Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 СӔР

Павел «бӕстон... хъусын кодта»

Павел «бӕстон... хъусын кодта»

Павел Ромы уыди ахст, фӕлӕ уӕддӕр хъусын кодта

Арӕзт у Хъуыддӕгты 28:11–31

1. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фидарӕй цы зонынц ӕмӕ цӕмӕн?

 ЗӔХХАСТӔУ ДЕНДЖЫЗЫ чи ис, уыцы сакъадах Мальтӕйӕ Италимӕ цӕуы, йӕ бырынкъыл нывӕфтыд «Зевсы фырттӕ» кӕмӕн ис, уыцы нау. Уый, ӕвӕццӕгӕн, у стыр хорласӕн нау. У нӕ эрӕйы 59 азмӕ ’ввахс. Ацы науыл цӕуы ахст лӕг, апостол Павел, ӕмӕ йӕ кӕй бар бакодтой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ. Павелимӕ ма цӕуынц йе ’мчырыстӕттӕ Лука ӕмӕ Аристарх дӕр (Хъуыд. 27:2). Науы кусджытӕй уӕлдай Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ грекъаг хуыцау Зевсы фырттыл – фаззон ӕфсымӕртӕ Кастор ӕмӕ Поллуксыл – сӕ ныфс нӕ дарынц. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 28:11 стихмӕ, nwtsty-E.) Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Йегъовӕ сын раргом кодта, Павел Ромы кӕй хъусын кӕндзӕн ӕмӕ Ромы паддзахы раз кӕй ӕрлӕудзӕн (Хъуыд. 23:11; 27:24).

2, 3. Павел цы науыл уыд, уый йӕ фӕндаг кӕуылты акодта ӕмӕ Павелӕн суанг йӕ балцы райдианӕй чи ӕххуыс кодта?

2 Нау ӕртӕ боны фӕци Сиракузты, Афинтӕ ӕмӕ Ромӕй фӕстейӕ чи нӕ лӕууыд, уыцы рӕсугъд сицилиаг горӕты. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацыд горӕт Регимӕ, хуссар Италимӕ. Уырдыгӕй та ацыд Италийы наулӕууӕн горӕт Путеолмӕ (абон Неапол кӕм ис, уырдӕм хӕстӕг), ӕмӕ кӕд уырдӕм 320 километры уыди, уӕддӕр хуссайраг дымгӕйы ӕххуысӕй дыккаг бон бахӕццӕ – наутӕ-иу уыцы фӕндагыл цас бахъуыдысты, уымӕй бирӕ тагъддӕр (Хъуыд. 28:12, 13).

3 Павелы балц йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны, ӕмӕ тагъд ӕрлӕудзӕн Ромы паддзах Нероны раз. Йӕ балцы райдианӕй суанг кӕронмӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ис йемӕ (2 Кор. 1:3). Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Павел Хуыцауы ӕххуысӕй цух никуы уыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы зынг дӕр никуы ӕрмынӕг.

Павел «Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:14, 15)

4, 5. а) Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты Путеолы куыд суазӕг кодтой ӕмӕ Павелӕн уыйбӕрц сӕрибардзинад цӕмӕн радтой? б) Чырыстӕттӕ ахӕстӕтты куы вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдау цавӕр пайда ӕрхӕссы?

4 Путеолы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ «ссардтой ӕфсымӕрты, ӕмӕ сын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм авд боны баззадаиккой» (Хъуыд. 28:14). Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагътой уыцы чырыстӕттӕ, ахӕм уазӕгуарзон кӕй разындысты, уымӕй! Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты кӕй суазӕг кодтой, уый фӕрцы сӕхи уырнындзинад дӕр бафидар. Фӕлӕ цымӕ Павелӕн, ахст лӕгӕн, уыйбӕрц сӕрибардзинад цӕмӕн радтой? Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ уыдтой, фау ӕрхӕссӕн ӕм кӕй ницӕмӕй ис, ӕмӕ йыл ӕууӕндыдысты.

