Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 СӔР

«Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»

«Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»

Стефан Синедрионы раз ныфсджынӕй ӕвдисӕн куыд лӕууыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

Арӕзт у Хъуыддӕгты 6:8–8:3

1–3. а) Стефан цавӕр тӕссаг уавӕры бахауд ӕмӕ йӕхи куыд дардта? б) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

 СТЕФАН лӕууы тӕрхонгӕнджыты раз. Стыр залы, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалимы кувӕндонмӕ хӕстӕг, бадынц 71 адӕймаджы, цыма тымбыл фынгӕн йе ’мбисы уӕлхъус бадынц, афтӕ. Синедрион абон ӕрӕмбырд Стефанӕн тӕрхон кӕнынмӕ. Ацы тӕрхонгӕнджытӕм ис стыр бартӕ ӕмӕ сты нымад лӕгтӕ. Стӕй сӕ фылдӕр ацы ахуыргӕнинагмӕ кӕсынц ӕнӕрвӕссон цӕстӕй. Тӕрхонгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта хистӕр сауджын Кайафӕ. Цалдӕр мӕйы размӕ Синедрион Йесо Чырыстийӕн мӕлӕты тӕрхон куы рахаста, уӕд дӕр дзы сӕргълӕууӕг уый уыди. Цымӕ Стефан сӕ разы ӕмризӕджы ризы?

2 Диссаг у Стефанӕн йӕ цӕсгоммӕ бакӕсын. Тӕрхонгӕнджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ уынынц, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй у» (Хъуыд. 6:15). Зӕдтӕ сты Йегъовӕйы ӕрвыст минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй фӕтӕрсынц ӕмӕ тыхсгӕ дӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. Ӕмӕ раст ахӕм сабырдзинад ис Стефаны цӕсгомыл дӕр. Уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты, йе сӕфт дзы чи уыны, уыцы тӕрхонгӕнджытӕ дӕр. Стефан афтӕ сабыр цӕй фӕрцы у?

3 Ацы фарстайӕн Библи цы дзуапп дӕтты, уымӕй чырыстӕттӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Стӕй ма нӕ базонын хъӕуы, Стефан ахӕм тӕссаг уавӕры цӕмӕн бахауд, уый дӕр. Уымӕй размӕ йӕ уырнындзинады сӕрыл куыд дзырдта? Ӕмӕ йӕ нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын?

«Адӕмы... сардыдтой» (Хъуыд. 6:8–15)

4, 5. а) Стефан ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн уыди? б) Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»?

4 Мах базыдтам, Стефан стыр ӕххуыс кӕй уыд, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдӕн. Айразмӕйы сӕры куыд федтам, афтӕмӕй Стефан уыд, апостолтӕн баххуыс кӕныныл ӕнӕзивӕгӕй чи сразы, уыцы авд сӕрныллӕг нӕлгоймагӕй сӕ иу. Стефан куыд сӕрныллӕг уыд, уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, цавӕр курдиӕттӕй хайджын уыд, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Хъуыддӕгты 6:8 кӕсӕм, Стефан «стыр диссӕгтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ» кӕй ӕвдыста, апостолтӕй чидӕртӕ куыд арӕзтой диссӕгтӕ, афтӕ. Стӕй ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, «Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ». Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

5 Дзырдбастӕй «Хуыцауы хорзӕх» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр – «хӕларзӕрдӕдзинад». Стефан, ӕвӕццӕгӕн, уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг, ӕмӕ-иу уый фӕрцы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардта. Стефан афтӕ фидарӕй дзырдта, ӕмӕ-иу бирӕтӕ баууӕндыдысты йӕ ныхасыл, бамбӕрстой-иу, сӕ хорз ӕй кӕй фӕнды ӕмӕ сын цы амоны, уый сӕхи пайдайӕн кӕй у. Стефан хайджын уыд Йегъовӕйы хъаруйӕ, кӕнӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ сӕрныллӕгӕй хъуыста. Диссаджы курдиӕттӕй хайджын кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты никуы хаста, фӕлӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы кадджын кодта, стӕй, кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕмы уарзта ӕмӕ сыл тыхсти. Уӕдӕ йе знӕгтӕн сӕ цӕсты сындз куыннӕ уыдаид!

