Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫККАГ ХАЙ

Мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ. «Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц»

Мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ. «Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц»

«Мӕ цардӕмбалимӕ 25 азы фӕцардыстӕм, фӕлӕ стӕй ахицӕн стӕм. Мӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинад ныууагътой. Алыхуызон низтӕ мӕ сӕ быны скодтой. Ӕмӕ мӕм депресси дӕр фӕзынд. Дуне мыл баталынг. Мӕ бон ӕппындӕр ницыуал уыди аразын. Ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн ӕмӕ хъусын дӕр нал кодтон» (Джун).

МӔТ ӕмӕ сагъӕстӕй хызт ничи у, суанг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр. «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой... нал лӕвӕрдтой»,– ныффыста псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 94:19). Ӕмӕ Йесо Чырысти дӕр загъта, ацы фӕстаг бонты адӕмӕн «царды сагъӕсты» тыххӕй уӕлдай зын кӕй уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Лукайы 21:34). Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Цардамӕлттӕ кӕнын дын зын кӕй у, дӕ бинонты тыххӕй цӕуылдӕр кӕй маст кӕныс йе та де ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй, мыййаг, дӕхи цы фӕкӕнай, уый нал зоныс? Ахӕм уавӕры дын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

«Адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару»

Мӕт ӕмӕ сагъӕсты ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ иунӕгӕй ницы бакӕндзыстӕм. Апостол Павел ныффыста: «Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц... фӕтыхсӕм... ссӕндынц нӕ». Фӕлӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, «афтӕ нӕу, ӕмӕ нын фезмӕлӕн мауал уа», «бынтон афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм» ӕмӕ «нӕ сӕфӕм». Фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууӕм? «Адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйы» фӕрцы. О, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйӕ чи цӕуы, уыцы хъаруйы фӕрцы (2 Коринфӕгтӕм 4:7–9).

Ӕрхъуыды-ма кӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ»-иу куыд схайджын дӕ, уый. Никуы дын уыди афтӕ, ӕмӕ дӕ цавӕрдӕр раныхас тынг бафидар кодта ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтай Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн? Кӕнӕ-иу адӕмӕн ног дунейы тыххӕй куы дзырдтай, уӕд-иу дӕхи уырнындзинад дӕр ноджы тынгдӕр нӕ бафидар? Ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд нын Йегъовӕ хъарутӕ ратты, цӕмӕй нӕ бон уа царды сагъӕстӕн фӕразын. Нӕ зӕрдӕты ӕрцӕры фарн, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

«Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»

Чи зоны дын уыйбӕрц зындзинӕдтӕ ис, ӕмӕ дӕ сӕрыл куырой зилы, кӕцырдӕм ма акӕнай, уый нал зоныс. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын фыццаджыдӕр йӕ Паддзахад агурӕм ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕн рӕстӕг арӕм (Матфейы 6:33; Лукайы 13:24). Фӕлӕ дӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, де ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй кӕй нӕу кӕнӕ та дын хӕдзары зындзинӕдтӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕ бон, цас дӕ фӕнды, уыйас куы нӕ уа аразын, уӕд та? Йе та дын дӕ куыст, ӕмбырдӕн дӕ кӕй фӕндид раттын, уыцы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ куы хӕра? Уыйбӕрц цыдӕртӕ дӕ кӕй хъӕуы аразын, ӕмӕ алцӕуыл кӕй не ’ххӕссыс, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Чи зоны, афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕныс, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ домы.

Йегъовӕ нӕ тынг хорз ӕмбары. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы. Ӕмӕ йӕ зоны, фӕллад куы вӕййӕм кӕнӕ нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ рӕстӕг кӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕхимӕ ӕрцӕуӕм ӕмӕ та нӕм ногӕй хъарутӕ фӕзына (Псалом 103:13, 14).

Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст ӕмӕ фыртӕссӕй ӕдзӕрӕг быдырмӕ куы алыгъд, уӕд ын Йегъовӕ, мыййаг, бауайдзӕф кодта ӕмӕ йын загъта, ацу ӕмӕ дын цы бахӕс кодтон, уый кӕн, зӕгъгӕ? Нӕ. Йегъовӕ дыууӕ хатты йӕ зӕды арвыста, ӕмӕ уый Илийайы сабыргай райхъал кодта ӕмӕ ма йын хӕринаг дӕр радта. Фӕлӕ ма 40 боны фӕстӕ дӕр Илийа йӕхимӕ нӕма ӕрцыд, уӕддӕр ма йӕ зӕрдӕйы уыди тас. Йегъовӕ ма йын ноджыдӕр куыд баххуыс кодта? Фыццаг уал ын равдыста, йӕ бон ӕй кӕй у бахъахъхъӕнын. Стӕй йӕ «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсӕй» барӕвдыдта. Фӕстагмӕ та йын Йегъовӕ загъта, ноджыдӕр ма йын цалдӕр мин адӕймаджы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Уыдӕтты фӕрцы Илийамӕ хъарутӕ фӕзынд ӕмӕ дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта (1 Паддзӕхты 19:1–19). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Илийайӕн тыхст хъуыдытӕ ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд Йегъовӕ йемӕ уыди фӕразон ӕмӕ йын йӕ зын ӕмбӕрста. Йегъовӕ абон дӕр нӕ фӕивта. Ӕмӕ махыл дӕр афтӕ тыхсы.

Йегъовӕйӕн дӕ бон цы у раттын, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд-иу дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Раздӕр цас арӕзтай, ныртӕккӕ уыйбӕрц кӕй нӕу дӕ бон аразын, ууыл ма мӕт кӕн. Мӕнӕ-ма ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕн: ерысты чи фезгъоры, уый цалдӕр мӕйы кӕнӕ цалдӕр азы тренировкӕтӕ куы нал кӕна, уӕд ӕвиппайды йӕ раздӕры фӕткмӕ гӕсгӕ райдайдзӕн архайын? Зынтӕй. Цӕмӕй та йе уӕнгты хъарутӕ бацӕуа ӕмӕ йӕ бон фылдӕр згъорын уа, уый тыххӕй уал йӕ разы гыццыл нысӕнттӕ сӕвӕрдзӕн. Чырыстӕтты дӕр абарӕн ис ахӕм згъорӕгимӕ. Уыдонӕн дӕр сӕ разы ис бӕлвырд нысан, ӕмӕ сӕхиуыл кусынц, цӕмӕй сӕ къухы бафта (1 Коринфӕгтӕм 9:24–27). Хорз нӕ уаид, ды дӕр Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы куы сӕвӕрис, ныртӕккӕ дӕ къухы чи бафтид, ахӕм нысан? Зӕгъӕм, ӕмбырдмӕ ацӕуын. Уый тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Гыццылгай та дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг «бафӕлвардзынӕ ӕмӕ базондзынӕ, Йегъовӕ куыд хорз у, уый» (Псалом 34:8). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, кӕй йӕ уарзыс, уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, уымӕн – цыфӕнды гыццыл хъуыддаг ма уа, уӕддӕр (Лукайы 21:1–4).

Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ Йегъовӕ никуы фӕдомы

«Кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уыцы ӕххуыс»

Йегъовӕ Джунӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтаид? Джун нын радзырдта: «Йегъовӕмӕ куывтон, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ. Иу цасдӕры фӕстӕ мын мӕ чындз афтӕ, нӕ горӕты, дам, тагъд конгресс уыдзӕн. Ӕз дӕр мӕхицӕн загътон, зӕгъын, иу бон уӕддӕр хъуамӕ ацӕуон. Йегъовӕйы адӕмы та ногӕй куы федтон, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕ риуӕй рацӕйгӕпп кодта! Уыцы конгресс мын уыди, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уыцы ӕххуыс. Абон та ногӕй Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ та мӕм мӕ цард афтид нал кӕсы. Ныры хуызӕн мӕм никуы бахъардта, ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хотӕй дӕхи дард ласай ӕмӕ дӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй тох кӕнай, уый раст кӕй нӕу. Куыд хорз у, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхыны фадат ма мын кӕй уыди».