Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔР

«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕм

«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕм

Хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп нын у фӕзминаг

Арӕзт у Хъуыддӕгты 8:4–40

1, 2. Фыццаг ӕнусы знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл кӕй архайдтой, уый цӕмӕ ’ркодта?

 ЧЫРЫСТӔТТЫЛ саубон акодта. Савл райдыдта ӕмбырды ныхмӕ «ӕгъатырӕй тох кӕнын» – ацы дзырдбаст грекъаг ӕвзаджы нысан кӕны фыдмитӕ кӕнын (Хъуыд. 8:3). Ахуыргӕнинӕгтӕ алырдӕмты ныххӕлиу сты, ӕмӕ, чи зоны, чидӕртӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ныр Павелӕн йӕ къухы бафтдзӕн чырыстон дин бындзарӕй стонын. Фӕлӕ хабар рауад бынтон ӕндӕрхуызон. Куыд?

2 Алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыдон, кӕдӕм алыгъдысты, уыцы рӕтты «хъусын кодтой хорз хабар, Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 8:4). Ахъуыды-ма кӕн, знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг уромгӕ нӕ бакодтой, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодтой хорз хабар ноджы тынгдӕр апарахат кӕнынӕн! Сӕ хӕдзӕрттӕй сӕ лидзӕг кӕй фӕкодтой, уымӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн стыр ӕххуыс фесты, сӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтой, афтӕмӕй: ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой дард рӕттӕм. Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы абон дӕр.

«Алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыдон» (Хъуыд. 8:4–8)

3. а) Чи уыд Филипп? б) Самарийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар цӕуылнӕ фехъуыстой, фӕлӕ Йесо Самарийы тыххӕй цы загъта?

3 «Алырдӕмты чи ныххӕлиу», уыдонӕй сӕ иу уыд Филипп a (Хъуыд. 8:4; кӕс рамкӕ « „Хорз хабар хъусынгӕнӕг“ Филипп»). Уый ацыд Самаримӕ. Уыцы горӕты адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар нӕма фехъуыстой, уымӕн ӕмӕ иухатт Йесо йӕ апостолтӕн бафӕдзӕхста: «Самариаг горӕттӕй... макӕцымӕ бацӕут, фӕлӕ ацӕут Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ» (Матф. 10:5, 6). Фӕлӕ Йесо зыдта, фӕстӕдӕр Самарийы хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).

4. Филипп цы хабар хъусын кодта, уымӕ самариӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн?

4 Самарийы «хуымтӕ» ӕцӕгдӕр «фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ уыдысты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Филипп цы хабар хъусын кодта, уый самариӕгтӕн уыд, тӕвд бон уазал дымгӕ куыд ӕрбадымы, уыйау, ӕмӕ, цӕмӕн, уый зын бамбарӕн нӕу. Дзуттӕгтӕ семӕ дзургӕ дӕр нӕ кодтой, бирӕтӕ та сыл былысчъилтӕ кодтой. Фӕлӕ ныр самариӕгтӕ бамбӕрстой, хорз хабар алкӕй дӕр ныфс кӕй уадзы, адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр, ӕмӕ тынг кӕй хицӕн кӕны, ӕнӕрвӕссон цӕстӕй сӕм чи кӕсы, уыцы фарисейты зондахастӕй. Филипп самариӕгты кӕй нӕ хъулон кодта, фӕлӕ сын зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уымӕй равдыста, уыцы зондахастӕй кӕй нӕ фӕхъӕстӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, самариӕгтӕй йӕм бирӕтӕ лӕмбынӕг кӕй хъуыстой (Хъуыд. 8:6).

5–7. Радзур, чырыстӕттӕ-иу сӕ хӕдзӕрттӕй хауӕггаг кӕй фесты, уый фӕрцы-иу хорз хабар ноджы фылдӕр адӕм куыд фехъуыстой, ахӕм хабӕрттӕ.

