъуыд. 27:10–13).
12. Бӕлццӕттӕ Критӕй куы рацыдысты, уӕд цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты ӕмӕ науы кусджытӕ нау фервӕзын кӕныныл куыд архайдтой?
12 Гыццыл фӕстӕдӕр сӕмбӕлдысты ноджы стырдӕр зындзинӕдтыл: цӕгат-скӕсӕнырдыгӕй сыл йӕхи ныццавта «тыхджын дымгӕ». Иуцасдӕр сӕ, «Кавдӕ чи хуыйны, уыцы гыццыл сакъадах» дымгӕйӕ ӕмбӕхста. Уыцы сакъадах Хорз Наулӕууӕнтӕй уыди иу-65 километры дарддӕр. Фӕлӕ уӕддӕр тӕссаг уыд, нау хуссарырдӕм Сиртмӕ, Африкӕйы змисджын былгӕрӕттӕм, куы ахастаид, ӕмӕ уым куы ныссагъдаид ӕмӕ куы ныппырх уыдаид, уымӕй. Цӕмӕй сӕхи ахӕм бӕллӕхӕй бахызтаиккой, уый тыххӕй наудзаутӕ, наумӕ фӕстӕрдыгӕй цы бӕлӕгъ баст уыд, уый наумӕ систой. Фӕлӕ сын уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ бӕлӕгъ, ӕвӕццӕгӕн, донӕй йедзаг уыди. Уый фӕстӕ бӕндӕнтӕ ӕмӕ рӕхыстӕ уыцы стыр науы бынты аластой ӕмӕ науы фӕрстӕ кӕрӕдзимӕ ӕрбалвӕстой, цӕмӕй фӕйнӕджытӕ кӕрӕдзийыл хӕцыдаиккой. Стӕй стыр, кӕнӕ сӕйраг, наупӕлӕзы бӕндӕнтӕ райхӕлдтой ӕмӕ йӕ ӕруагътой, цӕмӕй нау дымгӕйы ныхмӕ фӕлӕууыдаид ӕмӕ, тыхдымгӕ кӕм уыд, уырдыгӕй раирвӕзтаиккой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цы тыхст уавӕры уыдысты! Кӕд уыйбӕрц фӕфыдӕбон кодтой, уӕддӕр сӕ тыхдымгӕ дарддӕр «раппар-баппар кодта». Ӕмӕ ӕртыккаг бон сӕ наугӕрзтӕ денджызмӕ акалдтой, ӕвӕццӕгӕн, цӕмӕй нау ма фӕдӕлдон уыдаид, уый тыххӕй (Хъуыд. 27:14–19).
13. Павелимӕ науыл цы адӕм уыд, уыдон тыхдымгӕйы рӕстӕджы цы уавӕры уыдысты?
13 Науыл чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕры тас йӕ быны скодта. Фӕлӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фидарӕй зыдтой, кӕй фервӕздзысты. Уымӕй размӕ Хицау Йесо Павелӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Ромы кӕй хъусын кӕндзӕн, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр зӕд дӕр загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый (Хъуыд. 19:21; 23:11). Фӕлӕ сын уӕддӕр тыхдымгӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Къӕвда йӕ уарынӕй кӕй не ’нцад, ӕмӕ хур ӕмӕ стъалытӕ бӕзджын мигътӕй кӕй нӕ зындысты, уымӕ гӕсгӕ наутӕрӕгӕн йӕ бон нӕ уыд базонын, нӕдӕр, кӕм сты, уый ӕмӕ нӕдӕр, кӕцырдӕм цӕуынц, уый. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ къӕбӕр бахордтаиккой, уый фадат дӕр сын нӕ уыди. Ӕниу сӕ уыцы уазалы ӕмӕ уыцы уарыны цӕй хӕрыны мӕт уыдаид? Фыртӕссӕй цы фӕуыдаиккой, уый дӕр нал зыдтой, кӕмӕндӕрты та уыцы раппар-баппарӕй ӕвзӕр дӕр куыннӕ уыдаид, ӕмӕ ма уӕд хӕринагыл чи хъуыды кодтаид?
