Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

«Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»

«Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»

Чырыстӕтты карзӕй чи ӕфхӕрдта, уыцы Савл сси зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг

Арӕзт у Хъуыддӕгты 9:1–43

1, 2. Павел Дамаскмӕ цӕмӕн цыд?

 БӔЛЦЦӔТТӔ фӕхӕццӕ кӕнынц Дамаскмӕ, цӕмӕй сӕ фыдвӕнд сӕххӕст кӕной. Сӕ цӕсгӕмттӕ цъӕх арт уадзынц. Хъуамӕ уым Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты сӕ хӕдзӕрттӕй раласой, сбӕттой сӕ, фӕхынджылӕг сӕ кӕной ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ ӕркӕной, цӕмӕй сӕ Синедрионы раз ӕрлӕууын кӕной.

2 Уыцы лӕгтӕн сӕ хистӕр, Савл, ахӕм хъуыддаг фыццаг хатт нӕ кӕны, йӕ къухтӕ тугамӕст сты a. Уымӕй размӕ, дзуттаг дины сӕрыл чи тох кодта, уыдон Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг Стефаны дуртӕй куы мардтой, уӕд Савл дӕр семӕ уыди ӕмӕ уыцы хъуыддаг растыл нымадта (Хъуыд. 7:57–8:1). Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты фӕдыл кӕй зилы, уый йын фаг нӕу, фӕлӕ ма йӕ зӕрды ис, ӕндӕр рӕтты чи цӕры, уыцы чырыстӕттыл дӕр фыдӕхы арт бандзарын. «Ацы Фӕндагыл лӕуд чи у, уыцы адӕмы» хъуамӕ быныскъуыд скӕна, хӕцгӕ низӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы сектӕйӕ иуы дӕр хъуамӕ мауал ныууадза (Хъуыд. 9:1, 2; кӕс рамкӕ « Савлӕн уыцы бартӕ чи радта?»).

3, 4. а) Савлыл цавӕр хабар ӕрцыд? б) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ӕваст Савлы алыварс бӕстӕ ныррухс. Йемӕ чи цыд, уыдон дӕр рухс уыдтой, фӕлӕ цавддуртау лӕугӕйӕ аззадысты, ӕмӕ сӕ бон дзурын дӕр нал уыд. Савл уыцы рухсӕй бакуырм, ӕмӕ зӕххыл ӕрхауд. Стӕй уӕлӕрвтӕй фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» Савл арвыцӕфау фӕци ӕмӕ бафарста: «Чи дӕ, мӕ буц хицау?» Ноджы диссагдӕр та уыд, цы дзуапп фехъуыста, уый: «Ӕз дӕн Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый» (Хъуыд. 9:3–5; 22:9).

4 Йесо Савлӕн фыццаг цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты? Савл чырыстон куыд сси, уыцы хабар нӕ куыд фидар кӕны? Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕмбырдӕн сабыр рӕстӕг куы скодта, уӕд чырыстӕттӕ куыд архайдтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» (Хъуыд. 9:1–5)

5, 6. Йесо Савлӕн цы загъта, уымӕй цы базыдтам?

5 Йесо Савлмӕ куы фӕзынд, уӕд ӕй афтӕ нӕ бафарста: «Мӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдыл мын цӕмӕн зилыс?» Уӕлдӕр куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йесо бафарста: «Цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» (Хъуыд. 9:4). Ӕцӕгдӕр, Йесойӕн йӕ фӕдылдзӕуджыты куы фефхӕрынц, уӕд ӕй афтӕ фӕнымайы, цыма йын йӕхи ӕфхӕрынц (Матф. 25:34–40, 45).