6–8. а) Стефаны цавӕр дыууӕ хъуыддаджы аххосджын кодтой ӕмӕ цӕмӕн? б) Стефаны цӕвиттон абоны чырыстӕттӕн стыр ӕххуыс цӕмӕн у?

6 Стефанимӕ бирӕ лӕгтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, фӕлӕ «йӕ зонды ныхмӕ ӕмӕ, кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыди» a. Сӕ хъуыддагӕй куы ницы рауад, уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, цӕмӕй ацы ахуыргӕнинаджы истӕмӕй фӕаххосджын кодтаиккой. Стӕй ма йыл сардыдтой «адӕмы, хистӕр лӕгты ӕмӕ чиныджыдӕсныты» дӕр, ӕмӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой (Хъуыд. 6:9–12). Тӕрхондоны йӕ аххосджын кодтой дыууӕ хъуыддаджы, зӕгъгӕ, уый фауы Хуыцауы, стӕй ма Моисейы дӕр. Цымӕ сӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

7 Мӕнгӕвдисӕнтӕ загътой, зӕгъгӕ, дам, Стефан Хуыцауы фауы, уымӕн ӕмӕ дзуры «сыгъдӕг бынаты» ныхмӕ, ома Иерусалимы кувӕндоны ныхмӕ (Хъуыд. 6:13). Стӕй, дам, фауы Моисейы дӕр, уымӕн ӕмӕ, Моисей цы ӕгъдӕуттӕ ныууагъта, уыдон фӕивынмӕ хъавы ӕмӕ афтӕмӕй Моисейы закъоны ныхмӕ дзуры. Сӕ цӕсты уый стыр тӕригъӕд уыди. Уӕды заман дзуттӕгтӕ тынг ӕнувыд уыдысты кувӕндоныл, стӕй фидар хӕцыдысты, Моисейы закъоны цы лыстӕг хъуыддӕгтыл цыди дзырд ӕмӕ уыцы Закъонмӕ цы ӕгъдӕуттӕ бафтыдтой, уыдоныл. Уӕдӕ сӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Стефан у тӕссаг адӕймаг ӕмӕ у мӕлӕты аккаг!

8 Хъыгагӕн, абон дӕр дингӕнӕг адӕм раст афтӕ фӕархайынц Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ. Зӕгъӕм, дины разамонджытӕ хицӕутты сардауынц, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл зилой. Нӕ ныхӕстӕ нын куы зыгъуыммӕ кӕной кӕнӕ ныл истытӕ куы мысой, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? Стефан йӕхи куыд дардта, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон зондӕн райсын.

«Нӕ кадджын Хуыцауы» тыххӕй ныфсджынӕй дзурӕм (Хъуыд. 7:1–53)

9, 10. Стефаны раныхасы тыххӕй иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ цы зӕгъынц, ӕмӕ нӕ цы хъӕуы нӕ зӕрдыл бадарын?

9 Райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Стефаны ныхмӕ куы дзырдтой, уӕд йӕ цӕсгом уыди зӕды цӕсгомау рухс ӕмӕ сабыр. Гъемӕ йӕ Кайафӕ бафарста: «Ӕцӕгдӕр афтӕ у?» (Хъуыд. 7:1). Ныр та ралӕууыд Стефаны рад. Ӕмӕ уый дӕр дзурын райдыдта.

10 Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ Стефаны раныхасӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, кӕд дзургӕ бирӕ фӕкодта, уӕддӕр ӕй цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдоны тыххӕй бӕлвырдӕй ницы загъта. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Стефан нын фӕзминаг у, хорз хабары тыххӕй нӕ куы фӕрсой, уӕд «дзуапп дӕттын» куыд хъӕуы, уымӕй (1 Пет. 3:15). Нӕ зӕрдыл бадарӕм, Стефаны цы дыууӕ хъуыддаджы аххосджын кодтой, уыдон: уый, дам, фауы Хуыцауы, кувӕндоны ныхмӕ кӕй дзуры, уымӕй, стӕй, дам, Закъоны ныхмӕ кӕй дзуры, уымӕй та фауы Моисейы. Стефан сын цыбыртӕй радзырдта Израилы адӕмы цардӕй ӕртӕ заманы тыххӕй ӕмӕ сын сӕ хъус ӕрдардта иуӕй-иу хабӕрттӕм. Цӕй уӕдӕ уыцы ӕртӕ заманӕй алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

11, 12. а) Стефан Авраамы цӕвиттон кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы цы бамбарын кодта? б) Стефан йӕ раныхасы Иосифы кой цӕмӕн ракодта?

11 Израилы адӕмы рагфыдӕлты заман (Хъуыд. 7:1–16). Йӕ ныхасы райдианы Стефан ракодта Авраамы кой. Авраамӕн дзуттӕгтӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй стыр кад кодтой. Стефан йӕ ныхас райдыдта, разы цӕуыл уыдысты, уымӕй ӕмӕ сын сӕ хъус ӕрдардта, «кадджын Хуыцау» Йегъовӕ йӕхи Авраамӕн фыццаг хатт Месопотамийы кӕй раргом кодта, уымӕ (Хъуыд. 7:2). Уыцы рӕстӕг Авраам Зӕрдӕвӕрд зӕххыл уыди ӕрцӕуӕггаг, ӕмӕ йын нӕдӕр кувӕндон уыди, нӕдӕр Моисейы Закъон. Уӕдӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион уа, уый алкӕддӕр кувӕндоныл ӕмӕ Моисейы закъоныл хъуамӕ уа баст?

12 Стефан кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны цӕсты тынг кадджын уыди Авраамы байзӕддаг Иосиф дӕр. Фӕлӕ сын Стефан сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыцы рӕстаг адӕймаджы йе ’фсымӕртӕ, Израилы мыггӕгты хистӕртӕ, кӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ йӕ цагъарӕй кӕй ауӕй кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау Израилы стыр бинонты ӕххормаг мӕлӕтӕй уый къухӕй фервӕзын кодта. Стефан, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, Иосиф ӕмӕ Йесо Чырыстийы ’хсӕн ӕмхуызонӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис, уый. Фӕлӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕн уый тыххӕй ницы дзырдта, цӕмӕй ма йӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр байхъуыстаиккой.

13. Стефан Моисейы тыххӕй цы радзырдта, уымӕй йӕ ныхмӕлӕуджытӕн цы равдыста ӕмӕ сын уый фӕрцы цы бамбарын кодта?

13 Моисейы заман (Хъуыд. 7:17–43). Стефан йӕ раныхасы бирӕ хабӕрттӕ радзырдта Моисейы тыххӕй. Афтӕ дзӕгъӕлы нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕй бирӕтӕ саддукейтӕ уыдысты. Ӕмӕ уыдон та Хуыцауы ныхасыл нымадтой, Моисей кӕй ныффыста, ӕрмӕстдӕр уыцы чингуытӕ. Стӕй нӕ зӕрдыл бадарӕм уый дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, Моисейы фауы. Стефан сын аккаг дзуапп радта – равдыста сын, Моисейӕн дӕр ӕмӕ Закъонӕн дӕр тынг кӕй аргъ кодта (Хъуыд. 7:38). Сӕ хъус сын ӕрдардта, Моисейыл дӕр сӕ къух кӕй систой, фервӕзын кӕнынмӕ кӕй хъавыд, уыдон. Уыцы хабар ӕрцыд, 40 азы йыл куы цыди, уӕд. Уымӕй 40 азы фӕстӕдӕр та сын ӕй Хуыцау сӕвӕрдта разамонӕгӕй, фӕлӕ уӕд дӕр ӕдзух йӕ ныхмӕ цыдысты b. Афтӕмӕй сӕ Стефан гыццылгай ӕркодта йӕ раныхасы сӕйраг хъуыдымӕ: рагӕй фӕстӕмӕ дӕр-иу Хуыцауы адӕм сӕ къух систой, разамонӕгӕй-иу сын кӕй сӕвӕрдта, уыдоныл.