5 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы фефхӕрынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон нӕу хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын. Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ чырыстӕтты ахӕстӕтты куы бакӕнынц кӕнӕ та сӕ сӕ хӕдзӕрттӕй хауӕггаг куы фӕкӕнынц, уӕд уый фӕрцы ӕндӕр рӕтты дӕр адӕм хорз хабар фехъусынц. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нацистты концлагерты дӕр хъусын кодтой. Иу дзуттаг нӕлгоймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ базонгӕ концлагеры. Уый загъта: «Ахст адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чи уыд, уыдон куыд фидар уыдысты, уымӕ кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый, ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн».

6 Хатт-иу хорз хабармӕ байхъуыстой, чи сӕ ӕфхӕрдта, уыдон дӕр. Зӕгъӕм, не ’фсымӕр Франц Дешы бакодтой Гюзены (Австри) концлагеры, ӕмӕ уым Библи ахуыр кӕнын райдыдта СС-ы ӕфсады афицеримӕ. Бирӕ азты фӕстӕ конгрессы фембӕлдысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кодтаиккой – ныр сӕ дыууӕ дӕр уыдысты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ!

7 Хабар афтӕ рауайы, чырыстӕтты фӕдыл зилын куы райдайынц ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ лидзын куы бахъӕуы, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, 1970 азты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Малавийӕ Мозамбикмӕ лидзинаг куы фесты, уӕд уым цӕрӕг адӕмӕн хъусын кодтой. Ӕмӕ фӕстӕдӕр Мозамбикы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг не ’рлӕууыд. Не ’фсымӕр Франсиску Коана дзуры: «Хъусын кӕныны тыххӕй-иу нӕ арӕх ӕрцахстой. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ истой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтам, Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, махӕн дӕр афтӕ кӕй ӕххуыс кӕны».

8. Политикӕйы ӕмӕ экономикӕйы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзындысты?

8 Фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддаг, нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ апарахат ӕндӕр бӕстӕты. Фӕстаг азты политикӕйы ӕмӕ экономикӕйы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы дӕр хорз хабар хъуыстгонд цӕуы алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн. Хӕстытӕ кӕм цӕуы ӕмӕ адӕм ӕххормаг кӕм ӕййафынц, уыцы бӕстӕтӕй бирӕтӕ алыгъдысты, хуыздӕр уавӕртӕ кӕм ис, ахӕм рӕттӕм ӕмӕ уым райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Бирӕ ӕрлидзӕг адӕм кӕм ис, уыцы рӕтты фӕзынд, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, ахӕм ӕмбырдтӕ. Ды дӕр, кӕм цӕрыс, уым «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» чи ис, уыдонӕн хорз хабар фӕхъусын кӕныс? (Рарг. 7:9).

«Мӕнӕн дӕр-ма ахӕм тых раттут» (Хъуыд. 8:9–25)

«Симон уый куы федта, ӕмӕ, апостолтӕ сӕ къухтӕ кӕуыл ӕвӕрынц, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын вӕййынц, уӕд сӕм ӕхцаимӕ бацыд» (Хъуыддӕгтӕ 8:18)

9. Чи уыд Симон ӕмӕ йӕ, Филиппмӕ кӕсгӕйӕ, дисы цы бафтыдта?

9 Филипп Самарийы бирӕ диссӕгтӕ арӕзта. Зӕгъӕм, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ма суанг хӕйрӕджыты дӕр сырдта (Хъуыд. 8:6–8). Филиппӕн йӕ бон ахӕм диссӕгтӕ аразын кӕй уыд, уый уӕлдай диссаг фӕкасти иу лӕгмӕ, Симон, зӕгъгӕ. Уый уыд кӕлӕнгӕнӕг, ӕмӕ йын адӕмы цӕсты ахӕм кад уыди, ӕмӕ дзырдтой: «Ацы лӕгмӕ ис стыр тых Хуыцауӕй». Фӕлӕ ныр, Филипп цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, Симон федта Хуыцауы ӕцӕг тых. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сси уырнӕг (Хъуыд. 8:9–13). Фӕлӕ фӕстӕдӕр рабӕрӕг, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Куыд?

