24 СӔР
«Фидар лӕуу!»
Дзуттӕгтӕ Павелы марынвӕнд скодтой, фӕлӕ сӕ къухӕй аирвӕзт; Павел йӕхи сӕрыл дзуры Феликсы раз
Арӕзт у Хъуыддӕгты 23:11–24:27
1, 2. Павелмӕ диссаг цӕуылнӕ кӕсы, Иерусалимы йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый?
ИЕРУСАЛИМЫ Павелы знӕт адӕмы къухтӕй фервӕзын кодтой, фӕлӕ та ныр ногӕй у ахст. Зынгзӕрдӕ апостолмӕ диссаг нӕ кӕсы Иерусалимы, йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый. Уый размӕ йын загъд уыд, ацы горӕты йӕм «ахӕстон ӕмӕ... зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы» (Хъуыд. 20:22, 23). Ӕмӕ кӕд, цавӕр зындзинӕдтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый бӕлвырдӕй нӕ зоны, уӕддӕр зоны, Йесойы номы тыххӕй дарддӕр дӕр хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзардзӕн (Хъуыд. 9:16).
2 Суанг ма йӕ, чырыстон ӕмбырды цы пехуымпартӕ ис, уыдон дӕр фӕдзӕхстой, дзуттӕгтӕ йӕ кӕй «сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ иннӕ адӕмты къухтӕм [кӕй] ратдзысты» (Хъуыд. 21:4, 10, 11). Хӕрзӕрӕджы йӕ дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та, Синедрионы раз цы загъта, уый тыххӕй тӕрхонгӕнджытӕ куы фӕхъӕлӕба сты, уӕд ӕй, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ «акъабӕзтӕ кодтаиккой». Ныр апостол у ахст ӕмӕ йӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ хъахъхъӕнынц. Тагъд рӕстӕджы йӕ ноджы фылдӕр хъуыддӕгты фӕаххосджын кӕндзысты ӕмӕ йӕ тӕрхондоны тухӕнӕй мардзысты (Хъуыд. 21:31; 23:10). Уӕдӕ Павелӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауын куыннӕ хъӕуы!
3. Цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафты?
3 Мах цӕрӕм кӕроны рӕстӕг ӕмӕ йӕ зонӕм, «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд [кӕй] ӕййафдзысты» (2 Тим. 3:12). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ махӕн дӕр фӕхъӕуы нӕ ныфсыл ныфс бафтауын, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ куыд тынг бузныг стӕм, йӕ афоныл нӕ ныфсдӕттӕг ныхӕстӕй кӕй бафидар кӕны! Уыцы ныхӕстӕ бакӕсӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй уадзы, уыцы литературӕйы ӕмӕ сӕ фехъусӕм, цы фембӕлдтӕ бацӕттӕ кӕны, уым (Матф. 24:45). Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, хорз хабары ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ фыдвӕндтӕ сӕ къухы кӕй нӕ бафтдзысты. Сӕ бон нӕ бауыдзӕн нӕдӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фесафын, нӕдӕр хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын (Ис. 54:17; Йер. 1:19). Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис Павелы тыххӕй та? Цымӕ йын Хуыцау йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта, цӕмӕй дарддӕр бӕстон хъусын кодтаид, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр? Кӕд о, уӕд ӕй куыд ӕмӕ кӕй уылты бафидар кодта ӕмӕ Павел куыд бакодта?
«Чи расомы кодта, уыдонӕн» сӕ фыдвӕнд фехӕлд (Хъуыд. 23:11–34)
4, 5. Павелы чи бафидар кодта ӕмӕ куыд, ӕмӕ уый йӕ афоныл цӕмӕн уыди?
4 Апостол Павел Синедрионы тӕрхонгӕнджыты къухӕй куы аирвӕзт, уӕд ын хъуыди йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис, Хуыцау ӕй куыд бафидар кодта, уый тыххӕй. Мах кӕсӕм: «Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынд Хицау ӕмӕ йын загъта: „Фидар лӕуу! Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр“» (Хъуыд. 23:11). Йесойы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Павел бамбӕрста, мӕлӕтӕй йын тӕссаг кӕй нӕу. Ныр ӕй фидарӕй зыдта, Роммӕ сӕрӕгасӕй кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ йын уым дӕр фадат кӕй уыдзӕн Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнынӕн.