6 Кӕд, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафыс, уӕд фидарӕй зон, уый Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕй уынынц (Матф. 10:22, 28–31). Чи зоны, цы фӕлварӕны бахаудтӕ, уый Йегъовӕ ныртӕккӕ ма аиуварс кӕна. Савл Стефаны марджытӕн куы ӕххуыс кодта ӕмӕ-иу Иерусалимы иузӕрдион чырыстӕтты сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ куы раласта, уӕд уый Йесо уыдта (Хъуыд. 8:3). Фӕлӕ сӕ ӕвиппайды нӕ фервӕзын кодта. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕ Чырыстийы уылты Стефаны ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты фидар кодта, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой.

7. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзынӕ?

7 Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон у фидар фӕлӕууын: 1) дӕхицӕн фидарӕй куы аскъуыддзаг кӕнай, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзынӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр; 2) Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай (Фил. 4:6, 7); 3) дӕ маст куы никӕмӕй исай, фӕлӕ-иу уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бар куы бакӕнай (Ром. 12:17–21); 4) цалынмӕ Йегъовӕ цавӕрдӕр фӕлварӕн уадзы, уӕдмӕ дын хъару кӕй дӕтдзӕн, ууыл куы ӕууӕндай (Фил. 4:12, 13).

«Савл, ме ’фсымӕр, Хицау... мӕ рарвыста дӕумӕ» (Хъуыд. 9:6–17)

8, 9. Чырысти Ананийӕн ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд Анани цытӕ хъуыды кодтаид?

8 Йесо Савлы фарстайӕн, «чи дӕ, мӕ буц хицау», зӕгъгӕ, дзуапп куы радта, уӕд ын стӕй загъта: «Сыст, ацу горӕтмӕ, ӕмӕ дын уым зӕгъдзысты, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, уый» (Хъуыд. 9:6). Ӕмӕ Савлы куырмӕй Дамаскмӕ ӕркодтой. Уым ӕртӕ боны дӕргъы йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста, ӕрмӕст Хуыцаумӕ куывта. Раст уыцы рӕстӕг Йесо Савлы тыххӕй радзырдта Ананийӕн, Дамаскы чи цард, уыцы ахуыргӕнинагӕн. Уыцы горӕты цӕрӕг «дзуттӕгтӕ иууылдӕр кодтой йӕ хорзы кой» (Хъуыд. 22:12).

9 Ахъуыды-ма кӕн, Анани цытӕ хъуыды кодтаид! Ӕмбырды Хистӕр, Йесо Чырысти, уӕлӕрвтӕй йӕхӕдӕг ныхас кодта йемӕ ӕмӕ йын бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг. Цӕй стыр кад уыди уыцы хӕс, фӕлӕ куыд зын уыди йӕ сӕххӕст кӕнын! Йесо Ананийӕн куы загъта, Савлимӕ кӕй хъуамӕ аныхас кӕна, уӕд Анани бакатай кодта: «Хицау, ацы лӕджы тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон, Иерусалимы дын дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цас фыдмитӕ фӕкодта, уый. Сауджынты хистӕртӕ йын бар радтой, цӕмӕй дын ам дӕр дӕ фӕдылдзӕуджыты се ’ппӕты дӕр ахӕстоны бакӕна» (Хъуыд. 9:13, 14).

10. Йесо Ананиимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цы базыдтам?

10 Анани кӕй тыхсти, уый тыххӕй йын Йесо нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ йӕ цы кӕнын хъӕуы, уый йын бӕлвырд бамбарын кодта. Йесо ӕмбӕрста, уыцы хъуыддаг бакӕнын ын зын кӕй уыд, ӕмӕ йын бамбарын кодта, цӕмӕ йын ӕй бахӕс кодта, уый. Савлы тыххӕй йын загъта: «Уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр. Ӕз ын равдисдзынӕн, мӕ номы тыххӕй цас хъизӕмӕрттӕ хъуамӕ бавзара, уый» (Хъуыд. 9:15, 16). Ӕмӕ Анани Йесойы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Уайтагъд Савлы, чырыстӕтты фӕдыл чи зылд, уыцы адӕймаджы, бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Савл, ме ’фсымӕр, Хицау Йесо, фӕндагыл дӕм чи фӕзынд, уый мӕ рарвыста дӕумӕ, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уай» (Хъуыд. 9:17).