10. а) Петр ӕмӕ Иоанн Самарийы цы куыстой? б) Петр ӕмӕ Иоанн ног ахуыргӕнинӕгтыл сӕ къухтӕ куы ’рӕвӕрдтой ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд Симон цы сарӕзта?

10 Самарийы бирӕтӕ хорз хабармӕ кӕй хъусынц, уый апостолтӕ куы базыдтой, уӕд уырдӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны. (Кӕс рамкӕ « Петр спайда кодта „Паддзахады дӕгъӕлтӕй“».) Дыууӕ апостолы уырдӕм куы ’рцыдысты, уӕд ног ахуыргӕнинӕгтыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ алчидӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын b. Симон уый куы федта, уӕд йӕхицӕн ӕнцой нал ардта. «Мӕнӕн дӕр-ма ахӕм тых раттут,– загъта апостолтӕн,– цӕмӕй-иу, мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уой». Симон ма сын ӕхца дӕр лӕвӕрдта – Хуыцау цы тых дӕтты, уый балхӕнынмӕ хъавыд! (Хъуыд. 8:14–19).

11. Петр Симонӕн куыд бауайдзӕф кодта ӕмӕ Симон куыд бакодта?

11 Петр Симонӕн карзӕй бауайдзӕф кодта: «Де ’взист демӕ фесӕфӕд – ды Хуыцауы стыр лӕвар ӕхцайӕ балхӕнынмӕ хъавыдтӕ. Ацы хъуыддаджы дӕуӕн хай нӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг нӕу». Уый фӕстӕ йын загъта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаид ӕмӕ Хуыцауӕй хатыр ракуырдтаид: «Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕн, кӕд дын дӕ фыдвӕнд ныххатыр кӕнид». Симон, ӕвӕццӕгӕн, ӕвзӕр адӕймаг нӕ уыд. Раст цы у, уый аразын ӕй фӕндгӕ кодта, фӕлӕ хабӕрттӕ раст не ’мбӕрста. Гъемӕ апостолтӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Сымах-ма скувут мӕн тыххӕй Йегъовӕмӕ, цӕмӕй, цы загътат, уыдонӕй мыл мацы ’рцӕуа» (Хъуыд. 8:20–24).

12. Чырыстон дуне Симоны низӕй куыд «фӕрынчын»?

12 Петр Симонӕн кӕй бауайдзӕф кодта, уый абон чырыстӕттӕн у зондзонӕн. Ӕнусты дӕргъы арӕх уыди ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ-иу бартӕ ӕлхӕд ӕмӕ уӕйгонд ӕрцыдысты, уӕлдайдӕр та дины хъуыддӕгты. Чырыстон дуне зындгонд у ахӕм хабӕрттӕй. «Бритайнаг энциклопедийы» фарӕстӕм рауагъды фыст ис: «Католикон папӕты-иу куыд ӕвзӕрстой, уыцы хабӕрттӕ ахуыр кӕнгӕйӕ студенттӕ федтой, ӕвзӕрстыты рӕстӕг-иу уыцы бартӕ алы хатт дӕр ӕлхӕд кӕй ӕрцыдысты. Арӕх уыцы хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕргом ӕмӕ афтӕ ӕдзӕсгомӕй кодтой, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй» («The Encyclopædia Britannica», 1878 аз).

13. Чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой?