5 Йесо Павелы бафидар кодта раст йӕ афоныл. Иннӕ бон дзуттӕгтӕ – 40 адӕймагӕй фылдӕр – «сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ расомы кодтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ бакӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ». Кӕй «расомы кодтой», уымӕй зыны, апостолы цыфӕндыйӕ дӕр кӕй хъавыдысты амарынмӕ. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын сӕ сусӕгвӕндӕй куы ницы рауайа, уӕд сӕ ӕлгъыст, кӕнӕ исты бӕллӕх, баййафдзӕн (Хъуыд. 23:12–15). Сӕ фӕнд уыд ахӕм: хъуамӕ Павелы фӕстӕмӕ Синедрионмӕ ӕрбакӕнын кодтаиккой, цыма сӕ хъуыддаг бӕлвырддӕр равзарын фӕндыд, уыйау, фӕлӕ фӕндагыл хъуамӕ йӕ размӕ бабадтаиккой ӕмӕ йӕ амардтаиккой. Уыцы сусӕгвӕндыл сӕ къух бафыстой сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ дӕр.
6. Павелы марынмӕ чи хъавыд, уыдонӕн сӕ фыдвӕнд куыд фехӕлд ӕмӕ ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Павелы хойы лӕппуйы бафӕзмын?
6 Фӕлӕ уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй фехъуыста Павелӕн йӕ хойы лӕппу ӕмӕ йӕ Павелӕн радзырдта. Павел та йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй ромаг ӕфсады сӕргълӕууӕг Клавдий Лисийӕн фӕхабар кодтаид (Хъуыд. 23:16–22). Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты, ацы лӕппуйау, йӕ ном дӕр кӕмӕн нӕ зонӕм, уыйау, иузӕрдион ӕмӕ хъӕбатыр чи у, уыцы ӕрыгӕттӕ. Уыдон сӕхицӕй фылдӕр тыхсынц Хуыцауы адӕмыл ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа.
7, 8. Клавдий Лисий цы сарӕзта, цӕмӕй Павелы бахъахъхъӕдтаид?
7 Клавдий Лисийӕн йӕ дӕлбар уыд 1 000 ӕфсӕддоны. Гъемӕ, Павелы ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый куыддӕр фехъуыста, афтӕ бардзырд радта, цӕмӕй Павелы тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Иерусалимӕй акодтаиккой ӕмӕ йӕ Кесаримӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтаиккой. Уый тыххӕй 470 лӕджы арӕвдз кӕнын кодта ӕмӕ йын сӕ йемӕ арвыста – се ’хсӕн уыди ӕфсӕддонтӕ, арцхӕсджытӕ ӕмӕ барджытӕ. Кесарийы Павелы хъуамӕ бӕстӕйы хицау Феликсы къухмӕ радтаиккой a. Кесари уыди, ромӕгтӕ Иудейӕйӕн разамынд кӕцӕй лӕвӕрдтой, уыцы горӕт. Ӕмӕ дзы кӕд дзуттӕгтӕ бирӕ цард, уӕддӕр горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй. Иерусалимӕй уӕлдай Кесарийы уыди сабыр, змӕстытӕ-иу дзы нӕ уыд. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Иерусалимы цӕрджытӕй та бирӕтӕ, ӕндӕр динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕммӕ кастысты знаджы цӕстӕй ӕмӕ-иу арӕх сызмӕстой. Иудейӕйы цы ромаг ӕфсӕдтӕ уыд, уыдонӕн дӕр сӕ сӕйраг бынат уыд Кесарийы.
8 Ромы закъон куыд домдта, уымӕ гӕсгӕ Лисий Феликсмӕ фыстӕг арвыста ӕмӕ йын бамбарын кодта, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый. Ныффыста йӕм, зӕгъгӕ, Павел ромаг кӕй у ӕмӕ йӕ дзуттӕгтӕ марынмӕ кӕй хъавынц, уый куы базыдтон, уӕд ӕй сӕ къухӕй фервӕзын кодтон. Стӕй ма ныффыста, зӕгъгӕ, Павел, «мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн кӕнӕ йӕ ахӕстоны бакӕнӕн цӕй тыххӕй уа, ахӕмӕй» ницы сарӕзта, фӕлӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уымӕ гӕсгӕ дӕм ӕй ӕрвитын, цӕмӕй йӕ чи аххосджын кӕны, уыдонмӕ байхъусай ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл тӕрхон рахӕссай (Хъуыд. 23:25–30).
9. а) Павелы бартӕ, ромаг адӕймаджы бартӕ, къӕхты бын куыд ныссӕстой? б) Хицауад нын цы бартӕ дӕтты, уыдонӕй нӕ бон пайда кӕнын цӕмӕн у?
9 Цымӕ Лисий, хабӕрттӕ ӕцӕг куыд уыдысты, афтӕ ныффыста? Куыннӕ стӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ фӕндыд йӕхи хорз хицауӕй равдисын. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, апостол Павел ромаг у, уый кӕй базыдта, уый тыххӕй йӕ нӕ фервӕзын кодта. Стӕй Лисий, Павелӕн «йӕ дыууӕ къухыл дӕр рӕхыстӕ» кӕй бакӕнын кодта ӕмӕ уый фӕстӕ та бардзырд кӕй радта, цӕмӕй йӕ «ехсӕй фӕнадтаиккой», уый кой дӕр не скодта (Хъуыд. 21:30–34; 22:24–29). Афтӕмӕй Лисий йӕ къӕхты бын ныссӕста Павелы бартӕ, ромаг адӕймаджы бартӕ. Абон дӕр Хӕйрӕг, дины сӕрыл карзӕй чи фӕтох кӕны, уыдоны сардауы, цӕмӕй ныл фыдӕхы арт бандзарой. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ фӕуадзынц. Фӕлӕ Павелау Хуыцауы адӕмӕн дӕр арӕх сӕ бон вӕййы, хицауад йӕ бӕстӕйы бынӕттон цӕрджытӕн цы бартӕ дӕтты, уыдонӕй спайда кӕнын ӕмӕ тӕрхондонмӕ хъаст бадӕттын, цӕмӕй сын сӕ бартӕ бахъахъхъӕной.
«Мӕхи сӕрыл ӕхсызгонӕй дзурдзынӕн» (Хъуыд. 23:35–24:21)
10. Павелы цавӕр хъуыддӕгты фӕаххосджын кодтой?
10 Павелы Кесарийы «Ироды галуаны бакодтой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдтой», цалынмӕ, чи йӕ аххосджын кодта, уыдон Иерусалимӕй не ’рцыдысты, уӕдмӕ (Хъуыд. 23:35). Фондз боны фӕстӕ уыдон дӕр ӕрхӕццӕ сты. Уыдон уыдысты хистӕр сауджын Анани, дзырдарӕхст лӕг Тертулл ӕмӕ цалдӕр хистӕр лӕджы. Фыццаг уал Тертулл Феликсӕй раппӕлыд, дзуттӕгтӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй – ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд хицауы зӕрдӕ балхӕнын b. Уый фӕстӕ, цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уымӕ рахызт. Ӕмӕ Павелы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «мах ӕй базыдтам, ацы лӕг хӕцгӕ низӕй уӕлдай кӕй нӕу, ӕгас дунейы дзуттӕгты кӕй змӕнты ӕмӕ кӕй у назаретӕгты сектӕйы хистӕр. Уый ма хъавыд кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кӕнынмӕ дӕр, фӕлӕ йӕ мах ӕрцахстам». Тертулл ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд иннӕ дзуттӕгтӕ дӕр Павелы «ныхмӕ дзурын байдыдтой, ӕцӕгдӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 24:5, 6, 9). Ахӕм хъуыддӕгты йӕ кӕй фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, адӕмы змӕнты, тӕссаг сектӕйы хистӕр у ӕмӕ кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кодта, уый тыххӕй йын мӕлӕты тӕрхон дӕр рахастаиккой, уымӕн ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ стыр фыдракӕндтыл нымад уыдысты.
11, 12. Павел куыд бамбарын кодта, аххосджын кӕй нӕ уыд, уый?
11 Уый фӕстӕ Павелӕн дзырды бар радтой. Йӕ ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Мӕхи сӕрыл ӕхсызгонӕй дзурдзынӕн». Павел комкоммӕ загъта, цы хъуыддӕгты йӕ аххосджын кодтой, уыдонӕй кӕй ницы сарӕзта. Павел нӕдӕр кувӕндонӕй хынджылӕг кодта, нӕдӕр адӕмы змӕста. Сӕ хъус сын ӕрдардта, Иерусалимы «бирӕ азты» дӕргъы кӕй нӕ уыд ӕмӕ ныр кӕй ӕрцыд «йӕ адӕмӕн ӕхцайӕ баххуыс кӕнынмӕ». Уыцы ӕхца хъуыдысты чырыстӕтты, ӕвӕццӕгӕн, ӕххормаг рӕстӕг кӕй скодта ӕмӕ сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй хъуаг чи ӕййӕфта, уыдоны. Стӕй ма Павел загъта, кувӕндонмӕ бацӕуыны размӕ «Закъонмӕ гӕсгӕ йӕхи [кӕй] ссыгъдӕг кодта» ӕмӕ ӕдзухдӕр ууыл кӕй архайы, «цӕмӕй Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ адӕмы раз дӕр йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа» (Хъуыд. 24:10–13, 16–18).
12 Фӕлӕ Павел ӕргом загъта, «„сектӕ“ кӕй хонынц, уыцы фӕндагыл» лӕуд кӕй у ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фыдӕлты Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр сын бамбарын кодта, «Закъон цы дзуры ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл» кӕй ӕууӕнды. Чи йӕ аххосджын кодта, уыдонау уый дӕр ныфс уыди, «кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». Уый фӕстӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныхмӕлӕуджытӕ дӕр сӕ ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастаиккой: «Ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, Сӕйраг тӕрхондоны раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цавӕр аххос ссардтой. Кӕд ӕрмӕст уый у мӕ аххос, ӕмӕ тӕрхондоны афтӕ загътон: „Абон мын уӕ разы тӕрхон кӕнынц, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕ кӕй уырны, уый тыххӕй!“» (Хъуыд. 24:14, 15, 20, 21).
13–15. Павел хицӕутты раз хъӕбатырӕй кӕй хъусын кодта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?
13 Павел нын диссаджы цӕвиттон ныууагъта. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной ӕмӕ нӕ ахӕм хъуыддӕгты куы аххосджын кӕной, зӕгъгӕ, адӕмы змӕнтӕм, хицауады ныхмӕ сӕ ардауӕм кӕнӕ та «тӕссаг сектӕйӕ» стӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у Павелау архайын. Павел Тертуллау бӕстӕйы хицауы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайдта. Уый ныхас кодта сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Цы зӕгъдзӕн, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кодта ӕмӕ хабӕрттӕ ӕмбарын кодта бӕлвырдӕй, стӕй, куыд уыдысты, афтӕ. Павел загъта, Азийӕ чи уыд ӕмӕ йӕ чи аххосджын кодта, кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кодта, зӕгъгӕ, уыцы дзуттӕгтӕй уым кӕй ничи уыд, ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ та хъуамӕ йӕ разы лӕууыдаиккой ӕмӕ йӕ цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдонмӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг байхъуыстаид (Хъуыд. 24:18, 19).
14 Сӕйраджыдӕр та зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Павел фидарӕй дзырдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Ногӕй та хъӕбатырӕй загъта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый йӕ фидарӕй кӕй уырны, кӕд уый размӕ, Синедрионы раз куы лӕууыд, уӕд адӕм раст уый тыххӕй сызмӕстой, уӕддӕр (Хъуыд. 23:6–10). Павел йӕхи сӕрыл кӕй разы дзырдта, уыдонӕн сӕ хъус уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн ӕрдардта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕ? Уымӕн ӕмӕ Павел хъусын кодта Йесойы тыххӕй ӕмӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕуджыты та уый нӕ уырныдта (Хъуыд. 26:6–8, 22, 23). Уӕдӕ дзырд сӕйраджыдӕр ууыл цыди, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уой, уымӕн гӕнӕн ис ӕви нӕ, бӕлвырдӕй та – Йесойӕн йӕхиуыл ӕмӕ кӕй райгас, ууыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ.
