Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФӔНДЗӔМ ХАЙ

Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»

Ӕрбаздӕхут, «уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ»

Ацы брошюрӕйы цы зындзинӕдты кой цӕуы, уыдон дын, мыййаг, зонгӕ сты? Кӕд о, уӕд иунӕг нӕ дӕ. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ раджы заманты дӕр ӕмбӕлдысты ахӕм зындзинӕдтыл, ӕмӕ абон дӕр ӕмбӕлынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы сӕ сӕрты ахызтысты, ӕмӕ дӕуӕн дӕр уый дӕ бон бауыдзӕн.

Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхай, уӕд дӕ фарсмӕ балӕудзӕн

ӔППЫНДӔР ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхай, уӕд дӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн. Баххуыс дын кӕндзӕн мӕт ӕмӕ сагъӕстимӕ тох кӕнынӕн. Кӕд дын исчи дӕ зӕрдӕ скъахта, уӕд дын дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ бадзӕбӕх кӕндзӕн. Стӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, ӕмӕ уӕд дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ зонды ногӕй фарн ӕрцӕрдзӕн. Ӕмӕ та дӕ уӕд ногӕй бафӕнддзӕн Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын. Дӕ уавӕр абарӕн уыдзӕн фыццаг ӕнусы чырыстӕтты уавӕримӕ. Апостол Петр сӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Сымах уыдыстут дзӕгъӕл фысты хуызӕн, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ» (1 Петры 2:25).

Кӕд дӕ фӕнды ныртӕккӕ царды хорзӕй исты саразын, уӕд Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх. Никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ! Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн стыр циндзинад ӕрхӕсдзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй, цы аразӕм, уый Йегъовӕйӕн кӕнӕ масты хос вӕййы, кӕнӕ – цины хос. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын йӕхи тыхӕй нӕ уарзын кӕны ӕмӕ нӕ йӕхицӕн тыхӕй нӕ лӕггад кӕнын кӕны (Дыккаг закъон 30:19, 20). Иу библииртасӕг уый афтӕ бамбарын кодта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы дуары хӕцӕн ӕддӕрдыгӕй нӕй – ӕрмӕстдӕр ӕй мидӕгырдыгӕй ис байгом кӕнӕн». Уыцы дуар байгом кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй йын скӕнӕм зынаргъ лӕвар – равдисӕм ын, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, ӕмӕ йын ӕрхӕссӕм, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад. Ӕцӕгдӕр, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у уый аккаг, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ йын куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд махӕй амондджындӕр нӕ вӕййы (Хъуыддӕгтӕ 20:35; Раргомад 4:11).

Стӕй ногӕй ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын куы райдайай, уӕд та ӕмбардзынӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый, ӕмӕ иннӕ адӕмау рӕстдзинадӕй ӕххормаг нал уыдзынӕ (Матфейы 5:3). Ӕгас дунейы дӕр адӕм фӕхъуыды кӕнынц: «Цӕмӕн цӕрӕм?» Фӕнды сӕ царды ахсджиаг фарстатӕн дзуапп зонын, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ скодта. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ йын куы нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕд ӕцӕг амондджын никуы уыдзыстӕм. Ӕцӕгдӕр, адӕймагӕн уымӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы, ӕмӕ Йегъовӕйӕн, кӕй йӕ уарзы, уый тыххӕй куы лӕггад кӕна (Псалом 63:1–5).

Зон ӕй: Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай. Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕн: ацы брошюрӕ чи цӕттӕ кодта, уыдон бирӕ фӕкуывтой ӕмӕ йыл бирӕ фӕфыдӕбон кодтой. Уый фӕстӕ дӕ къухмӕ бахауд, чи зоны дын ӕй ӕрбахаста хистӕр нӕлгоймӕгтӕй йе та хотӕй, ӕфсымӕртӕй чидӕр. Стӕй дӕ цыдӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ бакӕсай ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый дӕ зӕрдӕмӕ айсай. Ӕппӕт уыдӕттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта. Рох нӕ, фӕлӕ ма дӕ фӕлмӕнӕй фӕстӕмӕ йӕхимӕ кӕны (Иоанны 6:44).

Йегъовӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны кӕй никуы ферох кӕны, уый нын хӕссы стыр удӕнцой. Нӕ хо Доннӕ уый йӕхиуыл бавзӕрста. Мӕнӕ куыд зӕгъы: «Сабыргай-сабыргай рӕстдзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл дӕн, фӕлӕ-иу арӕх хъуыды кодтон, 139 псаломы 23 ӕмӕ 24 стихты цы фыст ис, ууыл: „О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы, ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн“. Ӕз ӕй зыдтон, ацы дунеимӕ мын иумӕйагӕй кӕй ницы ис, мӕ бынат уым кӕй нӕй. Зыдтон ӕй, Йегъовӕйы организацийы кӕй хъуамӕ уон. Гыццылгай йӕ ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууагъта. Ӕрмӕстдӕр мӕ хъуыди, фӕстӕмӕ йӕм кӕуыл ӕрбаздӕхтаин, уыцы фӕндаг ссарын. Ӕмӕ куыд цин кӕнын, кӕй йӕ ссардтон!»

«Гыццылгай йӕ ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕ мӕ кӕй никуы ныууагъта. Ӕрмӕстдӕр мӕ хъуыди, фӕстӕмӕ йӕм кӕуыл ӕрбаздӕхтаин, уыцы фӕндаг ссарын»

Мах зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй ды дӕр, «Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый» ногӕй банкъарай (Нееми 8:10). Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтӕ, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ!