Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫККАГ ХАЙ

Чидӕр дын дӕ зӕрдӕ скъахта. «Исчи нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна»

Чидӕр дын дӕ зӕрдӕ скъахта. «Исчи нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна»

«Иу хо мыл тугтӕ ӕрымысыд, ме ’хца, дам, мын адавтай. Уыцы ныхас ӕмбырдыл ахъӕр, ӕмӕ дзы чидӕртӕ йӕ сӕрыл хӕцын райдыдтой. Цасдӕры фӕстӕ уыцы хо базыдта, ӕз аххосджын кӕй нӕ уыдтӕн. Ӕмӕ мӕ кӕд хатыр дӕр ракуырдта, уӕддӕр мын цы маст бавзарын кодта, уый тыххӕй мӕм афтӕ касти, ӕмӕ йын никуы ныххатыр кӕндзынӕн» (Линдӕ).

КӔД дӕуӕн дӕр де ’мчырыстӕттӕй исчи дӕ зӕрдӕ скъахта, уӕд Линдӕйы хорз бамбардзынӕ. Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕн ахӕм хабӕрттӕ афтӕ зын уыдысты, ӕмӕ уый сӕ лӕггадыл дӕр фӕзынд. Ды дӕр, мыййаг, уый дӕхиуыл бавзӕрстай?

Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн, «Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй»?

Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нын тынг зын вӕййы, нӕ зӕрдӕ нын чи скъахта, уымӕн ныххатыр кӕнын. Алчидӕр ӕй зоны, чырыстӕттӕ сӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой (Иоанны 13:34, 35). Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕ хотӕ ӕмӕ нӕ не ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын уый уӕлдай зын вӕййы. Фӕхъуыды кӕнӕм, чырыстон афтӕ куыд хъуамӕ бакӕна, зӕгъгӕ (Псалом 55:12, 13).

Библийы дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, иуӕй-иу хатт чырыстӕттӕ дӕр кӕрӕдзи «фӕхъыг кӕнынц» (Колоссӕгтӕм 3:13). Фӕлӕ ахӕм хабар нӕхиуыл куы ’рцӕуы, уӕд ныххатыр кӕнын алы хатт афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Цы нын баххуыс кӕндзӕн ахӕм уавӕры? Ӕркӕсӕм Библийӕ ӕртӕ уагӕвӕрдмӕ.

Нӕ уӕларвон Фыд алцыдӕр зоны. Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ нӕ кӕд исчи ӕнаххосӕй бафхӕрдта ӕмӕ нын стыр маст бавзарын кодта, уӕд дзы уый дӕр ӕмбӕхст нӕу (Дзуттӕгтӕм 4:13). Уымӕй уӕлдай ма, махӕн зын куы вӕййы, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр вӕййы зын (Исай 63:9). Хуыцау никуы бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ, «цы уарзондзинад [нӕм] равдыста, уымӕй» исты фӕхицӕн кӕна – фӕнды «мӕстытӕ» уой, фӕнды «зындзинӕдтӕ», фӕнды ӕндӕр исты йе та суанг йӕ лӕггадгӕнджытӕй дӕр исчи (Ромӕгтӕм 8:35, 38, 39). Уӕдӕ йӕ мах дӕр уыцы хъуыддаджы куы бафӕзмиккам, уӕд хорз нӕ уаид? Мацӕмӕн ӕмӕ макӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕу ӕмӕ Йегъовӕйы ’хсӕн слӕууа.

Ныххатыр кӕнын ӕмӕ тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын иу нӕу. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ митӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайӕм кӕнӕ йын йӕ рӕдыдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕм. Йегъовӕ дӕр адӕмы тӕригъӕдтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй никуы фӕкӕсы. Фӕлӕ йын бындур куы вӕййы, уӕд сын сӕ ныххатыр кӕны (Псалом 103:12, 13; Аввакум 1:13). Уӕдӕ нын афтӕ уый тыххӕй зӕгъы, иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Йегъовӕ «ӕнустӕм... нӕ мӕсты кӕны» (Псалом 103:9; Матфейы 6:14).

Нӕ зӕрдӕйы маст куы нал хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн уыдзӕн хорз. Зӕгъӕм, йӕ уӕз иу-дыууӕ килӕйы кӕмӕн у, ахӕм дур систай ӕмӕ дӕ къух размӕ адаргъ кодтай. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыбыр рӕстӕг дӕ къух афтӕ фӕдарай, уый дын зын нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ йыл фылдӕр куы хӕцай, уӕд та? Цас фӕлӕууис афтӕ? Цалдӕр минуты? Иу сахат? Ӕви фылдӕр? Хӕрзаг, дӕ къух дӕхицӕй нал уаид! Дур уӕззаудӕр нӕ фӕуыдзӕн, афтӕ нӕу? Фӕлӕ йыл цас фылдӕр хӕцай, уыйас дӕм уӕззаудӕр кӕсдзӕн. Афтӕ у зӕрдӕйы маст хӕссын дӕр. Цыфӕнды гыццыл маст дӕр нӕ мидӕг цас фылдӕр дарӕм, уыйас нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕнӕм. Уӕдӕ йӕ ныр ӕмбарыс, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст макӕмӕ хӕссӕм? Уӕд нӕхицӕн уыдзӕн хорз (Ӕмбисӕндтӕ 11:17).

Нӕ зӕрдӕйы маст куы нал хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн уыдзӕн хорз

«Афтӕ мӕм касти, цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры мемӕ»

Линдӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы хомӕ йӕ зӕрдӕйы маст мауал хастаид? Уый лӕмбынӕг хъуыды кодта, хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл (Псалом 130:3, 4). Уӕлдай тынгдӕр ын баххуыс кодта мӕнӕ ацы хъуыды: мах иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕхицӕн дӕр хатыр кӕндзӕн (Ефесӕгтӕм 4:32–5:2). Линдӕ уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Афтӕ мӕм касти, цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры мемӕ».

Цасдӕры фӕстӕ Линдӕ йӕ зӕрдӕйы маст нал хаста. Уыцы хойӕн зӕрдӕйӕ ныххатыр кодта, ӕмӕ ныр сты хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ та Линдӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны. Йегъовӕйы тынг фӕнды дӕуӕн дӕр баххуыс кӕнын.