14. Стефан Моисейы цӕвиттон кӕй ӕрхаста, уымӕй цавӕр дыууӕ хъуыддаджы бамбарын кодта?

14 Стефан кӕй разы лӕууыд, уыдонӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Моисейы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Израилы фӕзындзӕн мӕн хуызӕн пехуымпар. Чи уыд уыцы пехуымпар ӕмӕ, кӕмӕ ӕрцыд, уыдон ӕм цы цӕстӕй ракастысты? Ацы фарстатӕн Стефан дзуапп радта ӕрмӕстдӕр кӕронбӕттӕны. Ныр та уал сын бамбарын кодта ӕндӕр ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ Моисеимӕ судзгӕ къутӕрӕй куы ныхас кодта, уыцы хабарӕй Моисей бамбӕрста, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у цавӕрфӕнды бынатӕй дӕр табуйаг бынат скӕнын. Уӕдӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр иу кӕцыдӕр бынаты, зӕгъӕм, Иерусалимы кувӕндоны, ис кувӕн, ӕмӕ ӕндӕр никуы? Ууыл дарддӕр аныхас кӕндзыстӕм.

15, 16. а) Стефан йӕ раныхасы цатыры тыххӕй кӕй загъта, уый ахсджиаг цӕмӕн уыд? б) Стефан йӕ раныхасы Соломоны кувӕндоны кой кӕй ракодта, уымӕй цы бамбарын кодта?

15 Цатыр ӕмӕ кувӕндон (Хъуыд. 7:44–50). Стефан тӕрхонгӕнджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иерусалимы кувӕндонӕн йӕ кой дӕр куы нӕма уыди, уӕд Хуыцау Моисейӕн кӕй саразын кодта хӕсгӕ кувӕндон, ома цатыр. Чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ, Моисей Хуыцауӕн йӕхӕдӕг кӕм куывта, уыцы цатыры кад кувӕндоны кадӕй дӕлдӕр уыд?

16 Фӕстӕдӕр Соломон Иерусалимы кувӕндон куы сарӕзта ӕмӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд ӕй сыгъдӕг тых сразӕнгард кодта, цӕмӕй загътаид ахсджиаг хъуыды. Уыцы хъуыды Стефан загъта ахӕм ныхӕстӕй: «Иунӕг Стыр Хуыцау адӕймаджы къухӕй конд хӕдзӕртты нӕ цӕры» (Хъуыд. 7:48; 2 Аз. 6:18). Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн кувӕндонӕй спайда кӕнын, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ Хуыцауӕн кувынӕн ӕнӕмӕнг адӕймаджы къухӕй конд хӕдзар хъӕуы? Стефан ацы ахсджиаг хъуыды балхынцъ кодта, Исайы чиныгӕй цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдонӕй: «Уӕларв у мӕ паддзахбадӕн, зӕхх та – мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Уӕдӕ мын цавӕр хӕдзар сараздзыстут? – зӕгъы Йегъовӕ.– Кӕнӕ кӕм ис ахӕм бынат, цӕмӕй дзы цӕрон? Ӕппӕт адӕттӕ мӕ къух не скодта?» (Хъуыд. 7:49, 50; Ис. 66:1, 2).

17. Стефан йӕ раныхасы а) куыд раргом кодта, йӕ ныхасмӕхъусджыты зондахаст раст кӕй нӕ уыд ӕмӕ б) куыд равдыста, кӕй йӕ аххосджын кодтой, уымӕн бындур кӕй нӕ уыд?