5 Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ахӕстӕтты ӕмӕ концлагерты чи уыд, уыдонмӕ дӕр-иу арӕх хорз цӕстӕй кастысты ӕмӕ-иу сын иннӕ ахст адӕмӕй уӕлдай фылдӕр сӕрибардзинад радтой. Зӕгъӕм, Румынийы иу лӕджы ӕрцахстой, давгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йын 75 азы радтой. Уыцы лӕг ахӕстоны Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ уый фӕрцы афтӕ тынг фӕивта, цыма ӕндӕр адӕймаг сси. Уый уынгӕйӕ йыл ахӕстоны хицӕуттӕ ӕууӕндын райдыдтой ӕмӕ-иу ӕй горӕтмӕ иунӕгӕй, ӕнӕ хъахъхъӕнджытӕй, арвыстой, цӕмӕй-иу, ахӕстонӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ балхӕдтаид! Сӕйраджыдӕр та зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ нӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн (1 Пет. 2:12).

6, 7. Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ цавӕр диссаджы уарзондзинад равдыстой?

6 Путеолӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ 50 километры бӕрц фистӕгӕй фӕцыдысты, Аппийы фӕндагыл чи уыд, уыцы горӕт Капуйӕйы онг. Уыцы фӕндаг кодта Роммӕ ӕмӕ конд уыди стыр дуртӕй – чи ныхъхъӕбӕр, ахӕм лавӕйы къӕрттытӕй. Уыцы зындгонд фӕндагӕй тынг рӕсугъд зындысты Италийы хъӕутӕ, кӕцыдӕр бынӕттӕй та зынди Зӕххастӕу денджыз дӕр. Фӕндаг цыди, Ромӕй иу-60 километры дарддӕр цы цъыфдзаст ран уыди, ууылты. Уыцы бынат хуыдтой, Понтины цъымаратӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уым уыди Аппийы базар дӕр. Лука куыд фыссы, афтӕмӕй, Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты тыххӕй «куы фехъуыстой», уӕд дзы чидӕртӕ сӕ размӕ рацыдысты Аппийы базары онг, иннӕтӕ та сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Ӕртӕ Фысымуаты цур – Ромӕй уырдӕм уыди 50 километры бӕрц. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы уарзондзинад равдыстой уыцы ӕфсымӕртӕ! (Хъуыд. 28:15).

7 Аппийы базары уый фадат нӕ уыд, ӕмӕ дзы бӕлццон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ фӕллад суагътаид. Ромаг фыссӕг Гораций уыцы бынаты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ дзы «наудзаутӕй ӕмӕ уазӕгдзӕрӕнты ӕнӕхсӕст хицӕуттӕй къух бакӕнӕн нӕ уыди». Стӕй, дам, дзы дон уыди тынг чъизи, нуазынӕн нӕ бӕззыд. Гораций уым сихор бахӕрын дӕр нӕ бакуымдта! Ӕмӕ дзы кӕд ахӕм ӕвзӕр уавӕртӕ уыди, уӕддӕр Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм уым цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй сӕ балцы кӕрон семӕ уыдаиккой ӕмӕ сӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтаиккой.

8. Павел ӕфсымӕрты куы федта, уӕд Хуыцауӕн цӕмӕн раарфӕ кодта?

8 Павел йе ’фсымӕрты «куы федта, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:15). Ӕвӕццӕгӕн, апостол уыцы ӕфсымӕртӕй кӕимӕдӕрты зонгӕ уыди, ӕмӕ ӕрмӕст сӕ уындӕй дӕр йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ йӕ ныфсыл ныфс бафтыд. Павел уый тыххӕй Хуыцауӕн цӕмӕн раарфӕ кодта? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, удуӕлдай уарзт кӕй у, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Гал. 5:22). Абон дӕр сыгъдӕг тых чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕты тыххӕй сӕ уд раттынмӕ дӕр цӕттӕ уой ӕмӕ, зын кӕмӕн у, уыдоны ныфсыл ныфс ӕфтауой (1 Фес. 5:11, 14).

9. Павелы размӕ чи рацыд, уыцы ӕфсымӕрты нӕ бон куыд у бафӕзмын?

9 Зӕгъӕм, сыгъдӕг тых рӕдаузӕрдӕ чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй районон цӕстдарджытӕм, миссионертӕм ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисой. Цӕмӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Уӕдӕ ды дӕр ахъуыды кӕн: «Районон цӕстдарӕг не ’мбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уӕд ын фылдӕр истӕмӕй мӕ бон баххуыс кӕнын у? Зӕгъӕм, йӕхи дӕр ӕмӕ йын усы дӕр мӕ бон у суазӕг кӕнын? Мӕ бон у мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй семӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуон?» Уый дӕхицӕн дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ куыд цин кодтаиккой, Павел ӕмӕ сын йе ’мбӕлттӕ, цы диссаджы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон куы дзырдтой, уӕд (Хъуыд. 15:3, 4).

«Алы ран дӕр дзурынц ацы сектӕйы ныхмӕ» (Хъуыд. 28:16–22)

10. Павел Роммӕ куы ’рцыд, уӕд цавӕр уавӕрты уыди ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ цы сарӕзта?

10 Ӕппынфӕстаг бӕлццӕттӕ Роммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд «Павелӕн радтой хицӕн хӕдзары цӕрыны бар, ӕфсӕддон ӕй хъахъхъӕдта, афтӕмӕй» (Хъуыд. 28:16). Хицӕн хӕдзары-иу ахстӕй кӕй дардтой, уый-иу цӕмӕй ма алыгъдаид, уый тыххӕй-иу ӕй хъахъхъӕнӕгмӕ рӕхыстӕй бабастой. Ӕмӕ кӕд Павелӕн йӕ хабар афтӕ уыд, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ йӕ рӕхыстӕ дӕр нӕ хъыгдардтой. Гъемӕ уыцы дард балцы фӕстӕ ӕртӕ боны йеддӕмӕ нӕ баулӕфыд, афтӕ, Ромы чи цард, уыцы дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕм фӕдзырдта, цӕмӕй семӕ базонгӕ уыдаид ӕмӕ сын хорз хабар фехъусын кодтаид.

11, 12. Павел дзуттӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд архайдта сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл?

11 «Ӕфсымӕртӕ,– загъта Павел,– ӕз нӕ адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы ракодтон, нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты сӕрты дӕр нӕ ахызтӕн, фӕлӕ мӕ Иерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ ромӕгты къухтӕм радтой. Уыдон мын мӕ хъуыддаг равзӕрстой ӕмӕ мӕ рауадзынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ мын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастаиккой, ахӕмӕй ницы сарӕзтон. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ мӕ рауадзыны ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон Ромы паддзахы тӕрхон – ӕндӕр гӕнӕн нал уыди. Ӕмӕ афтӕ мӕ адӕмы истӕмӕй фӕаххосджын кӕныны тыххӕй нӕ бакодтон» (Хъуыд. 28:17–19).

12 Павел уыцы дзуттӕгты «ӕфсымӕртӕ» уый тыххӕй схуыдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид ӕмӕ йыл кӕд истӕй тыххӕй ӕнӕууӕнк кодтой, уӕд ӕм ӕндӕр цӕстӕй ракастаиккой (1 Кор. 9:20). Стӕй сын бамбарын кодта, Ромы уый тыххӕй кӕй нӕй, цӕмӕй бынӕттон дзуттӕгты аххосджын кӕна, фӕлӕ цӕмӕй Ромы паддзахы раз ӕрлӕууа. Фӕлӕ Павел Ромы паддзахы тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уый тыххӕй бынӕттон дзуттӕгтӕ ницы зыдтой (Хъуыд. 28:21). Цымӕ афтӕ куыд рауад, ӕмӕ сын Иудейӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕ уый тыххӕй нӕ фӕхабар кодтой? Иу чиныджы фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕрцыд, зымӕг куы фӕци, уӕд Италимӕ фыццаг цы наутӕ ӕрцыд, уыдонӕй сӕ иуыл, ӕмӕ Иерусалимӕй дзуттӕгты ӕрвыст лӕгтӕ нӕма ӕрхӕццӕ сты ӕмӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл фыстӕг дӕр нӕма ӕрцыд».

13, 14. Павел Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын куыд райдыдта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

13 Уый фӕстӕ Павел дзурын райдыдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕй спайда кодта, ӕмӕ йӕ дзуттаг уазджытӕ ма бацымыдис уыдаиккой, уый гӕнӕн нӕ уыд. Загъта сын: «Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фӕндыди сымах фенын ӕмӕ уемӕ аныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ, Израилы адӕм сӕ ныфс цӕуыл дарынц, уый тыххӕй дӕн баст ацы рӕхыстӕй» (Хъуыд. 28:20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ныфс баст уыди Мессийӕимӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадимӕ, чырыстон ӕмбырд дӕр кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы хабӕрттимӕ. Ӕмӕ йын уӕд дзуттӕгты хистӕртӕ загътой: «Хорз уаид, цы хъуыдытыл хӕст дӕ, уыдоны тыххӕй нын дӕхӕдӕг куы радзурис, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй алы ран дӕр дзурынц ацы сектӕйы ныхмӕ» (Хъуыд. 28:22).

14 Махӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд нӕ бон у, хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм ныхӕстӕй ӕмӕ фарстатӕй пайда кӕнын, цӕмӕй нӕ ныхасмӕхъусджыты бацымыдис кӕнӕм. Уый фӕдыл диссаджы уынаффӕтӕ вӕййы «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы, чиныджы «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн» ӕмӕ брошюрӕйы «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн». Уыцы уынаффӕтӕй арӕхстджынӕй фӕпайда кӕныс?

Павел куыд «бӕстон хъусын кодта», уымӕй нын у фӕзминаг (Хъуыд. 28:23–29)

15. Павел куыд хъусын кодта, уымӕй нын цавӕр цыппар хъуыддаджы у фӕзминаг?

15 Бынӕттон дзуттӕгтӕ Павелимӕ цы бонмӕ баныхас кодтой, уыцы бон ӕм, цы хӕдзары уыд, уырдӕм «ноджы фылдӕрӕй ӕрбацыдысты». Ӕмӕ сын Павел дӕр «райсомӕй изӕрмӕ, хабар цӕй мидӕг уыд, уый ӕмбарын кодта: бӕстон сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй» (Хъуыд. 28:23). Павел семӕ куыд ныхас кодта, уымӕй нын фӕзминаг у цыппар хъуыддаджы. Фыццаг: се ’ргом сын раздӕхта Хуыцауы Паддзахадмӕ. Дыккаг: йӕ ныхасмӕхъусджытӕн «бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста» ӕмӕ сын афтӕмӕй архайдта сӕ зӕрдӕтӕ бацагайыныл. Ӕртыккаг: ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Цыппӕрӕм: йӕхиуыл нӕ ауӕрста – хъусын кодта «райсомӕй изӕрмӕ». Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта! Павел афтӕ бӕстон кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы хабар куыд рауад? Йӕ ныхӕстыл «иутӕ баууӕндыдысты», иннӕтӕ та – нӕ. Ӕмӕ Лука куыд фыссы, афтӕмӕй, адӕм кӕрӕдзиимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ «уырдыгӕй цӕуын райдыдтой» (Хъуыд. 28:24, 25а).

16–18. Ромы цӕрӕг дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый Павелмӕ диссаг цӕуылнӕ фӕкаст ӕмӕ абон дӕр адӕм хорз хабармӕ куы нӕ байхъусынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

16 Дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ ахӕм цӕстӕй кӕй ракастысты, уый Павелмӕ диссаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ ахӕм хабарыл фыццаг хатт нӕ сӕмбӕлд, стӕй уый тыххӕй Фыстады дӕр рагацау загъд уыди (Хъуыд. 13:42–47; 18:5, 6; 19:8, 9). Гъемӕ, йӕ уазджытӕй рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, уыдон куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сын Павел загъта: «Раст дзырдта Хуыцауы сыгъдӕг тых уӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайы уылты: „Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: „Уӕ хъустӕй хъусдзыстут, фӕлӕ йӕ нӕ бамбардзыстут; уӕ цӕстытӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ ницы фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты“» (Хъуыд. 28:25б–27). Мивдисӕг «ныддур» цы грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, «чи снард» кӕнӕ «фиу чи сӕвӕрдта», ахӕм зӕрдӕмӕ, ӕмӕ ахӕм зӕрдӕмӕ та хорз хабар нал фӕхъары. Хъыгагӕн, афтӕ уыди сӕ хабар уыцы дзуттӕгтӕн!