15 Павелау махӕн дӕр нӕ бон у хъӕбатырӕй хъусын кӕнын ӕмӕ, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ зӕрдыл дарын: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] иууылдӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн». Цымӕ нӕ, цы зӕгъдзыстӕм, ууыл тыхсын хъӕуы? Ӕппындӕр нӕ, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Тӕрхондонмӕ [уӕ] куы кӕной, уӕд, цы зӕгъдзыстут, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, ӕмӕ-иу уый дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых» (Мар. 13:9–13).
«Феликс старст» (Хъуыд. 24:22–27)
16, 17. а) Феликс Павелы хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ цы сарӕзта ӕмӕ цы загъта? б) Феликс цӕй тыххӕй старст, фӕлӕ-иу уӕддӕр Павелимӕ цӕмӕн ныхас кодта?
16 Бӕстӕйы хицау Феликс Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй уӕд фыццаг хатт нӕ фехъуыста. Мах кӕсӕм: «Феликс, ацы Фӕндаджы тыххӕй [афтӕ-иу дзырдтой Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты кой кӕнгӕйӕ, цалынмӕ сӕ чырыстӕттӕ не схуыдтой, уӕдмӕ] бирӕ кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ хъуыддаг фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвта ӕмӕ загъта: „Куыддӕр ӕфсады сӕргълӕууӕг Лисий ӕрцӕуа, афтӕ уын уӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кӕндзынӕн“. Ӕмӕ ӕфсӕддон хицауӕн бардзырд радта, цӕмӕй Павелы ахстӕй дара, фӕлӕ йын гыццыл сӕрибардзинад дӕтта, стӕй йӕм йе ’мбӕлтты дӕр уадза, цӕмӕй йын лӕггад кӕной» (Хъуыд. 24:22, 23).
17 Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс йӕ ус Друзиллӕимӕ (Друзиллӕ та уыди дзуттаг) Павелы ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ «хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй йын цы дзырдта, уымӕ» (Хъуыд. 24:24). Фӕлӕ Павел «рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ ӕрцӕуинаг тӕрхоны тыххӕй» куы дзырдта, уӕд «Феликс старст». Тӕрсгӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн фӕкодта, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгты тыххӕй йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудти. Гъемӕ Павелы ауагъта, фӕлӕ йын уый размӕ загъта: «Ныр уал ацу. Рӕстӕг мын куы фӕзына, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн». Феликс ма Павелимӕ уый фӕстӕ дӕр бирӕ хӕттыты ныхас кодта. Ӕцӕг-иу йемӕ уый тыххӕй нӕ ныхас кодта, ӕмӕ йӕ рӕстдзинад базонын фӕндыд, фӕлӕ йӕ ныфс уыд, Павел ын гӕртам кӕй ратдзӕн, уымӕй (Хъуыд. 24:25, 26).
18. Павел Феликсӕн ӕмӕ йӕ усӕн «рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ ӕрцӕуинаг тӕрхоны тыххӕй» цӕмӕн дзырдта?
18 Павел Феликсӕн ӕмӕ йӕ усӕн «рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ ӕрцӕуинаг тӕрхоны тыххӕй» цӕмӕн дзырдта? Куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй сӕ базонын фӕндыд, «Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын» цы нысан кӕны, уый. Павел зыдта, сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕуаг цард кӕй кодтой, ӕгъатыр адӕймӕгтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой. Ӕмӕ сын бамбарын кодта, Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕй дӕр цы аразын хъӕуы, уый. Уыцы ныхӕстӕй Павел равдыста, Феликс ӕмӕ йӕ ус цы цард кодтой, уый куыд тынг хицӕн кодта, Хуыцау цы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонӕй. Уый фӕрцы хъуамӕ бамбӕрстаиккой, алы адӕймаг дӕр цы хъуыды кӕны, цы дзуры ӕмӕ цы аразы, уый тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕтты. Стӕй ма хъуамӕ бамбӕрстаиккой: Феликс Павелӕн цы тӕрхон рахӕсдзӕн, уый сӕйраг нӕу – сӕйрагдӕр у, Хуыцау уыдонӕн цы тӕрхон рахӕсдзӕн, уый. Уӕдӕ Феликс куыннӕ «старстаид»!
19, 20. а) Уацамынды нӕм адӕймаг куы хъуса, фӕлӕ йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕ цард ивын куы нӕ фӕнда, уӕд нӕ куыд бакӕнын хъӕуы? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Феликс Павелӕн йӕ хӕрзгӕнӕг нӕ уыд?
19 Уацамынды мах дӕр фембӕлӕм Феликсы хуызӕн адӕмыл. Чи зоны нӕм хъусгӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ сӕ ӕцӕгӕй та рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ сӕ цард ивын нӕ фӕфӕнды. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, семӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цы зӕгъдзыстӕм, ууыл. Фӕлӕ сын уӕддӕр Павелау нӕ бон у уӕзданӕй ӕмбарын кӕнын, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарой. Чи зоны, афтӕмӕй рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Фӕлӕ сӕ сӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уый куы бамбарӕм, уӕд сӕ хъӕуы ныууадзын ӕмӕ, рӕстдзинад базонын ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы агурын.
20 Феликсӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы уыд, уый бӕрӕг у мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Рацыд дыууӕ азы, ӕмӕ Феликсы раивта Порций Фест. Феликсы та дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕнын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ Павелы ахӕстоны ныууагъта» (Хъуыд. 24:27). Уӕдӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ Феликс Павелӕн йӕ хӕрзгӕнӕг нӕ уыд. Уый хорз зыдта, «уыцы Фӕндагыл» лӕуд чи уыд, уыдон адӕмы дӕр кӕй не змӕстой ӕмӕ хицауады ныхмӕ дӕр кӕй нӕ цыдысты (Хъуыд. 19:23). Стӕй зыдта, Павел Ромы закъоны ныхмӕ ӕппындӕр кӕй ницы сарӕзта, уый дӕр. Фӕлӕ цӕмӕй «дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕдтаид», уый тыххӕй йӕ уӕддӕр ахстӕй дардта.
21. Порций Фест хицау куы сси, уый фӕстӕ Павелыл цы ’рцыд ӕмӕ йын стыр ныфсы хос цы уыди?
21 Хъуыддӕгты чиныджы 24 сӕры фӕстаг стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Феликсы бӕсты хицау Порций Фест куы сси, уыцы рӕстӕг дӕр ма Павел уыди ахст. Ӕмӕ уӕд Павелӕн йӕ хъуыддаг ӕвзарын райдыдтой, ӕмӕ йӕ ӕрлӕууын бахъуыд алыхуызон хицӕутты раз. Ацы хъӕбатыр апостол ӕцӕгдӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рлӕууыд «паддзӕхты раз ӕмӕ хицӕутты раз» (Лук. 21:12). Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй фӕстӕдӕр та хъуамӕ ӕрлӕууыдаид уӕды рӕстӕджы ӕппӕты хъомысджындӕр хицауы раз ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй хъуамӕ уымӕн дӕр радзырдтаид. Павелӕн ӕппӕт уыцы зындзинӕдты йӕ уырнындзинад никуы фӕцудыдта. Алкӕддӕр ын стыр ныфсы хос уыдысты Йесойы ныхӕстӕ, «фидар лӕуу!», зӕгъгӕ.
a Кӕс рамкӕ « Феликс – Иудейӕйы хицау».
b Тертулл Феликсӕн загъта, зӕгъгӕ, нӕ адӕм «фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй» дӕ фӕрцы цӕрынц. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, Иудейӕйы Феликсы рӕстӕджы куыд змӕст уыди, афтӕ йӕ размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр никуы уыд, суанг дзуттӕгтӕ Ромы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕды онг. Стӕй афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ, Феликс цы ивындзинӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй дзы дзуттӕгтӕ «тынг бузныг сты», уый дӕр уыди мӕнг ныхас. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Феликсӕй се сӕфт уыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уагъта ӕмӕ-иу куы сызмӕстой, уӕд-иу сӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдта (Хъуыд. 24:2, 3).