Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФЫЦЦАГ ХАЙ

«Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн»

«Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн»

Уӕрыкк тарст ракӕс-бакӕс кӕны. Цъӕх кӕрдӕгыл хизгӕйӕ адзӕгъӕл ӕмӕ иннӕ фыстӕй фӕхицӕн. Ныр нал дӕр дзуг уыны, нал дӕр – фыййауы. Уӕдмӕ талынг кӕнын райдыдта. Уӕрыкк тугдзых сырдтӕй йедзаг комы куы адзӕгъӕл уа, уӕд ын тынг тӕссаг у! Фӕлӕ уӕдмӕ айхъуыста зонгӕ хъӕлӕс – йӕ фыййауы хъӕлӕс. Фыййау уӕрыкмӕ базгъордта, йӕ хъӕбысмӕ йӕ фелвӕста, йӕ уӕлӕдарӕсы счъилты йӕ батыхта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фӕхӕссы.

ЙЕГЪОВӔ йӕхи иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ абарста ахӕм фыййауимӕ. Йӕ Ныхасы нын дзуры: «Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн» (Йезекил 34:11, 12).

«Кӕй хизын, уыцы фыстӕ»

Чи сты Йегъовӕйы фыстӕ? Иудзырдӕй, Йегъовӕйы фыстӕ сты, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм. Библийы фыст ис: «Ӕрцӕут, бакувӕм ын ӕмӕ йӕ разы ӕрхауӕм, нӕ зонгуытыл ӕрлӕууӕм Йегъовӕйы раз, не Скӕнӕджы раз. Уый у нӕ Хуыцау, мах та стӕм йӕ адӕм, кӕй хизы ӕмӕ кӕуыл тыхсы, уыцы фыстӕ» (Псалом 95:6, 7). Фыстӕ сӕ фыййауы фӕдыл куыд фӕцӕуынц, афтӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕнӕзивӕгӕй цӕуынц сӕ Фыййауы фӕдыл. Фӕлӕ цымӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон ӕнӕрӕдигӕ сты? Не сты. Хатгай афтӕ рауайы, ӕмӕ «алырдӕмты... ныппырх» вӕййынц, «сӕфт фыстӕй» ӕмӕ «дзӕгъӕл фыстӕй» уӕлдай нал вӕййынц (Йезекил 34:12; Матфейы 15:24; 1 Петры 2:25). Фӕлӕ адӕймаг Хуыцауы дзугӕй куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕддӕр ыл Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауигъы, фӕстӕмӕ никуыуал ӕрбаздӕхдзӕн, зӕгъгӕ.

Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ ныр дӕр ма дӕ Фыййау у? Йегъовӕ нӕ Фыййау кӕй у, уый куыд ӕвдисы? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

Ӕфсады нӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй. «Хиздзынӕн сӕ кӕрдӕгджын сӕрвӕтты,– дзуры Йегъовӕ.– Уым хуысдзысты хорз бынӕтты, хиздзысты... сойджын сӕрвӕтты» (Йезекил 34:14). Йегъовӕ нӕ цух нӕ уадзы, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм хӕринагӕй. Йӕ афоныл нын дӕтты алыхуызон хӕрзад хӕринӕгтӕ. Никуы дын уыди афтӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтай, ӕмӕ дын дӕ куывдӕн кӕцыдӕр статья, раныхас кӕнӕ видеойы фӕрцы дзуапп радта? Ахӕм рӕстӕг-иу дӕхицӕн нӕ загътай, Йегъовӕ мыл куыд тынг тыхсы, зӕгъгӕ?

Хъахъхъӕны нӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны. Йегъовӕ дзуры: «Чи адзӕгъӕл, уый ӕрбаздахдзынӕн, йӕ къах кӕмӕн асаст, уымӕн ӕй бабӕтдзынӕн ӕмӕ рынчынмӕ базилдзынӕн» (Йезекил 34:16). Йегъовӕ бафидар кӕны, рынчынӕй уӕлдай чи нӕ вӕййы кӕнӕ сагъӕсты бын чи фӕвӕййы, уыдоны. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ йӕ фыстӕй кӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Иуӕй-иу хатт ын йӕ зӕрдӕ скъахы суанг йе ’мчырыстӕттӕй дӕр чидӕр. Ӕмӕ ахӕм фысӕн Йегъовӕ йӕ цӕф «бабӕтты» – баххуыс ын кӕны, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом байгас уа. Чи адзӕгъӕл вӕййы ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой кӕмӕн нал фӕдӕттынц, уыдоны та фӕстӕмӕ «ӕрбаздахы».

Сӕфт фысты ссарын нымайы йӕ хӕсыл. «Ӕз сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн... кӕм ныппырх сты, ӕппӕт уыцы бынӕттӕй,– зӕгъы Йегъовӕ.– Чи фесӕфт, уый бацагурдзынӕн» (Йезекил 34:12, 16). Чи фесӕфт, уыцы фысы Йегъовӕ сӕфт адӕймагыл нӕ нымайы. Алы фыс дӕр ын нымад у, ӕмӕ дзы искӕцы куы фесӕфы, уӕд ӕй фӕагуры. Ӕмӕ йӕ куы ссары, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы (Матфейы 18:12–14). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хоны, «мӕ фыстӕ, кӕй хизын, уыцы фыстӕ», зӕгъгӕ (Йезекил 34:31). Ӕмӕ ды дӕр уыцы фыстӕй дӕ!

Чи фесӕфт, уыцы фысы Йегъовӕ сӕфт адӕймагыл нӕ нымайы. Ахӕм фысы куы ссары, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы

«Кӕддӕр куыд уыд, афтӕ та уӕд алцыдӕр»

Цымӕ дӕ Йегъовӕ цӕмӕн агуры, цӕмӕн дын дзуры, фӕстӕмӕ мӕм ӕрбаздӕх, зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фыстыл «арфӕдзинады тӕрккъӕвдатӕ» кӕй ныууарын кӕндзӕн (Йезекил 34:26). Уыдон афтид ныхӕстӕ не сты, ӕмӕ уый дӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрстай.

Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы куы базыдтай, уыцы рӕстӕг. Зӕгъӕм, Хуыцауы номы тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстай кӕнӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, уый куы базыдтай, уӕд дӕ зӕрдӕ цинӕй нӕ байдзаг? Кӕнӕ ма хъуыды кӕныс, конгрессты-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы уыдтӕ, уӕд-иу дын куыд ӕхсызгон уыд? Науӕд-иу дӕм уацамынды исчи хорз куы байхъуыста, уӕд-иу дыл фырцинӕй базыртӕ нӕ базад ӕмӕ-иу хӕдзармӕ кафгӕ не ’рбаздӕхтӕ?

Нӕ та дӕ фӕндид ногӕй афтӕ цин кӕнын? Раджы заман Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куывтой: «О Йегъовӕ, фӕстӕмӕ нӕ дӕхимӕ ӕрбакӕн, ӕмӕ дӕм мах уайтагъд ӕрбаздӕхдзыстӕм. Кӕддӕр куыд уыд, афтӕ та уӕд алцыдӕр» (Йеремийы хъарӕг 5:21). Йегъовӕ уыцы куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ йӕм йӕ адӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ та йын ногӕй цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой (Нееми 8:17). Йегъовӕ уыцы циндзинад дӕуӕн дӕр балӕвар кӕндзӕн.

Фӕлӕ, куыд фӕзӕгъынц: йӕ зӕгъын ӕнцон у, йӕ бакӕнын та – зын. Дарддӕр дзырд цӕуы, Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын зын цӕмӕн вӕййы ӕмӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ис ахизӕн, ууыл.