Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 СӔР

«Суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр»

«Суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дарддӕр кӕнынц, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цы куыст райдыдтой, уый

1. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн иумӕйагӕй цы ис?

 ХОРЗ ХАБАР зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Ӕмбӕрстой, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй архайдтой. Ӕфхӕрдтой сӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ баурӕдта – уӕддӕр хъусын кодтой. Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй рӕдауӕй хайджын кодта. Афтӕ уыди сӕ хабар фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн, ӕмӕ афтӕ у сӕ хабар абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр.

2, 3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныгӕн ӕмбал нӕй?

2 Куыд федтам, афтӕмӕй Хъуыддӕгты чиныг хъӕздыг у бирӕ диссаджы хабӕрттӕй. Ӕмӕ дӕ уыцы хабӕрттӕ стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар кодтаиккой! Хуыцау ӕрмӕстдӕр Хъуыддӕгты чиныджы ныффыссын кодта, Йесойы мӕлӕты фӕстӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы арӕзтой, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы чиныгӕн ӕмбал нӕй.

3 Хъуыддӕгты чиныджы цӕуы 95 адӕймаджы кой. Уыцы адӕм уыдысты 32 бӕстӕйӕ, 54 горӕтӕй ӕмӕ 9 сакъадахӕй. Уыдон уыдысты алыхуызон адӕймӕгтӕ. Се ’хсӕн уыди хуымӕтӕг адӕм, мӕнг диныл хӕст чи уыд, ахӕм сӕрбӕрзонд адӕм, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ чи каст, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ, чырыстӕтты карзӕй чи ӕфхӕрдта, ахӕм адӕм дӕр. Фӕлӕ дзы сӕйраджыдӕр та дзырд цӕуы, фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕтты тыххӕй – дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты тыххӕй! Уыдонӕн дӕр иннӕ адӕмау царды уыди сӕхи сагъӕстӕ, фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдтой хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы.

4. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы иузӕрдион чырыстӕттимӕ фидар тӕгтӕй баст цӕмӕн стӕм?

4 Мах базыдтам, зынгзӕрдӕ апостолтӕ Петр ӕмӕ Павел, уарзон ӕфсымӕр, дохтыр Лука, рӕдаузӕрдӕ ӕфсымӕр Варнавӕ, хъӕбатыр ӕфсымӕр Стефан, хӕларзӕрдӕ хо Тавифӕ, уазӕгуарзон хо Лидийӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр иузӕрдион чырыстӕттӕ Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уӕдӕй абоны онг 2 000 азы бӕрц рацыд, фӕлӕ уӕддӕр мах семӕ баст стӕм фидар тӕгтӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Чырысти уыдонӕн цы куыст бахӕс кодта, уыцы куыст бахӕс кодта махӕн дӕр – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20). Цӕй стыр кад у уыцы хъуыддаджы архайын!

«...суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8)

5. Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хорз хабар хъусын кӕнын кӕмыты райдыдтой?

5 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта, ууыл: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд фыццаг хъусын кӕнын райдыдтой «Иерусалимы» (Хъуыд. 1:1–8:3). Стӕй сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ хъусын кодтой «ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы» (Хъуыд. 8:4–13:3). Уый фӕстӕ та сӕ хъарутӕ сарӕзтой хорз хабар «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» фӕхӕццӕ кӕнынмӕ (Хъуыд. 13:4–28:31).

6, 7. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй уӕлдай махӕн хъусын кӕнын ӕнцондӕр цӕмӕн у?

6 Фыццаг ӕнусы дӕ хотӕм ӕмӕ де ’фсымӕртӕм Библи ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыди, ӕмӕ дзы хъусын кӕнгӕйӕ сӕ бон нӕ уыд пайда кӕнын. Матфейы Евангели н. э. 41 азӕй раздӕр фыст не ’рцыд. Павел та йӕ фыстӕджытӕй иуӕй-иутӕ ныффыста, Хъуыддӕгты чиныг фыст куы фӕци, уый размӕ – фыст та фӕци н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Уӕдӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ къухы нӕдӕр Сыгъдӕг Фыстад ӕнӕхъӕнӕй уыд, нӕдӕр, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмӕн кӕй ныууагътаиккой, ахӕм литературӕ. Дзуттӕгтӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ чи сси, уыдон раздӕр ӕмбырдгӕнӕнтӕм цыдысты ӕмӕ-иу дзы Дзуттаг Фыстытӕ куы кастысты, уӕд-иу хъуыстой (2 Кор. 3:14–16). Фӕлӕ уыцы чырыстӕтты дӕр хъуыди ӕмбырды лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ-иу адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Фыстытӕй сӕ бон зӕгъын уыди, цы бахъуыды кодтаиккой, ӕрмӕстдӕр уый.

7 Абон та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр йӕхимӕ ис Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, бирӕ ахӕм литературӕ. Мах хорз хабар хъусын кӕнӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл 240 бӕстӕйы ӕмӕ афтӕмӕй цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ.

Хайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

8, 9. а) Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ бон цы уыд аразын? б) Ӕууӕнкджын цагъар Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цавӕр литературӕ мыхуыр кӕны?

8 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хъусын кӕнын куы бахӕс кодта, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ уыл «Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут». Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг тыхы, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхы, разамындмӕ гӕсгӕ хорз хабар ӕппынфӕстаг хъуамӕ хъусын кодтаиккой ӕгас зӕххыл дӕр. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Петр ӕмӕ Павел рынчынты дзӕбӕх кодтой, хӕйрӕджыты сырдтой ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодтой! Фӕлӕ, сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы хъаруйӕ схайджын сты, уый сӕ ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгтӕн нӕ хъуыди. Уый фӕрцы апостолтӕн ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон уыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр, Хуыцау цы дзуры, уый бӕлвырдӕй базыдтаиккой ӕмӕ, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл слӕууыдаиккой (Иоан. 17:3).

9 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ «алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой, Хуыцау сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй цы ӕвзагыл дзурын кодта, ууыл». Ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕн хъусын кодтой «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» (Хъуыд. 2:1–4, 11). Уыцы чырыстӕттӕй уӕлдай мах ахӕм диссаджы курдиатӕй хайджын не стӕм, цӕмӕй алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕм. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй ӕууӕнкджын цагъар бирӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл мыхуыр кӕны, Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ. Зӕгъӕм, алы мӕй дӕр мыхуыры рацӕуы милуангай журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Стӕй нӕ сайты jw.org ис Библийыл арӕзт публикацитӕ ӕмӕ видеотӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» нӕ бон хъусын кӕнын у, алы адӕмтӕй, алы мыггӕгтӕй чи у ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Рарг. 7:9).

10. Ӕууӕнкджын цагъарӕн 1989 азӕй фӕстӕмӕ Библи тӕлмац кӕныны хъуыддаджы цы бантыст?

10 Ӕууӕнкджын цагъар 1989 азы йе ’ргом тынгдӕр аздӕхта, цӕмӕй «Библи – Ног дунейы тӕлмац» фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд цӕуа. Абоны бонмӕ йӕ ратӕлмац кодтой 200 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ, стӕй дзы ныммыхуыр кодтой дӕсгай милуантӕ. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл не ’рлӕууыд – нырма ноджы фылдӕр ӕвзӕгтӕм ӕрцӕудзӕн тӕлмац ӕмӕ ма дзы ноджы фылдӕр ныммыхуыр кӕндзысты! Уыцы стыр хъуыддаг сӕ къухы бафтыд, Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕны, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.

11. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ литературӕ тӕлмац кӕныны хъуыддаджы цы бантыст?

11 Тӕлмацы куыст цӕуы 150 бӕстӕйӕ фылдӕры ӕмӕ дзы барвӕндонӕй архайынц мингай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых зӕххыл ӕндӕр никӕцы организацийӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр «бӕстон... хъусын кӕна» Йегъовӕ Хуыцауы, йе ’взӕрст Паддзахы ӕмӕ, уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы Паддзахады тыххӕй! (Хъуыд. 28:23).

12. Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ цӕй фӕрцы хъусын кодтой?

12 Павел Писидийы Антиохийы дзуттӕгтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн куы хъусын кодта, уӕд, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 13:48). Лука Хъуыддӕгты чиныджы кӕрон ныффыста, зӕгъгӕ, Павел «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ... тынг ныфсджынӕй дзырдта... ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта» (Хъуыд. 28:31). Фӕлӕ кӕм хъусын кодта? Ромы – дунеон паддзахады сӕйраг горӕты! Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕнынӕн цыфӕнды мадзӕлттӕй ма пайда кодтаиккой, уӕддӕр уыцы хъуыддаг кодтой, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ сын разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы.

Кӕд сӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр хъусын кӕнынц

13. Ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ кувын цӕй тыххӕй хъӕуы?

13 Фыццаг ӕнусы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты куы ’фхӕрдтой, уӕд Йегъовӕмӕ куывтой, цӕмӕй сӕ ныфс бауагътаид. Ӕмӕ цы ’рцыд? Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, ӕмӕ йын йӕ ныхас ныфсджынӕй дзырдтой (Хъуыд. 4:18–31). Мах дӕр куы фефхӕрынц, уӕд Хуыцаумӕ фӕкувӕм, цӕмӕй нын зонд ӕмӕ хъарутӕ ратта, ӕмӕ нӕ бон уа дарддӕр хъусын кӕнын (Иак. 1:2–8). Ӕмӕ нын Хуыцау кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы мах дӕр нӕ хъуыддаг дарддӕр кӕнӕм. Нӕ ныхмӕ куыдфӕнды ма цӕуой ӕмӕ нӕ цыфӕнды карзӕй ма ’фхӕрой, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг ничи бауромдзӕн. Уӕдӕ ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы сыгъдӕг тых, зонд ӕмӕ хъару курын, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (Лук. 11:13).

14, 15. а) «Стефаны мӕлӕты фӕстӕ цы фыдӕвзарӕнтӕ райдыдтой», уыдон цӕмӕ ’ркодтой? б) Нӕ рӕстӕджы Сыбыры цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ рӕстдзинад куыд базыдтой?

14 Ахуыргӕнинаг Стефан хъӕбатырӕй хъусын кодта, цалынмӕ йе знӕгты къухӕй нӕ амард, уӕдмӕ (Хъуыд. 6:5; 7:54–60). Уыцы рӕстӕг «ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын» райдыдтой, ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты. Фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддаг уӕддӕр не ’рлӕууыд. Зӕгъӕм, Филипп ацыд Самаримӕ «Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнынмӕ», ӕмӕ йын бирӕ бантыст (Хъуыд. 8:1–8, 14, 15, 25). Стӕй ма кӕсӕм: «Стефаны мӕлӕты фӕстӕ цы фыдӕвзарӕнтӕ райдыдтой, уыдоны тыххӕй алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ бахӕццӕ сты суанг Финики, Кипр ӕмӕ Антиохимӕ, фӕлӕ хорз хабар ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн хъусын кодтой. Антиохимӕ чи ’рцыд, уыдонӕй та чидӕртӕ уыдысты Кипрӕй ӕмӕ Киренӕйӕ, ӕмӕ уыдон Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтой, грекъагау чи дзырдта, уыцы адӕмӕн» (Хъуыд. 11:19, 20). Уӕдӕ уыцы заман чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдтой, уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ноджы тынгдӕр апарахат.