13 Чырыстӕттӕ хъуамӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй сӕхи хизой. Зӕгъӕм, ӕмбырды цӕстдарджытӕн хъуамӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ ма кӕной, кӕд мын мӕ бӕрны исты кадджын хӕстӕ бакӕниккой, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдон та хъуамӕ сӕхи хизой хъӕздыг чырыстӕттӕн хъулон митӕ кӕнынӕй. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхи нымайа «иннӕтӕй дӕлдӕрыл» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса, ӕмбырды кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕд снысан кӕндзӕн, уымӕ (Лук. 9:48). Йегъовӕйы организацийы бынат нӕй, «йӕхицӕн кад [чи] агуры», уыдонӕн (Ӕмб. 25:27).

«Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» (Хъуыд. 8:26–40)

14, 15. а) Чи уыд «ефиопаг хицау» ӕмӕ йыл Филипп куыд фембӕлд? б) Ефиопаг хицау Филиппмӕ куыд байхъуыста ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ донаргъуыд ӕгӕр тагъд райста? (Кӕс фиппаинаг.)

14 Йегъовӕйы зӕд Филиппӕн загъта, цӕмӕй ацыдаид, Иерусалимӕй Газӕмӕ чи кодта, уыцы фӕндагыл. Филипп, чи зоны, хъуыды кодта, зӕгъгӕ мӕ уырдӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы. Фӕлӕ фӕндагыл иу ефиопаг хицауыл куы сӕмбӕлд, уӕд бамбӕрста, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый. Уыцы хицау «хъӕрӕй каст пехуымпар Исайы чиныг». (Кӕс рамкӕ «Ч и уыд „ефиопаг хицау“?».) Хуыцау Филиппы йӕ сыгъдӕг тыхӕй сразӕнгард кодта, ӕмӕ Филипп уыцы лӕджы бӕхуӕрдонмӕ базгъордта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Ефиопаг хицау ын загъта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» (Хъуыд. 8:26–31).

15 Ефиопаг хицау Филиппы йӕ бӕхуӕрдоны сбадын кодта. Ахъуыды-ма кӕн, се ’хсӕн цы ныхас рауадаид! Ӕнусты дӕргъы ничи зыдта, кӕмӕ амоны, Исай цы «уӕрыччы», кӕнӕ «лӕггадгӕнӕджы», кой кодта, уый (Ис. 53:1–12). Фӕлӕ бӕхуӕрдоны иумӕ куы цыдысты, уӕд ын Филипп бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ Чырыстийыл кӕй сӕххӕст сты. Уыцы ефиопаг хицау хӕст уыд дзуттаг диныл ӕмӕ, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд чи райста, уыдонау уый дӕр зыдта, цы кӕнын ӕй хъуыди, уый. Гъемӕ Филиппӕн загъта: «Мӕнӕ дон! Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» Ӕмӕ йын Филипп дӕр ӕвӕстиатӕй донаргъуыд радта! c (Кӕс рамкӕ « Аргъуыд райсынц доны».) Уый фӕстӕ Филипп ацыд Азотмӕ, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ын куыд бацамыдта, афтӕ, ӕмӕ дарддӕр уым хъусын кодта хорз хабар (Хъуыд. 8:32–40).

16, 17. Зӕдтӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

16 Абон чырыстӕттӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ уыдон дӕр архайынц, Филипп цы хъуыддаджы архайдта, уыцы хъуыддаджы. Хорз хабар арӕх фӕхъусын кӕнынц, фадат сын куы фӕзыны, уӕд, зӕгъӕм, фӕндагыл. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл куы фембӕлынц, уӕд арӕх уый йӕхи ӕгъдауӕй нӕ рауайы афтӕ. Библийы фыст ис, уыцы хъуыддагӕн зӕдтӕ разамынд кӕй дӕттынц, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» дӕр (Рарг. 14:6). Уый тыххӕй дзырдта Йесо йӕхӕдӕг дӕр. Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны афон, ома ацы цардӕвӕрды кӕрон, «хуымгӕрдджытӕ» кӕй уыдзысты «зӕдтӕ». Стӕй ма загъта, уыдон «йӕ паддзахадӕй [кӕй] сӕмбырд кӕндзысты, иннӕты чи рӕдийын кӕны ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр» (Матф. 13:37–41). Фӕлӕ ма зӕдтӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной, Йегъовӕйы йӕ организацимӕ ӕрбакӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы дӕр: уӕларвон Паддзахады бынтӕ чи хъуамӕ райстаид, уыдоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та – «ӕндӕр фысты», кӕнӕ «тынг бирӕ адӕмы» (Рарг. 7:9; Иоан. 6:44, 65; 10:16).

