Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕронбӕттӕн

Кӕронбӕттӕн

Йегъовӕйы адӕмимӕ куы уыдтӕ, уыцы диссаджы рӕстӕджытӕ никуы ӕрымысыс? Дӕ зӕрдыл не ’рлӕууы, ӕмбырды кӕнӕ-иу дыл конгрессы базыртӕ куыд базад? Уацамынды-иу дыл цавӕрдӕр цымыдисаг хабар куы ’рцыди? Йе та-иу хотӕй, ӕфсымӕртӕй искӕимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куыд фӕныхас кодтай? Ды Йегъовӕйы нӕ ферох кодтай, ӕмӕ дӕ уый дӕр нӕ ферох кодта. Куыд иузӕрдионӕй йын лӕггад кодтай, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ йӕ тынг фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай.

Йегъовӕ зӕгъы: «Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн. Алырдӕмты чи ныппырх, уыцы фыстӕм сӕ фыййау... куыд базилы, афтӕ ӕз дӕр базилдзынӕн мӕ фыстӕм. Ӕз сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн... кӕм ныппырх сты, ӕппӕт уыцы бынӕттӕй» (Йезекил 34:11, 12).