15 Нӕ рӕстӕджы дӕр ахӕм хабар ӕрцыд Советон Цӕдисы. Уӕлдайдӕр 1950 азты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тынг бирӕты Сыбырмӕ арвыстой. Алы рӕтты-иу сӕ кӕй ӕрцӕрын кодтой, уый фӕрцы хорз хабар Сыбыры алы къуымтӕм дӕр фӕхӕццӕ. Уыйбӕрц Ӕвдисӕнтӕн сӕхи бон нӕ бауыдаид ӕхца ссарын, цӕмӕй афтӕ дард, 10 000 километры бӕрц, ацыдаиккой ӕмӕ хорз хабар уым дӕр фехъусын кодтаиккой! Фӕлӕ сӕ хицауад йӕхӕдӕг арвыста бӕстӕйы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Иу ӕфсымӕр дзуры: «Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ Сыбыры мингай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн хицӕуттӕ сӕхӕдӕг баххуыс кодтой рӕстдзинад базонынӕн».

Йегъовӕ сын рӕдауӕй арфӕ кӕны

16, 17. Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн кӕй арфӕ кодта, уый Хъуыддӕгты чиныгӕй куыд у бӕрӕг?

16 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн арфӕ кодта. Кӕд Павел ӕмӕ иннӕтӕ сагътой ӕмӕ дон кодтой, уӕддӕр ӕй «рӕзын... кодта Хуыцау» (1 Кор. 3:5, 6). Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, хъусын кӕныны хъуыддаджы сын афтӕ бирӕ уый тыххӕй кӕй бантыст, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ арфӕ кодта. Зӕгъӕм, «Хуыцауы ныхас... парахат кодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалимы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 6:7). Ӕмӕ хорз хабар куыд парахат кодта, афтӕ «ӕгас Иудейӕ, Галилейӕ ӕмӕ Самарийы ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг, ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кодта. Ахуыргӕнинӕгты Йегъовӕйы тас кӕй уыди [ома йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тарстысты] ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тых кӕй фидар кодта, уый фӕрцы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 9:31).

17 Сирийы Антиохийы цӕрӕг дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, грекъагау чи дзырдта, уыцы адӕм дӕр хорз хабар фехъуыстой, хъӕбатыр ӕвдисӕнтӕ сын кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы. Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис: «Йегъовӕ [«Йегъовӕйы къух»] уыди семӕ, ӕмӕ тынг бирӕ адӕм баууӕндыдысты Хицауыл ӕмӕ систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» (Хъуыд. 11:21, фип.). Дарддӕр хабар куыд уыди, уый тыххӕй кӕсӕм: «Йегъовӕйы ныхас... тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ хъуыстгонд цыди» (Хъуыд. 12:24). Павел ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕндӕр адӕмтӕн бӕстон кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы дӕр Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:20).

18, 19. а) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ «Йегъовӕйы къух» абон немӕ ис? б) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

18 «Йегъовӕйы къух» ис абон махимӕ дӕр. Уый бӕрӕг у, уыйбӕрц адӕм сӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсынц, уымӕй. Уымӕй уӕлдай, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, хатт та нӕ карзӕй дӕр куы фефхӕрынц, уӕд дӕр, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы нӕ бон свӕййы фидар фӕлӕууын ӕмӕ дарддӕр ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын, фыццаг ӕнусы Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ куыд хъусын кодтой, афтӕ (Хъуыд. 14:19–21). Йегъовӕ Хуыцау алкӕддӕр уыдзӕн не ’ххуысгӕнӕг. Цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр ныл «йе ’нусон къухтӕй» фидар хӕцдзӕн (Дык. з. 33:27). Стӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йе стыр номы тыххӕй йӕ адӕмы кӕй никуы ныууадздзӕн, уый дӕр (1 Сам. 12:22; Пс. 94:14).