17 Стефаны раныхасӕй ацы хайыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд фендзыстӕм, куыд арӕхстджынӕй раргом кодта, йӕ ныхмӕлӕуджыты зондахаст раст кӕй нӕ уыд, уый. Стефан равдыста, Йегъовӕйы фӕндон цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл баст кӕй нӕу ӕмӕ иу ран кӕй нӕ лӕууы, фӕлӕ ӕдзухдӕр размӕ кӕй цӕуы. Иерусалимы рӕсугъд кувӕндонӕй буц чи уыд ӕмӕ, Моисейы закъонмӕ кӕй бафтыдтой, уыцы ӕгъдӕуттӕ сӕйраг кӕмӕн уыдысты, уыдон нал ӕмбӕрстой, Закъон ӕмӕ кувӕндон цӕй тыххӕй хъуыдысты, уый! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Стефаны раныхасӕй райгуырд ахсджиаг фарста: «Адӕймаг Закъонӕн ӕмӕ кувӕндонӕн кӕй аргъ кӕны, уый, Йегъовӕмӕ кӕй хъусы, уымӕй хуыздӕр ма куыд хъуамӕ равдиса?» Уӕдӕ Стефан йӕ ныхӕстӕй сбӕлвырд кодта, цы арӕзта, уый раст кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ, йӕ бон куыд уыди, афтӕ хъуыста Йегъовӕмӕ.

18. Стефан нын фӕзминаг цӕмӕй у?

18 Стефаны раныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый хорз зыдта Фыстад. Цӕмӕй «рӕстдзинады ныхас раст... амонӕм», уый тыххӕй мах дӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын (2 Тим. 2:15). Стефан нын фӕзминаг у, куыд хӕларзӕрдӕ уыд ӕмӕ куыд уӕздан ныхас кодта, уымӕй дӕр. Кӕимӕ ныхас кодта, уыдонӕй фыдзӕрдӕдӕр адӕм, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн цас уыд, уыйас семӕ ныхас кодта, разы цӕуыл уыдысты ӕмӕ стыр аргъ цӕмӕн кодтой, уыдӕттыл. Стӕй сӕм дзырдта уӕзданӕй, «нӕ буц хистӕртӕ», зӕгъгӕ (Хъуыд. 7:2). Мах дӕр, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый дзурын хъӕуы «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15).

19. Стефан Синедрионы раз Йегъовӕйы тӕрхӕтты тыххӕй ныфсджынӕй куыд дзырдта?

19 Фӕлӕ адӕмӕн, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый дзурын хъуамӕ ӕфсӕрмы ма кӕнӕм, хъыг сӕм куы фӕкӕса, зӕгъгӕ. Стӕй Йегъовӕйы тӕрхӕтты тыххӕй хъуамӕ дзурӕм, куыд сты, афтӕ – мацы сусӕг кӕнӕм. Стефан нын уыцы хъуыддаджы дӕр у фӕзминаг. Стефан куыннӕ ӕмбӕрстаид, уыцы дурзӕрдӕ тӕрхонгӕнджытӕн цыфӕнды бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма хӕсса, уӕддӕр сӕм кӕй ницы бахъардзӕн. Ӕмӕ йӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сразӕнгард кодта, цӕмӕй сын кӕронбӕттӕны комкоммӕ загътаид, сӕ фыдӕлтӕй уӕлдай кӕй не сты – кӕддӕр Иосифы, Моисейы ӕмӕ ӕппӕт пехуымпарты чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕй уӕлдай (Хъуыд. 7:51–53). Уыцы тӕрхонгӕнджытӕ амарын кодтой Мессийӕйы, Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ӕрцыды тыххӕй дзырдтой, уый. Уымӕй стырдӕр тӕригъӕд ма цы хъуамӕ уыдаид Моисейы Закъоны ныхмӕ!

