Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫППӔРӔМ ХАЙ

Дӕ рӕдыды тыххӕй дӕхи хӕрыс. «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй»

Дӕ рӕдыды тыххӕй дӕхи хӕрыс. «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй»

«Мӕ ног куысты фӕрцы нӕ бинонтӕ цух ницӕмӕй ӕййӕфтой. Фӕлӕ йӕ бӕллӕх уый уыди, ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты аныгъуылдтӕн. Райдыдтон алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ кӕнын, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын ӕмӕ ма суанг аргъуанмӕ дӕр цӕуын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн бӕргӕ уыдтӕн, фӕлӕ 40 азы бӕрц ӕмбырдтӕм нал цыдтӕн. Цас фылдӕр рӕстӕг цыди, уыйас мӕм тынгдӕр афтӕ каст, ӕмӕ мын Йегъовӕ нӕ ныххатыр кӕндзӕн. Мӕхӕдӕг мӕхицӕн ныххатыр кодтаин, уый дӕр мӕ бон нӕ уыди. Рӕстдзинад зон, ӕмӕ сӕфты фӕндагыл ныллӕуу?!» (Мартӕ).

АДӔЙМАГ йӕ рӕдыды тыххӕй йӕхи куы фӕхӕры, уӕд ын уый уӕззау уаргъы хуызӕн свӕййы. Паддзах Давид ныффыста: «Мӕ рӕдыдтытӕ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фесты, уӕззау уаргъау мыл уӕз кӕнынц» (Псалом 38:4). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сӕхимӕ бынтондӕр ныхъхъусынц, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 2:7). Цымӕ уый раст хъуыды у? Кӕд уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр сарӕзтай, уӕддӕр цымӕ Йегъовӕйӕ афтӕ адард дӕ, ӕмӕ дын никуыуал ныххатыр кӕндзӕн? Уый афтӕ нӕу.

«Иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм»

Йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдоныл Йегъовӕ йӕхи нӕ атигъ кӕны. Йӕхӕдӕг сӕм йе ’ххуысы къух бадары! Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым Йегъовӕйы абарста уарзӕгой фыдимӕ. Йӕ фырт хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ хӕлд цард кӕнын райдыдта. Иу афон фырт сфӕнд кодта фӕстӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрбаздӕхын. «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта» (Лукайы 15:11–20). Чи зоны, дӕу дӕр фӕнды фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын, фӕлӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзы «нырма дард» дӕ. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы фыды кой ракодта, уыйау Йегъовӕ дӕуӕн дӕр тынг тӕригъӕд кӕны ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ хъӕбысы та дӕ кӕд ӕрбакӕндзӕн, уымӕ.

Фӕлӕ дӕм, мыййаг, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕ ӕгӕр уӕззау кӕнӕ ӕгӕр бирӕ сты, ӕмӕ дын сӕ Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн? Дӕ хорзӕхӕй, ӕркӕс-ма, Йегъовӕ дын йӕхӕдӕг куыд дзуры: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Исай 1:18). Кӕс-ма, Йегъовӕйӕн йӕ бон ныххатыр кӕнын у, урс дарӕсыл сырх-сырхид, ӕнӕссӕугӕ фӕды хуызӕн чи у, суанг ахӕм тӕригъӕдтӕ дӕр.

Йегъовӕйы нӕ фӕнды, ӕмӕ ӕдзух дӕхи хӕрай. Уӕдӕ дӕ цы хъӕуы саразын, цӕмӕй дын Хуыцау ныххатыр кӕна ӕмӕ та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа? Ахъуыды кӕн, паддзах Давид цы дыууӕ къахдзӕфы сарӕзта, ууыл. Фыццаг, йӕхицӕн загъта: «Йегъовӕйӕн мӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзынӕн» (Псалом 32:5). Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, скув мӕм, ӕмӕ «иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм». Байхъус ӕм. Дӕ тӕригъӕдтӕ Йегъовӕйӕн раргом кӕн ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын радзур. Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый Давид йӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй куывта: «Ссыгъдӕг [мӕ] кӕн мӕ тӕригъӕдӕй... О Хуыцау, ды зӕрдӕсаст ӕмӕ рыст адӕймагыл дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ» (Псалом 51:2, 17).

Дыккаг къахдзӕф: Хуыцауы ӕрвыст минӕвар, пехуымпар Нафан Давидмӕ куы бацыд, уӕд ын Давид афтӕ нӕ загъта, де ’ххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ (2 Самуилы 12:13). Абон дӕр Йегъовӕ ӕмбырды сӕвӕрдта хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр кӕны. Уый фӕрцы уыдон зонынц, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кодта, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы бацӕуай, уӕд дын Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ сӕ зӕрдиаг куывдтыты фӕрцы дӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабыр кӕндзысты. Баххуыс дын кӕндзысты, цӕмӕй де ’взӕр хъуыдытӕй фервӕзай кӕнӕ та дӕ афтӕ тынг мауал тыхсын кӕной. Ӕмӕ дӕ бон суыдзӕн фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕууын (Иаковы 5:14–16).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕды уаргъӕй фервӕзай ӕмӕ та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа

«Амондджын у, Хуыцау... йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта»

Хӕрзаг, зӕгъыс: «Куыд раргом кӕнон мӕ тӕригъӕдтӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ цы цӕсгомӕй бацӕуон хистӕр нӕлгоймӕгтӕм? Нӕ, мӕ бон нӕу». Давид дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодта. Уый дӕр цасдӕр рӕстӕг «ницы дзырдта», йӕ тӕригъӕдтӕ сусӕг кодта (Псалом 32:3). Фӕлӕ, ӕппынфӕстаг, йӕ тӕригъӕдтыл куы басаст ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ куы сраст кодта, уӕд ын уый стыр ӕххуыс фӕци.

Сӕйраджыдӕр, Давидӕн йӕ бон уыди раздӕрау цин кӕнын. Уый ныффыста: «Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта» (Псалом 32:1). Стӕй ма куывта: «О Йегъовӕ, ратт мын дзурыны бар, ӕмӕ дӕ ме ’взаг кадджын кӕндзӕн» (Псалом 51:15). Давид Хуыцауӕй тынг бузныг уыд, кӕй йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ уыцы уӕззау уаргъӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзырдтаид.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды дӕр тӕригъӕды уаргъӕй фервӕзай ӕмӕ та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ миниуджыты ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй иннӕтӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ цингӕнгӕйӕ дзурай (Псалом 65:1–4). Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны, уый: «Ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ дӕ цард аив, цӕмӕй дӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уай ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза» (Хъуыддӕгтӕ 3:19).

Мартӕ уый йӕхиуыл бавзӕрста. Мӕнӕ куыд зӕгъы: «Мӕ лӕппу мын ӕдзухдӕр нӕ журналтӕ ӕрвыста. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ та гыццылгай Йегъовӕимӕ базонгӕ дӕн. Фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын куы сфӕнд кодтон, уӕд мын ӕппӕтӕй зындӕр уыди, йӕ разы цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтон, уыдоны тыххӕй хатыр ракурын. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодтон, ныххатыр мын кӕн, зӕгъгӕ. Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кӕны: 40 азы фӕстӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтӕн. Мӕ хабар хорз ӕвдисы, цасфӕнды рӕстӕг ма рацӕуа, уӕддӕр Хуыцау адӕймагӕн фадат кӕй дӕтты, цӕмӕй та йын лӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уарзтӕй рӕвдыд уа».