17 Зӕдтӕ нын уацамынды ӕцӕгдӕр кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый бӕрӕг у бирӕ хабӕрттӕй. Зӕгъӕм, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонӕй чидӕртӕ фӕзӕгъынц, Хуыцаумӕ кӕй куывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Дыууӕ хъусынгӕнӕджы уацамынды семӕ акодтой гыццыл сывӕллоны. Сихормӕ ӕввахс сӕ зӕрды уыд участокӕй ацӕуын. Фӕлӕ сывӕллон ныллӕууыд, цом иннӕ хӕдзармӕ дӕр, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕхӕдӕг уыцы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ дуар бахоста! Дуар бакодта ӕрыгон сылгоймаг, ӕмӕ йӕм уӕд дыууӕ хъусынгӕнӕджы бацыдысты ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой. Сылгоймаг сын радзырдта, гыццыл раздӕр Хуыцаумӕ кӕй куывта, цӕмӕй йӕм, Библийы цы фыст ис, уый йын чи бамбарын кӕна, ахӕм искӕй ӕрбарвита. Ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой!

«О Хуыцау, кӕд искуы дӕ, уӕд-ма мын баххуыс кӕн»

18. Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

18 Ахъуыды-ма кӕн, цӕй стыр кад у, ӕгас дунейы дӕр цы куыст цӕуы, уым зӕдтимӕ иумӕ архайын! Хорз хабар абон цас адӕмӕн цӕуы хъуыстгонд, уыйбӕрц никуыма. Уӕдӕ дӕм цы кад ӕрхауд, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы кӕс. Ӕппӕт хъарутӕй архай ӕмӕ дарддӕр дӕр «Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕн. Уый дын стыр циндзинад хӕсдзӕн (Хъуыд. 8:35).

a Уый апостол Филипп нӕу, фӕлӕ, 5 сӕры кӕй кой цыди, уыцы Филипп. Уый уыд, Иерусалимы ӕфсымӕртӕ кӕй равзӕрстой, уыцы «авд лӕгӕй, хорз ном кӕмӕн уыд», уыдонӕй сӕ иу. Уыцы лӕгты снысан кодтой, цӕмӕй, грекъагау чи дзырдта ӕмӕ дзуттагау чи дзырдта, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн алы бон дӕр хӕринаг уӕрстаиккой (Хъуыд. 6:1–6).

b Уыцы рӕстӕг-иу, ӕвӕццӕгӕн, ног ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, кӕнӕ-иу дзы схайджын сты, донаргъуыд-иу куы райстой, уӕд. Уый фӕрцы-иу сын фадат фӕзынд, цӕмӕй фидӕны Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыдаиккой (2 Кор. 1:21, 22; Рарг. 5:9, 10; 20:6). Фӕлӕ ацы хатт ног ахуыргӕнинӕгтӕ, донаргъуыд куы райстой, уӕд не ’рцыдысты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст. Уыцы чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ сӕ бон диссӕгтӕ аразын сси, Петр ӕмӕ сыл Иоанн сӕ къухтӕ куы ’рӕвӕрдтой, ӕрмӕстдӕр уӕд.

c Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ефиопаг хицау уыцы къахдзӕф ӕгӕр тагъд сарӕзта. Уый уыд дзуттаг диныл хӕст, ӕмӕ зыдта Фыстытӕ ӕмӕ дзы Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон дӕр. Ӕмӕ ныр, Чырыстийӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ бон уыд ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райсын.