14, 15. а) Павел, науыл чи уыд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууын кодта, райдианы сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый? б) Павел иннӕтӕн ныфсы ныхӕстӕ кӕй загъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
14 Уӕд Павел се ’хсӕн слӕууыд ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, райдианы сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый. Ӕрмӕст сын ӕй уайдзӕфы хуызы нӕ загъта, ӕз уын нӕ дзырдтон, зӕгъгӕ. Фӕстаг рӕстӕг сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй рабӕрӕг, йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый. Стӕй сын загъта: «Ныр [уын] зӕгъын: уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн. Фесӕфдзӕн ӕрмӕстдӕр нау» (Хъуыд. 27:21, 22). Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ сӕ зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт куыннӕ бакалдаид! Ӕмӕ Павелӕн йӕхицӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, науыл цы адӕм уыд, уыдонӕн ныфсы ныхӕстӕ Йегъовӕ уый уылты кӕй фехъусын кодта. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы. Алы адӕймаджы цард дӕр ын зынаргъ у. Апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕйы... нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ нӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй нын Йегъовӕ цы ныфсы хабар раргом кодта, уый, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм! Дзырд цӕуы, Йегъовӕйӕн зынаргъ чи у, уыцы адӕмы цардыл.
15 Науыл чи уыд, уыдонӕй Павел, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕн радзырдта, Хуыцау «зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый тыххӕй – адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр цы ныфс ис, уый тыххӕй (Хъуыд. 26:6; Кол. 1:5). Фӕлӕ сӕ ныр та Павел ныфс бауагъта, нау куы ныппырх уа, уӕддӕр сӕ цардӕн тӕссаг кӕй нӕу, уымӕй. Загъта сын: «Хуыцауы зӕд ӕхсӕвы мӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел. Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы паддзахы раз, ӕмӕ, науыл демӕ чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн“». Ӕмӕ сын стӕй Павел ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта: «Уӕдӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, ӕз ӕууӕндын Хуыцауыл, алцыдӕр уыдзӕн, зӕд мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕрмӕст нӕ хъуамӕ цавӕрдӕр сакъадахмӕ рахӕсса» (Хъуыд. 27:23–26).
«Се ’ппӕт дӕр зӕхмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты» (Хъуыд. 27:27–44)
16, 17. а) Павел Хуыцаумӕ цавӕр уавӕры скуывта ӕмӕ уый иннӕтыл куыд фӕзынд? б) Павелы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?
16 Уыцы дыууӕ удхайраг къуырийы дӕргъы тыхдымгӕ нау фӕраппар-баппар кодта ӕмӕ йӕ 870 километры бӕрц иуырдӕм ахаста. Ӕмӕ ныр наудзаутӕ фехъуыстой, уылӕнтӕ сӕхи былыл куыд хойынц, ӕмӕ бамбӕрстой, уавӕр кӕй ивы. Уӕд фӕстӕрдыгӕй науӕнгуыртӕ ӕрӕппӕрстой, цӕмӕй сӕ дымгӕ ма ахастаид, ӕмӕ науӕн йӕ ных сарӕзтой былырдӕм, кӕд ӕй тӕнӕджы батӕриккам, зӕгъгӕ. Уыцы афон наудзаутӕ алидзынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ Павел ӕфсӕддон хицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Ацы адӕм науыл куы нӕ баззайой, уӕд нӕ фервӕздзыстут». Ӕмӕ сӕ ӕфсӕддонтӕ нӕ ауагътой. Ныр нау афтӕ тынг нал раппар-баппар кодта, ӕмӕ Павел се ’ппӕтӕн дӕр ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй бахӕрой, ӕмӕ та сӕ ногӕй ныфс бауагъта, кӕй фервӕздзысты, уымӕй. Стӕй «се ’ппӕты раз Хуыцауӕн бузныг загъта» (Хъуыд. 27:31, 35). Павел Хуыцауӕн кӕй раарфӕ кодта, уымӕй хорз цӕвиттон равдыста Лукайӕн, Аристархӕн ӕмӕ абоны чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Ды дӕр иннӕты номӕй куы фӕкувыс, уӕд сӕ дӕ ныхӕстӕй бафидар кӕныс ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауыс?