11, 12. Савл чырыстон куыд сси, уыцы хабарӕй цы ис базонӕн?

11 Савл чырыстон куыд сси, уыцы хабарӕй базонӕн ис цалдӕр хъуыддаджы. Зӕгъӕм, Чырысти зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты (Матф. 28:20). Кӕд абон немӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕныхас кӕны, уӕддӕр нын разамынд дӕтты, йӕ исбон иууылдӕр кӕй бар бакодта, уыцы ӕууӕнкджын цагъары уылты (Матф. 24:45–47). Разамонӕг советы разамындӕй хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ пионертӕ ӕрвыст цӕуынц, цӕмӕй агурой, Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы. Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй уыцы адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцаумӕ куывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл сӕмбӕлдысты (Хъуыд. 9:11).

12 Анани уыцы хӕс сӕххӕст кӕныныл сразы, ӕмӕ йын Хуыцау раарфӕ кодта. Ды дӕр дӕ ныфс куы нӕ фӕхӕссыс, уӕд дӕр хорз хабар бӕстон фӕхъусын кӕныс? Чидӕртӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын ӕмӕ ӕнӕзонгӕтимӕ ныхас кӕнынмӕ. Кӕмӕдӕр та зын кӕсы адӕмӕн сӕ куысты, уынджы, телефонӕй кӕнӕ писмоты фӕрцы хъусын кӕнын. Кӕд Анани фыццаг йӕ ныфс нӕ хаста, уӕддӕр ӕй уый нӕ баурӕдта ӕмӕ уыцы кадджын хӕс сӕххӕст кодта – Савлӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаид b. Уый йӕ къухы бафтыд, Йесойыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта ӕмӕ, Савлы йе ’фсымӕрыл кӕй банымадта, уый фӕрцы. Мах дӕр ныфсджын уыдзыстӕм, кӕд ӕмӕ, Чырысти хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, адӕмӕн тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ, суанг зӕрдӕ кӕй уындӕй баризы, уыдонмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсӕм, цыма нӕ фидӕны ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сты (Матф. 9:36).

«Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын» райдыдта (Хъуыд. 9:18–30)

13, 14. Кӕд Библи ахуыр кӕныс, фӕлӕ донаргъуыд нӕма райстай, уӕд дын Савлы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн?

13 Савл цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ уайтагъд архайын райдыдта. Куыддӕр цӕстӕй ракаст, афтӕ донаргъуыд райста ӕмӕ Дамаскы ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаиу. Уымӕй уӕлдай ма «ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт» (Хъуыд. 9:20).

14 Кӕд Библи ахуыр кӕныс, фӕлӕ донаргъуыд нӕма райстай, уӕд дӕ бон у Савлы бафӕзмын ӕмӕ, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайын райдайын? Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый Савл йӕхиуыл бавзӕрста, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй чырыстон суыдаид. Фӕлӕ, Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон иннӕтӕ дӕр уыдтой ӕмӕ сӕ уый ницӕмӕ сразӕнгард кодта. Зӕгъӕм, иухатт фарисейтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм лӕджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый. Стӕй Чырысти Лазӕры кӕй райгас кодта, уый дӕр дзуттӕгтӕй бирӕтӕ зыдтой. Фӕлӕ сӕ фылдӕрмӕ ницы бахъардта, чидӕртӕ та йӕ ныхмӕ дӕр цыдысты (Мар. 3:1–6; Иоан. 12:9, 10). Цымӕ уыдонӕй уӕлдай Савл афтӕ тынг цӕмӕн фӕивта? Уымӕн ӕмӕ тынгдӕр тарст Хуыцауӕй, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ. Стӕй тынг бузныг уыд, Чырысти йӕм ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уымӕй (Фил. 3:8). Кӕд махӕн дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг ис, уӕд нӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм.

15, 16. Савл Дамаскы ӕмбырдгӕнӕнты цы куыста ӕмӕ йӕм уым цӕрӕг дзуттӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты?

15 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Савл ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕм адӕм джихӕй кӕсгӕйӕ куыд баззадаиккой ӕмӕ йӕм мӕстӕй куыд фыхтаиккой. «Ай мӕнӕ, Иерусалимы Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта, уый нӕу?» – дзырдтой уыдон (Хъуыд. 9:21). Савл Йесомӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдта, уый сын куы ӕмбарын кодта, уӕд сын «хаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо кӕй у Чырысти, уымӕн» (Хъуыд. 9:22). Фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы алы зӕрдӕйы дуар нӕй бакӕнӕн. Зӕгъӕм, нӕ дзы бакӕндзынӕ, цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцы кӕнӕ йӕ фырсӕрбӕрзондӕй ивын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕмы зӕрдӕты дуар. Ахӕм адӕмӕн цыфӕнды бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма хӕссай, уӕддӕр сӕ зондахаст нӕ фӕивдзысты. Фӕлӕ Савлӕн уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст.

16 Уымӕй ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр ма Дамаскы дзуттӕгтӕ Савлы ныхмӕ цыдысты. Ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг марынвӕнд скодтой (Хъуыд. 9:23; 2 Кор. 11:32, 33; Гал. 1:13–18). Савл сын сӕ сусӕгвӕнд куы базыдта, уӕд ӕмбаргӕдзинад равдыста ӕмӕ сразы, цӕмӕй йӕ ӕфсымӕртӕ, горӕты къулы цы рудзынг уыд, уырдыгӕй чыргъӕды ӕруагътаиккой. Савлы уыцы ӕхсӕв чи аирвӕзын кодта, уыдоны Лука хоны «йӕ [ома Савлы] ахуыргӕнинӕгтӕ» (Хъуыд. 9:25). Ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Савл Дамаскы кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй йӕм чидӕртӕ байхъуыстой ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ систы.

17. а) Библийы цы фыст ис, уымӕ адӕм цы цӕстӕй ракӕсынц? б) Дарддӕр цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

17 Дӕ хиуӕттӕн, де ’мбӕлттӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн, Библийӕ цы базыдтай, уый тыххӕй фыццаг хатт куы райдыдтай дзурын, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кодтай, ӕмӕ дӕм алчидӕр байхъусдзӕн, уымӕн ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый раст у. Ӕмӕ дӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чидӕртӕ ӕцӕгдӕр байхъуыста, фӕлӕ сӕ фылдӕр та – нӕ. Чи зоны дӕм дӕ бинонтӕ дӕр знаджы цӕстӕй кӕсын райдыдтой (Матф. 10:32–38). Фӕлӕ дарддӕр куы архайай, цӕмӕй адӕмимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ арӕхстджындӕрӕй ныхас кӕнай ӕмӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, дӕхи афтӕ дарай, уӕд, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон дӕр, чи зоны, сӕ зондахаст фӕивой (Хъуыд. 17:2; 1 Пет. 2:12; 3:1, 2, 7).

18, 19. а) Варнавӕ Савлы сӕрыл куы сдзырдта, уӕд хабар куыд рауад? б) Куыд у нӕ бон Варнавӕйы ӕмӕ Савлы бафӕзмын?

18 Савл Иерусалиммӕ куы ’рцыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куы загъта, ӕз дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн, зӕгъгӕ, уӕд ыл нӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ уый диссаг нӕу. Фӕлӕ Варнавӕ йӕ сӕрыл куы сдзырдта, зӕгъгӕ, Савл ӕцӕгдӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг сси, уӕд ыл апостолтӕ нал дызӕрдыг кодтой, ӕмӕ иуцасдӕр семӕ баззад (Хъуыд. 9:26–28). Савл ӕмбаргӕйӕ архайдта, фӕлӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кодта (Ром. 1:16). Уый ныфсджынӕй хъусын кодта Иерусалимы, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ ӕгъатырӕй кӕм тох кодта, уыцы горӕты. Иерусалимы дзуттӕгтӕ куы бамбӕрстой, ӕмӕ, чырыстӕтты фесафынмӕ чи хъавыд, уый йӕхӕдӕг дӕр чырыстон сси, уӕд ӕй марынвӕнд скодтой. «Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой,– кӕсӕм Библийы,– уӕд [Савлы] акодтой Кесаримӕ, уырдыгӕй та йӕ арвыстой Тарсмӕ» (Хъуыд. 9:30). Савл байхъуыста, Йесо йын ӕмбырды уылты цы разамынд радта, уымӕ. Ӕмӕ уый пайда фӕци йӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр.

19 Дӕ хъус-ма ӕрдар: Варнавӕ не ’нхъӕлмӕ касти, Савлӕн иннӕтӕ кӕд баххуыс кӕндзысты, уымӕ, фӕлӕ уыцы хъуыддаг йӕхимӕ райста. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Варнавӕ Савлмӕ афтӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый фӕрцы уыцы дыууӕ зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕджы систы хорз ӕмбӕлттӕ. Ды дӕр Варнавӕйау цӕттӕ дӕ ӕмбырды ногтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ? Семӕ уацамынды фӕцӕуыс ӕмӕ сын чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуынӕн ӕххуыс кӕныс? Кӕд афтӕ кӕныс, уӕд хайджын уыдзынӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Кӕд ног хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд та дӕм ӕмбырды исчи йе ’ххуысы къух куы бадары, уӕд уыцы ӕххуыс райсыс? Дӕуӕй фӕлтӕрддӕр чи у, уыцы хъусынгӕнджытимӕ уацамынды куы цӕуай, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ, дӕ лӕггадӕй дӕ зӕрдӕ тынгдӕр райдзӕн ӕмӕ дӕхицӕн ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ.

«Бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл» (Хъуыд. 9:31–43)

20, 21. Фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ-иу абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн «сабыр рӕстӕг» куы скодта, уӕд-иу дзы куыд пайда кодтой?

20 Савл чырыстон куы сси ӕмӕ знӕгты къухӕй куы аирвӕзт, уӕд «ӕгас Иудейӕ, Галилейӕ ӕмӕ Самарийы ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг» (Хъуыд. 9:31). Ныр ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын уыди ӕнцондӕр. Цымӕ куыд пайда кодтой уыцы рӕстӕгӕй? (2 Тим. 4:2). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «фидарӕй-фидардӕр кодтой». Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидар кодтой ӕмӕ ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдтой, ӕмӕ «ахуыргӕнинӕгты Йегъовӕйы тас уыди ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тых фидар кодта». Зӕгъӕм, Петр фидар кодта, Сароны дӕлвӕзы горӕт Лиддӕйы чи цард, уыцы ахуыргӕнинӕгты. Ӕмӕ уый фӕрцы уым цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ «Хицауыл баууӕндыдысты» (Хъуыд. 9:32–35). Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи хъуыддӕгты фӕдыл нӕ ацыдысты, фӕлӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ ӕмбырды адӕм «фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой».

21 Ссӕдзӕм ӕнусы кӕрон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ бӕстӕты скодта «сабыр рӕстӕг». Хуыцауы адӕмы ӕгъатырӕй чи ӕфхӕрдта, уыцы хицауӕдтӕн-иу ӕвиппайды сӕ кӕрон ӕрцыд, ӕмӕ-иу хъусынгӕнджытӕн фенцондӕр хъусын кӕнын кӕнӕ та-иу сӕ бынтондӕр нал хъыгдардтой. Мингай Ӕвдисӕнтӕ уыцы фадатӕй спайда кодтой ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ февнӕлдтой. Ӕмӕ сӕ фыдӕбон диссаджы тыллӕг ӕрхаста.

22. Цы сӕрибардзинад дын ис, уымӕй хуыздӕр дӕ бон куыд у пайда кӕнын?