17 Фӕстагмӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, кӕд уыдон нӕ байхъуыстой, уӕддӕр «иннӕ адӕмтӕ байхъусдзысты» (Хъуыд. 28:28; Пс. 67:2; Ис. 11:10). Апостол Павелӕн уый йӕ бон фидарӕй уыди зӕгъын, уымӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ куыд хъуыстой, уый йӕхи цӕстӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федта! (Хъуыд. 13:48; 14:27).

18 Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелы бафӕзмӕм ӕмӕ адӕм хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд-иу нӕм уый хъыг ма кӕсӕд. Мах ӕй зонӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр царды фӕндаг кӕй не ссардзысты (Матф. 7:13, 14). Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм раст фӕндагыл куы слӕууынц, уӕд та-иу цин кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавӕм! (Лук. 15:7).

«Хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Хъуыд. 28:30, 31)

19. Павел ахст куы уыди, уӕд йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кодта?

19 Лука Хъуыддӕгты чиныг цы хабарӕй фӕци, уый нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Мах кӕсӕм: «Павел цы хӕдзар баххуырста, уым фӕцард дыууӕ азы, ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонмӕ-иу се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст. Ӕмӕ сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын тынг ныфсджынӕй дзырдта Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта» (Хъуыд. 28:30, 31). Павел куыд уазӕгуарзон уыди, куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ цы фидар уырнындзинады хицау уыд, уымӕй нын ӕцӕгдӕр у фӕзминаг!

20, 21. Радзур, Павел Ромы кӕй хъусын кодта, уый пайда кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй.

20 Павел кӕй суазӕг кодта ӕмӕ кӕуыл бацин кодта, уыдонӕй иу уыди Онисим, Колосстӕй йӕ хицауӕй чи алыгъд, уыцы цагъар. Павел Онисимӕн баххуыс кодта чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн, ӕмӕ йын уыцы адӕймаг сси «иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр». Павел Онисимы тыххӕй фыста, зӕгъгӕ мын «хи хъӕбулы ад» скодта (Кол. 4:9; Филим. 10–12). Уӕдӕ Онисим Павелӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаид! a

21 Павелы хорз цӕвиттон пайда ӕрхаста иннӕтӕн дӕр. Филиппӕгтӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Цы уавӕрты бахаудтӕн, уыдон ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс дӕр... фесты. Чырыстийы тыххӕй ахст кӕй дӕн, уый базыдтой Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады иууылдӕр, стӕй иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр. Ӕмӕ, нӕ Хицауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕрӕн, ӕз ахст кӕй дӕн, уый фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзурынц – ницӕмӕй тӕрсынц» (Фил. 1:12–14).

22. Павел Ромы ахст куы уыди, уӕд йӕ уавӕртӕй куыд спайда кодта?

22 Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд йӕ уавӕртӕй афтӕ спайда кодта, ӕмӕ ныффыста ахсджиаг фыстӕджытӕ. Уыцы фыстӕджытӕ абон сты Чырыстон Грекъаг Фыстыты b. Фыццаг ӕнусы уыцы фыстӕджытӕ фыст кӕмӕ ӕрцыдысты, уыцы чырыстӕттӕн стыр пайда ӕрхастой. Махӕн дӕр Павелы фыстӕджытӕ абон стыр пайда хӕссынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕрцыдысты (2 Тим. 3:16, 17).

23, 24. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕты ӕнаххосӕй ахӕстоны куы сбадын кӕнынц, уӕддӕр Павелау сӕ циндзинад кӕй нӕ фесафынц, уый цавӕр хабарӕй бӕрӕг у?

23 Павелы кӕд рауагътой, уый тыххӕй Хъуыддӕгты чиныджы ницы ис фыст. Бӕлвырдӕй зонӕм уый, ӕмӕ йӕ ахстӕй фӕдардтой цыппар азы – дыууӕ азы Кесарийы, дыууӕ азы та Ромы c (Хъуыд. 23:35; 24:27). Фӕлӕ уӕддӕр Павел йӕ циндзинад нӕ фесӕфта ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы йӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзта. Абон дӕр кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ӕнаххосӕй, сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны бакӕнынц, уӕддӕр сӕ циндзинад нӕ фесафынц ӕмӕ дарддӕр фӕхъусын кӕнынц. Ӕркӕсӕм Испанийӕ иу ӕфсымӕр Адольфойы хабармӕ. Чырыстон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ нӕ цыд, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Хъахъхъӕнджытӕй йын сӕ иу афтӕ загъта: «Уӕллӕй, диссаджы адӕймаг дӕ! Мах ӕдзухдӕр ууыл архайдтам, цӕмӕй дын дӕ цард сӕнад кодтаиккам, фӕлӕ дын цас фыддӕр митӕ кодтам, уыйас нӕм тынгдӕр худтӕ ӕмӕ немӕ фӕлмӕнӕй дзырдтай».

24 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Адольфойыл афтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ-иу ын йӕ камерӕйы дуар дӕр гомӕй ныууагътой. Хъахъхъӕнджытӕм-иу Библийӕ исты фарстатӕ куы фӕзынд, уӕд-иу ӕм бацыдысты ӕмӕ-иу ӕй бафарстой. Сӕ иу та Адольфойы камерӕмӕ цыди Библи кӕсынмӕ. Уыцы рӕстӕг-иу ӕй Адольфо та хъахъхъӕнгӕ кодта, цӕмӕй йӕ йе ’мкусджытӕй мачи федтаид. Ахъуыды-ма кӕн, ахст лӕг «хъахъхъӕдта» хъахъхъӕнӕджы! Цӕй уӕдӕ нӕ ахӕм иузӕрдион Ӕвдисӕнты цӕвиттон разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй мах дӕр цыфӕнды уӕззау уавӕрты дӕр «Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзурӕм – мацӕмӕй тӕрсӕм».

25, 26. Йесо цавӕр диссаджы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ, ӕртын азы дӕр куы нӕма рацыд, уӕд Павелы цӕстыты раз куыд сӕххӕст сты ӕмӕ абон та куыд ӕххӕст кӕнынц?

25 Ӕвӕдза, цас диссаджы хабӕрттӕ базыдтам Хъуыддӕгты чиныгӕй! Ӕмӕ цӕуыл фӕци, уый дӕр нӕ цӕй стыр ныфс уадзы – Чырыстийы апостол хӕдзары ахстӕй «хъусын кӕны Хуыцауы паддзахады тыххӕй», чидӕриддӕр ӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн! Нӕ чиныджы фыццаг сӕры мах бакастыстӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта, уый тыххӕй: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ ныр, Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй 30 азы дӕр нӕма рацыди, афтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» d (Кол. 1:23). Уӕдӕ ацы хабар куыд хорз ӕвдисы, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон цас у, уый! (Зах. 4:6).

26 Уыцы сыгъдӕг тыхӕй хайджын сты, абон ма Чырыстийы ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ се ’мбӕлттӕ дӕр, «ӕндӕр фыстӕ», ӕмӕ уый фӕрцы 240 бӕстӕйӕ фылдӕры «бӕстон... хъусын кӕнынц Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Иоан. 10:16; Хъуыд. 28:23). Ацы хъуыддаджы ды дӕр, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс?

a Павелы фӕндыд Онисимы йемӕ ныууадзын, фӕлӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд Ромы закъон фехӕлдтаид. Стӕй афтӕмӕй йӕ къӕхты бын ныссӕстаид Онисимы хицауы, чырыстон ӕфсымӕр Филимоны, бартӕ дӕр. Гъемӕ Онисим фӕстӕмӕ Филимонмӕ аздӕхт ӕмӕ йемӕ ахаста, Павел Филимонмӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕг дӕр. Уым Павел Филимоны баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ цагъарыл бацин кодтаид ӕмӕ йӕм чырыстон ӕфсымӕры цӕстӕй ракастаид (Филим. 13–19).