17 Павел куы скуывта, уӕд «се ’ппӕты дӕр ныфс бацыд, ӕмӕ уыдон дӕр хӕрын райдыдтой» (Хъуыд. 27:36). Стӕй мӕнӕу донмӕ акалдтой ӕмӕ нау ноджы фӕрогдӕр кодтой, цӕмӕй йӕхиуыл схӕцыдаид ӕмӕ йӕ былмӕ хӕстӕгдӕр батардтаиккой. Куы сбон, уӕд науы кусджытӕ науӕнгуыртӕ акъуырдтой, фӕстӕрдыгӕй цы науыздахӕн фиййӕгтӕ уыд, уыдон суӕгъд кодтой ӕмӕ раззаг гыццыл наупӕлӕз дымгӕмӕ систой, цӕмӕй нау ӕнцондӕр тӕрӕн уыдаид ӕмӕ йӕ исты хуызты тӕнӕг ранмӕ батардтаиккой. Уый фӕстӕ науы бырынкъ ныссагъд, чи зоны, змисы кӕнӕ та цъыфы, ӕмӕ йӕ фӕстӕрдыгӕй тыхджын уылӕнтӕ хостой ӕмӕ йӕ пырх кӕнын райдыдтой. Ӕфсӕддонтӕй чидӕртӕ хъавыдысты ахст адӕмы амарынмӕ, цӕмӕй сӕ иу дӕр ма алыгъдаид, фӕлӕ сӕ Юлий нӕ бауагъта. Се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй былмӕ аленк кодтаиккой, чи – йӕхӕдӕг, чи та – фӕйнӕджы гӕбӕзтыл. Павел куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ӕрцыд. Науыл цы 276 адӕймаджы уыд, уыдонӕй сӕ иуыл дӕр ницы ’рцыд – «се ’ппӕт дӕр зӕхмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты». Фӕлӕ сӕ кӕдӕм рахаста? (Хъуыд. 27:44).
«Диссаджы хӕларзӕрдӕ разындысты» (Хъуыд. 28:1–10)
18–20. Мальтӕйы цӕрджытӕ «диссаджы хӕларзӕрдӕ» куыд разындысты ӕмӕ Хуыцау Павелы къухӕй цавӕр диссаг сарӕзта?
18 Чи аирвӕзт, уыдон, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ныр уыдысты Мальтӕйы сакъадахыл, Сицилийӕ хуссарырдӕм. (Кӕс ацы фарсыл рамкӕ « Уыцы Мальтӕ кӕм уыд?».) Бынӕттон цӕрджытӕ сӕм «диссаджы хӕларзӕрдӕ разындысты» (Хъуыд. 28:2). Ӕнӕзонгӕ адӕм былмӕ сӕрӕй къӕхты бынмӕ хуылыдзӕй ӕмӕ уазалӕй гӕв-гӕв кӕнгӕйӕ кӕй рахызтысты, уый куы федтой, уӕд сын арт скодтой. Ӕмӕ кӕд уазал уыд ӕмӕ къӕвда дӕр уарыд, уӕддӕр бӕлццӕттӕ схъарм сты. Раст уыцы рӕстӕг арты раз ӕрцыд иу диссаг.
19 Павелы бафӕндыд уыцы адӕммӕ истӕмӕй фӕкӕсын. Гъемӕ пыхсытӕ амбырд кодта, ӕмӕ сӕ артыл куыд ӕрӕвӕрдта, афтӕ пыхсытӕй маргджын калм рабырыд ӕмӕ йыл фӕхӕцыд ӕмӕ йӕ цонгыл ацауындзӕг. Мальтӕйы цӕрджытӕ афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ Павелы хуыцӕутты фыдӕх баййӕфта a.