22 Цы сӕрибардзинад дын ис, уымӕй ды дӕр афтӕ пайда кӕныс, цӕмӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнай? Кӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕм ис, ахӕм бӕстӕйы цӕрыс, уӕд Сайтан архайдзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕныны бӕсты мулк ӕмбырд кӕныныл бафтай (Матф. 13:22). Фӕлӕ йӕ зондыл ма ацу. Ныртӕккӕ дын цы рӕстӕг ис, уый дзӕгъӕлы ма саф. Дӕ хъарутӕ сараз бӕстон хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ӕмбырд фидар кӕнынмӕ. Рох дӕ ма уӕд, дӕ уавӕртӕ абон куыд сты, райсом, чи зоны, афтӕ мауал уой.

23, 24. а) Тавифӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

23 Ӕркӕсӕм, ахуыргӕнинаг Тавифӕйыл, кӕнӕ Доркӕйыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ c. Тавифӕ цард Иоппийы, Лиддӕмӕ хӕстӕг горӕты. Уыцы иузӕрдион хо йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕм цы уыди, уымӕй раст пайда кодта – иннӕтӕн «бирӕ хорздзинӕдтӕ» арӕзта, стӕй «тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн дӕр». Фӕлӕ ӕвиппайды ӕрбарынчын ӕмӕ амард. Йӕ мӕлӕт тынг зын уыди Иоппийы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕн, уӕлдайдӕр та, хорзы кӕмӕн бацыд, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн. Петр, Тавифӕйы мард ныгӕнынмӕ кӕм цӕттӕ кодтой, уыцы хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд сарӕзта диссаг. Уӕдмӕ Чырыстийы апостолтӕй ахӕм диссаг ничи сарӕзта. Петр скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ Тавифӕйы фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта! Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Петр идӕдз сылгоймӕгтӕм ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕдзырдта ӕмӕ сын Тавифӕйы удӕгасӕй куы равдыста, уӕд куыд цин кодтаиккой! Уыцы хабӕрттӕ сӕ куыннӕ бафидар кодтаиккой, цӕмӕй, цы фӕлварӕнтӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон сфӕрӕзтаиккой. Уӕдӕ диссаг нӕу, уыцы хабар кӕй «айхъуыст ӕгас Иоппийыл, ӕмӕ бирӕтӕ [кӕй] баууӕндыдысты Хицауыл» (Хъуыд. 9:36–42).

Куыд у дӕ бон Тавифӕйы бафӕзмын?

24 Тавифӕйы хабарӕй ахуыр кӕнӕм дыууӕ хъуыддагыл. 1) Цард у цыбыр. Уӕдӕ нын цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ хъуамӕ Хуыцауы раз нӕхицӕн хорз ном скӕнӕм (Еккл. 7:1). 2) Мӕрдтӕ ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты. Йегъовӕ уыдта, Тавифӕ иннӕтӕн цас хорздзинӕдтӕ арӕзта, уый, ӕмӕ йын раарфӕ кодта. Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ фыдӕбон нӕ ферох кӕндзӕн ӕмӕ, мыййаг, Армагеддоны размӕ нӕ цард куы аскъуыйа, уӕд дӕр нӕ райгас кӕндзӕн (Дзут. 6:10). Уӕдӕ нын ныртӕккӕ «зын» у ӕви нын «сабыр рӕстӕг» скодта, уӕддӕр Чырыстийы тыххӕй дарддӕр бӕстон хъусын кӕнӕм (2 Тим. 4:2).

a Кӕс рамкӕ « Савл – фарисей».

b Ахуыргӕнинӕгтӕ-иу сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты апостолты уылты. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй ацы хатт Чырысти Савлы сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта Ананийы уылты. Савл чырыстон куы сси, уӕд цасдӕр рӕстӕг 12 апостолӕй никӕимӕ фембӕлд. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг ӕнтыстджынӕй хъусын кодта. Бӕрӕг у, Йесо Савлӕн кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн фаг хъарутӕ уыдаид.