«Хицау Йесо, айс мын мӕ уд» (Хъуыд. 7:54–8:3)

«Уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕты кардау иннӕрдӕм ахызтысты ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд» (Хъуыддӕгтӕ 7:54)

20, 21. Тӕрхонгӕнджытӕ Стефаны ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты, ӕмӕ дзы Йегъовӕ ныфс куыд бауагъта?

20 Тӕрхонгӕнджытӕ зыдтой, Стефан цы дзуры, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, ӕмӕ мӕстӕй рафыхтысты. Худинаг цы у, уый дӕр ферох кодтой – фырмӕстӕй Стефанмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд. Ӕмӕ ма уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы цы бамбарын хъуыд: йӕ Хицау Йесо Чырыстийӕн куыд нӕ фӕтӕригъӕд кодтой, афтӕ уымӕн дӕр нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты.

21 Цӕмӕй Стефан фидар фӕлӕууыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди хъӕбатырдзинад. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ цы цӕстылуайӕн равдыста, уый йын, ӕмӕнӕнг, йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Стефан федта Хуыцауы кад, стӕй федта Йесойы Йегъовӕйы рахиз фарс лӕугӕ! Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй куы дзырдта, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ сӕ хъустӕ ахгӕдтой. Цӕмӕн? Цалдӕр мӕйы размӕ Йесо уыцы тӕрхондоны раз загъта, Мессийӕ кӕй у ӕмӕ тагъд Йегъовӕйы рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн (Мар. 14:62). Ӕмӕ ныр уыцы цӕстылуайӕнӕй рабӕрӕг, Йесо цы загъта, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Мессийӕйыл уыцы тӕрхонгӕнджытӕ рацыдысты гадзрахатӕй ӕмӕ йӕ маргӕ дӕр уыдон акодтой! Уыдон иууылдӕр иумӕ Стефаныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ дуртӕй фӕхостой c.

22, 23. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Стефан дӕр, йӕ Хицау куыд амард, афтӕ амард? б) Абон чырыстӕттӕн сӕ бон цӕмӕн у Стефанау фидарӕй ӕууӕндын, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл?

22 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Стефан амард, йӕ Хицау Йесо куыд амард, афтӕ. Йесойау уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы уыди фарн, йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрдта Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ марджытӕн ныххатыр кодта. Стефан загъта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд». Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн загъта, ӕмӕ ма уӕд дӕр цӕстылуайӕны уыдта Адӕймаджы Фырты йӕ Фыды фарсмӕ. Стефан ӕнӕмӕнг зыдтаид Йесойы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ, «ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард», зӕгъгӕ (Иоан. 11:25). Фӕстагмӕ Хуыцаумӕ хъӕрӕй скуывта: «Йегъовӕ, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд амард (Хъуыд. 7:59, 60).

23 Афтӕмӕй Стефан сси, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй хъизӕмайраг мардӕй чи амард ӕмӕ Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыдонӕй фыццаг. (Кӕс рамкӕ « „Хъизӕмаргӕнӕг“ – цы нысан кӕны?».) Хъыгагӕн, афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ фӕстӕ ахӕм мардӕй ничиуал амард. Абоны онг дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты амарынц, дин ӕмӕ политикӕйы сӕрыл тохгӕнгӕйӕ чи сызнӕт вӕййы, стӕй ма ноджыдӕр нӕ ныхмӕ карзӕй чи цӕуы, уыдон. Фӕлӕ мах дӕр Стефанау фидарӕй уырны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Ныртӕккӕ Йесо у Паддзах ӕмӕ йӕ йӕ Фыд схайджын кодта диссаджы хъомысӕй. Ӕмӕ йӕ ӕппындӕр ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты райгас кӕна (Иоан. 5:28, 29).

24. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Стефаны мӕлӕты Савл дӕр уыди аххосджын? б) Уыцы иузӕрдион адӕймаджы мӕлӕт чырыстӕтты царды цавӕр фӕд ныууагъта?