19 Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ. Не ’фсымӕр Харальд Абт хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ нацисттӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Заксенхаузены концлагермӕ арвыстой. 1942 азы майы гестапойы кусджытӕ йӕ ус Эльзӕмӕ хӕдзармӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ гыццыл чызджы байстой, йӕхи та йын ахсгӕ ӕркодтой. Эльзӕйы ӕрвыстой иу концлагерӕй иннӕмӕ. Хо Эльзӕ радзырдта: «Нацистты концлагерты цалдӕр азы кӕй фӕдӕн, уый фӕрцы хорз бамбӕрстон иу хъуыддаг: цыфӕнды карз фӕлварӕны дӕр дӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй афтӕ бафидар кӕндзӕн, ӕмӕ уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдзынӕ! Куы мӕ ’рцахстой, уый размӕ иу хойы фыстӕджы ахӕм ныхӕстӕ бакастӕн, зӕгъгӕ, цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ратдзӕн зӕрдӕйы фарн. Уӕд ахъуыды кодтон, уымӕн куыд ис гӕнӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ фӕлварӕнты мӕхӕдӕг куы бахаудтӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, уыцы хо цы дзырдта, уый раст кӕй у. Мӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Дӕхӕдӕг ахӕм уавӕры куы нӕ уай, уӕд уый зын у бамбарын. Фӕлӕ йӕ ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон».

Дарддӕр дӕр бӕстон хъусын кӕнӕм!

20. Павел хӕдзары ахст куы уыд, уӕд цы куыста ӕмӕ йӕ хабар нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ныфсы хос кӕмӕн уыдзӕн?

20 Хъуыддӕгты чиныджы кӕрон куыд фыст ис, афтӕмӕй Павел зынгзӕрдӕйӕ «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Хъуыд. 28:31). Хӕдзары йӕ ахстӕй кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд Ромы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кодта, чидӕриддӕр-иу ӕм ӕрбацыд, уыдонӕн. Абон дӕр нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты сӕ хӕдзар ахӕстонӕй уӕлдай нӕу. Чидӕртӕ сӕ сты хуысгӕ рынчынтӕ, чидӕртӕ та цӕрынц зӕрӕдты хӕдзары, уымӕн ӕмӕ сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, сты рынчын кӕнӕ та сӕхи бон ӕппындӕр ницыуал у аразын. Фӕлӕ уыдон раздӕрау уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ сӕ хъусын кӕнын дӕр тынг фӕнды. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ма нӕ бон у кувын, цӕмӕй-иу сын фадат фӕзына, Хуыцауы ӕмӕ йӕ диссаджы фӕндты тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн.

21. Хорз хабар ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнын?

21 Нӕ фылдӕрӕн нӕ бон у хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ ӕндӕр фадӕттӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ алчидӕр, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуа «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр». Ацы куыст кӕнын хъӕуы ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ, Чырысти кӕй ӕрцыд, уый абон куыд тынг бӕрӕг у, афтӕ никуыма уыд (Матф. 24:3–14). Уӕдӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафӕн нӕй. Хицауы хъуыддаджы нӕ ныртӕккӕ хъӕуы «бирӕ фыдӕбон кӕнын» (1 Кор. 15:58).

22. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ саразӕм?

22 Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, «Йегъовӕйы стыр бон, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы бон куы ’рцӕуа», уымӕ. Ӕмӕ цалынмӕ уыцы бон не ’рцыд, уӕдмӕ та нӕ хъарутӕ иууылдӕр саразӕм, цӕмӕй хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй хъусын кӕнӕм (Иоил 2:31). Хуыцауы ныхасмӕ вериӕгтӕ куыд «зӕрдиагӕй хъуыстой», афтӕ йӕм чи байхъуса, ахӕм адӕм нырма бирӕ ис (Хъуыд. 17:10, 11). Цӕй уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм, цалынмӕ мах дӕр нӕ фехъусӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар!» (Матф. 25:23). Кӕд абон ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион стӕм, уӕд ног дунейы ӕнустӕм цин кӕндзыстӕм, ацы дунейы нӕм ахӕм стыр кад кӕй ӕрхауд, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «бӕстон хъусын кӕнӕм»!