20 Павелыл калм кӕй фӕхӕцыд, уый бынӕттон адӕм куы федтой, уӕд ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, «йӕ буар ныррӕсидзӕн». Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, грекъаг тексты ам цы дзырд ӕмбӕлы, уый у, «дохтыртӕ кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм дзырд». Ӕмӕ «дохтыр Лукайӕн» йӕ хъуыдымӕ ахӕм дзырд кӕй ӕрцыд, уый диссаг нӕу (Хъуыд. 28:6; Кол. 4:14). Лука цавӕрфӕнды дзырдӕй ма спайда кодтаид, уӕддӕр сӕйраг уый у, ӕмӕ Павел уыцы маргджын калмы йӕ цонгӕй ӕрцагъта, ӕмӕ йын калм ӕппындӕр ницы зиан ракодта.
21. а) Лука алцыдӕр бӕлвырд кӕй фыста, уый ацы скъуыддзагӕй куыд у бӕрӕг? б) Павел цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ уый Мальтӕйы цӕрджытыл куыд фӕзынд?
21 Уыцы сакъадахыл цард, бирӕ зӕххытӕ кӕмӕн уыд, ахӕм хъӕздыг лӕг, Публий, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй Ромы хицауад сӕвӕрдта Мальтӕйы сӕргъы. Лука Публийы хоны «сакъадахы хицау», ӕмӕ раст ахӕм дзырд ӕмбӕлы, Мальтӕйы цы фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй дыууӕйы. Публий Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты суазӕг кодта ӕмӕ сын ӕртӕ боны рӕдау фысым уыди. Уыцы рӕстӕг Публийы фыд уыди рынчын. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр Лука бӕлвырд ныффыста, уыцы лӕгӕн йӕ низыхатт цы уыд, уый, «йӕ тӕвд нӕ хауд ӕмӕ хъӕрзыд гуыбыннизӕй», зӕгъгӕ. Уӕд Павел Хуыцаумӕ скуывта, рынчыныл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ адзӕбӕх кодта. Бынӕттон цӕрджытӕ дисы бафтыдысты, ӕмӕ йӕм ӕндӕр рынчынты дӕр ӕрбакодтой, цӕмӕй уыдоны дӕр сдзӕбӕх кодтаид. Стӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн лӕвӕрттӕ скодтой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уымӕй сӕ срӕвдз кодтой (Хъуыд. 28:7–10).
22. а) Лука Павелы балцы тыххӕй цы ныффыста, уый фӕдыл иу профессор цы загъта? б) Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
22 Павелы балц кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ, фӕлӕ дзы ныронг цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон фыст сты раст ӕмӕ бӕлвырд. Иу профессор загъта: «Лука Павелы балцы тыххӕй... цы ныффыста, уый у, Библийы ӕппӕты хъӕздыгдӕр ӕвзагӕй цы хабӕрттӕ ӕрцыд фыст, уыдонӕй сӕ иу. Фыццаг ӕнусы наутыл куыд цыдысты, уый тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, уыдон афтӕ раст сты, стӕй-иу Зӕххастӕу денджызы скӕсӕнырдыгӕй боныхъӕд куыд ивта ӕмӕ-иу дзы цы уавӕртӕ уыд, уыдон афтӕ бӕстон бамбарын кодта», ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ алы бон куы нӕ фыстаид, уӕд уый йӕ къухы нӕ бафтыдаид. Лука уыцы балцы Павелимӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд алцыдӕр афтӕ бӕстон фыссын. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕд ын сӕ балцы кӕрон дӕр бирӕ хабӕрттӕ уыдаид ныффыссинаг. Цымӕ ӕппынфӕстаг бӕлццӕттӕ Роммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Павел цы баци? Цӕй ӕмӕ уый дӕр базонӕм.
a Уыцы адӕм ахӕм кӕлмыты тыххӕй кӕй зыдтой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕды рӕстӕджы Мальтӕйы маргджын кӕлмытӕ уыди. Абон дзы ахӕм кӕлмытӕ нал ис. Ӕвӕццӕгӕн, ӕнусты дӕргъы сӕхи ӕндӕр рӕттӕм айстой. Кӕнӕ та, чи зоны, сакъадахыл адӕм кӕй сбирӕ сты, уый тыххӕй сӕ мыггаг сыскъуыди.