24 Уыцы хабӕрттӕм каст ӕрыгон нӕлгоймаг, Савл, зӕгъгӕ. Савл растыл нымадта, Стефаны кӕй амардтой, уый. Дуртӕ йыл чи ӕхста, уыдонӕн ма сӕ уӕлӕдарӕс дӕр хъахъхъӕдта. Цасдӕры фӕстӕ та чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдта. Фӕлӕ Стефаны мӕлӕт чырыстӕтты царды арф фӕд ныууагъта. Йӕ фидардзинад сӕ бафидар кодта, цӕмӕй уыдон дӕр кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой ӕмӕ, уый куыд фӕуӕлахиз, афтӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой. Уымӕй уӕлдай Савл (уый фӕстӕ йӕ арӕхдӕр хуыдтой Павел) тынг фӕсмон кодта, Стефаны марджытимӕ кӕй уыди, ууыл (Хъуыд. 22:20). Кӕд Павел Стефаны марджытӕн сӕ къух сарӕзта, уӕддӕр фӕстӕдӕр йӕ тӕригъӕдыл басаст: «[Ӕз] Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн» (1 Тим. 1:13). Павел никуы ферох кодта Стефанӕн йӕхи дӕр ӕмӕ, уыцы бон Синедрионы раз ныфсджынӕй цы дзырдта, уый дӕр. Павел йӕ раныхӕсты ӕмӕ йӕ фыстӕджытӕй кӕцыдӕрты ноджы бӕстондӕр бамбарын кодта, Стефан йӕ раныхасы цӕй тыххӕй дзырдта, уыдӕттӕ (Хъуыд. 7:48; 17:24; Дзут. 9:24). Куыд федтам, афтӕмӕй Стефан «хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ». Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Павел уыцы адӕймагӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр – уый дӕр сси афтӕ хъӕбатыр ӕмӕ ахӕм фидар уырнындзинады хицау. Уӕдӕ ныр фарста уый мидӕг ис, ӕмӕ йӕ мах дӕр бафӕзмдзыстӕм?

a Стефаны ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты, «кӕй ссӕрибар кодтой, уыдоны ӕмбырдгӕнӕнӕй». Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты, кӕддӕр ромӕгтӕ уацары кӕй акодтой ӕмӕ стӕй кӕй ссӕрибар кодтой, уыцы дзуттӕгтӕй, кӕнӕ та, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй кӕй ссӕрибар кодтой ӕмӕ дзуттаг дин чи райста, уыцы цагъартӕй. Чидӕртӕ сӕ уыдысты Киликийӕ, тарсаг Савл кӕцӕй уыд, уырдыгӕй. Стефаны ныхмӕ сӕ бон фӕлӕууын кӕмӕн нӕ уыди, уыцы лӕгты ’хсӕн Савл дӕр уыд ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст.

b Стефаны раныхасӕй базонӕн ис, Библийы ӕндӕр ран чи никуы ис фыст, ахӕм хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, базонӕн дзы ис, Моисей Египеты стыр ахуырдзинад кӕй райста, стӕй, уырдыгӕй фыццаг хатт куы алыгъд, уӕд ыл цас цыди ӕмӕ Мадиамы зӕххыл цас фӕци, уыдӕтты тыххӕй дӕр.

c Ромы закъонмӕ гӕсгӕ Синедрионӕн, ӕвӕццӕгӕн, уый бар нӕ уыди, цӕмӕй-иу искӕмӕн мӕлӕты тӕрхон рахастаид (Иоан. 18:31). Куыдфӕнды ма уыдаид,– Стефаны уый тыххӕй нӕ амардтой, ӕмӕ йын раст стӕрхон кодтой, фӕлӕ, фырмӕстӕй цы арӕзтой, уый кӕй нал ӕмбӕрстой, уый тыххӕй.